Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Цы у Тӕрхоны бон?

Тӕрхоны бон стыр цины рӕстӕг цӕмӕн уыдзӕн?

Рагзаманты-иу Хуыцау тӕрхонгӕнджыты сӕвӕрдта, цӕмӕй-иу йӕ адӕм хӕрам хъуыддӕгтӕ ма кодтаиккой (Тӕрхонгӕнджыты 2:18). Библи фидӕны Тӕрхоны бон хоны стыр цины рӕстӕг, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ, ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг, адӕмы фервӕзын кӕндзӕн ӕнӕраст хъуыддӕгтӕй. (Бакӕс Псалом 96:12, 13; Исайы 26:9.)

Хуыцау Йесо Чырыстийы сӕвӕрдта, цӕмӕй рӕстдзинад сфидар кӕна удӕгӕстӕн дӕр ӕмӕ мӕрдтӕн дӕр (Хъуыддӕгтӕ 10:42; 17:31). Бирӕтӕ амардысты, Хуыцауы нӕ базыдтой, афтӕмӕй. Тӕрхоны боны рӕстӕг Йесо ахӕм адӕмы фӕстӕмӕ цардмӕ раздахдзӕн ӕмӕ сын фадат уыдзӕн, цӕмӕй Хуыцауы базоной ӕмӕ йӕ бауарзой. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 24:15.)

Тӕрхоны бон иу мин азы цӕмӕн ахӕсдзӕн?

Мӕрдтӕ ӕгас кӕндзысты иу мин азы дӕргъы (Раргомад 20:4, 12). Уыдоны хъӕудзӕн рӕстӕг, цӕмӕй Хуыцауы базоной ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсын райдайой. Кӕд адӕмӕн сӕ фылдӕр афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, уӕддӕр Библи дзуры, адӕм тӕрхонгонд кӕй цӕудзысты, сӕ райгасдзинады фӕстӕ цы аразой, уымӕ гӕсгӕ. (Бакӕс Ромӕгтӕм 6:7.)

Библийы ма фыст ис ӕндӕр тӕрхоны боны тыххӕй дӕр. Уый райдайдзӕн ӕнӕнхъӕлӕджы, цалынмӕ мин азы нӕ райдайой, уӕдмӕ. Уыцы бон хуыйны «кӕрон», ацы брошюрӕйы фыццаг статьяты дзырд цӕуы ууыл. Уыцы бон Хуыцау фесафдзӕн ӕнӕхуыцау ӕмӕ фыдгӕнӕг адӕмы иууылдӕр (2 Петры 3:7). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ хъуыддагӕй ӕвдисӕм, Хуыцауы кӕй уарзӕм. (Бакӕс 2 Петры 3:9, 13.)