1 Азфыстыты 24:1—31

24  Аароны фырттӕ дих уыдысты къордтыл. Аароны фырттӕ уыдысты Надав+, Авиуд+, Елеазар+ ӕмӕ Ифамар+.  Фӕлӕ Надав ӕмӕ Авиуд+ сӕ фыдӕй раздӕр амардысты+, фырттӕ та сын нӕ уыд, ӕмӕ дарддӕр сауджынтӕй лӕггад кодтой Елеазар+ ӕмӕ Ифамар.  Гъемӕ сӕ Давид, Елеазары байзӕддаг Садок+ ӕмӕ Ифамары байзӕддаг Ахимелех+ къордтыл адих кодтой, сӕ лӕггады сыл цы хӕстӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ+.  Фӕлӕ Ифамары фырттӕй Елеазары фыртты ’хсӕн хистӕртӕ фылдӕр уыд. Ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ адих кодтой афтӕ: Елеазары фыртты хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ уыдысты ӕхсӕрдӕс, Ифамары фыртты хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ та – аст.  Уый фӕстӕ сыл хӕлттӕ сӕппӕрстой+ ӕмӕ сӕ иуты дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр адих кодтой, уымӕн ӕмӕ, сыгъдӕг бынаты+ сӕргъы чи уыдаид ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауӕн чи лӕггад кодтаид, ахӕм хистӕртӕ сӕвӕрын хъуыд Елеазары фырттӕй дӕр ӕмӕ Ифамары фырттӕй дӕр.  Ӕмӕ сӕ левитты писыр+ Нафанаилы фырт Шемайӕ ныффыста паддзахы раз, кънйӕзты раз, сауджын Садокы+ раз, Авиафары+ фырт Ахимелехы+ раз ӕмӕ сауджынты ӕмӕ левитты+ хӕдзарвӕндӕгты хистӕрты раз. Иу хӕдзарвӕндаг-иу Елеазары+ фырттӕй равзӕрстой, иу та – Ифамары+ фырттӕй.  Фыццаг хал схауд Йегъоиаривӕн+, дыккаг – Йедайӕйӕн,  ӕртыккаг – Харимӕн, цыппӕрӕм – Сеоримӕн,  фӕндзӕм – Малхийӕн, ӕхсӕзӕм – Миаминӕн, 10  ӕвдӕм – Гаккоцӕн, ӕстӕм – Авийӕн+, 11  фарӕстӕм – Йешуайӕн, дӕсӕм – Шеханийӕн, 12  иуӕндӕсӕм – Елиашивӕн, дыууадӕсӕм – Иакимӕн, 13  ӕртындӕсӕм – Хушайӕн, цыппӕрдӕсӕм – Йешевавӕн, 14  фынддӕсӕм – Вилгӕйӕн, ӕхсӕрдӕсӕм – Иммерӕн, 15  ӕвддӕсӕм – Хезирӕн, ӕстдӕсӕм – Гапицецӕн, 16  нудӕсӕм – Петахийӕн, дыууынӕм – Йезекилӕн, 17  дыууын фыццӕгӕм – Иахинӕн, дыууын дыккӕгӕм – Гамулӕн, 18  дыууын ӕртыккӕгӕм – Делайӕйӕн, дыууын цыппӕрӕм – Маазийӕн. 19  Уыдон лӕггад кодтой+ ахӕм ӕгъдаумӕ гӕсгӕ+. Ахӕм ӕгъдаумӕ гӕсгӕ-иу+ бацыдысты Йегъовӕйы хӕдзармӕ. Уыцы бартӕ сын радта сӕ фыдӕл Аарон, Израилы Хуыцау Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. 20  Адон та сты Левийы иннӕ фырттӕ. Амрамы+ фырттӕй: Шуваил+. Шуваилы фырттӕй: Йехди. 21  Рехавийӕ+, Рехавийы фырттӕй: хистӕр – Ишши. 22  Ицгары+ фырттӕй: Шеломоф+. Шеломофы фырттӕй: Иахаф. 23  Хевроны+ фырттӕй: хистӕр – Йери+, дыккаг – Амари, ӕртыккаг – Иахазиил, цыппӕрӕм – Йекамам. 24  Узиилы фырттӕй: Миха+. Михайы фырттӕй: Шамир. 25  Михайы ӕфсымӕр уыд Ишши. Ишшийы фырттӕй: Захари. 26  Мерарийы+ фырттӕ уыдысты Махли+ ӕмӕ Муши+. Иаазийы фырттӕ: Бено. 27  Мерарийы фырттӕ: Иаазийӕ: Бено, Шогам, Заккур ӕмӕ Иври. 28  Махлийӕ: Елеазар, фырттӕ йын нӕ уыд+. 29  Кисӕй: Кисы фырттӕ: Йерахмеил. 30  Мушийы фырттӕ: Махли+, Едер ӕмӕ Йеримоф+. Адон сты левитты фырттӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ+. 31  Ӕмӕ уыдон дӕр хӕлттӕ сӕппӕрстой+, се ’фсымӕртӕ – Аароны фырттӕ – паддзах Давиды раз, Садок ӕмӕ Ахимелехы раз, стӕй сауджынты ӕмӕ левитты хӕдзарвӕндӕгты хистӕрты раз хӕлттӕ куыд сӕппӕрстой, афтӕ – хистӕр фырты хӕдзарвӕндаг+ ӕмӕ кӕстӕр фырты хӕдзарвӕндаг ӕмхуызонӕй.

Фиппаинӕгтӕ