1 Азфыстыты 13:1—14

13  Давид аныхас кодта, минты сӕргъы ӕмӕ сӕдӕты сӕргъы чи лӕууыд, уыдонимӕ ӕмӕ разамонджытимӕ се ’ппӕтимӕ дӕр+  ӕмӕ Израилы адӕмӕн загъта: «Кӕд уӕ фӕнды ӕмӕ кӕд ацы хъуыддаг нӕ Хуыцау Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуы, уӕд ма не ’фсымӕртӕй Израилы+ алы къуымты чи баззад, уыдонмӕ арвитӕм, стӕй арвитӕм сауджынтӕм+ ӕмӕ левиттӕм+ дӕр, кӕм цӕрынц, уыцы горӕттӕм*+, цӕмӕй нӕм ардӕм ӕрӕмбырд уой.  Ӕмӕ нӕ Хуыцауы бадзырды чырын+ нӕхимӕ ӕрбахӕссӕм». Афтӕ уымӕн загъта, ӕмӕ Саулы рӕстӕджы бадзырды чырын рохуаты уыди+.  Адӕм иууылдӕр ууыл сразы сты, уымӕн ӕмӕ уыцы хъуыддаг се ’ппӕтмӕ дӕр раст фӕкаст+.  Гъемӕ Давид израилӕгты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодта+, Египеты+ цӕугӕдонӕй суанг Хаматы+ арӕнты онг, цӕмӕй ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын+ Кириаф-Иаримӕй+ ӕрбахастаиккой.  Ӕмӕ Давид ӕмӕ Израилы адӕм иууылдӕр ацыдысты Ваалмӕ+, ома Кириаф-Иариммӕ, Иудӕйы зӕхмӕ, цӕмӕй ӕрбахастаиккой, херувимтыл+ чи бады, уыцы ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйы бадзырды чырын, йӕ ном кӕуыл ис, уыцы чырын.  Ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын Аминадавы хӕдзарӕй раластой ног уӕрдоныл+. Уӕрдоны разӕй цыдысты Озӕ ӕмӕ Ахио+.  Давид ӕмӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ӕцӕг Хуыцауы раз фырцинӕй зӕххыл нал лӕууыдысты+, зарыдысты+ ӕмӕ дыууадӕстӕнон фӕндыртӕй+, хъисфӕндыртӕй+, далатӕй+, ӕрхуы тӕбӕгътӕй ӕмӕ уадындзтӕй+ цагътой.  Хидоны+ найгӕнӕн мусмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд Озӕ бадзырды чырыныл+ йӕ къухӕй фӕхӕцыд, уымӕн ӕмӕ йӕ галтӕ фӕцӕйфӕлдӕхтой. 10  Уӕд Йегъовӕйы маст Озӕмӕ ссыгъд ӕмӕ йӕ ӕрцавта, бадзырды чырыныл+ йӕ къухӕй кӕй фӕхӕцыд, уый тыххӕй, ӕмӕ Озӕ уыцы ран, ӕцӕг Хуыцауы раз, дзыхъмард фӕци+. 11  Давид смӕсты+, Йегъовӕ Озӕйыл йӕ фыдӕх кӕй ныккалдта, уый тыххӕй, ӕмӕ уыцы бынат абоны онг дӕр хуыйны Фарес-Озӕ*. 12  Уыцы бон Давид ӕцӕг Хуыцауӕй фӕтарст+ ӕмӕ загъта: «Ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын ма мӕхимӕ куыд ӕрбахӕссон?»+ 13  Ӕмӕ бадзырды чырын йӕхимӕ, Давиды горӕтмӕ, нал бахаста, фӕлӕ йӕ гефаг+ Овед-Едомы+ хӕдзармӕ ахӕссын кодта. 14  Ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын Овед-Едомы хӕдзаронтӕм, йӕ хӕдзары+, фӕци ӕртӕ мӕйы, ӕмӕ Йегъовӕ арфӕ кодта+ Овед-Едомы хӕдзаронтӕн ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр уыд, уымӕн.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «горӕттӕм хизӕнтимӕ».
Нысан кӕны «Озӕйы баййӕфта фыдӕх».