1 Азфыстыты 23:1—32

23  Давид базӕронд+, цардӕй бафсӕст. Ӕмӕ Израилӕн паддзахӕй сӕвӕрдта йӕ фырт Соломоны+.  Давид ӕрӕмбырд кодта Израилы кънйӕзты+ се ’ппӕты дӕр, стӕй сауджынты+ ӕмӕ левитты+ дӕр.  Ӕмӕ левиттӕй ӕртын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд, уыдонӕй алкӕй дӕр банымадтой+, ӕмӕ уыдысты ӕртын аст мины.  Уыдонӕй дыууын цыппар мин адӕймаджы сӕ хъус дардтой, Йегъовӕйы хӕдзар аразынмӕ цы куыстытӕ хауд, уыдонмӕ. Ӕхсӕз мин адӕймаджы дзы уыдысты хицӕуттӕ+ ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕ+,  цыппар мины та – дуаргӕстӕ+. Цыппар мины та дзы хъуамӕ Йегъовӕйы кадджын кодтаиккой+ музыкалон инструменттӕй цӕгъдгӕйӕ+, Давид афтӕ цы музыкалон инструменттӕй загъта, Хуыцауы кадджын кӕнынӕн сӕ скодтон, зӕгъгӕ, уыдонӕй.  Уый фӕстӕ сӕ Давид адих кодта+ Левийы+ фырттыл – Гирсоны къордыл, Каафы къордыл ӕмӕ Мерарийы къордыл.  Гирсоны фырттӕ уыдысты Лаедан ӕмӕ Шимей.  Лаеданы фырттӕ: хистӕр Йехиил+, стӕй Зефам ӕмӕ Иоил+ – ӕртӕ фырты.  Шимейы фырттӕ: Шеломоф, Хазиил ӕмӕ Гаран – ӕртӕ фырты. Уыдон уыдысты, Лаеданӕй цы хӕдзарвӕндӕгтӕ рацыд, уыдоны хистӕртӕ. 10  Шимейы фырттӕ: Иахаф, Зина*, Йеус ӕмӕ Бери. Ацы цыппар уыдысты Шимейы фырттӕ. 11  Хистӕр сын уыд Иахаф, дыккаг та – Зизӕ. Йеус ӕмӕ Берийӕн бирӕ фырттӕ нӕ уыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нымад уыдысты иу хӕдзарвӕндагыл+ ӕмӕ сӕ хӕстӕ дӕр уыдысты иу. 12  Каафы+ фырттӕ уыдысты Амрам, Ицгар+, Хеврон+ ӕмӕ Узиил+ – цыппар фырты. 13  Амрамы фырттӕ уыдысты Аарон+ ӕмӕ Моисей+. Фӕлӕ Ааронӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ фыртты дӕр Хуыцау ӕнустӕм рахицӕн кодта+, цӕмӕй Ӕппӕты сыгъдӕг бынат+ табуйагыл нымадтаиккой, цӕмӕй-иу Йегъовӕйы раз нывӕндты+ фӕздӕг суагътаиккой, лӕггад ын кодтаиккой+ ӕмӕ ӕнустӕм адӕмӕн йӕ номӕй арфӕ кодтаиккой+. 14  Ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг Моисейы+ фырттӕ дӕр нымад ӕрцыдысты левитты мыггагыл+. 15  Моисейы фырттӕ уыдысты Гирсон+ ӕмӕ Елиезер+. 16  Гирсоны фырттӕ уыдысты: хистӕр – Шевуил*+. 17  Елиезеры фырттӕ уыдысты: хистӕр – Рехави+. Елиезерӕн фырттӕ ӕндӕр нӕ уыд, Рехавийӕн та уыди тынг бирӕ фырттӕ. 18  Ицгары+ фырттӕ уыдысты: хистӕр – Шеломиф+. 19  Хевроны фырттӕ уыдысты: хистӕр – Йери, дыккаг – Амари, ӕртыккаг – Иахазиил, цыппӕрӕм – Йекамам+. 20  Узиилы+ фырттӕ уыдысты: хистӕр – Миха, дыккаг та – Ишши. 21  Мерарийы+ фырттӕ уыдысты Махли ӕмӕ Муши+. Махлийы фырттӕ уыдысты Елеазар+ ӕмӕ Кис. 22  Фӕлӕ Елеазар амард. Фырттӕ та йын нӕ уыд, уыди йын ӕрмӕстдӕр чызджытӕ, ӕмӕ сӕ Кисы фырттӕ, се ’фсымӕртӕ, ракуырдтой+. 23  Мушийы фырттӕ уыдысты Махли, Едер ӕмӕ Йеремоф+ – ӕртӕ фырты. 24  Адон сты Левийы фырттӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ+, сӕ хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ, хъуыддӕгтӕ кӕй бар бакодтой, уыдон. Дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд+ ӕмӕ, Йегъовӕйы хӕдзары лӕггад кӕнынимӕ+ цыдӕриддӕр хъуыддӕгтӕ баст уыд, уыдон чи кодта, уыцы левиттӕй алчидӕр нымад ӕрцыд номгай. 25  Давид загъта: «Израилы Хуыцау Йегъовӕ йӕ адӕмӕн ӕнцойдзинад радта+ ӕмӕ уый Иерусалимы цӕрдзӕн ӕнустӕм+. 26  Ӕмӕ левитты нал хъӕудзӕн цатыр хӕссын, стӕй дзы Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ цы мигӕнӕнтӕй фӕархайынц, уыдон хӕссын дӕр»+. 27  Адон сты, Левийы фырттӕй дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд ӕмӕ Давиды фӕстаг амындтӕм гӕсгӕ+ кӕй банымадтой, уыдон. 28  Сӕ хӕс уыд Аароны+ фырттӕн Йегъовӕйы хӕдзары лӕггад кӕнынӕн ӕххуыс кӕнын. Уыдон сӕ хъус дардтой кӕртытӕм+ ӕмӕ хӕрӕндӕттӕм+, сыгъдӕг кодтой табуйаг дзауматӕ+ ӕмӕ, ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары лӕггад кӕнынимӕ цы хъуыддӕгтӕ баст уыд, уыдон кодтой. 29  Сӕ хъус ма дардтой нывонд дзултӕм+, хоры кувинаг кӕмӕй кодтой, уыцы хуыздӕр ссадмӕ+, донгонд+ лауызтӕм+, тебӕйы+ кӕй фыхтой, уыцы гуылтӕм, соимӕ конд хыссӕмӕ+ ӕмӕ алыхуызон бӕрцбарӕнтӕм ӕмӕ дӕргъбарӕнтӕм+. 30  Уымӕй уӕлдай ма-иу алы райсом+ дӕр ӕмӕ алы изӕр дӕр сӕ бынӕтты слӕууыдысты+, цӕмӕй Йегъовӕйӕн арфӕ кодтаиккой+ ӕмӕ йӕ кадджын кодтаиккой+. 31  Ӕххуыс ма сын кодтой сабатбонты+, мӕй куы сног вӕййы+, уыцы бонты ӕмӕ бӕрӕгбӕтты рӕстӕджы+ дӕр Йегъовӕйӕн судзинаг нывӕндтӕ хӕссынӕн, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй цы уагӕвӕрд уыд, уымӕ гӕсгӕ, ӕмӕ уый Йегъовӕйы раз арӕзтой ӕдзухдӕр. 32  Ноджыдӕр ма хъахъхъӕдтой+ ӕмбырды цатыр ӕмӕ сыгъдӕг бынат+, стӕй Аароны фыртты дӕр, се ’фсымӕрты, цӕмӕй-иу Йегъовӕйы хӕдзары куы лӕггад кодтой, уӕд-иу сӕ мачи хъыгдардтаид+.

Фиппаинӕгтӕ

1Аз 23:11 у «Зизӕ».
1Аз 24:20 у «Шуваил».