Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Раджы заманты хӕдзармӕгӕсӕгӕн йӕ хӕс цы уыд?

РАДЖЫ заманты-иу хӕдзармӕгӕсӕг, кӕнӕ уынаффӕгӕнӕг, йӕ хъус дардта йӕ хицауы хӕдзармӕ кӕнӕ йӕ исбонмӕ.

Иаковы фырт Иосиф Египеты цагъар куы уыд, уӕд сси йӕ хицауы хӕдзары хӕдзармӕгӕсӕг, ома йын йӕ хицау йӕ бар бакодта, «цыдӕриддӕр ӕм уыди, уыдон иууылдӕр» (Райд. 39:2–6). Фӕстӕдӕр Иосиф йӕхӕдӕг Египеты стыр хицау куы сси, уӕд уый дӕр йӕхи хӕдзары сӕргъы кӕйдӕр сӕвӕрдта (Райд. 44:4).

Чырыстийы заман, зӕххытӕ кӕмӕн уыд, уыдонӕй бирӕтӕ цардысты горӕты, сӕ зӕххытӕй дард. Уымӕ гӕсгӕ-иу сӕ исбон бакодтой хӕдзармӕгӕсджыты бар. Ӕмӕ-иу уыдон сӕ хъус дардтой, сӕ хицӕутты зӕххытӕ сын чи куыста, уыдонмӕ.

Хӕдзармӕгӕсӕгӕй-иу цавӕр адӕймаджы сӕвӕрдтой? Фыццаг ӕнусы чи цард, иу ахӕм ромаг фыссӕг Колумеллӕ куыд уынаффӕ кодта, афтӕмӕй-иу хӕдзармӕгӕсӕгӕй кӕй ӕвӕрдтой, уыцы цагъар хъуамӕ «зӕххы куыст хорз зыдтаид». Хъуамӕ уыдаид ахӕм, «цӕмӕй кусджытӕн сӕ куыст кӕнын кодтаид, фӕлӕ ӕгъатыр ма уыдаид». Стӕй ма ноджыдӕр загъта: «Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ хӕдзармӕгӕсӕг хъуамӕ йӕхи алцызонӕг ма хона, стӕй хъуамӕ ӕдзух тырна ног цыдӕртӕ базонынмӕ».

Ӕмбырды цы хъуыддӕгтӕ арӕзт цӕуы, уыдонӕй иуӕй-иуты кой кӕнгӕйӕ Библи пайда кӕны, хӕдзармӕгӕсӕджы ӕмӕ, цы куыст кодта, уыцы цӕвиттонӕй. Зӕгъӕм, апостол Петр чырыстӕттӕм фыста, цӕмӕй, Хуыцау сӕ цы курдиӕттӕй схайджын кодта, уыдонӕй пайда кодтаиккой «иннӕтӕн балӕггад кӕнынӕн» (1 Пет. 4:10).

Йесо Чырысти дӕр иухатт цӕвиттонӕн ӕрхаста фӕсномыг ныхас хӕдзары уынаффӕгӕнӕджы тыххӕй. Фыст ис Лукайы 16:1–8 стихты. Уымӕй уӕлдай ма Йесо, уӕлӕрвты Паддзах кӕй сси, уый цы хабӕрттӕй хъуамӕ уыдаид бӕрӕг, уый тыххӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕн куы дзырдта, уӕд сын зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй сӕвӕрдзӕн «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары», кӕнӕ «ӕууӕнкджын хӕдзармӕгӕсӕджы». Уыцы хӕдзармӕгӕсӕгӕн йӕ сӕйрагдӕр хӕс у, цӕмӕй кӕроны рӕстӕджы Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн уырнындзинад фидаргӕнӕг хӕринаг дӕтта (Матф. 24:45–47; Лук. 12:42). Ӕууӕнкджын хӕдзармӕгӕсӕг цӕттӕ кӕны тынг бирӕ публикацитӕ ӕмӕ сӕ ӕгас дунейы дӕр парахат кӕны. Мах дзы тынг бузныг стӕм, уыцы публикациты фӕрцы нӕ уырнындзинад кӕй фидар кӕнӕм, уый тыххӕй!