2 Паддзӕхты 25:1—30

25  Седеки фарӕстӕм+ аз куы уыд паддзах, уӕд, дӕсӕм мӕйы, мӕйӕн йӕ дӕсӕм+ бон, Вавилоны паддзах Навуходоносор+ йе ’фсӕдтимӕ Иерусалиммӕ ’рцыд+, ӕмӕ горӕты раз ӕрбынат кодтой, ӕртыхстысты йыл ӕмӕ йын йӕ алыварс къул самадтой+.  Ӕмӕ горӕты алыварс лӕууыдысты, Седеки иуӕндӕсӕм аз куы уыд паддзах, уӕдмӕ.  Цыппӕрӕм мӕйӕн йӕ фарӕстӕм+ бон, горӕты тынг ӕххормаг заман+ куы уыд ӕмӕ адӕмӕн дзул куы нал уыд+,  уӕд горӕты къул ратыдтой+, ӕмӕ ӕхсӕвы хӕстонтӕ се ’ппӕт дӕр, дыууӕ къулы ’хсӕн паддзахы цӕхӕрадоны раз цы кулдуар уыд, ууылты алыгъдысты+. Халдейтӕ+ та горӕты алыварс лӕууыдысты. Ӕмӕ паддзах Аравӕйы+ ’рдӕм алыгъд+.  Халдейаг+ ӕфсад паддзахы фӕстейӕ асырдтой ӕмӕ йӕ Иерихоны+ быдырты баййӕфтой+. Йе ’фсад та алырдӕмты ныппырх сты ӕмӕ йӕ иунӕгӕй ныууагътой.  Гъемӕ паддзахы ӕрцахстой+ ӕмӕ йӕ Вавилоны паддзахмӕ Ривлӕмӕ+ ӕркодтой, цӕмӕй йын стӕрхон кодтаиккой.  Ӕмӕ Седекийӕн йӕ фыртты йӕ цӕстыты раз амардтой+, йӕхицӕн та йын паддзах йӕ цӕстытӕ скъахта+, стӕй йыл ӕрхуы хъадамантӕ бакодта+ ӕмӕ йӕ Вавилонмӕ акодта+.  Фӕндзӕм мӕйы, мӕйӕн йӕ ӕвдӕм бон, ома Навуходоносор нудӕсӕм+ аз куы уыд Вавилоны паддзах, уӕд, хъахъхъӕнджыты хистӕр Навузардан+, Вавилоны паддзахы лӕггадгӕнӕг, Иерусалиммӕ ’рцыд+.  Навузардан басыгъта Йегъовӕйы хӕдзар+, паддзахы хӕдзар+ ӕмӕ, Иерусалимы цыдӕриддӕр хӕдзӕрттӕ уыд, уыдон+. Басыгъта кадджын лӕгты хӕдзӕрттӕ дӕр+. 10  Хъахъхъӕнджыты хистӕримӕ цы халдейаг ӕфсад уыд, уыдон Иерусалимы къултӕ кӕрӕй-кӕронмӕ ныппырх кодтой+. 11  Адӕмӕй ма горӕты чи баззад+, уыдоны, стӕй, Вавилоны паддзахы ’рдӕм чи ралыгъд, уыдоны дӕр ӕмӕ иннӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр хъахъхъӕнджыты хистӕр Навузардан уацары акодта+. 12  Ӕрмӕст ма хуымӕтӕг адӕмӕй+ кӕйдӕрты ныууагъта, цӕмӕй сӕнӕфсирдӕттӕм зылдаиккой ӕмӕ алы куыстытӕ кодтаиккой+. 13  Йегъовӕйы хӕдзары цы ӕрхуы цӕджындзтӕ+ уыд, уыдон, стӕй Йегъовӕйы хӕдзары цы уӕрдӕттӕ+ ӕмӕ ӕрхуы денджыз+, ома тымбыл аг, уыд, уыдон дӕр халдейтӕ ныцъцъӕл кодтой ӕмӕ уыцы ӕрхуы Вавилонмӕ ахастой+. 14  Фӕнык кӕдӕм ӕвгӕдтой, уыцы мигӕнӕнтӕ, белтӕ, цырагъ хуыссынгӕнӕнтӕ, къустӕ ӕмӕ, кувӕндоны кӕмӕй архайдтой, уыцы ӕрхуы мигӕнӕнтӕ+ дӕр иууылдӕр ахастой. 15  Хъахъхъӕнджыты хистӕр ахаста, сыгъдӕг сызгъӕринӕй+ ӕмӕ сыгъдӕг ӕвзистӕй+ конд чи уыд, уыцы зынгхӕссӕнтӕ ӕмӕ къустӕ дӕр. 16  Соломон Йегъовӕйы хӕдзарӕн кӕй скодта, уыцы дыууӕ цӕджындзы, денджыз ӕмӕ уӕрдӕттӕ цы ӕрхуыйӕ конд уыдысты, уый уыйбӕрц уыди, ӕмӕ йын банымайӕн дӕр нӕ уыд+. 17  Алы цӕджындзӕн дӕр йӕ бӕрзӕнд уыд ӕстдӕс ӕлмӕрины+, стӕй йыл уыд ӕрхуыйӕ конд сӕр+, йӕ бӕрзӕнд – ӕртӕ ӕлмӕрины. Уыцы сӕрыл кӕрӕй-кӕронмӕ цы хыз ӕмӕ гранаттӕ+ уыди, уыдон дӕр уыдысты ӕрхуыйӕ. Афтӕ конд уыд иннӕ цӕджындз дӕр йӕ хызимӕ. 18  Хъахъхъӕнджыты хистӕр акодта хистӕр сауджын Серайӕйы+, ӕххуысгӕнӕг сауджын Софонийы+ ӕмӕ ӕртӕ дуаргӕсы+ дӕр. 19  Горӕтӕй ма акодта, ӕфсӕддонты хистӕр чи уыд, уыцы фӕсдзӕуины, паддзахы уынаффӕгӕнджытӕй горӕты чи уыд, уыдонӕй фондз адӕймаджы, стӕй ӕфсады сӕргълӕууӕджы писыры, адӕмы ӕфсадмӕ чи фыста, уый, ӕмӕ ма ӕнӕуи адӕмӕй горӕты чи баззад, уыдонӕй ӕхсай адӕймаджы+. 20  Хъахъхъӕнджыты хистӕр Навузардан+ се ’ппӕты дӕр+ Вавилоны паддзахмӕ Ривлӕмӕ ӕркодта+. 21  Ӕмӕ сӕ Вавилоны паддзах Ривлӕйы, Хаматы зӕххыл+, амардта+. Афтӕ Иудӕйы адӕм сӕ зӕххӕй хауӕггаг фесты+. 22  Вавилоны паддзах Навуходоносор ма адӕмӕй+ Иудӕйы зӕххыл кӕй ныууагъта, уыдонӕн та сӕ сӕргъы сӕвӕрдта Гедалийы+, Шафанӕн йӕ фырт+ Ахикамы фырты+. 23  Вавилоны паддзах адӕмы сӕргъы Гедалийы кӕй сӕвӕрдта, уый ӕфсады хистӕртӕ+ ӕмӕ сӕ адӕм куы фехъуыстой, уӕд Гедалимӕ Массифӕмӕ+ ӕрцыдысты. Се ’хсӕн уыдысты: Нефанийы фырт Измаил, Карейы фырт Иоханан, нетофафаг Танхумефы фырт Серайӕ, стӕй ма маахӕйаджы фырт Иазани ӕмӕ сӕ адӕм. 24  Гедали сын сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ адӕмӕн дӕр расомы кодта+ ӕмӕ сын загъта: «Ма тӕрсут, лӕггад кӕнут халдейтӕн. Цӕрут ацы зӕххыл ӕмӕ Вавилоны паддзахӕн лӕггад кӕнут, ӕмӕ алцыдӕр уыдзӕн хорз»+. 25  Ӕвдӕм+ мӕйы паддзахы байзӕддаг Измаил+, Елишамӕйӕн йӕ фырт Нефанийы фырт, ӕмӕ йемӕ дӕс адӕймаджы ӕрцыдысты ӕмӕ Гедалийы+ амардтой. Стӕй ма амардтой, дзуттӕгтӕй ӕмӕ халдейтӕй йемӕ Массифӕйы+ чи уыд, уыдоны дӕр. 26  Уый фӕстӕ адӕм иууылдӕр, гыццылӕй-стырӕй, стӕй ӕфсады хистӕртӕ дӕр сыстадысты ӕмӕ Египетмӕ ацыдысты+, уымӕн ӕмӕ халдейтӕй фӕтарстысты+. 27  Иудӕйы паддзах Йехони+ уацары ӕртын ӕвдӕм аз куы уыд, уӕд, дыууадӕсӕм мӕйы, мӕйӕн йӕ дыууын ӕвдӕм бон, Вавилоны паддзах Евилмеродах+ Иудӕйы паддзах Йехонийӕн ахӕм хорздзинад ракодта*+, ӕмӕ йӕ ахӕстонӕй ссӕрибар кодта. Уый уыд, паддзах куы сси, уыцы аз. 28  Вавилоны паддзах йемӕ фӕлмӕнӕй ныхас кодта ӕмӕ йын йӕ паддзахбадӕн, Вавилоны йемӕ чи уыд, уыцы паддзӕхты паддзахбадӕнтӕй уӕлдӕр сӕвӕрдта+. 29  Йехони раласта йӕ ахӕстоны дарӕс+ ӕмӕ, цалынмӕ цард, уӕдмӕ Вавилоны паддзахимӕ иу фынгӕй хордта+. 30  Паддзахӕй йын лӕвӕрд цыд, хӕринагӕй йӕ цы хъуыд, уый+, ӕмӕ афтӕ – алы бон дӕр, цалынмӕ цард, уӕдмӕ.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «Йехонийӕн йӕ сӕрыл схӕцыд».