1 Азфыстыты 11:1—47

11  Цасдӕры фӕстӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр+ Давидмӕ Хевронмӕ+ ӕрцыдысты ӕмӕ загътой: «Мах дӕ туг, де стӕг* стӕм+.  Знон дӕр ӕмӕ уый размӕ дӕр, Саул ма куы уыди паддзах, уӕд, Израилы разӕй хӕстмӕ ды цыдтӕ+. Дӕуӕн дӕ Хуыцау Йегъовӕ загъта: „Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, ды уыдзынӕ сӕ фыййау+, ӕмӕ ды суыдзынӕ мӕ адӕм Израилы разамонӕг“»+.  Уӕд Израилы хистӕр лӕгтӕ се ’ппӕт дӕр паддзахмӕ Хевронмӕ ’рцыдысты, ӕмӕ Давид Хевроны Йегъовӕйы раз семӕ бадзырд скодта. Уый фӕстӕ Давиды сойӕ байсӕрстой+, ӕмӕ сси Израилы паддзах, Йегъовӕ Самуилы+ уылты куыд загъта, афтӕ+.  Уый фӕстӕ Давид ӕмӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ацыдысты Иерусалиммӕ+, ома Йевусмӕ+. Уыцы зӕххыл цардысты йевусейтӕ+.  Йевусы цӕрджытӕ Давидӕн загътой: «Ды ардӕм не ’рбацӕудзынӕ»+. Фӕлӕ Давид уӕддӕр байста фидаргонд горӕт Сион+, ома Давиды горӕт+.  Давид загъта: «Йевусейтимӕ фыццаг чи схӕца+, уый суыдзӕн хицау ӕмӕ кънйаз». Ӕмӕ фыццаг ацыд Саруйӕйы фырт Иоав+, ӕмӕ хицау сси.  Давид ӕрцард уыцы ран, зын бацӕуӕн кӕдӕм уыд, уыцы ран+. Ӕмӕ йӕ Давиды горӕт дӕр уый тыххӕй схуыдтой+.  Ӕмӕ Давид горӕт алырдыгӕй ногӕй аразын райдыдта, Обауӕй* ӕмӕ уымӕй дарддӕр. Горӕты иннӕ хай та йӕ къахыл слӕууын кодта Иоав+.  Давид фидарӕй-фидардӕр кодта+, уымӕн ӕмӕ ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ уыд йемӕ+. 10  Мӕнӕ адон сты Давиды тыхджын хӕстонтӕн сӕ разамонджытӕ+. Уыдон алкӕддӕр уыдысты Давиды фарс. Ӕмӕ ныр уыцы хӕстонтӕ ӕмӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр Давиды паддзахӕй сӕвӕрдтой, Йегъовӕ Израилы тыххӕй куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. 11  Мӕнӕ Давиды тыхджын хӕстонты номхыгъд: хахмонитаджы фырт Иашовам+, ӕртӕйы разамонӕг. Уый йӕ арц систа ӕмӕ дзы иу хаттӕн амардта ӕртӕсӕдӕ адӕймаджы+. 12  Йӕ фӕстӕ цӕуы ахохаг+ Додойы фырт Елеазар+, ӕртӕ тыхджын хӕстонӕй сӕ иу+. 13  Давид Фасдамимы+ куы уыд, уӕд Елеазар дӕр уыди йемӕ. Уым филистимӕгтӕ ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй семӕ схӕцыдаиккой. Уыцы ран та уыд, хъӕбӕрхор кӕм байтыдтой, ахӕм быдыр. Адӕм филистимӕгтӕй лидзӕг фесты+. 14  Фӕлӕ уый быдыры астӕу слӕууыд ӕмӕ быдыр бахъахъхъӕдта. Елеазар филистимӕгты ныццагъта, ӕмӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕн стыр ирвӕзындзинад радта+. 15  Ӕртын разамонӕгӕй ӕртӕйӕ+ ӕрцыдысты Давидмӕ къӕдзӕхмӕ, Одолламы+ лӕгӕтмӕ. Филистимӕгтӕн та сӕ цатыртӕ лӕууыдысты рефаимты+ дӕлвӕзы. 16  Уӕд Давид уыди, зын бацӕуӕн кӕдӕм уыд, ахӕм ран+, филистимӕгты+ ӕфсады къорд та лӕууыд Вифлеемы. 17  Иуафон Давид сдойны ӕмӕ загъта: «Тӕхуды, ӕмӕ, Вифлеемы+ кулдуары раз цы доны дзыхъхъ ис, уый донӕй иу хуыпп+ уӕддӕр акӕн!» 18  Уӕд уыцы ӕртӕ хӕстоны, филистимӕгты ӕфсад кӕм уыди, уырдӕм бабырстой, Вифлеемы кулдуары раз цы доны дзыхъхъ ис, уырдыгӕй дон систой ӕмӕ йӕ Давидӕн ӕрбахастой+. Фӕлӕ дзы Давид нуазын нӕ бакуымдта, Йегъовӕйы раз ӕй акалдта+. 19  Давид загъта: «Куыд дзы хъуамӕ бануазон! Ӕз дӕр мӕ Хуыцауӕй тӕрсын. Йӕ цард мӕлӕты дзыхмӕ чи ӕппӕрста, уыдоны туг+ хъуамӕ бануазон?» Ӕмӕ дзы нуазын нӕ бакуымдта+. Афтӕ фесгуыхтысты уыцы ӕртӕ тыхджын хӕстоны. 20  Иоавы+ ӕфсымӕр Авессӕ+ сси ӕртӕйы разамонӕг. Уый йӕ арц систа ӕмӕ дзы ӕртӕсӕдӕ адӕймаджы амардта. Уыцы ӕртӕйау уымӕн дӕр йӕ кад айхъуыст. 21  Авессӕ иннӕ дыууӕйӕ зындгонддӕр уыд ӕмӕ уыди сӕ разамонӕг. Фӕлӕ уӕддӕр фыццаг ӕртӕйы не ’ййӕфта+. 22  Иодайы+ фырт Ванейӕ+, хъӕбатыр лӕджы фырт, Кавцеилы+ тынг фесгуыхт. Уый амардта моаваг Ариилы дыууӕ фырты. Стӕй ма, мит куы уарыд, уыцы бон доны дзыхъмӕ ныххызт ӕмӕ дзы домбайы+ амардта. 23  Уый амардта ӕнахуыр стыр египетаг лӕджы дӕр, фондз ӕлмӕрины*+ бӕрзӕндӕн чи уыд, ахӕм лӕджы. Уыцы египетаджы къухы уыди, тынуафӕныл цы ӕндӕхты къӕбӕл вӕййы, уый стӕвдӕн арц+, Ванейӕ та йӕ ныхмӕ рацыд хъилимӕ. Египетагӕн йӕ арц йӕ къухӕй стыдта ӕмӕ йӕ йӕхи арцӕй амардта+. 24  Афтӕ фесгуыхт Иодайы фырт Ванейӕ. Уый уыд, йӕ ном кӕмӕн айхъуыст, уыцы ӕртӕ тыхджын хӕстонӕй сӕ иу. 25  Кӕд ӕртын хӕстонӕй зындгонддӕр уыд, уӕддӕр фыццаг ӕртӕйы не ’ййӕфта+. Фӕлӕ йӕ Давид сӕвӕрдта йӕ хъахъхъӕнджыты сӕргъы+. 26  Ӕфсады тыхджын хӕстонтӕ уыдысты: Иоавы ӕфсымӕр Асаил+, вифлеемаг Додойы фырт Елханан+, 27  харораг Шаммӕ+, пелойнаг+ Хелец, 28  фекойаг Иккешы фырт Ира+, анафофаг+ Авиезер, 29  хушаг Сивхай+, ахохаг+ Илай, 30  нетофафаг+ Магарай+, нетофафаг Ваанӕйы фырт Хелед+, 31  Вениамины+ фыртты горӕт Гивӕйӕ+ Рибайы+ фырт Иттай, пирафойнаг+ Ванейӕ, 32  Хурай – уый уыд, Гаашы+ раз цы дӕлвӕзтӕ ис, уырдыгӕй, арбаттаг Авиил, 33  бахарумаг+ Азмавеф, шаалбойнаг Елиахбӕ, 34  гизойнаг Гашемы фырттӕ, гарараг Шагейы фырт Ионафан+, 35  гарараг Сахары+ фырт Ахиам+, Уры фырт Елифал, 36  махераг Хефер, пелойнаг Ахи, 37  кармилаг+ Хецрой, Езбайы фырт Наарай, 38  Нафаны+ ӕфсымӕр Иоил, Гагрийы фырт Мивхар, 39  аммонаг Целек, берофаг Нахарай – Саруйӕйы фырт Иоавы хӕцӕнгарзхӕссӕг, 40  ифриаг Ира, ифриаг Гареб+, 41  хеттаг+ Ури+, Ахлайы фырт Завад, 42  Рувимы мыггагӕй Шизӕйы фырт Адинӕ – Рувимы мыггагӕй дзы чи уыд, уыдоны хистӕр, уыди йӕм ӕртын адӕймаджы, 43  Маахӕйы фырт Ханан, мифниаг Иосафат, 44  астерофаг Уззи, ароераг Хофамы фырттӕ Шамӕ ӕмӕ Йеиел, 45  Шимрийы фырт Йедиаил, йе ’фсымӕр фициаг Иохӕ, 46  махаваг Елиил, Елнаамы фырттӕ Йеривай ӕмӕ Иошави, моаваг Ифмӕ, 47  Елиил, Овид ӕмӕ мецовӕйаг Иаасиил.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «де стӕг ӕмӕ дӕ буар».
Дзут. милло́. Ӕвӕц., арӕзт уыди горӕт хъахъхъӕнынӕн.
2,23 м бӕрц. Иу ӕлмӕрин у 44,5 см.