Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Левитты куывдӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм

Левитты куывдӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм

«Арфӕ дын кӕнӕнт дӕ кадджын номӕн» (НЕЕМ. 9:5).

1. Цавӕр хабарыл аныхас кӕндзыстӕм? Цавӕр фарстатыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?

«СЫСТУТ ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ арфӕ кӕнут». Ацы ныхӕстӕй левиттӕ Хуыцауы адӕмы баразӕнгард кодтой, цӕмӕй ӕрӕмбырд уыдаиккой ӕмӕ семӕ иумӕ Йегъовӕмӕ скуывтаиккой. Библийы бирӕ куывдтытӕ ис фыст, ӕмӕ дзы ӕппӕты даргъдӕр куывдтытӕй сӕ иу у ацы куывд (Неем. 9:4, 5). Хабар уыд Иерусалимы н. э. размӕ 455 азы 24 тишрийы, дзуттаг къӕлиндармӕ гӕсгӕ ӕвдӕм мӕйы (сентябрь–октябрь). Уыцы хабарыл куы ныхас кӕнӕм, уӕд-иу ахъуыды кӕн: «Левиттӕ ӕдзухдӕр цы арӕзтой ӕмӕ уый фӕрцы уыцы бон алцыдӕр хорз цӕмӕн ацыд? Левитты куывдӕй цӕуыл ахуыр кӕнын?» Фыццаг уал ӕркӕсӕм, уыцы ахсджиаг боны размӕ цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонмӕ (Пс. 141:2).

АХСДЖИАГ МӔЙ

2. Израилӕгтӕ абон махӕн фӕзминаг цӕмӕй сты?

2 Цы хабары кой ракодтам, уымӕй иу мӕй раздӕр дзуттӕгтӕ Иерусалимы къултӕ арӕзт фесты (Неем. 6:15). Хуыцауы адӕмы уыцы куыст бакӕнынӕн 52 боны йеддӕмӕ нӕ бахъуыд. Гъемӕ иннӕ мӕйы, тишрийы мӕйы, фыццаг бон израилӕгтӕ горӕты фӕзы ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй Ездрӕмӕ ӕмӕ иннӕ левиттӕм байхъуыстаиккой. Уыдон сын Хуыцауы Закъон хъӕрӕй кастысты ӕмӕ йӕ ӕмбарын кодтой . Бинонтӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр, «хъусын ӕмӕ ӕмбарынхъом» чи уыд, уыцы сывӕллӕттимӕ иумӕ, лӕууыдысты ӕмӕ сӕм хъуыстой «сӕумӕрайсомӕй суанг сихорафонмӕ». Уыцы израилӕгтӕ махӕн фӕзминаг куыннӕ сты! Нӕ фылдӕрӕн ӕмбырдтӕ вӕййы хорз арӕзт Паддзахады залты. Ӕмӕ нын кӕд ӕхсызгон вӕййы уым бадын, уӕддӕр, чи зоны, иуӕй-иу хатт нӕ хъуыдытӕ адзӕгъӕл вӕййынц ӕмӕ лӕмбынӕг нал фӕхъусӕм. Фӕлӕ-ма израилӕгтыл ахъуыды кӕнӕм. Уыдон левитты ныхӕстӕм лӕмбынӕг хъуыстой ӕмӕ сӕ сӕ зӕрдӕмӕ айстой. Ӕмӕ Хуыцауы Закъон кӕй не ’ххӕст кодтой, уый куы бамбӕрстой, уӕд ма суанг кӕуын дӕр райдыдтой (Неем. 8:1–9).

3. Израилӕгтӕ цавӕр ныхӕстӕм байхъуыстой?

3 Фӕлӕ уӕд уыцы рӕстӕг нӕ уыд, цӕмӕй адӕм сӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕргом дзырдтаиккой. Уый уыд бӕрӕгбон, ӕмӕ хъуамӕ цин кодтаиккой, Йегъовӕйӕн кӕй кувынц, ууыл (Ным. 29:1). Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Нееми адӕмӕн загъта: «Ацӕут ӕмӕ ӕппӕты хуыздӕр хӕринӕгтӕ хӕрут, адджын нуазинӕгтӕ нуазут ӕмӕ, цӕттӕ кӕмӕ ницы ис, уыдонӕн хӕйттӕ ӕрвитут, уымӕн ӕмӕ ацы бон нӕ Хицауӕн табуйаг бон у. Маст ма кӕнут, уымӕн ӕмӕ, Йегъовӕ цы циндзинад дӕтты, уый у уӕ фидар мӕсыг». Адӕм дӕр сӕм байхъуыстой, ӕмӕ уыцы бон «сӕ цинӕн кӕрон нӕ уыд» (Неем. 8:10–12).

4. Израилы мыггӕгты хистӕртӕ цы сарӕзтой? Цалынмӕ Халагъудты бӕрӕгбон цыд, уӕдмӕ левиттӕ алы бон дӕр цы арӕзтой?

4 Иннӕ бон мыггӕгты хистӕртӕ иумӕ ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй аныхас кодтаиккой, адӕмӕн сӕ бон куыд у Хуыцауы Закъон ноджы хуыздӕр ӕххӕст кӕнын . Закъон иртасгӕйӕ базыдтой, ӕвдӕм мӕйы 15-ӕм бонӕй 21-ӕм бонмӕ кӕй хъуамӕ бӕрӕг кӕной Халагъудты бӕрӕгбон, ӕмӕ сын 22-ӕм бон та кӕй хъуамӕ уыдаид сӕрмагонд ӕмбырд. Ӕмӕ сӕхи райдыдтой уыцы бӕрӕгбонмӕ цӕттӕ кӕнын . Уый фӕрцы бӕрӕгбон хорз ацыд, ӕмӕ адӕм «тынг цин кодтой». Йесо Навины замантӕй фӕстӕмӕ Халагъудты бӕрӕгбон уымӕй хуыздӕр никуы сбӕрӕг кодтой. Цалынмӕ бӕрӕгбон цыд, уӕдмӕ левиттӕ адӕмӕн «фыццаг бонӕй фӕстаг бонмӕ алы бон дӕр» хъӕрӕй кастысты Хуыцауы Закъон (Неем. 8:13–18).

СӔ ТӔРИГЪӔДТЫ ТЫХХӔЙ ӔРГОМ КУЫ ДЗЫРДТОЙ, УЫЦЫ БОН

5. Левиттӕ адӕмы номӕй Йегъовӕмӕ кувын куы райдыдтой, уый размӕ Хуыцауы адӕм цы сарӕзтой?

5 Халагъудты бӕрӕгбонӕй дыууӕ боны фӕстӕ ’рцыд уыцы рӕстӕг, цӕмӕй адӕм сӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕргом радзырдтаиккой. Уый минас ӕмӕ цин кӕныны бон нӕ уыд. Хуыцауы адӕм сӕ уӕлӕ хъисынтӕ скодтой ӕмӕ ком дардтой, Хуыцауы Закъон кӕй не ’ххӕст кодтой, ууыл хъыг кӕнгӕйӕ. Ӕмӕ та уыцы бон дӕр райсомӕй левиттӕ адӕмӕн ӕртӕ сахаты бӕрц Хуыцауы Закъон кастысты. Фӕссихор та адӕм «сӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн сӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕргом дзырдтой ӕмӕ-иу йӕ разы сӕ зонгуытыл лӕууыдысты» . Уый фӕстӕ левиттӕ адӕмы номӕй Йегъовӕмӕ кувын райдыдтой, ӕмӕ сӕ ныхӕстӕй бӕрӕг уыд, сӕ куывдыл рагацау лӕмбынӕг кӕй ахъуыды кодтой (Неем. 9:1–4).

6. Левиттӕн сӕ куывд афтӕ мидисджын цӕй фӕрцы уыд? Уыдонӕй мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

6 Дзырд дӕр ыл нӕй, левиттӕн сӕ куывд афтӕ мидисджын уый тыххӕй уыд, ӕмӕ Хуыцауы Закъон ӕдзухдӕр кастысты. Сӕ куывды райдианы дзырдтой ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы хъуыддӕгты ӕмӕ миниуджыты тыххӕй. Уый фӕстӕ та цалдӕр хатты ской кодтой, Хуыцау йӕ адӕммӕ цы «стыр фӕлмӕнзӕрдӕдзинад» равдыста, уый тыххӕй ӕмӕ ӕргом загътой, израилӕгтӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй уый аккаг кӕй нӕ уыдысты (Неем. 9:19, 27, 28, 31). Левиттӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Йегъовӕйы Ныхас алы бон дӕр куы кӕсӕм ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ын афтӕмӕй бар дӕтдзыстӕм, цӕмӕй немӕ ныхас кӕна. Ӕмӕ-иу ӕм уый фӕстӕ куы кувӕм, уӕд нын фылдӕр зӕгъинӕгтӕ уыдзӕн ӕмӕ нӕ куывдтытӕ уыдзысты мидисджындӕр (Пс. 1:1, 2).

7. Левиттӕ Хуыцауӕй цы ракуырдтой ӕмӕ сӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын?

7 Левиттӕ Хуыцауӕй сӕрныллӕгӕй ракуырдтой ӕрмӕстдӕр иу цыдӕр. Уый тыххӕй загътой сӕ куывды кӕрон: «О нӕ Хуыцау, адӕймагыл тас чи ’фтауы, уыцы стыр ӕмӕ хъомысджын Хуыцау, ды дӕ бадзырд ӕххӕст кӕныс ӕмӕ де ’нувыд уарзт не ’вгъау кӕныс. О Хуыцау, гыццыл дӕм ма фӕкӕсӕнт, Ассирийы паддзӕхты замантӕй абоны онг мах, нӕ паддзӕхтӕ, нӕ кънйӕзтӕ, нӕ сауджынтӕ ӕмӕ нӕ пехуымпартӕ, нӕ фыдӕлтӕ ӕмӕ дӕ адӕм се ’ппӕт дӕр цы зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, уыдон» (Неем. 9:32). Уыцы хъуыддагӕй левиттӕ махӕн сты фӕзминаг. Цалынмӕ-иу Йегъовӕйӕ исты ракурӕм, уӕдмӕ уал-иу ӕй хъуамӕ скадджын кӕнӕм ӕмӕ-иу ын йӕ хорздзинӕдты тыххӕй бузныг зӕгъӕм.

ХУЫЦАУЫ КАДДЖЫН НОМ СБӔРЗОНД КОДТОЙ

8, 9. а) Левитты сӕрныллӕгдзинад сӕ куывды ныхӕстӕй куыд рабӕрӕг? ӕ) Левиттӕ цавӕр дыууӕ «уӕларвон ӕфсады» кой ракодтой?

8 Левиттӕ уыдысты сӕрныллӕг. Кӕд сӕ куывдыл рагацау лӕмбынӕг ахъуыды кодтой ӕмӕ Хуыцаумӕ зӕрдӕбынӕй куывтой, уӕддӕр ӕй ӕмбӕрстой, Йегъовӕйы стыр кады аккаг ныхӕстӕ кӕй никуы ссардзысты. Ӕмӕ сӕ куывды райдианы Йегъовӕйӕн йӕ адӕмы кой кӕнгӕйӕ загътой: «О Хуыцау, арфӕ дын кӕнӕнт дӕ кадджын номӕн, уымӕн ӕмӕ дӕ ном цыфӕнды кад ӕмӕ цыфӕнды арфӕйӕ дӕр бӕрзонддӕр у» (Неем. 9:5).

9 Левиттӕ дарддӕр Хуыцаумӕ куывтой: «Иунӕг ды дӕ Йегъовӕ. Ды скодтай уӕлӕрвтӕ, суанг арвы бӕрзӕндтӕ дӕр ӕмӕ уӕларвон ӕфсӕдтӕ иууылдӕр, зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уый, денджызтӕ ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уый. Иууылдӕр дӕ фӕрцы сты удӕгас, ӕмӕ дын уӕларвон ӕфсӕдтӕ табу кӕнынц» (Неем. 9:6). Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ Хуыцау сфӕлдыста ӕнӕхъӕн Дун-дуне. Цы бирӕ стъалытӕ дзы ис, уыдон иууылдӕр йӕ къухты конд сты. Зӕххыл цы диссӕгтӕ ис, уыдон дӕр иууылдӕр Хуыцау сфӕлдыста. Йегъовӕ, зӕххыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон афтӕ скодта, цӕмӕй фылдӕр кӕной сӕ мыггагмӕ гӕсгӕ. Хуыцау ӕппӕт уыдӕттӕ куы фӕлдыста, уӕд уый уыдтой йӕ сыгъдӕг зӕдтӕ, ӕмӕ уыдоны дӕр Библи хоны «уӕларвон ӕфсад» (1 Пад. 22:19; Иов 38:4, 7). Зӕдтӕ сӕрныллӕгӕй ӕххӕст кӕнынц Хуыцауы фӕндон ӕмӕ лӕггад кӕнынц зӕххон адӕмӕн, «чи хъуамӕ фервӕза, уыдонӕн» (Дзут. 1:14). Мах дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм, алцӕмӕй дӕр цӕттӕ чи у, раст ахӕм ӕфсадау. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ зӕдтау Хуыцауы фӕндон сӕрныллӕгӕй ӕххӕст кӕнӕм (1 Кор. 14:33, 40).

10. Хуыцау Авраамимӕ куыд архайдта, уый махӕн цӕуыл дзурӕг у?

10 Уый фӕстӕ левиттӕ загътой, Хуыцау Аврамимӕ куыд архайдта, уый тыххӕй. Аврамыл 99 азы куы цыд, уӕд ын Йегъовӕ йӕ ном аивта ӕмӕ йӕ схуыдта Авраам, ома «бирӕ адӕмты фыд», кӕд ын уыцы рӕстӕг йӕ ус Сарӕйӕ цот нӕ уыд, уӕддӕр (Райд. 17:1–6, 15, 16). Хуыцау ма йын зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ байзӕддӕгтӕн Ханааны зӕхх бынӕн кӕй ратдзӕн. Адӕймаг, цы дзырд ратты, уый арӕх ферох кӕны. Фӕлӕ Йегъовӕйӕ уый зӕгъӕн нӕй. Ӕмӕ ууыл дзурӕг сты левитты куывды ныхӕстӕ дӕр: «Йегъовӕ, ды дӕ ӕцӕг Хуыцау. Ды равзӕрстай Аврамы, халдейаг Урӕй йӕ ракодтай ӕмӕ йӕ схуыдтай Авраам. Ды федтай, иузӕрдион дыл кӕй уыд, уый, ӕмӕ йемӕ бадзырд скодтай, загътай йын, ханаайнӕгты... зӕхх йӕ байзӕддӕгтӕн кӕй ратдзынӕ. Ӕмӕ дӕ ныхас ӕххӕст кӕнын дӕр райдыдтай, уымӕн ӕмӕ ды раст Хуыцау дӕ» (Неем. 9:7, 8). Цӕй уӕдӕ мах дӕр нӕ Хуыцауы фӕзмӕм ӕмӕ-иу нӕ ныхасӕн алкӕддӕр хицау разынӕм (Матф. 5:37).

ЙЕГЪОВӔ ЙӔ АДӔМЫ ТЫХХӔЙ САРӔЗТА ДИССАДЖЫ ХЪУЫДДӔГТӔ

11, 12. Хуыцауы ном, Йегъовӕ, цы нысан кӕны? Йегъовӕ йӕ адӕмы тыххӕй цы сарӕзта, уымӕй куыд равдыста, йӕ ном хӕссыны аккаг кӕй у?

11 Хуыцауы ном, Йегъовӕ, нысан кӕны «Уый афтӕ бакӕны, ӕмӕ свӕййы». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцау афтӕ архайы, цӕмӕй йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕной. Ӕмӕ уый хорз зыны, Авраамы байзӕддӕгтӕ Египеты цагъартӕ куы уыдысты, уӕд сын Хуыцау куыд баххуыс кодта, уымӕй. Уыцы рӕстӕг уырнгӕ дӕр никӕй бакодтаид, Израилы адӕм иууылдӕр кӕй ссӕрибар уыдзысты ӕмӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ кӕй бацӕудзысты. Фӕлӕ Хуыцау афтӕ бакодта, цӕмӕй йӕ зӕрдӕвӕрд сӕххӕст уыдаид. Афтӕмӕй Йегъовӕ равдыста, ахӕм диссаджы ӕмӕ кадджын ном хӕссыны аккаг кӕй у.

12 Левиттӕ сӕ куывды ранымадтой, Йегъовӕ йӕ адӕмы тыххӕй цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ: «Ды федтай, нӕ фыдӕлтӕ Египеты куыд хъизӕмар кодтой, уый. Сырх денджызы раз сын сӕ дзыназын фехъуыстай. Ӕмӕ нысӕнттӕ ӕмӕ диссӕгтӕ равдыстай, цӕмӕй фараоны, йӕ лӕггадгӕнджыты ӕмӕ йӕ зӕххыл цӕрӕг адӕмы се ’ппӕты дӕр бафхӕрдтаис, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдтай, уыдон нӕ фыдӕлты ныхмӕ сӕ сӕрбӕрзондӕй кӕй цыдысты. Ды дӕ ном скадджын кодтай, ӕмӕ дын ӕй абоны онг дӕр зонынц. Сӕ разы сын денджыз адих кодтай, ӕмӕ уыдон денджызы астӕуты сур зӕххыл ахызтысты. Фӕстейӕ сӕ чи сырдта, уыдоны та денджызы арфмӕ нысхуыстай, дур абухгӕ дӕтты куыд нысхойынц, афтӕ». Дарддӕр та загътой, Йегъовӕ сӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куыд бакодта, уый тыххӕй: «Сӕхи цӕстӕй федтой, уыцы зӕххыл цӕрӕг ханаайнӕгты куыд басастай, уый. [...] Фидаргонд горӕттӕ ӕмӕ хъӕздыг зӕххытӕ бацахстой, сӕхи бакодтой алы диссӕгтӕй дзаг хӕдзӕрттӕ, донӕн къахт дзыхъхъытӕ, сӕнӕфсирдӕттӕ, оливӕбӕлӕсты дыргъдӕттӕ ӕмӕ алыхуызон дыргъбӕлӕстӕ. Ӕмӕ хордтой ӕмӕ бафсӕстысты, цардӕй къӕртт ӕппӕрстой ӕмӕ де стыр хорздзинадӕй рӕвдыд уыдысты» (Неем. 9:9–11, 24, 25).

13. Израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уӕд Йегъовӕ цы сарӕзта, ӕмӕ уыдон та уымӕ цы цӕстӕй ракастысты?

13 Йегъовӕ ма йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ дӕр сарӕзта. Зӕгъӕм, израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уымӕй сын гыццыл фӕстӕдӕр радта закъӕттӕ ӕмӕ сын бацамыдта, куыд ын хъуамӕ кувой, уый. Левиттӕ сӕ куывды загътой: «Ды ӕрцыдтӕ Синайы хохмӕ, уӕларвӕй семӕ ныхас кодтай ӕмӕ сын раст тӕрхӕттӕ, рӕстаг закъӕттӕ, хорз уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ фӕдзӕхстытӕ радтай» (Неем. 9:13). Йегъовӕ йе ’взӕрст адӕмӕн закъӕттӕ радта, цӕмӕй фидӕны Зӕрдӕвӕрд зӕххыл цӕргӕйӕ йӕ ном хӕссыны аккаг уыдаиккой. Фӕлӕ йын уыдон йӕ фӕдзӕхстытӕ тагъд ферох кодтой. (Бакӕс Неемийы 9:16–18.)

ИЗРАИЛӔГТӔН-ИУ ХЪУЫДИ ЗОНД БАЦАМОНЫН

14, 15. а) Йегъовӕ йӕ адӕмыл фӕлмӕнзӕрдӕйӕ куыд тыхсти? ӕ) Цы ис базонӕн, Хуыцау израилӕгтӕн куыд уыд, уымӕй?

14 Левиттӕ сӕ куывды ракодтой, израилӕгтӕ цы дыууӕ тӕригъӕды сарӕзтой, уыдоны кой. Уыцы тӕригъӕдтӕ сарӕзтой, Синайы хохы раз дзырд куы радтой, Хуыцауы Закъон ӕххӕст кӕндзыстӕм, зӕгъгӕ, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр. Уыцы тӕригъӕдты тыххӕй израилӕгтӕ уый аккаг уыдысты, цӕмӕй сӕ Йегъовӕ ӕдзӕрӕг быдыры ныууагътаид ӕмӕ уым амардаиккой. Фӕлӕ сӕм Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдыста ӕмӕ сыл дарддӕр тыхсти. Ӕмӕ левиттӕ уый тыххӕй Йегъовӕйы скадджын кодтой ӕмӕ загътой: «Ды [сӕ] уӕд дӕр де стыр фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ гӕсгӕ ӕдзӕрӕг быдыры нӕ ныууагътай. [...] Цыппор азы сын... хӕринаг лӕвӕрдтай. Ницы цух уыдысты. Сӕ уӕлӕдарӕс нӕ ихсыд ӕмӕ-иу сӕ къӕхтӕ не срӕсыдысты» (Неем. 9:19, 21). Абон Йегъовӕ махыл дӕр тыхсы ӕмӕ нын алцӕмӕй дӕр ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йын иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм. Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй, ӕдзӕрӕг быдыры чи амард, уыцы мингай израилӕгтау Йегъовӕйыл мауал ӕууӕндӕм ӕмӕ йӕм мауал хъусӕм. Сӕ хабӕрттӕ Библийы уый тыххӕй «фыст ӕрцыдысты, цӕмӕй дзы мах, ацы дуджы кӕрон чи цӕры, уыдон, нӕхицӕн зонд райсӕм» (1 Кор. 10:1–11).

15 Хъыгагӕн, израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы бацыдысты, уӕд Йегъовӕйыл сӕ зӕрдӕ сивтой. Уыдон райдыдтой ханаайнӕгты хуыцӕуттӕн кувын, ӕмӕ уыцы хуыцӕуттӕн кувӕг адӕм та кодтой ӕнӕгъдау митӕ ӕмӕ сӕ сывӕллӕтты нывондӕн хастой. Ӕмӕ Йегъовӕ дӕр бауагъта, цӕмӕй израилӕгты сӕ алыварс цӕрӕг адӕмтӕ ӕфхӕрдтаиккой. Фӕлӕ сӕ тӕригъӕдтыл куы ’рфӕсмон кодтой, уӕд сын фӕлмӕнзӕрдӕйӕ ныххатыр кодта ӕмӕ сӕ се знӕгтӕй фервӕзын кодта. Ӕмӕ афтӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ уыд. (Бакӕс Неемийы 9:26–28, 31.) Левиттӕ Йегъовӕйӕн сӕ куывды ӕргом загътой: «Ды [сын] бирӕ азты дӕргъы фӕрӕзтай, дӕ пехуымпарты-иу дӕ тыхӕй схайджын кодтай ӕмӕ-иу сӕ уыдоны уылты фӕдзӕхстай, фӕлӕ-иу дӕм хъусӕг нӕ уыди. Ӕмӕ сӕ ӕппынфӕстаг сӕ алыварс цӕрӕг адӕмты къухмӕ радтай» (Неем. 9:30).

16, 17. а) Израилӕгтӕ уацарӕй куы ’рыздӕхтысты ӕмӕ та Йегъовӕйы закъӕтты сӕрты хизын куы райдыдтой, уӕд сӕ хабар куыд рауад? ӕ) Израилӕгтӕ ӕргом цӕуыл басастысты ӕмӕ Хуыцауӕн цавӕр дзырд радтой?

16 Израилӕгтӕ Вавилоны уацарӕй фӕстӕмӕ сӕ зӕхмӕ куы ’рыздӕхтысты, уӕд та ногӕй Йегъовӕйы закъӕтты сӕрты хизын райдыдтой. Ӕмӕ сӕ хабар куыд рауад? Уый базонӕн ис левитты куывды ныхӕстӕй: «Абон мах стӕм цагъартӕ. Ды нӕ фыдӕлтӕн ацы зӕхх уый тыххӕй радтай, цӕмӕй йын йӕ дыргътӕй хордтаиккой ӕмӕ сын йӕ хорздзинӕдтӕй хай уыдаид, мах та йыл цагъартӕ стӕм. Ацы зӕххы хъӕздыг тыллӕг хӕрынц, нӕ тӕригъӕдты тыххӕй нын нӕ сӕргъы кӕй сӕвӕрдтай, уыцы ӕцӕгӕлон паддзӕхтӕ. Ӕмӕ... цы фӕуӕм, уый нал зонӕм» (Неем. 9:36, 37).

17 Цымӕ левитты уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ Хуыцау рӕстӕй нӕ архайдта, йӕ адӕмыл уыцы бӕллӕхтӕ ӕрцӕуын кӕй бауагъта, уый тыххӕй? Ницы хуызы! Левиттӕ ӕргом басастысты: «Кӕд ныл ахӕм бӕллӕхтӕ ӕрцыд, уӕддӕр ды раст дӕ, уымӕн ӕмӕ ды иузӕрдион уыдтӕ, мах та фыдхъуыддӕгтӕ арӕзтам» (Неем. 9:33). Сӕ зӕрдиаг куывды кӕрон левиттӕ Хуыцауӕн дзырд радтой, амӕй фӕстӕмӕ йын израилӕгтӕ йӕ Закъон кӕй ӕххӕст кӕндзысты. (Бакӕс Неемийы 9:38; 10:29.) Уыдон уыцы ныхӕстӕ ныффыстой гӕххӕттыл ӕмӕ йыл дзуттаг разамонджытӕй 84 адӕймаджы мыхуыр сӕвӕрдтой (Неем. 10:1–27).

18, 19. а) Цӕмӕй Хуыцауы ног дунемӕ бацӕуӕм, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм? ӕ) Хуыцаумӕ цӕй тыххӕй хъуамӕ кувӕм ӕмӕ цӕмӕн?

18 Цӕмӕй нӕ Йегъовӕ ног дунемӕ бацӕуыны аккаг скӕна, уый тыххӕй нын хъуамӕ ӕнӕмӕнг зонд амона. Апостол Павел загъта: «Ахӕм фырт ис, ӕмӕ йын йӕ фыд зонд ма бацамона?» (Дзут. 12:7). Йегъовӕйы зондамындмӕ куы хъусӕм ӕмӕ йын иузӕрдионӕй куы лӕггад кӕнӕм, уӕд равдисдзыстӕм, уый бар ын кӕй дӕттӕм, цӕмӕй нӕ ахуыр кӕна. Ӕмӕ уӕззау тӕригъӕд куы саразӕм, фӕлӕ зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кӕнӕм ӕмӕ Йегъовӕйы зондамындмӕ сӕрныллӕгӕй куы байхъусӕм, уӕд нын ӕнӕмӕнг ныххатыр кӕндзӕн.

19 Йегъовӕ израилӕгты Египетӕй куы ракодта, уӕд бирӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта. Фӕлӕ тагъд рӕстӕджы ноджы стырдӕр хъуыддӕгтӕ сараздзӕн, ӕмӕ уӕд алчидӕр базондзӕн, куыд кадджын Хуыцау у, уый (Йез. 38:23). Ӕмӕ Хуыцау рагзаманты йӕ адӕмы Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куыд бакодта, афтӕ абон дӕр йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты ӕнӕмӕнг бакӕндзӕн, рӕстдзинад кӕм ӕрӕвӕрдзӕн, уыцы ног дунемӕ (2 Пет. 3:13). Ӕвӕдза, цӕй диссаджы фидӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы! Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр Хуыцаумӕ кувӕм, цӕмӕй йӕ кадджын ном срухс уа. Иннӕ статьяйы ӕркӕсдзыстӕм ӕндӕр куывды ныхӕстӕм ӕмӕ базондзыстӕм, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй ныр дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр Хуыцауы арфӕдзинӕдтӕй хайджын уӕм.