Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Тагъд мӕнг дин фесӕфдзӕн!

Тагъд мӕнг дин фесӕфдзӕн!

Хуыцауы Паддзахады хабар № 37

Ӕгас дунейы дӕр ӕй хъуамӕ фехъусой

Тагъд мӕнг дин фесӕфдзӕн!

▪ Цы у мӕнг дин?

▪ Куыд фесӕфдзӕн?

▪ Уый дӕумӕ куыд хауы?

Цы у мӕнг дин?

Дины номӕй цы фыддзинӕдтӕ аразынц, уыдон уынгӕйӕ дӕ зӕрдӕ риссы? Кӕд рӕстдзинад уарзыс, уӕд дын зын нӕу, йӕхи Хуыцауы лӕггадгӕнӕг чи хоны, уыдон хӕстытӕ ӕмӕ терроризмы аххосджын кӕй сты, уый? Дины кусджытӕ гӕртамхортӕ кӕй сты, ууыл нӕ мӕсты кӕныс? Дин утӕппӕт бӕллӕхты аххосджын цӕмӕн у?

Уыцы бӕллӕхты динтӕ се ’ппӕт не сты аххосджын, фӕлӕ ӕрмӕст мӕнг дин. Йесо Чырысти, ӕгас дунейы дӕр кӕмӕн кад кӕнынц, уый бамбарын кодта, мӕнг дин йе ’взӕр хъуыддӕгтӕй бӕрӕг кӕй уыдзӕн, раст ӕвзӕр бӕлас йе ’взӕр дыргътӕй бӕрӕг куыд вӕййы, афтӕ (Матфейы 7:15–17). Уӕдӕ цавӕр «ӕвзӕр дыргътӕй» у бӕрӕг мӕнг дин?

Мӕнг дин...

ХӔСТЫТЫ АРХАЙЫ ӔМӔ ЙӔХИ ПОЛИТИКӔЙЫ ТЪЫССЫ: «Азийы ӕмӕ ӕндӕр рӕтты, алы мадзӕлттӕй дӕр бартӕ йӕхимӕ райсынмӕ цы дины разамонджытӕ архайы, уыдон ӕнӕфсармӕй пайда кӕнынц, адӕймаджы Хуыцауӕн табу кӕнын кӕй фӕнды, уымӕй»,– фыссы иу журнал (Эйшауик). Стӕй ма бафиппайдта: «Дунейӕн сӕррайӕ тӕссаг у». Америкӕйы зындгонд дины разамонӕг загъта: «Террористты хъӕуы марын, цӕмӕй уыдон мауал марой». Цы фӕнд ӕм ис? «Цӕгъдут сӕ Хуыцауы номӕй». Библийы та цы фыст ис: «Афтӕ чи зӕгъы: „Ӕз Хуыцауы уарзын“, афтӕмӕй та йе ’фсымӕрӕй йе сӕфт чи уыны, уый у фӕлитой» (1 Иоанны 4:20). Йесо ма афтӕ дӕр загъта: «Уарзут уе знӕгты» (Матфейы 5:44). Куыд дӕм кӕсы, хӕстыты чи нӕ архайы, ахӕм динтӕ бирӕ ис?

МӔНГ АХУЫРӔДТӔ ПАРАХАТ КӔНЫ: Динтӕн сӕ фылдӕр амонынц, зӕгъгӕ, адӕймагӕн ис, йӕ мӕлӕты фӕстӕ цӕргӕйӕ чи баззайы, ахӕм уд. Уый фӕрцы динты разамонджытӕ сӕхицӕн ӕхца кусынц – чи амард, уыдоны удтӕн скувыны тыххӕй сын бафидынц. Фӕлӕ ацы ахуырадӕн Библиимӕ ӕппындӕр иумӕйагӕй ницы ис. «Тӕригъӕд ракӕнӕг уд – амӕлдзӕн» (Иезекил 18:4). «Удӕгӕстӕ зонынц, кӕй амӕлдзысты, мӕрдтӕ та ӕппындӕр ницы зонынц» (Екклесиаст 9:5). Йесо амыдта мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты. Ӕмӕ кӕд адӕймагӕн ӕцӕгдӕр ӕнӕмӕлгӕ уд ис, уӕд ӕй ӕгас кӕнын нӕ хъӕуид (Иоанны 11:11–25). Дӕуӕн дӕр дӕ дин ууыл ахуыр кӕны, мӕлӕты фӕстӕ уд нӕ амӕлы, зӕгъгӕ?

ӔНӔГЪДАУ МИТӔМ КӔСЫ КУЫДФӔНДЫЙЫ ЦӔСТӔЙ: Иуӕй-иу бӕстӕты аргъуантӕ сауджынтӕй сӕвӕрынц ахӕм лӕгты, нӕлгоймӕгтимӕ ӕмуат чи ӕрцӕуы кӕнӕ ахӕм сылгоймӕгты, сылгоймӕгтимӕ ӕмуат чи ӕрцӕуы. Стӕй ма аргъуантӕ хицауады разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй ахӕм адӕймӕгтӕн загс кӕныны бар уа. Кӕд иуӕй-иу аргъуантӕ хӕлд миты ныхмӕ сты, уӕддӕр куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсынц, сӕ дины разамонджытӕй сывӕллӕттӕн тыхми чи кӕны, уыдонмӕ. Фӕлӕ Библи та цӕуыл ахуыр кӕны? Уый комкоммӕ дзуры: «Уӕхи ма сайут: нӕдӕр хӕлд адӕм, нӕдӕр мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ, нӕдӕр хӕзгултӕ, нӕдӕр нӕлмойтӕ... Хуыцауы Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзысты» (1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10). Ӕнӕгъдау митӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй чи кӕсы, ахӕм динтӕ зоныс?

Цы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, «ӕмбыд дыргътӕ» чи хӕссы, уыцы динтӕм? Йесо Чырысти бафӕдзӕхста: «Хорз дыргъ цы бӕласыл нӕ зайы, уый акалынц ӕмӕ йӕ баппарынц арты» (Матфейы 7:19). Ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ, мӕнг дин ӕдуидаг стондзысты ӕмӕ йӕ фесафдзысты! Фӕлӕ куыд ӕмӕ кӕд уыдзӕн уый? Дзуапп ссардзыстӕм Библийы Раргомады чиныджы 17 ӕмӕ 18 сӕрты.

Мӕнг дин куыд фесӕфдзӕн?

Дӕ цӕстытыл ма ауайын кӕн ахӕм ныв: хӕтаг сылгоймаг бады стыр тасӕфтауӕг сырдыл. Уыцы сырдӕн ис авд сӕры ӕмӕ дӕс сыкъайы (Раргомад 17:1–4). Чи у уыцы хӕтаг сылгоймаг? Йӕ бар цӕуы «зӕххон паддзӕхтыл». Йӕ уӕлӕ сӕнтсырх хъуымацӕй дарӕс, пайда кӕны хӕрздӕфгӕнӕнтӕй ӕмӕ у тынг хъӕздыг. Уымӕй уӕлдай ма йӕ кӕлӕнты руаджы «сайы ӕппӕт адӕмты» дӕр (Раргомад 17:18; 18:12, 13, 23). Библи нын ӕмбарын кӕны, уыцы хӕтаг сылгоймаг фӕсномыгӕй кӕй ӕвдисы дунейы ӕппӕт динтӕ дӕр. Уый иу дин нӕу, фӕлӕ «ӕмбыд дыргъ» чи хӕссы, уыцы динтӕ се ’ппӕт дӕр.

Хӕтаг сылгоймаг цы сырдыл бады, уый ӕвдисы дунейы политикон хицауӕдтӕ * (Раргомад 17:10–13). Мӕнг дин бады политикон сырдыл, ома йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ уынаффӕтыл ӕмӕ куыд разамынд кӕны, ууыл йӕ бар цӕуа.

Фӕлӕ тагъд диссаджы хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн. «Ды цы сырды ӕмӕ цы дӕс сыкъайы федтай, уыдон хъахбайӕ фендзысты се сӕфт ӕмӕ йӕ бацарӕфтыд кӕндзысты, ныууадздзысты йӕ бӕгънӕгӕй, бахӕрдзысты йын йӕ фыд, ӕмӕ йӕ басудздзысты арты» (Раргомад 17:16). Ацы дунейы политикон хицауӕдтӕ ӕнӕнхъӕлӕджы мӕнг дины ныхмӕ рацӕудзысты ӕмӕ йӕ фесафдзысты! Цӕмӕн? Библийы Раргомады чиныг ӕмбарын кӕны: «Хуыцау сӕ зӕрдӕты нывӕрдта Йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын» (Раргомад 17:17). О, Хуыцау мӕнг динӕй дзуапп ӕрдомдзӕн, йӕ номӕй цы цъаммар митӕ фӕкодта, уыдоны тыххӕй. Хуыцау рӕстдзинад кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ мӕнг динӕн йӕ политикон лымӕнты йӕ ныхмӕ скӕндзӕн ӕмӕ йӕ уыдоны къухӕй фесафдзӕн.

Кӕд дӕ мӕнг динимӕ фесӕфын нӕ фӕнды, уӕд цы хъуамӕ кӕнай? «Рацӕут уырдыгӕй, Мӕ адӕм»,– разӕнгард нӕ кӕны Хуыцауы Ныхас (Раргомад 18:4). Ныр у мӕнг динӕй рацӕуыны рӕстӕг! Фӕлӕ кӕдӕм у дӕ бон рацӕуын? Хуыцау нӕй, зӕгъгӕ, чи дзуры, уыдонмӕ нӕ; ахӕмтӕм дӕр хорзӕй ницы ӕнхъӕлмӕ кӕсы (2 Фессалоникӕгтӕм 1:6–9). Ӕрмӕстдӕр раст дины ис ссарӕн ирвӕзындзинад. Фӕлӕ раст дин куыд базонӕн ис?

Раст дин куыд базонӕн ис

Раст дин цавӕр «хорз дыргътӕ» хъуамӕ хӕсса? (Матфейы 7:17).

Раст дин...

УАРЗОНДЗИНАД ӔВДИСЫ ХЪУЫДДАГӔЙ: Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕ «дунейӕ не сты», алыхуызон адӕмыхӕттытыл нӕ дихтӕ кӕнынц ӕмӕ се ’хсӕн ис уарзондзинад (Иоанны 13:35; 17:16; Куыстытӕ 10:34, 35). Кӕрӕдзийы маргӕ нӕ, фӕлӕ, куы бахъӕуа, уӕд цӕттӕ сты кӕрӕдзийы тыххӕй амӕлынмӕ дӕр (1 Иоанны 3:16).

ӔУУӔНДЫ ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫЛ: Раст дин «ӕгъдӕуттыл» ӕмӕ «адӕмы ӕрымысгӕ фӕдзӕхстытыл» нӕ ахуыр кӕны – йӕ ахуырӕдтӕ ӕнцайынц Хуыцауы Ныхас Библийыл (Матфейы 15:6–9). Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ «ӕппӕт Сыгъдӕг Фыст Хуыцауӕй разӕнгардгондӕй ныффыстӕуыд, ӕмӕ ахъаз у ахуырӕн, багӕды кӕнынӕн, раст фӕндагмӕ раздахынӕн, Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрыныл хъомыл кӕнынӕн» (2 Тимофеймӕ 3:16).

ӔНГОМДӔР КӔНЫ БИНОНТЫ ӔМӔ АХЪАЗ КӔНЫ ХӔРЗӔГЪДАУ ЦАРДӔН: Раст дин лӕгтӕн амоны, цӕмӕй «сӕхи буар куыд уарзынц, афтӕ уарзой сӕ устыты»; сылгоймӕгты та разӕнгард кӕны, цӕмӕй сӕ «лӕгты нымайой», сывӕллӕтты та – цӕмӕй сӕ ныййарджытӕм хъусой (Ефесӕгтӕм 5:28, 33; 6:1). Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ хистӕртӕ сӕ хӕрзӕгъдау цардӕй иннӕтӕн фӕзминаг уой (1 Тимофеймӕ 3:1–10).

Ацы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи цӕры, ахӕм дин ис? 2001 азы мыхуыры чи рацыд, иу ахӕм чиныджы фыст ис: «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы хъусын кӕнынц ӕмӕ цы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрынц, адӕмӕн сӕ фылдӕр афтӕ куы цӕриккой, уӕд Холокост нӕ уыдаид ӕмӕ иу адӕм иннӕ адӕмы никуыуал цӕгъдит» (Holocaust Politics).

235 бӕстӕйы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Библийы уагӕвӕрдты тыххӕй ӕрмӕст хъусын нӕ кӕнынц, фӕлӕ цӕргӕ дӕр уыдонмӕ гӕсгӕ кӕнынц. Ӕфсӕрмы ма кӕн, ӕмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн зӕгъ, цӕмӕй дын баххуыс кӕной, Хуыцау дӕ цы домы, уый базонын ӕмӕ йын куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кӕнын. Ныр ӕнцад бадыны рӕстӕг нӕу. Фӕстиат кӕнӕн нӕй. Тагъд мӕнг дин фесӕфдзӕн! (Софони 2:2, 3).

Кӕд дӕ фӕнды фылдӕр базонын, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Библийӕ цы хабар хъусын кӕнынц, уый тыххӕй, уӕд дӕлдӕр лӕвӕрд адристӕй иуыл ныффысс.

□ Мӕн хъӕуы брошюрӕ «Ма бафынӕй ут!».

□ Мӕн фӕнды хӕдзары Библи лӕвар ахуыр кӕнын.

[Фиппаинаг]

^ 17 абз. Ацы хабӕрттӕ бӕстондӕр ӕвзӕрст цӕуынц брошюрӕйы «Ма бафынӕй ут!», 12, 13 фӕрстыл. Рауагътой йӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Хицӕнгонд текст 3 фарсыл]

Мӕнг динӕн йӕ бар цӕуы «зӕххон паддзӕхтыл»

[Хицӕнгонд текст 3 фарсыл]

«Рацӕут уырдыгӕй, Мӕ адӕм»