1 Азфыстыты 29:1—30

29  Паддзах Давид ӕппӕт адӕмӕн загъта+: «Мӕ фырт Соломон, Хуыцау кӕй равзӕрста+, уый, нырма ӕрыгон+ ӕмӕ ӕвӕлтӕрд у, цы хъуыддаг саразын хъӕуы, уый та стыр хъуыддаг у, уымӕн ӕмӕ ацы галуан* адӕймагӕн нӕу+, фӕлӕ Йегъовӕ Хуыцауӕн.  Ӕз ӕппӕт хъарутӕй+ бацархайдтон ӕмӕ мӕ Хуыцауы хӕдзарӕн ӕрцӕттӕ кодтон+ сызгъӕрин+ – сызгъӕрин дзауматӕн, ӕвзист – ӕвзист дзауматӕн, ӕрхуы – ӕрхуы дзауматӕн, ӕфсӕйнаг+ – ӕфсӕйнаг дзауматӕн ӕмӕ хъӕдӕрмӕг+ – хъӕдын дзауматӕн, стӕй оникс+ дуртӕ, чъыры змӕстӕй кӕй ныффидар кӕнынц, ахӕм зынаргъ дуртӕ, нывтӕ кӕмӕй аразынц, ахӕм гыццыл дуртӕ ӕмӕ ӕндӕр алыхуызон зынаргъ дуртӕ ӕмӕ тынг бирӕ алебастр.  Ӕмӕ сыгъдӕг кувӕндонӕн цы ӕрцӕттӕ кодтон, уымӕй уӕлдай ма мӕ Хуыцауы хӕдзарӕн, мӕ Хуыцауы хӕдзар мын зынаргъ кӕй у+, уый тыххӕй, ноджыдӕр дӕттын мӕхи+ сызгъӕринӕй ӕмӕ мӕхи ӕвзистӕй+:  кувӕндоны уӕтты къултӕ бамбӕрзынӕн ӕртӕ мин таланты сызгъӕрин, офираг+ сызгъӕрин, ӕмӕ авд мин таланты сыгъдӕг ӕвзист,  сызгъӕрин – сызгъӕрин дзауматӕн, ӕвзист – ӕвзист дзауматӕн ӕмӕ, ӕрмгуыстгӕнджытӕ цыдӕриддӕр араздзысты, уыдӕттӕн. Мыййаг ма искӕй фӕнды абон Йегъовӕйӕн лӕвӕрттӕ ӕрбахӕссын?»+  Ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты+ хистӕртӕ+, Израилы мыггӕгты кънйӕзтӕ+, минты+ сӕргъы ӕмӕ сӕдӕты+ сӕргъы, стӕй паддзахы хъуыддӕгты+ сӕргъы чи лӕууыд, уыдон лӕвӕрттӕ хӕссын райдыдтой.  Ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары лӕггад кӕнынимӕ цы хъуыддӕгтӕ уыд баст, уыдонӕн радтой фондз мин таланты сызгъӕрин, дӕс мин дарикы*, дӕс мин таланты ӕвзист, ӕстдӕс мин таланты ӕрхуы ӕмӕ сӕдӕ мин таланты ӕфсӕйнаг+.  Зынаргъ дуртӕ кӕмӕ уыд, уыдон дӕр сӕ ӕрбахастой Йегъовӕйы хӕдзары хӕзнадонмӕ. Уыцы хӕзнадон уыди Гирсоны+ байзӕддаг Йехиилы+ бар.  Ӕмӕ адӕм цин кодтой, Йегъовӕйӕн лӕвӕрттӕ кӕй хастой, ууыл, уымӕн ӕмӕ сӕ хастой зӕрдиагӕй*+. Ӕмӕ паддзах Давиды цинӕн дӕр кӕрон нал уыд+. 10  Уый фӕстӕ Давид ӕппӕт адӕмы раз+ Йегъовӕйӕн раарфӕ кодта+. Давид загъта: «О Йегъовӕ, нӕ фыд Израилы Хуыцау+, табу дын уӕд+ ӕнусӕй-ӕнусмӕ. 11  О Йегъовӕ, ды дӕ стыр+ Хуыцау, хъомысджын+, диссаджы+ Хуыцау, дӕуӕн ӕмбал нӕй+, ды дӕ кадджын+ Хуыцау, уымӕн ӕмӕ дӕу у, уӕларвыл ӕмӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уый+. Дӕу у, Йегъовӕ, паддзахад+, ӕмӕ дӕуӕй уӕлдӕр ничи ис+. 12  Ды дӕттыс хъӕздыгдзинад+ ӕмӕ кад+, ӕмӕ алцыдӕр ис дӕ дӕлбар+. Дӕ къухы ис тых+ ӕмӕ хъомыс+, дӕ бон у адӕймаджы сбӕрзонд кӕнын+ ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр хъару раттын+. 13  Ӕмӕ дын ныр, нӕ Хуыцау, арфӕ кӕнӕм+ ӕмӕ дын дӕ рӕсугъд+ ном кадджын кӕнӕм+. 14  Фӕлӕ чи дӕн ӕз+ ӕмӕ чи сты мӕ адӕм, цӕмӕй нӕ бон уа ахӕм лӕвӕрттӕ кӕнын?+ Алцыдӕр дӕуӕй цӕуы+, ӕмӕ дӕ къухӕй цы райстам, уый дын дӕттӕм. 15  Мах дӕ разы стӕм ӕрцӕуӕггӕгтӕ ӕмӕ ӕрлидзӕг адӕм+, нӕ фыдӕлтӕ се ’ппӕт дӕр куыд уыдысты, афтӕ. Зӕххыл нӕ царды бонтӕ аууонӕй уӕлдай не сты+, ӕмӕ сын ницы ис бакӕнӕн. 16  О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, дӕуӕн дӕ сыгъдӕг номыл хӕдзар саразынӕн цы бирӕ фӕллӕйттӕ ӕрцӕттӕ кодтам, уыдон иууылдӕр дӕ къухӕй сты, ӕмӕ иууылдӕр дӕу сты+. 17  О мӕ Хуыцау, ӕз ӕй зонын, ды зӕрдӕмӕ кӕй кӕсыс+ ӕмӕ, адӕймаг рӕстзӕрдӕ уа, уый дын кӕй у ӕхсызгон+. Ӕмӕ дын ӕз ацы лӕвӕрттӕ иууылдӕр мӕ сыгъдӕг зӕрдӕйӕ радтон, ӕмӕ мын ӕхсызгон у, дӕ адӕм, ам цы адӕм ис, уыдон дӕр дын зӕрдиагӕй кӕй кӕнынц лӕвӕрттӕ. 18  О Йегъовӕ, нӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исахъ ӕмӕ Израилы Хуыцау+, дӕ адӕмӕн ахӕм арфӕ ракӕн, цӕмӕй сын ӕнустӕм дӕр ахӕм зӕрдӕйы уаг уа, сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ сӕ фӕндтӕ ахӕм уой+, ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕтӕ дӕхимӕ раздах+. 19  Ӕмӕ мӕ фырт Соломонӕн баххуыс кӕн, цӕмӕй дын дӕ фӕдзӕхстытӕ+, дӕ амындтӕ+ ӕмӕ дӕ уагӕвӕрдтӕ+ ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕххӕст кӕна+. Баххуыс ын кӕн, цӕмӕй уыдӕттӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕна ӕмӕ, ӕз алцыдӕр кӕмӕн ӕрцӕттӕ кодтон+, уыцы галуан сараза»+. 20  Уый фӕстӕ Давид ӕппӕт адӕмӕн загъта+: «Уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн раарфӕ кӕнут»+. Ӕмӕ адӕм се ’ппӕт дӕр сӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйӕн раарфӕ кодтой, ӕмӕ Йегъовӕйы раз ӕмӕ паддзахы раз сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой+ ӕмӕ сӕ сӕртӕй ныллӕг акуывтой+. 21  Иннӕ бон та Йегъовӕйӕн ӕрхастой нывӕндтӕ+, стӕй Йегъовӕйӕн ӕрхастой судзинаг нывӕндтӕ+ дӕр: иу мин уӕныджы, иу мин фыры, иу мин уӕрыччы ӕмӕ семӕ кувинаг нозт+ дӕр. Тынг бирӕ нывӕндтӕ ӕрхастой ӕгас Израилы тыххӕй+. 22  Уыцы бон Йегъовӕйы раз хордтой ӕмӕ нызтой ӕмӕ сӕ цинӕн кӕрон нал уыд+. Ӕмӕ Давиды фырт Соломоны дыккаг хатт паддзахӕй сӕвӕрдтой+ ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы раз сойӕ байсӕрстой, цӕмӕй уыдаид разамонӕг+, Садокы+ та байсӕрстой, цӕмӕй уыдаид сауджын. 23  Гъемӕ Соломон йӕ фыд Давиды бӕсты ӕрбадт Йегъовӕйы паддзахбадӕныл+ ӕмӕ уыд тынг ӕнтыстджын+. Ӕмӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр йӕ коммӕ кастысты. 24  Кънйӕзтӕ+ се ’ппӕт дӕр, тыхджын лӕгтӕ+, стӕй паддзах Давиды фырттӕ иууылдӕр+ сӕхи паддзах Соломоны дӕлбар бакодтой. 25  Йегъовӕ Соломоны ӕнӕхъӕн Израилы раз тынг скадджын кодта+, йӕ паддзахы кад ын афтӕ бӕрзонд систа, ӕмӕ Израилы йӕ размӕ иу паддзахӕн дӕр ахӕм кад нӕ уыд+. 26  Йессейы фырт Давид паддзах уыд ӕнӕхъӕн Израилӕн+. 27  Давид Израилӕн паддзах уыди цыппор азы+. Авд азы хицауиуӕг кодта Хевроны+, ӕртын ӕртӕ азы та – Иерусалимы+. 28  Ӕмӕ амард зӕрондӕй+ ӕмӕ цардӕфсӕстӕй, хайджын уыд бирӕ хъӕздыгдзинӕдтӕй+ ӕмӕ стыр кадӕй+. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Соломон+. 29  Паддзах Давиды хъуыддӕгты тыххӕй, фыццӕгты тыххӕй ӕмӕ фӕстӕгты тыххӕй, фыст ис, цӕстылуайӕнтӕ уынӕг+ Самуил, пехуымпар Нафан+ ӕмӕ цӕстылуайӕнтӕ уынӕг Гад+ цы ныффыстой, уым. 30  Фыст ма дзы ис, куыд паддзахиуӕг кодта, уый тыххӕй дӕр, йӕ хъомысы тыххӕй ӕмӕ, йӕ рӕстӕджы+ цы хабӕрттӕ ӕрцыд, стӕй Израилы ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт паддзахӕдты дӕр цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоны тыххӕй+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «кувӕндон».
Персайнаг сызгъӕрин ӕхца.
Комк. «ӕнӕхъӕн зӕрдӕйӕ».