1 Азфыстыты 28:1—21

28  Давид Иерусалиммӕ ӕрӕмбырд кодта Израилы кънйӕзты+ се ’ппӕты дӕр: мыггӕгты кънйӕзты+, паддзахӕн чи лӕггад кодта, уыцы къордты хистӕрты+, минты+ сӕргъы ӕмӕ сӕдӕты+ сӕргъы чи лӕууыд, уыдоны, паддзахӕн йӕ фӕллӕйттӕ+, йӕ фос+ ӕмӕ йӕ фырттӕ+ кӕй бар уыдысты, уыдоны, стӕй паддзахы фӕсдзӕуинты+ ӕмӕ тыхджын лӕгты+, цыдӕриддӕр дзы хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын лӕгтӕ уыд, уыдоны.  Уый фӕстӕ Давид сыстад ӕмӕ загъта: «Ме ’фсымӕртӕ ӕмӕ мӕ адӕм, байхъусут мӕм. Мӕнӕн мӕ зӕрды уыд+, Йегъовӕйы бадзырды чырын кӕм уыдаид ӕмӕ нӕ Хуыцауӕн йӕ къӕхтӕвӕрӕн+ чи уыдаид, ахӕм хӕдзар саразын. Ӕмӕ йӕ саразынӕн цыдӕриддӕр хъуыди, уый ӕрцӕттӕ кодтон+.  Фӕлӕ мын ӕцӕг Хуыцау загъта: „Мӕ номыл хӕдзар ды нӕ сараздзынӕ+, уымӕн ӕмӕ ды хӕстыты хӕцыдтӕ ӕмӕ бирӕ туг ныккалдтай“+.  Израилы Хуыцау Йегъовӕ мӕ фыды хӕдзарӕй мӕн равзӕрста+, цӕмӕй Израилӕн ӕнустӕм суыдаин паддзах+. Уый разамонӕгӕй+ равзӕрста Иудӕйы, Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй равзӕрста мӕ фыды хӕдзар+, ӕмӕ йӕ мӕ фыды фырттӕй+ та мӕн бафӕндыд+ ӕгас Израилӕн паддзахӕй сӕвӕрын.  Ӕмӕ ме ’ппӕт фырттӕй,– Йегъовӕ та мын бирӕ фырттӕ радта+,– равзӕрста мӕ фырт Соломоны+, цӕмӕй Израилы Йегъовӕйы паддзахбадӕныл+ бада.  Ноджыдӕр ма мын загъта: „Дӕ фырт Соломон мын сараздзӕн мӕ хӕдзар+ ӕмӕ мӕ кӕртытӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕз равзӕрстон, цӕмӕй уа мӕ фырт+, ӕмӕ ӕз та суыдзынӕн йӕ фыд+.  Ӕмӕ абон куыд фидарӕй архайы мӕ фӕдзӕхстытӕ+ ӕмӕ мӕ закъӕттӕ+ ӕххӕст кӕныныл, дарддӕр дӕр афтӕ фидарӕй куы архайа, уӕд ын йӕ паддзахад+ ӕнустӕм ӕрфидар кӕндзынӕн“.  Уӕдӕ уын ныр ӕгас Израилы раз – Йегъовӕйы ӕмбырды+ раз – ӕмӕ нӕ Хуыцауы+ раз зӕгъын: уӕ Хуыцау Йегъовӕйы ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ дӕр ӕххӕст кӕнут ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрыныл архайут, цӕмӕй ацы хорз зӕхх+ сымах уа ӕмӕ йӕ уӕ фырттӕн ӕнустӕм бынӕн ныууадзат.  Ӕмӕ ды дӕр, мӕ фырт Соломон, зон+ дӕ фыды Хуыцауы ӕмӕ йын лӕггад кӕн+ зӕрдӕрайгӕйӕ+, дӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ уӕд+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ кӕсы алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр+ ӕмӕ адӕймагӕн йӕ алы хъуыды ӕмӕ йӕ алы фӕнд дӕр базоны+. Куы йӕ агурай, уӕд ӕй ссардзынӕ*+. Куы йӕ ныууадзай+, уӕд та дӕ йӕхицӕй ӕнустӕм аппардзӕн+. 10  Уӕдӕ дзӕбӕх ахъуыды кӕн: Йегъовӕ дӕ равзӕрста, цӕмӕй йын саразай хӕдзар, кувӕндон. Фидар у ӕмӕ хъуыддагмӕ бавнал»+. 11  Ӕмӕ Давид йӕ фырт Соломонӕн радта ныв+: мӕсыг+, кувӕндоны уӕттӕ, къӕбицтӕ+, уӕллаг уӕттӕ+, мидӕггаг уӕттӕ ӕмӕ тӕригъӕдтӕй сыгъдӕггӕнӕн бынат куыд арӕзт хъуамӕ уой, уый ныв+. 12  Стӕй йын Хуыцауы тыхы+ фӕрцы чи раргом, уыцы нывтӕ иууылдӕр: Йегъовӕйы хӕдзары кӕртыты+ нывтӕ, йӕ алыварс цыдӕриддӕр хӕрӕндӕттӕ+ уыди, уыдоны нывтӕ, ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары хӕзнадӕтты нывтӕ ӕмӕ-иу Хуыцауӕн цы снывонд кодтой, уыдӕттӕ+ кӕм уыдысты, уыцы хӕзнадӕтты нывтӕ. 13  Ноджыдӕр ма йын радта амындтӕ сауджынты ӕмӕ левитты къордты+ тыххӕй, стӕй Йегъовӕйы хӕдзары лӕггад кӕнынимӕ цыдӕриддӕр хъуыддӕгтӕ баст уыд, уыдоны тыххӕй ӕмӕ, Йегъовӕйы хӕдзары лӕггадгӕнгӕйӕ цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕй архайдтой, уыдоны тыххӕй. 14  Бацамыдта йын сызгъӕрины уӕз дӕр, алыхуызон мигӕнӕнтӕн цас сызгъӕрин хъуыд, уый, стӕй ӕппӕт ӕвзист мигӕнӕнты уӕз цас хъуамӕ уыдаид, уый дӕр – алы хъуыддӕгтӕн цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕ+ хъуыд, уыдоны уӕз; 15  сызгъӕрин цырагъдарӕнты+ ӕмӕ сӕ сызгъӕрин къусты уӕз, алыхуызон цырагъдарӕнты ӕмӕ сӕ къусты уӕз, стӕй ӕвзист цырагъдарӕнты уӕз, цырагъдарӕнты ӕмӕ сӕ къусты уӕз, цырагъдарӕнтӕ кӕм хъуыдысты, уымӕ гӕсгӕ; 16  нывонд дзултӕ-иу+ кӕуыл сӕвӕрдтой, уыцы стъӕлттӕн, алыхуызон стъӕлттӕн, цас сызгъӕрин хъуыд, стӕй ӕвзист стъӕлттӕн цас ӕвзист хъуыд, уый; 17  сыгъдӕг сызгъӕринӕй конд фыдисӕнты, къусты+, дурынты ӕмӕ гыццыл сызгъӕрин къусты+ уӕз, алыхуызон гыццыл къусты уӕз цас хъуамӕ уыдаид, уымӕ гӕсгӕ, стӕй гыццыл ӕвзист къусты уӕз, алыхуызон гыццыл къусты уӕз цас хъуамӕ уыдаид, уымӕ гӕсгӕ; 18  буд кӕуыл сыгътой, уыцы нывондхӕссӕнӕн+ ӕмӕ, бӕхуӕрдон+ цы ӕвдыста, уый, ома Йегъовӕйы бадзырды чырын йӕ базыртӕй чи ӕмбӕрзта, уыцы сызгъӕрин херувимтӕ+ скӕнынӕн сыгъдӕг сызгъӕрин цас хъуыд, уый. 19  Давид загъта: «Мӕныл уыди Йегъовӕйы къух, ӕмӕ мын баххуыс кодта, фыст+ цыдӕриддӕр ӕрцыд, уый бамбарынӕн ӕмӕ, нывтӕм гӕсгӕ цы ӕмӕ куыд саразын хъӕуы, уый бамбарынӕн дӕр»+. 20  Ӕмӕ Давид йӕ фырт Соломонӕн загъта: «Хъӕбатыр+ ӕмӕ фидар у ӕмӕ хъуыддагмӕ бавнал. Ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцау, мӕ Хуыцау, демӕ ис+. Уый дӕ нӕ ныууадздзӕн+ ӕмӕ уыдзӕн демӕ, Йегъовӕйы хӕдзары лӕггад кӕнынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уый цалынмӕ арӕзт не ’рцӕуа, уӕдмӕ. 21  Сауджынты+ ӕмӕ левитты+ къордтӕ цӕттӕ сты ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары лӕггад кӕнынмӕ, стӕй алы дӕсны кусӕг дӕр цӕттӕ у+, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, лӕггад кӕнынимӕ+ цыдӕриддӕр куыстытӕ баст сты, уыдон бакӕнынӕн. Ӕмӕ кънйӕзтӕ+ ӕмӕ адӕм дӕр цӕттӕ сты дӕ алы ныхас сӕххӕст кӕнынмӕ дӕр».

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «уӕд дӕ бауадздзӕн, цӕмӕй йӕ ссарай».