1 Азфыстыты 17:1—27

17  Давид йӕхи хӕдзары куы райдыдта цӕрын+, уӕд пехуымпар Нафанӕн+ загъта: «Ӕз кедрӕй арӕзт хӕдзары цӕрын+, Йегъовӕйы бадзырды чырын+ та цатыры ис»+.  Ӕмӕ уӕд Нафан Давидӕн загъта: «Дӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр ис, уый кӕн+, уымӕн ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау демӕ ис»+.  Уыцы ӕхсӕв Хуыцау Нафанӕн загъта+:  «Ацу ӕмӕ мӕ лӕггадгӕнӕг Давидӕн зӕгъ: „Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Ды мын нӕ сараздзынӕ, кӕм цӕрдзынӕн, уыцы хӕдзар+.  Израилы фыртты Египетӕй куы ракодтон, уӕдӕй абоны онг+ ӕз хӕдзары нӕ цардтӕн, фӕлӕ цыдтӕн иу цатырӕй иннӕмӕ ӕмӕ иу цӕрӕнбынатӕй+ иннӕмӕ+.  Израилы адӕмимӕ цы рӕстӕг цыдтӕн+, уыцы рӕстӕг Израилы тӕрхонгӕнджытӕй, мӕ адӕмӕн фыййауӕй кӕй равзӕрстон, уыдонӕй искуы искӕмӕн загътон, кедрӕй мын хӕдзар цӕуылнӕ сарӕзтат, зӕгъгӕ?“+  Уӕдӕ ныр мӕ лӕггадгӕнӕг Давидӕн зӕгъ: „Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Ӕз дӕ ракодтон хизӕнтӕй, фысты фӕдыл кӕм цыдтӕ+, уырдыгӕй, цӕмӕй мӕ адӕм Израилӕн разамонӕг+ суыдаис.  Ӕмӕ кӕдӕмфӕнды ма ацӕуай+,– ӕз уыдзынӕн демӕ. Де знӕгты+ дын се ’ппӕты дӕр дӕ разӕй фӕсурдзынӕн ӕмӕ сӕ ныццӕгъддзынӕн ӕмӕ дын дӕ ном+ скадджын кӕндзынӕн – дӕ ном уыдзӕн зӕххыл ӕппӕты кадджындӕр адӕмы нӕмтты ’хсӕн+.  Ӕз мӕ адӕм Израилӕн ратдзынӕн бынат ӕмӕ сӕ уым ӕрцӕрын кӕндзынӕн*+. Уым цӕрдзысты, ӕмӕ сӕ ничиуал хъыгдардзӕн. Фыдадӕм+ сӕ раздӕрау тухӕнӕй нал мардзысты+, 10  мӕ адӕм Израилӕн тӕрхонгӕнджытӕ+ куы сӕвӕрдтон, уӕдӕй абоны онг куыд уыд, афтӕ. Ӕмӕ дын де знӕгты се ’ппӕты дӕр басӕтдзынӕн+. Зӕгъын дын: „Йегъовӕ дын дӕ хӕдзарвӕндаг скӕндзӕн паддзӕхты хӕдзарвӕндаг“+. 11  Дӕ царды бонтӕ куы фӕуой ӕмӕ дӕ фыдӕлтӕм куы баиу уай+, уӕд ӕз дӕ фӕстӕ сӕвӕрдзынӕн дӕ байзӕддаджы, дӕ фырттӕй+ сӕ иуы, ӕмӕ йын йӕ паддзахад сфидар кӕндзынӕн+. 12  Гъе уый мын сараздзӕн хӕдзар+, ӕмӕ йын ӕз йӕ паддзахбадӕн сфидар кӕндзынӕн ӕнустӕм+. 13  Ӕз суыдзынӕн йӕ фыд+, уый та суыдзӕн мӕ фырт+. Ӕмӕ йӕ ме ’нувыд уарзтӕй ӕнӕхай нӕ фӕкӕндзынӕн+, дӕ размӕ чи уыд, уый куыд фӕкодтон ӕнӕхай, афтӕ+. 14  Ӕнустӕм ӕй мӕ хӕдзары сӕргъы+ ӕмӕ мӕ паддзахады сӕргъы сӕвӕрдзынӕн+, ӕмӕ йӕ паддзахбадӕн+ фидар лӕудзӕн ӕнустӕм“». 15  Ӕмӕ Нафан Давидӕн радзырдта, Хуыцау ын цыдӕриддӕр загъта ӕмӕ цӕстылуайӕны цыдӕриддӕр федта, уый+. 16  Уӕд паддзах Давид ӕрбацыд, Йегъовӕйы раз ӕрбадт+ ӕмӕ загъта: «О Йегъовӕ Хуыцау, чи дӕн ӕз+ ӕмӕ цы у мӕ хӕдзар+, ӕмӕ мын уыйбӕрц хорздзинӕдтӕ саразай?+ 17  Ӕмӕ дӕм цыма уый дӕр гыццыл фӕкаст+, уыйау ды, о Хуыцау+, дзурыс, дӕ цагъары хӕдзарвӕндагмӕ бирӕ рӕстӕджы фӕстӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй+ дӕр. Ӕмӕ цыма кадджын+ мыггагӕй дӕн, ахӕм цӕстӕй мӕм кӕсыс, о Йегъовӕ Хуыцау. 18  Цы ма зӕгъа Давид, дӕ цагъарӕн+ цы кад скодтай, уый тыххӕй? Дӕ цагъары дӕхӕдӕг хорз куы зоныс+. 19  О Йегъовӕ, ды дӕ цагъары тыххӕй ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы+ фӕндонмӕ гӕсгӕ сарӕзтай ӕппӕт ацы стыр хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сӕ раргом кодтай+. 20  О Йегъовӕ, дӕуӕн ӕмбал нӕй+. Бирӕ хуыцӕутты тыххӕй фехъуыстам, фӕлӕ дӕу йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй+. 21  Кӕцы адӕм сты дӕ адӕм Израилы хуызӕн?+ Ды, ӕцӕг Хуыцау, ӕрцыдтӕ, цӕмӕй сӕ дӕхицӕн балхӕдтаис+, цӕмӕй дӕхицӕн ном скодтаис ӕмӕ сӕ разы сарӕзтаис стыр ӕмӕ, адӕймагыл тас чи ’фтауы, ахӕм хъуыддӕгтӕ+ – дӕ адӕмы разӕй+, Египетӕй дӕхицӕн кӕй ракодтай, уыдоны разӕй иннӕ адӕмты фӕсырдтай. 22  Ды Израилы адӕмы ӕнустӕм скодтай дӕ адӕм+, ӕмӕ ды сдӕ сӕ Хуыцау, о Йегъовӕ+. 23  Ӕмӕ ныр, о Йегъовӕ, дӕ цагъары тыххӕй ӕмӕ йӕ хӕдзарвӕндаджы тыххӕй цы ныхас загътай, уый ма фӕмӕнг уӕд ӕнустӕм, ӕмӕ, куыд загътай, афтӕ бакӕн. 24  Дӕ ном+ ма фӕсай ӕмӕ дӕ ном сбӕрзонд уӕд+ ӕнустӕм, цӕмӕй адӕм дзурой: „Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ+, Израилы Хуыцау+ – уый у Хуыцау Израилӕн“+, ӕмӕ дӕ цагъар Давиды хӕдзарвӕндаг фидар лӕууӕд дӕ разы+. 25  О мӕ Хуыцау, дӕ цагъарӕн дӕхӕдӕг раргом кодтай, йӕ хӕдзарвӕндаг ын паддзӕхты хӕдзарвӕндаг кӕй скӕндзынӕ, уый+. Ӕмӕ дӕм дӕ цагъар уый тыххӕй кувы. 26  О Йегъовӕ, ды дӕ ӕцӕг Хуыцау+, ды зӕрдӕ бавӕрдтай, дӕ цагъарӕн ацы хорздзинад кӕй сараздзынӕ, уымӕй+. 27  Уӕдӕ раарфӕ кӕн дӕ цагъары хӕдзарвӕндагӕн, цӕмӕй дӕ разы уа ӕнустӕм+, уымӕн ӕмӕ йын ды дӕхӕдӕг раарфӕ кодтай, о Йегъовӕ, ӕмӕ дӕ арфӕйӕ ӕнустӕм хайджын уыдзӕн»+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «ныссадздзынӕн».