1 Азфыстыты 5:1—26

5  Дарддӕр фыст сты Израилы хистӕр фырт Рувимы+ фырттӕ. (Рувим уыд хистӕр фырт+, фӕлӕ йӕ фыды+ хуыссӕн фӕчъизи кодта, ӕмӕ уый тыххӕй хистӕр фырты бартӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты Израилы фырт Иосифы+ фырттӕн. Гъемӕ Рувим хӕдзарвӕндӕгты номхыгъды, куыд хистӕр фырт, афтӕ не ’рцыд фыст.  Иудӕ+ йе ’фсымӕрты ӕхсӕн уыд ӕппӕты кадджындӕр, уымӕй рацыд разамонӕг дӕр+, фӕлӕ хистӕр фырты бартӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты Иосифӕн+.)  Израилы хистӕр фырт Рувимы фырттӕ уыдысты Ханох+, Фаллу+, Есром ӕмӕ Харми+.  Шемайӕ уыд Иоилы фырт, уый фырт уыд Гог, уый фырт – Шимей,  уый фырт – Миха, уый фырт – Реайӕ, уый фырт – Ваал,  уый фырт – Беерӕ, Ассирийы паддзах Феглафелласар+ уацары кӕй акодта, уый. Беерӕ уыд Рувимы мыггаджы хистӕр.  Йе ’фсымӕртӕ фыст сты, чи сӕ кӕцы хӕдзарвӕндагӕй рацыд, уымӕ гӕсгӕ+: мыггаджы хистӕр Йеиел, стӕй Захари  ӕмӕ Белӕ, Иоилы+ фырт Шемӕйӕн йӕ фырт Азазы фырт, уый цард Ароеры+, йӕ зӕххытӕ уыдысты суанг Нево+ ӕмӕ Ваал-Меоны+ онг.  Скӕсӕнырдыгӕй та бахӕццӕ, Евфраты+ цӕугӕдоны раз чи ис, уыцы ӕдзӕрӕг быдыр кӕм райдайы, уый онг, уымӕн ӕмӕ Галаады+ зӕххыл йӕ фос тынг сбирӕ сты. 10  Саулы рӕстӕджы уыдон схӕцыдысты агарӕгтимӕ+ ӕмӕ сӕ ныццагътой. Ӕмӕ, Галаадӕй скӕсӕнырдӕм цыдӕриддӕр зӕххытӕ ис, уым сӕ цатырты ӕрцардысты. 11  Гады+ фырттӕ та цардысты сӕ фарсмӕ Васаны+ зӕххыл, суанг Салхӕйы+ онг. 12  Васаны хистӕр уыд Иоил, дыккаг лӕг та дзы уыд Шафан, стӕй Иаанай ӕмӕ Сафат. 13  Се ’фсымӕртӕ, сӕ хӕдзарвӕндагӕй чи уыд, уыдон уыдысты Михаил, Мешуллам, Савӕ, Иорай, Иаакан, Зийӕ ӕмӕ Евер – авд ӕфсымӕры. 14  Уыдон уыдысты Авихаилы фырттӕ, Авихаил уыд Хурийы фырт, Хури – Иароахы фырт, Иароах – Галаады фырт, Галаад – Михаилы фырт, Михаил – Йешишайы фырт, Йешишай – Иахдойы фырт, Иахдо – Вузы фырт. 15  Гунийӕн йӕ фырт Авдиилы фырт Ахи уыд сӕ хӕдзарвӕндаджы хистӕр. 16  Уыдон цардысты Галаады+, Васаны+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕтты+, стӕй, Сароны зӕххыл цыдӕриддӕр сӕрвӕттӕ уыд, уым, суанг сӕ арӕнты онг. 17  Се ’ппӕт дӕр хӕдзарвӕндӕгты номхыгъды фыст ӕрцыдысты Иудӕйы паддзах Иофамы+ рӕстӕджы ӕмӕ Израилы паддзах Йеровоамы+ рӕстӕджы. 18  Рувимы фырттӕй, Гады мыггагӕй ӕмӕ Манассийы мыггаджы ӕмбисӕй хӕцынхъом чи уыд, ахӕмтӕ уыд цыппор цыппар мин авдсӕдӕ ӕхсай нӕлгоймаджы. Уыдон уыдысты хъӕбатыр+ хӕстонтӕ, уарт чи хаста, ӕрдын-иу чи ӕрбакъӕдз кодта ӕмӕ хӕцынмӕ дӕсны чи уыд, ахӕмтӕ+. 19  Уыдон хӕцыдысты агарӕгтимӕ+, Йетуримӕ+, Нафишимӕ+ ӕмӕ Надавимӕ. 20  Семӕ куы хӕцыдысты, уӕд сын уыди ӕххуысгӕнӕг+, уымӕн ӕмӕ Хуыцаумӕ ӕххуысмӕ фӕсидтысты ӕмӕ сын уый сӕ лӕгъстӕ фехъуыста, сӕ ныфс ыл кӕй дардтой, уый тыххӕй, ӕмӕ сын агарӕгты, стӕй семӕ чидӕриддӕр уыди, уыдоны сӕ къухмӕ радта+. 21  Ӕмӕ сын сӕ фос байстой+: фӕндзай мин теуайы, дыууӕсӕдӕ фӕндзай мин фысы ӕмӕ дыууӕ мин хӕрӕджы. Сӕдӕ мин адӕймаджы* та дзы уацары акодтой+. 22  Бирӕтӕ сӕ фӕцагъды сты, уымӕн ӕмӕ уый ӕцӕг Хуыцауы хӕст уыд+. Ӕмӕ уыдон сӕ зӕххыл цардысты, цалынмӕ сӕ уацары нӕ акодтой, уӕдмӕ+. 23  Манассийы+ мыггаджы ӕмбис уыцы зӕххыл цардысты Васанӕй+ суанг Ваал-Ермоны+ онг, Сениры+ онг ӕмӕ Ермоны+ хохы онг. Тынг сбирӕ сты. 24  Адон сты сӕ хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ: Ефер, Иши, Елиил, Азриил, Йереми, Годави ӕмӕ Иагдиил – хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын хӕстонтӕ, зындгонд адӕм, хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ. 25  Уыдон сӕ фыдӕлты Хуыцауыл гадзрахатӕй рацыдысты ӕмӕ, уыцы зӕххыл чи цард ӕмӕ Хуыцау кӕй фӕцагъта, уыцы адӕмты хуыцӕуттимӕ+ хӕтын райдыдтой+. 26  Ӕмӕ уӕд Израилы Хуыцау Ассирийы+ паддзах Пулы+, ома Феглафелласары+, сразӕнгард кодта+, ӕмӕ уый Рувимы фыртты, Гады мыггаджы ӕмӕ Манассийы мыггаджы ӕмбис сӕ зӕххӕй хауӕггаг фӕкодта+ – Халахмӕ+, Хавормӕ, Арӕмӕ ӕмӕ сӕ Гозаны цӕугӕдоны былмӕ акодта, ӕмӕ абоны онг дӕр уым цӕрынц.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «адӕймаджы уды»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.