1 Азфыстыты 3:1—24

3  Давидӕн+ Хевроны+ цы фырттӕ райгуырд, уыдон уыдысты: йӕ хистӕр фырт – Амнон+, изреелаг+ Ахиноамӕйӕ+; дыккаг фырт – Данел, кармилаг+ Авигейӕйӕ+;  ӕртыккаг – Авессалом+, Гессуры+ паддзах Фалмайы+ чызг Маахӕйӕ+; цыппӕрӕм – Адони+, Аггифӕйӕ+;  фӕндзӕм – Сафати, Авиталӕйӕ+; ӕхсӕзӕм – Ифреам, йӕ ус Еглӕйӕ+.  Хевроны йын райгуырд ӕхсӕз фырты. Хевроны Давид паддзах уыд авд азы ӕмӕ ’рдӕг, Иерусалимы та – ӕртын ӕртӕ азы+.  Иерусалимы+ та йын райгуырдысты Шимӕ+, Шовав+, Нафан+ ӕмӕ Соломон+ – цыппар фырты, Амиилы+ чызг Вирсавийӕ+;  стӕй Ивхар+, Елишамӕ+, Елифелет+,  Ногаг, Нефег, Иафи+,  Елишамӕ+, Елиадӕ ӕмӕ Елифелет+ – фараст фырты.  Адон иууылдӕр сты Давиды фырттӕ, йӕ номылустытӕй йын цы фырттӕ райгуырд, ӕнӕ уыдонӕй. Уыдис ма сын хо дӕр – Фамар+. 10  Соломонӕн райгуырд Ровоам+, Ровоамӕн райгуырд Ави+, Авийӕн райгуырд Асӕ+, Асӕйӕн райгуырд Иосафат+, 11  Иосафатӕн райгуырд Иорам+, Иорамӕн райгуырд Охози+, Охозийӕн райгуырд Иоас+, 12  Иоасӕн райгуырд Амаси+, Амасийӕн райгуырд Азари+, Азарийӕн райгуырд Иофам+, 13  Иофамӕн райгуырд Ахаз+, Ахазӕн райгуырд Езеки+, Езекийӕн райгуырд Манасси+, 14  Манассийӕн райгуырд Амон+, Амонӕн райгуырд Иоси+. 15  Иосийы фырттӕ уыдысты: йӕ хистӕр фырт Иоханан, дыккаг – Иоаким+, ӕртыккаг – Седеки+, цыппӕрӕм – Шаллум. 16  Йехони+ уыд Иоакимы фырт, Седеки та уыд уый фырт. 17  Йехони уацары куы уыд, уӕд ын чи райгуырд, уыцы фырттӕ уыдысты: Салафиил+, 18  Малкирам, Федайӕ, Шенацар, Йеками, Гошамӕ ӕмӕ Недави. 19  Федайӕйы фырттӕ уыдысты Зоровавел+ ӕмӕ Шимей. Зоровавелы фырттӕ та уыдысты Мешуллам ӕмӕ Ананийӕ – уыди ма сын хо дӕр, Шеломиф, зӕгъгӕ, 20  стӕй Хашувӕ, Огел, Берехи, Хасади ӕмӕ Иушав-Хесед – фондз фырты. 21  Ананийӕйы фырттӕ уыдысты Фелати+ ӕмӕ Йешайӕ. Рефайӕ уыд Йешайӕйы фырт. Арнан уыд Рефайӕйы фырт. Овади уыд Арнаны фырт. Шехани та уыд Овадийы фырт. 22  Шемайӕ уыд Шеханийы фырт. Шемайӕйы фырттӕ та уыдысты Хаттуш, Игал, Бариах, Неари ӕмӕ Сафат – ӕхсӕз фырты. 23  Неарийы фырттӕ уыдысты Елиоенай, Хизки ӕмӕ Азрикам – ӕртӕ фырты. 24  Елиоенайы фырттӕ уыдысты Годавиагу, Елиашив, Фелай, Аккув, Иоханан, Делайӕ ӕмӕ Анани – авд фырты.

Фиппаинӕгтӕ