Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Ӕнӕниз мад – ӕнӕниз сывӕллон

Ӕнӕниз мад – ӕнӕниз сывӕллон

ФЫРЫХЪУЛЫ хуызӕн ноггуырд сывӕллон йӕ мады хъӕбысы адджын фынӕй кӕны. Фыд дӕр йӕхицӕй ныббуц, ӕмӕ йӕ хъӕбулмӕ кӕсы. Алы аз дӕр милуангай бинонтӕн фӕзыны гыццыл хуртӕ ӕмӕ сӕ цинӕн кӕрон дӕр нал вӕййы. Ӕмӕ афтӕ зыны, цыма мад йӕ сывӕллоны ӕнцонтӕй ныййары. Цард афтӕ у, ӕмӕ сылгоймаг хъуамӕ зӕнӕг уадза. Цымӕ уӕд истӕуыл тыхсын хъӕуы?

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фылдӕр хатт сылгоймаг йӕ сывӕллоны ӕнцонтӕй ныййары. Фӕлӕ хабар ӕндӕрхуызон дӕр рауайы. Уымӕ гӕсгӕ ӕмбаргӕ ныййарджытӕ рагацау алцӕуылдӕр ахъуыды кӕнынц. Зӕгъӕм, развӕлгъау базонынц, сылгоймагӕн аргӕ-арын тӕссаг цӕмӕй вӕййы, уый, афтӕ ма, йӕ бон куыд у йӕхи арынмӕ бацӕттӕ кӕнын. Стӕй цалдӕр хуымӕтӕг, фӕлӕ ахсджиаг хъуыддаджы бакӕнынц, цӕмӕй мадыл дӕр ӕмӕ сывӕллоныл дӕр мацы ӕрцӕуа. Цӕй, ӕмӕ сыл аныхас кӕнӕм.

Сылгоймагӕн аргӕ-арын тӕссаг цӕмӕй вӕййы

Сылгоймаг зынтӕй кӕй ныййары, уымӕн йӕ иу аххосаг вӕййы, йӕхи кӕй нӕ бавӕры, уый. Неонатолог Чунг Камлау, кусы Гонконджы Уэльсы принцы рынчындоны, дзуры: «Сывӕрджын сылгоймаг йӕхи куы нӕ хъахъхъӕна, уӕд йӕхи тӕссаг уавӕры баппардзӕн. Ахӕм сылгоймаджы ныфс вӕййы, ӕнӕниз, фидар сывӕллон ын кӕй райгуырдзӕн, фӕлӕ уый алы хатт афтӕ нӕ рауайы».

Иу медицинон журналы фыст уыди: «Сылгоймӕгтӕ аргӕ-арын кӕй амӕлынц, уымӕн йӕ сӕйраг аххосӕгтӕ вӕййынц – бирӕ туг кӕй фесафынц, сывӕллон ӕддӕмӕ зынтӕй кӕй фӕцӕуы, инфекцитӕ, стӕй, туджы ӕлхъывдад бӕрзонд кӕй вӕййы, уый. Фӕлӕ дохтыртӕ уыцы хабӕрттӕ хорз зонынц ӕмӕ сӕ бон ӕнцонтӕй у сывӕрджын сылгоймагӕн баххуыс кӕнын, ӕмӕ сӕ уымӕн зынаргъ оборудовани кӕнӕ зынаразӕн процедурӕтӕ нӕ бахъӕуы» (Journal of the American Medical Women’s Association).

Ноггуырд сывӕллоны цард бахъахъхъӕнынӕн бирӕ хуымӕтӕг мадзӕлттӕ ис. Иу журналы куыд фыстой, афтӕмӕй «ноггуырд сывӕллӕттӕн сӕ дыууӕ-ӕртыккӕгӕм хай нӕ амардаид, мадӕлтӕ дӕр ӕмӕ сывӕллӕттӕ дӕр хуымӕтӕг, фӕлӕ хорз медицинон ӕххуыс куы райстаиккой, уӕд, ӕмӕ уымӕн зынаргъ аппаратурӕ нӕ хъуыди» (UN Chronicle). Агенство Филиппинс ньюс куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй сывӕрджын сылгоймӕгтӕй бирӕтӕм фаг зонындзинӕдтӕ нӕ вӕййы, стӕй сӕхимӕ фӕкӕсынц куыдфӕндыйы цӕстӕй.

Рагацау цӕттӕ кӕн

Уӕлдӕр цы журналы кой кодтам, уым фыст уыди: «Цас ӕнӕниздӕр уа мад, уыйас сывӕллон дӕр уыдзӕн ӕнӕниз» (UN Chronicle). Фыст ма дзы уыди, зӕгъгӕ, сылгоймаг сывӕрджынӕй дӕр ӕмӕ куы ныййара, уый фӕстӕ дӕр дохтырты ӕххуыс куы нӕ агура, уӕд йӕ сывӕллон дӕр ӕнӕ дохтырты ӕххуысӕй баззайдзӕн.

Иуӕй-иу бӕстӕты сывӕрджын сылгоймӕгтӕн зын вӕййы дохтырты ӕххуыс бацагурын. Зӕгъӕм, иуӕй-иутӕм поликлиникӕ вӕййы дард йе та сӕм фаг ӕхца нӕ вӕййы, цӕмӕй дохтыртӕн бафидой. Фӕлӕ уӕддӕр бацархайын хъӕуы, цӕмӕй дохтыртӕм иухатт уӕддӕр бацӕуой. Афтӕ уӕлдайдӕр кӕнын хъӕуы, йӕ цард Библимӕ гӕсгӕ чи аразы, уыдоны, уымӕн ӕмӕ Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, чи нӕма райгуырд уыцы сывӕллоны цард Хуыцауы цӕсты табуйаг у (Рацыд 21:22, 23 *; Дыккаг закъон 22:8).

Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сывӕрджын сылгоймаджы алы къуыри дӕр дохтыртӕм цӕуын хъӕуы? Нӕ. Ӕнӕниздзинады дунеон организаци (ВОЗ) раиртӕста, сылгоймагӕн сывӕрджынӕй ӕмӕ аргӕ-арын тӕссагдӕр цӕмӕй вӕййы, уыдӕттӕ, ӕмӕ скодта ахӕм хатдзӕг: «Дохтырмӕ ӕрмӕст цыппар хатты чи уыди, уыцы сылгоймӕгты бӕрӕггӕнӕнтӕ ницӕмӕй хицӕн кодтой, дохтырмӕ 12 хатты йе та фылдӕр чи уыди, уыдоны бӕрӕггӕнӕнтӕй».

Дохтырты ӕххуыс

Мад ӕмӕ сывӕллоныл тыхсгӕйӕ медперсоналӕн, уӕлдайдӕр та акушертӕн, сӕ бон у бакӕнын афтӕ.

▪ Медицинон картӕйы цы фыст вӕййы, уымӕ гӕсгӕ обследовани скӕнынц, цӕмӕй базоной, мадӕн дӕр ӕмӕ сывӕллонӕн дӕр тӕссаг цӕмӕй уыдзӕн, ӕмӕ сӕ уымӕй, гӕнӕн ӕмӕ амал уӕвгӕйӕ, бахизой.

▪ Уыдон туджы ӕмӕ доныхуыппы анализтӕм гӕсгӕ сбӕлвырд кӕнынц анемия, инфекцитӕ, резус-несовместимость ӕмӕ ӕндӕр низтӕ. Зӕгъӕм, сӕкӕрниз, сырхниз (краснуха), уыргты низтӕ (сӕ аххосӕй туджы ӕлхъывдад вӕййы бӕрзонд) ӕмӕ ма ӕмуат ӕрцӕугӕйӕ, цы низтӕ бахӕцынц, уыдон.

▪ Сывӕрджын сылгоймагмӕ ахӕмӕй исты куы разына, ӕмӕ йын кӕд гӕнӕн уа, уӕд ын зӕгъдзысты, цӕмӕй прививкӕтӕ скӕна, зӕгъӕм, гриппӕй, джихнизӕй (столбняк) ӕмӕ резус-несовместимостӕй.

▪ Уыдон ма сын рафыссынц витаминтӕ дӕр, уӕлдайдӕр та фолиевая кислота.

Дохтыр куы сбӕлвырд кӕна, сывӕрджын сылгоймагӕн цӕмӕйдӕр тӕссаг у, уӕд ын бамбарын кӕны, цы кӕнын ӕй хъӕуы, уый. Афтӕмӕй сылгоймаджы бацӕттӕ кӕны, цӕмӕй йӕхиуыл дӕр ӕмӕ сывӕллоныл дӕр мацы ӕрцӕуа.

Цӕмӕй аргӕ-арын мацы фыдбылыз ӕрцӕуа

Джой Пумапи, Ӕнӕниздзинады дунеон организацийы генералон директоры раздӕры хӕдивӕг, загъта: «Сылгоймагӕн ӕппӕты тӕссагдӕр вӕййы аргӕ-арын». Мад ӕмӕ сывӕллоны цардӕн ӕмӕ ӕнӕниздзинадӕн тӕссаг цӕмӕй у, уыдонӕй сӕ куыд ис бахизӕн? Уый тыххӕй рагацау хъӕуы бакӕнын цалдӕр хуымӕтӕг хъуыддаджы *. Уыдон уӕлдай ахсджиаг сты, Библийы амындтӕм гӕсгӕ йӕхи тугӕй чи хизы кӕнӕ та туг уадзыны метод тынг тӕссаг кӕй у, уый чи ӕмбары, уыдонӕн (Хъуыддӕгтӕ 15:20, 28, 29).

Сывӕллон кӕмӕн уыдзӕн, уыцы ныййарджыты рагацау базонын хъӕуы, сӕ дохтыр ӕмӕ сӕ акушеркӕ ӕнӕ тугӕй хос кӕныны мадзӕлттӕ хорз зонынц ӕмӕ сӕм уыцы хъуыддаджы фӕлтӕрддзинад ис ӕви нӕ. Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ фидарӕй зоной, рынчындоны медперсонал уыцы хъуыддаджы семӕ разы кӕй уыдзысты *. Цӕмӕй ис дохтыры бафӕрсӕн? 1. Цы сараздзынӕ, мад дӕр ӕмӕ сывӕллон дӕр бирӕ туг куы фесафой кӕнӕ сын ӕндӕр истӕмӕй тӕссаг куы уа, уӕд? 2. Аргӕ-арын ды йӕ цуры куы нӕ уай, уӕд ын иннӕ дохтыртӕ ӕнӕ тугӕй хос кӕндзысты?

Ӕмбаргӕ сылгоймаг ӕнӕмӕнгдӕр йӕ дохтырӕй базондзӕн, йӕ туджы анализтӕ дзӕбӕх сты ӕви нӕ. Йӕ гемоглобин фӕфылдӕр кӕныны тыххӕй йын дохтыр чи зоны рафысса, ӕфсӕйнаг кӕм ис, ахӕм хостӕ, группӕ В-йы витаминтӕ ӕмӕ фолиевая кислота.

Дохтыр ма йӕ зӕрдыл дардзӕн ӕндӕр хабӕрттӕ дӕр, зӕгъӕм, цымӕ сывӕрджын сылгоймаг ӕвӕстиатӕй дзӕбӕх кӕнын кӕй хъӕуы, исты ахӕм низӕй рынчын у? Хъӕуы йӕ фылдӕр рӕстӕг хуыссын кӕнӕ та фылдӕр улӕфын? Хъӕуы йӕ йӕхи фӕмӕллӕгдӕр кӕнын ӕви фӕнарддӕр кӕнын? Физкультурӕ кӕнын ӕй хъӕуы? Йӕхимӕ йӕ тынгдӕр зилын хъӕуы, зӕгъӕм, йӕ дӕндӕгтӕм ӕмӕ йӕ мылытӕм?

Дохтыртӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй сывӕрджын сылгоймагӕн йӕ мылытӕ куы риссой, уӕд ӕм гӕнӕн ис фӕзына преэклампсия. Уый у уӕззау низ, туджы ӕлхъывдад бӕрзонддӕр кӕны, сӕр тынг фӕриссы, стӕй къӕхтӕ ӕмӕ къухтӕ срӕсийынц *. Уыцы низы аххосӕй сылгоймаг афонӕй раздӕр ныййары. Сӕйраджыдӕр ацы низы аххосӕй амӕлынц мад дӕр ӕмӕ йӕ сывӕллон дӕр, уый арӕхдӕр ӕрцӕуы мӕгуыр бӕстӕты.

Фӕлтӕрдджын дохтыртӕн сӕ зӕрдӕ сывӕрджын сылгоймагмӕ инфекцийӕ гыццылдӕр куы фехсайы, уӕд ӕм сӕ хъус тынгдӕр ӕрдарынц. Ӕмӕ йӕ рыстытӕ афонӕй раздӕр куы райдайой, уӕд ӕй уайтагъд рынчындонмӕ арвитдзысты, уымӕн ӕмӕ уымӕй кӕнгӕ уыдзӕн йӕхи цард дӕр ӕмӕ йӕ сывӕллоны цард дӕр.

Кази Монирул Ислам, Ӕнӕниздзинады дунеон организацийы сывӕрджын сылгоймӕгтыл чи ауды, уыцы хайады директор, дзуры: «Сылгоймаг ног цард раттыны тыххӕй тӕссаг уавӕры баппары йӕхи цард». Фӕлӕ абон дохтыртӕ сывӕрджын сылгоймӕгтӕм сӕ сывӕрджыны рӕстӕг, аргӕ-арын ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр сӕ хъус хорз кӕй дарынц, уый фӕрцы сын уыйбӕрц тӕссаг ницӕмӕй вӕййы, суанг мӕлӕтӕй дӕр. Уымӕ гӕсгӕ уе ’нӕниздзинадмӕ уӕ хъус дарут, уымӕн ӕмӕ уымӕй кӕнгӕ у уӕ сывӕллоны ӕнӕниздзинад дӕр.

^ 10 абз. Рагон дзуттаг ӕвзагыл ацы стих амоны сывӕрджын сылгоймаджы мӕлӕтмӕ дӕр ӕмӕ чи нӕма райгуырд, уыцы сывӕллоны мӕлӕтмӕ дӕр.

^ 21 абз. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ бон у рагацау фӕдзурын Рынчындӕттимӕ ӕмгуыстгӕнӕг комитетмӕ. Уыцы комитеты чи ис, уыцы ӕфсымӕртӕ дохтырты бабӕрӕг кӕнынц ӕмӕ сын информаци раттынц, куыд ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕнӕ тугӕй дзӕбӕх кӕнӕн, уый тыххӕй. Уымӕй уӕлдай ма ацы комитет баххуыс кӕндзӕн ссарын, рынчынты фӕндонӕн чи аргъ кӕны ӕмӕ ӕнӕ тугӕй чи хос кӕны, ахӕм дохтыры.

^ 24 абз. Мылыты низ преэклампси кӕй расайы, уый нырма кӕронмӕ бӕрӕггонд нӕу, фӕлӕ уӕддӕр дӕндӕгтӕ ӕмӕ мылытӕм хъӕуы зилын.

[Хицӕнгонд текст 2 фарсыл]

2007 азы октябры бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ сылгоймӕгтӕн сӕ сывӕрджыны рӕстӕг се ’нӕниздзинад кӕй фӕцуды, уый аххосӕй алы минут дӕр амӕлы иу сылгоймаг – афӕдз та 536 000 сылгоймаджы (Иугонд Нациты Организаци, Адӕмы нымӕц бӕрӕггӕнӕг фонд).

[Хицӕнгонд текст 3 фарсыл]

«Алы аз дӕр 3,3 милуан сывӕллоны райгуыры мардӕй ӕмӕ 4 милуан ноггуырдӕй фылдӕр та амӕлы фыццаг цыппар къуырийы дӕргъы» (Иугонд Нациты Организацийы хроникӕ).

[Рамкӕ 4 фарсыл]

 ЦЫ КӔНЫН ХЪӔУЫ

1. Кӕд гӕнӕн ис, уӕд рагацау равзар арӕндон, дохтыр йе та акушеркӕйы.

2. Цал хатты дӕ хъӕуа, уал хатты-иу бацу дохтырмӕ йе та акушеркӕмӕ. Йӕ зӕрдӕмӕ йын фӕндаг ссар.

3. Дӕхи хъахъхъӕн. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ витаминтӕ нуаз. Дохтыр дын кӕй нӕ рафысса, ахӕм хостӕ ма нуаз. Дӕхи хиз нуӕзтӕй. Фыднозт кӕнын ӕмӕ алкоголизм иртасӕг институты (АИШ) ахуыргӕндтӕ дзурынц: «Кӕд уӕлдай тӕссаг, сывӕрджынӕй чи фӕнуазы, ахӕм сылгоймӕгты сывӕллӕттӕн вӕййы, уӕддӕр бӕрӕг нӕу, сывӕрджын сылгоймагӕн иу гыццыл нуӕзт дӕр кӕй нӕ рахъыг кӕндзӕн, уый».

4. Кӕд дын рыстытӕ афонӕй раздӕр райдайой (37-ӕм къуырийы размӕ), уӕд ӕвӕстиатӕй дӕ дохтырмӕ ацу. Афоныл дын куы баххуыс кӕной, уӕд дӕ сывӕллон афонӕй раздӕр нӕ райгуырдзӕн ӕмӕ дын тӕссаг уыйбӕрц ницӕмӕй уыдзӕн *.

5. Куыд хос кӕндзынӕ, уыдӕттӕ-иу гӕххӕттыл ныффысс. Зӕгъӕм, бирӕтӕ рагацау байдзаг кӕнынц туджы гӕххӕтт «Волеизъявление и доверенность относительно медицинского вмешательства». Базон, уӕ бӕстӕйы ма цавӕр ӕндӕр юридикон мадзӕлттӕ ис скӕнӕн, уый.

6. Сывӕллон куы ныййарай, уӕд уый фӕстӕ дӕ хъус дар дӕхи ӕнӕниздзинадмӕ дӕр ӕмӕ дӕ сабийы ӕнӕниздзинадмӕ дӕр, уӕлдайдӕр та афонӕй раздӕр куы райгуыра, уӕд. Дӕ зӕрдӕ сывӕллонмӕ истӕмӕ куы фехсайа, уӕд ӕй сывӕллӕтты дохтырмӕ бахӕсс.

[Фиппаинаг]

^ 41 абз. Дохтыртӕ арӕх фӕуадзын кӕнынц туг, афонӕй раздӕр чи райгуырд, уыцы сывӕллӕттӕн анемия куы вӕййы, уӕд, уымӕн ӕмӕ сӕм фаг эритроциттӕ нӕ вӕййы.