Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

Йегъовӕйы бауагътон, цӕмӕй мын фӕндаг амыдтаид

Йегъовӕйы бауагътон, цӕмӕй мын фӕндаг амыдтаид

16 АЗЫ мыл куы цыди, уӕд мӕхицӕн равзӕрстон царды фӕндаг. Цы куыст кодтон, уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд. Фӕлӕ мын Йегъовӕ бацамыдта ӕндӕр фӕндаг. Уый мын загъта: «Ӕмбаргӕдзинад дын ратдзынӕн ӕмӕ дӕ цы фӕндагыл цӕуын хъӕуы, ууыл дӕ сараздзынӕн» (Пс. 32:8). Йегъовӕйы кӕй бауагътон, цӕмӕй мын фӕндаг амыдтаид, уый фӕрцы схайджын дӕн бирӕ арфӕдзинӕдтӕй. Ӕмӕ уыдонӕй иу у, 52 азы Африкӕйы кӕй фӕлӕггад кодтон, уый.

САУ БӔСТӔЙӔ АФРИКӔЙЫ ЗӔРДӔМӔ

Ӕз райгуырдтӕн 1935 азы Английы, горӕт Дарластоны. Уый ис, Сау бӕстӕ кӕй хонынц, уыцы ран. Афтӕ йӕ уымӕн схуыдтой, ӕмӕ-иу заводтӕй цы сау фӕздӕг калд, уый-иу мигъау ныббадт. 4 азы бӕрц мыл куы цыд, уӕд мӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой. Иу-14 азы мыл куы цыди, уӕд бамбӕрстон, уый рӕстдзинад кӕй у. Ӕмӕ 1952 азы 16-аздзыдӕй донаргъуыд райстон.

Уыцы рӕстӕг мӕ куыстмӕ айстой иу стыр заводмӕ. Уыцы завод уагъта кусӕнгӕрзтӕ ӕмӕ машинӕты хӕйттӕ. Хъуамӕ суыдаин компанийы секретарь, ӕмӕ мӕ уыцы куыст кӕнын ахуыр кодтой. Мӕ куыст мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди.

Ӕз уыдтӕн Уилленхоллы ӕмбырды. Ӕмӕ мын иу бон цӕуӕг цӕстдарӕг афтӕ, нӕ, дам, дӕ фӕндид ӕмбырды чиныгахуыр уадзын. Фӕлӕ мын уынаффӕ рахӕссын афтӕ ӕнцон нӕ уыд. Ӕндӕр ӕмбырдмӕ дӕр ма-иу цыдтӕн. Кусгӕ Бромсгровы кодтон (хӕдзарӕй 32 километры бӕрц дарддӕр), ӕмӕ-иу кусгӕ бонты Бромсгровы ӕмбырдмӕ цыдтӕн, уымӕн ӕмӕ уый мӕ куыстмӕ хӕстӕгдӕр уыд. Сабаты-иу хӕдзармӕ куы ацыдтӕн, уӕд та-иу Уилленхоллы ӕмбырдмӕ ацыдтӕн.

Фӕлӕ мӕ фӕндыд Йегъовӕйы организацийӕн, мӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр уыд, уымӕй ӕххуыс кӕнын. Ӕмӕ сразы дӕн ӕмбырды чиныгахуыр уадзыныл. Ӕрмӕст мӕ уый тыххӕй бахъуыд мӕ куыст ныууадзын, кӕд ӕй тынг уарзтон, уӕддӕр. Ӕз Йегъовӕйы бауагътон, цӕмӕй мын фӕндаг бацамыдтаид. Ӕмӕ ууыл никуы фӕфӕсмон кодтон. Афтӕмӕй мын байгом дуар арфӕйаг цардмӕ.

Бромсгровы ӕмбырды базонгӕ дӕн, Йегъовӕйы тынг чи уарзта, иу ахӕм дзӕбӕх хоимӕ, Эннимӕ. Ӕмӕ 1957 азы нӕ цард баиу кодтам. Иумӕ лӕггад кодтам пионертӕй, сӕрмагонд пионертӕй ӕмӕ Вефилы, цӕуӕг цӕстдарӕг дӕр уыдтӕн. Энн цӕрӕнбонты у мӕ уды хай, мӕ цин.

1966 азы нӕ фӕхуыдтой Галаады скъолайы 42-ӕм къласмӕ. Ӕмӕ ма нӕ цинӕн кӕрон кӕм уыд! Скъолайы фӕстӕ нӕ снысан кодтой Малавимӕ. Ацы бӕстӕ хонынц Африкӕйы зӕрдӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ адӕм сты тынг хӕларзӕрдӕ, цингӕнаг ӕмӕ уазӕгуарзон. Фӕлӕ йӕ кӕцӕй зыдтам, бирӕ ныл кӕй нӕ фӕцин кӕндзысты.

МАЛАВИЙЫ СКОДТА УӔЗЗАУ РӔСТӔГ

Малавийы цӕуӕг цӕстдарӕгӕй куы лӕггад кодтон, уӕд-иу кӕуыл цыдыстӕм, уыцы джип («Кайзер»)

Малавимӕ ӕрцыдыстӕм 1967 азы 1 февралы. Иу мӕйы дӕргъы ахуыр кодтам ӕвзаг чичевӕ. Ӕмӕ уый фӕстӕ райдыдтон облӕстон цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнын. Уыди нӕм джип, ӕмӕ кӕмӕдӕрты афтӕ каст, ӕмӕ йыл алкӕмдӕр ис ацӕуӕн, суанг цӕугӕдӕттыл дӕр. Фӕлӕ бынтон афтӕ нӕ уыд. Йӕ бон уыди ӕрмӕстдӕр доны тӕнджыты цӕуын. Хатт-иу бахсӕвиуат кодтам ӕлыгсӕрст, хъӕмпӕй ӕмбӕрзт хӕдзаргӕндты. Къӕвдаты афон-иу царыл бакӕнын хъуыди брезент, цӕмӕй-иу дон ма хъардтаид. Ӕнцон нын нӕ уыд. Нӕ лӕггад афтӕ райдайдзӕн, уый ӕнхъӕл нӕ уыдыстӕм. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди!

Апрелы Малавийы президент Хастингс Бандӕ радиойӕ цы радзырдта, уымӕй бамбӕрстон, хицауад нӕ ныхмӕ цыдӕр кӕй хъавы. Уый загъта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, дам, хъалонтӕ нӕ фидынц ӕмӕ, дам, хицауады ныхмӕ цӕуынц. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдон уыдысты мӕнг ныхӕстӕ. Мах ӕй ӕмбӕрстам, нӕ ныхмӕ цӕмӕн дзырдта. Хицауады зӕрдӕмӕ нӕ цыд, политикӕимӕ баст хъуыддӕгты кӕй нӕ архайдтам ӕмӕ уӕлдайдӕр та партбилеттӕ кӕй не ’лхӕдтам, уый.

Сентябры газеты бакастыстӕм, президент не ’фсымӕрты кӕй фӕаххосджын кодта, зӕгъгӕ, дам, алы ран дӕр адӕмы змӕнтынц. Сӕ партийы съезды фехъусын кодта, тагъд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕхгӕд кӕй ӕрцӕудзысты. Ӕмӕ уыцы хабар ӕрцыд 1967 азы 20 октябры. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ пъӕлицӕйӕгтӕ ӕмӕ миграцион службӕйы кусджытӕ филиалмӕ ӕрбацыдысты, цӕмӕй йӕ сӕхгӕдтаиккой ӕмӕ миссионерты бӕстӕйӕ рарвыстаиккой.

1967 азы нӕ Малавийӕ рарвыстой. Немӕ ма уыдысты ӕндӕр миссионертӕ – Джек ӕмӕ Линдӕ Йоханссон

Ӕртӕ боны фестӕм ахӕстоны. Ӕмӕ нӕ уый фӕстӕ арвыстой Маврикимӕ, Великобританийы дӕлбар бӕстӕмӕ. Фӕлӕ нӕ Маврикийы хицауад нӕ бауагъта сӕ бӕстӕйы баззайын, миссионертӕ кӕй уыдыстӕм, уый тыххӕй. Уӕд нӕ ӕфсымӕртӕ снысан кодтой Родезимӕ (ныр хуыйны Зимбабве). Уырдӕм куы ’рцыдыстӕм, уӕд нын миграцион службӕйы кусджытӕй иу тызмӕгӕй загъта, бар нын кӕй нӕй сӕ бӕстӕйы баззайынӕн. Афтӕ нын бакодта: «Малавийӕ уӕ рарвыстой, Маврикимӕ уӕ нӕ бауагътой, ӕмӕ ардӕм ӕрцыдыстут, ӕндӕр гӕнӕн уын кӕй нӕй, уый тыххӕй». Уӕд Энн кӕуын райдыдта. Цы фӕуӕм, уый нал зыдтам. Ницыуал мӕ хъуыд, ӕмӕ мӕхицӕн загътон, фӕстӕмӕ Англимӕ цӕуӕм, зӕгъгӕ. Фӕлӕ нын стӕй бар радтой ӕхсӕвы филиалы ӕрлӕууынӕн, ӕрмӕст, дам, райсом хъуамӕ ӕрбацӕуат нӕ сӕйраг офисмӕ. Тыхы мур нӕм нал баззад, фӕлӕ та алцыдӕр Йегъовӕйы бар бакодтам. Иннӕ бон сихорӕй нын загътой, нӕ бон кӕй у Зимбабвейы, куыд туристтӕ, афтӕ баззайын. Ахӕм дзуапп фехъусын ӕнхъӕл нӕ уыдыстӕм. Уыцы бон мӕ никуы ферох уыдзӕн. Ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодтон, Йегъовӕ нын фӕндаг кӕй амыдта, ууыл.

ЗИМБАБВЕЙЫ ФИЛИАЛӔЙ ӔХХУЫС КӔНЫН МАЛАВИЙӔН

Эннимӕ Зимбабвейы Вефилы, 1968 аз

Зимбабвейы филиалы мӕ снысан кодтой уацамындӕн дзуапдӕттӕг хайадмӕ. Мӕ бар уыдысты Малави ӕмӕ Мозамбик. Малавийы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ карз ӕфхӕрд ӕййӕфтой. Сӕ хабӕрттӕ-иу сын базыдтам, районон цӕстдарджытӕ-иу Малавийӕ нӕ филиалмӕ цы писмотӕ ӕрбарвыстой, уыдонӕй. Мӕн-иу хъуыди уыцы писмотӕ чичевӕйӕ англисаг ӕвзагмӕ тӕлмац кӕнын. Иухатт иу писмо тӕлмац кӕнгӕйӕ ӕхсӕвмӕ фӕбадтӕн, хъуамӕ йӕ фӕуыдаин. Ӕмӕ фӕкуыдтон, мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕртӕн дзы цы фыдмитӕ кодтой, уый тыххӕй кӕсгӕйӕ *. Фӕлӕ мӕ сӕ иузӕрдиондзинад, сӕ уырнындзинад ӕмӕ сӕ фидардзинад дисы бафтыдта (2 Кор. 6:4, 5).

Нӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый арӕзтам, цӕмӕй, Малавийы чи баззад, стӕй Мозамбикмӕ чи алыгъд, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг уыдаид. Нӕ литературӕ чичевӕмӕ – Малавийы ӕппӕты фылдӕр адӕм кӕуыл дзурынц, уыцы ӕвзагмӕ – чи тӕлмац кодта, уыцы тӕлмацгӕнджыты ракодтой Зимбабвемӕ. Уым иу ӕфсымӕр кодта зӕххы куыст ӕмӕ йӕм уыди стыр зӕхх. Уыцы ӕфсымӕр ахӕм рӕдау уыд, ӕмӕ тӕлмацгӕнджытӕн сарӕзта хӕдзӕрттӕ ӕмӕ офис. Ӕмӕ уым дарддӕр уыцы ахсджиаг куыст кодтой.

Зимбабвейы чичевӕйыл уагътам облӕстон конгресстӕ. Ӕмӕ афтӕ спълан кодтам, цӕмӕй-иу районон цӕстдарджытӕ Малавийӕ алы аз дӕр уыцы конгресстӕм ӕрцыдаиккой. Уым-иу сын радтам конгрессы раныхӕсты пълӕнттӕ. Малавимӕ-иу куы аздӕхтысты, уӕд-иу уыцы пълӕнттӕм гӕсгӕ алыхуызон ӕмбырдты раныхӕстӕ дзырдтой ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты фидар кодтой. Иуахӕмы та Зимбабвемӕ куы ’рцыдысты, уӕд сын ауагътам Бӕрнон ӕфсымӕрты скъола, цӕмӕй уыцы хъӕбатыр районон цӕстдарджыты ныфсыл ныфс бафтыдтаиккам.

Зимбабвейы конгрессы дзурын раныхас чичевӕйыл (программӕ уыд чичевӕ ӕмӕ шонӕйыл)

Малавийӕ бирӕ Ӕвдисӕнтӕ алыгъдысты Мозамбикмӕ ӕмӕ ӕрцардысты ӕрлидзджыты лагерты. Ӕмӕ 1975 азы февралы ацыдтӕн уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты бабӕрӕг кӕнынмӕ. Уым ӕфсымӕртӕ архайдтой Йегъовӕйы организацийы фӕстаг амындтӕм гӕсгӕ. Скодтой хистӕр нӕлгоймӕгты советтӕ дӕр. Уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бирӕ арӕзтой: дзырдтой ӕргом раныхӕстӕ, ӕвзӕрстой алы боны стих ӕмӕ уагътой «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыр, суанг ма-иу конгресстӕ дӕр скодтой. Кӕм цардысты, уыцы лагертӕ уыдысты стыр конгрессы бынӕтты хуызӕн. Уыди сӕм, ӕфснайынӕн, хӕринаг уарынӕн ӕмӕ ӕдасдзинадӕн дзуапп чи лӕвӕрдта, ахӕм хайӕдтӕ. Бӕрӕг уыд, Йегъовӕ уыцы иузӕрдион ӕфсымӕртӕн тынг кӕй арфӕ кодта. Уым куы уыдтӕн, уӕд мӕхӕдӕг афтӕ бафидар дӕн, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй.

1979 азмӕ ’ввахс Малавийӕн дзуапп дӕттын райдыдта Замбийы филиал. Фӕлӕ-иу мӕ зӕрдӕ ӕдзух дзырдта малавиаг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ, ӕмӕ-иу куывтон уыдоны тыххӕй. Ӕмӕ ма бирӕтӕ куывтой уыцы чырыстӕтты тыххӕй. Ӕз лӕггад кодтон Зимбабвейы филиалы комитеты. Мах цалдӕр хатты сӕйраг хайады минӕвӕрттимӕ фембӕлдыстӕм Малавийы, Хуссар-Африкаг Республикӕйы ӕмӕ Замбийы бӕрнон ӕфсымӕртимӕ. Ӕмӕ-иу алы хатт дӕр ныхас кодтам ахӕм фарстайыл: «Ноджыдӕр ма нӕ бон цӕмӕй у Малавийы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн баххуыс кӕнын?»

Рӕстӕг цыди, ӕмӕ Малавийы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты афтӕ карзӕй нал ӕфхӕрдтой. Ӕмӕ гыццыл сулӕфыдысты. Ӕндӕр рӕттӕм чи алыгъд, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дӕр фӕстӕмӕ Малавимӕ здӕхын райдыдтой. Сыхаг бӕстӕты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕрибарӕй архайыны бар радтой. 1991 азы Мозамбикы дӕр афтӕ бакодтой. Ӕмӕ-иу хъуыды кодтам: цымӕ Малавийы та Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕрибардзинад кӕд ратдзысты?

НОГӔЙ ТА МАЛАВИМӔ АЦЫДЫСТӔМ

Ӕппынфӕстаг Малавийы уавӕр фӕивта. Ӕмӕ 1993 азы хицауад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕрибардзинад радта. Уый фӕстӕ мӕ иу миссионер бафарста: «Фӕстӕмӕ ма Малавимӕ ацӕудзынӕ?» Уӕд мыл цыди 59 азы, ӕмӕ йын загътон: «Нӕ, ӕгӕр зӕронд дӕн!» Фӕлӕ тӕккӕ уыцы бон Разамонӕг советӕй факс райстам. Фыст дзы уыд, зӕгъгӕ, дам, уӕ бон нӕ уаид Малавимӕ ацӕуын.

Нӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди Зимбабвейы лӕггад кӕнын. Ӕмӕ нын уынаффӕ рахӕссын ӕнцон нӕ уыд. Уым сахуыр стӕм ӕмӕ нын дзы фӕзынди хорз ӕмбӕлттӕ. Разамонӕг совет нӕ тыххӕй нӕ цӕуын кодта. Ныффыстой нӕм, зӕгъгӕ уӕ кӕд фӕнды, уӕд уӕ бон у баззайын. Ӕмӕ, нӕхи куыд фӕндыд, афтӕ куы бакодтаиккам, уӕд Зимбабвейы баззадаиккам. Фӕлӕ нӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыдысты Авраам ӕмӕ Саррӕ. Уыдон ацӕргӕ уыдысты, афтӕмӕй сӕ хорз хӕдзар ныууагътой ӕмӕ сын Йегъовӕ куыд загъта, афтӕ бакодтой (Райд. 12:1–5).

Мах аскъуыддзаг кодтам, Йегъовӕйы организацийы разамындмӕ кӕй байхъусдзыстӕм ӕмӕ Малавимӕ кӕй аздӕхдзыстӕм. Уырдӕм ӕрцыдыстӕм 1995 азы 1 февралы. Рацыди 28 азы, фыццаг хатт Малавимӕ куы ’рцыдыстӕм, уыцы бонӕй. Разамонӕг совет Малавийы скодта филиалы комитет. Ӕмӕ мӕн ӕмӕ ма ноджыдӕр дыууӕ ӕфсымӕры уырдӕм снысан кодтой. Ӕмӕ уайтагъд хъуыддагмӕ бавнӕлдтам.

ЙЕГЪОВӔ РӔЗЫН КӔНЫ

Йегъовӕ нын куыд арфӕ кодта, уый уынгӕйӕ тынг цин кодтам. 1993 азы Малавийы хъусынгӕнджытӕ уыдысты 30 000 бӕрц, 1998 азы та – 42 000 фылдӕр *. Хъусынгӕнджытӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кодтой, уымӕ гӕсгӕ Разамонӕг совет бар радта ног филиал саразынӕн. Лилонгвейы балхӕдтам 12 гектары зӕхх, ӕмӕ мӕн снысан кодтой арӕзтадон комитетмӕ.

Филиал Йегъовӕйӕн снывонд кодтам 2001 азы майы. Нывонд кӕныны фӕдыл раныхас уыди Гай Пирсӕн (уый лӕггад кодта Разамонӕг советы). Бынӕттон Ӕвдисӕнтӕй дзы уыди 2 минӕй фылдӕр, ӕмӕ сӕ фылдӕр донаргъуыд уыдысты 40 азӕй фылдӕр. Уыцы иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ бирӕ азты дӕргъы цас цыдӕртӕ бавзӕрстой! Уыдон мӕгуыр цардысты, фӕлӕ уырнындзинадӕй уыдысты тынг хъӕздыг. Ӕмӕ ныр сӕ ног филиалы куы рацу-бацу кодтой, уӕд тынг цин кодтой. Вефилы алы рӕтты зарыдысты нӕ зарджытӕ, африкаг адӕм куыд фӕзарынц, афтӕ, гыццыл сӕхирдыгонау. Ахӕм цыдӕр фыццаг хатт федтон, ныр дӕр ма мӕ цӕстытыл ауайы. Ӕз мӕхи цӕстӕй федтон, Йегъовӕ цас арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕны, фӕлварӕнты кӕронмӕ иузӕрдионӕй чи баззайы, уыдоны.

Филиал арӕзт куы фӕци, уӕд та мӕм ӕндӕр кад ӕрхауд. Бахӕс-иу мын кодтой раныхас Паддзахады зал нывонд кӕныны фӕдыл. Малавийы залтӕ арӕзтой, хъӕздыг чи нӕу, уыцы бӕстӕты Паддзахады залтӕ аразынӕн цы программӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ. Раздӕр иуӕй-иу ӕмбырдтӕ сӕ фембӕлдтӕ уагътой ӕнӕбары мӕнгагъуыстыты. Бадгӕ-иу кодтой ӕлыгӕй конд даргъ бандӕттыл. Ныр та арӕзтой ног залтӕ. Сӕхӕдӕг кодтой агуыридуртӕ дӕр, уый тыххӕй ма агуыридурсудзӕн пецтӕ дӕр сарӕзтой. Ӕмӕ та-иу сын фӕзынд рӕсугъд Паддзахады зал. Ног залты дӕр-иу сӕвӕрдтой даргъ бандӕттӕ. Куыд фӕзӕгъынц, ахӕм бандоныл, дам, ма иу адӕймагӕн бынат разындзӕн.

Йегъовӕ йӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кодта, цӕмӕй фӕлтӕрдджындӕр суыдаиккой, уый дӕр диссаг куыннӕ уыд. Уӕлдай тынгдӕр дис кодтон ӕрыгон африкаг ӕфсымӕртыл. Тынг ӕнӕзивӕг уыдысты, сӕхи дзыхӕй-иу дзырдтой, кӕм хъӕуы баххуыс кӕнын, зӕгъгӕ. Йегъовӕйы организаци сӕ цӕуыл ахуыр кодта, ууыл-иу уайтагъд сахуыр сты, ӕмӕ сӕм фӕзынд фӕлтӕрддзинад. Вефилы дӕр ӕмӕ-иу сын ӕмбырдты дӕр сӕ бар фылдӕр хӕстӕ бакодтой. Бынӕттон ӕфсымӕртӕй кӕйдӕрты снысан кодтой районон цӕстдарджытӕй, ӕмӕ уыдон дӕр ӕмбырдтӕ тынг фидар кодтой. Уыцы ’фсымӕртӕй бирӕтӕ усджын уыдысты. Фӕлӕ сывӕллӕттӕ нӕма рауагътой, уымӕн ӕмӕ сӕ сӕ бинойнӕгтимӕ фӕндыд Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын. Сывӕллӕттӕ сын кӕй нӕ уыд, уый-иу адӕммӕ ӕнахуыр каст. Ӕмӕ-иу сын сӕ хиуӕттӕ дӕр дзырдтой, цӕмӕй сывӕллон рауадзой.

НИЦӔУЫЛ ФӔСМОН КӔНЫН

Эннимӕ Великобританийы Вефилы

Африкӕйы фӕлӕггад кодтам 52 азы, фӕлӕ стӕй ме ’нӕниздзинад фӕцудыдта. Филиалы комитет ныффыста Разамонӕг советмӕ, цӕмӕй нӕ Великобританийы филиалмӕ снысан кодтаиккой. Ӕмӕ Разамонӕг совет сразы. Нӕ лӕггад тынг уарзтам ӕмӕ нӕ бӕргӕ нӕ фӕндыд уырдыгӕй цӕуын. Фӕлӕ нын Великобританийы Вефилы бинонтӕ тынг хорз сты, буц нӕ дарынц.

Ӕз ӕй зонын: Йегъовӕйы кӕй бауагътон, цӕмӕй мын фӕндаг амона, уый уыд ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕ. Мӕхи зондӕй ныфсджын куы уыдаин, уӕд ын чи цы зоны, мӕ цард цыхуызӕн рауадаид. Йегъовӕ йӕ алкӕддӕр зыдта, цы мӕ хъӕуы, цӕмӕй мӕ фӕндаг раст уыдаид (Ӕмб. 3:5, 6). Ӕрыгонӕй мӕ тынг фӕндыд, цӕмӕй суыдаин дӕсны кусӕг стыр компанийы. Фӕлӕ мӕ куыст кӕй ныууагътон, ууыл никуы фӕфӕсмон кодтон. Йегъовӕйы ӕппӕтдунеон организаци-иу мын цы хъуыддӕгтӕ бабар кодта, уыдон аразгӕйӕ алкӕддӕр мӕ цардӕй райгонд уыдтӕн. Ӕмӕ мӕм ныр дӕр царды Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй хуыздӕр ницы кӕсы!

^ Малавийы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй бакӕсӕн ис 1999 азы «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныджы» (уырыс.), 148–223 фӕрстӕ.

^ Ныртӕккӕ Малавийы ис 100 000 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр.