Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Цӕуыл ис адӕмимӕ Библийӕ ныхас кӕнӕн

Цӕуыл ис адӕмимӕ Библийӕ ныхас кӕнӕн

Цӕуыл ис адӕмимӕ Библийӕ ныхас кӕнӕн

(ист у «Ног дунейы тӕлмац»-ӕй)

1. Азнымад

  А. 1914 азы фӕцис адӕмты рӕстӕг

Н. э. р. 607 азы паддзӕхты мыггаг фесӕфт Йез 21:25–27

Рацӕудзӕн «авд рӕстӕджы», цалынмӕ та паддзах ногӕй ныллӕууа, уӕдмӕ Дан 4:32, 16, 17

Авд = 2 × 3,5 рӕстӕджы кӕнӕ 2 × 1260 боны Рар 12:6, 14; 11:2, 3

Бон у иу аз [ӕдӕппӕтӕй 2520 азы] Йез 4:6; Нм 14:34

Хуыцауы Паддзахад куы сфидар, уӕд фӕци Лк 21:24; Дан 7:13, 14

2. Аргъуан

  А. Ӕнӕуынгӕ аргъуан, арӕзт у Чырыстийыл

Хуыцау къухӕйконд кувӕндӕтты нӕ цӕры Хъд 17:24, 25; 7:48

Ӕцӕг аргъуан у ӕнӕуынгӕ ӕмӕ арӕзт у удӕгас дуртӕй 1Пт 2:5, 6

Йесо у бындуры сӕйраг дур, апостолтӕ та – йӕ ӕнцойгӕнӕн бындур Еф 2:20

Хуыцауӕн кувын хъӕуы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ Ин 4:24

 Ӕ. Аргъуан Петрыл арӕзт нӕу

Аргъуан Петрыл кӕй сараздзысты, уый тыххӕй Йесо ницы загъта Мф 16:18

Йесо у «къӕдзӕх» 1Кр 10:4

Петр Йесойы схуыдта «фисыны сӕйраг дур» 1Пт 2:4, 6–8; Хъд 4:8–12

3. Армагеддон

  А. Хуыцауы хӕст фыддзинадӕн кӕрон скӕндзӕн

Адӕмтӕ ӕмбырд кӕнынц Армагеддонмӕ Рар 16:14, 16

Хуыцауы номӕй хӕцдзысты йӕ Фырт ӕмӕ зӕдтӕ 2Фс 1:6–9; Рар 19:11–16

Куыд ис фервӕзӕн Сф 2:2, 3; Рар 7:14

 Ӕ. Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Хуыцау адӕмы нӕ уарзы

Адӕм фехӕлдысты 2Тм 3:1–5

Хуыцау быхсы, фӕлӕ йӕ раст тӕрхон сӕххӕст кӕндзӕн 2Пт 3:9, 15; Лк 18:7, 8

Фыдгӕнджыты фесафын хъӕуы, цӕмӕй рӕстгӕнджытӕ фӕрнӕй цӕрой Ӕм 21:18; Рар 11:18

4. Ахӕсты аргъ

  А. Чырысти «бирӕты балхӕныны тыххӕй» радта йӕ зӕххон цард

Йесо йӕ цард радта адӕмы балхӕныны тыххӕй Мф 20:28

Йӕ тугныккалды руаджы нӕ нӕ тӕригъӕдтӕй сыгъдӕг кӕны Дзт 9:14, 22

Иу нывонд фаг уыд Ро 6:10; Дзт 9:26

Хъуамӕ йыл адӕймаг ӕууӕнда, ӕнӕ уымӕй йын ницы пайда фӕуыдзӕн Ин 3:16

 Ӕ. Уыд сӕрмӕ-сӕр аргъ

Хуыцау Адамы сфӕлдыста ӕххӕст адӕймагӕй Д.з 32:4; Ек 7:29; Рд 1:31; 1Тм 4:4

Тӕригъӕд куы ракодта, уӕд йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ цот дӕр ӕххӕст нал уыдысты Ро 5:12, 18

Сывӕллӕттӕн сӕ бон уавӕр фӕивын нӕу; хъуыдис Адамы ӕмсӕр адӕймаг Пс 49:7; Д.з 19:21

Йесойы ӕххӕст цард у ахӕсты аргъ 1Тм 2:5, 6; 1Пт 1:18, 19

5. Ӕндӕр динтимӕ иу кӕнын

  А. Ӕндӕр динтимӕ иу кӕнын Хуыцауы цӕсты раст нӕу

Ӕрмӕстдӕр иу фӕндаг ис, у уынгӕг, бирӕтӕ йӕ не ссарынц Еф 4:4–6; Мф 7:13, 14

Мӕнг ахуырӕдтӕ адӕймаджы чъизи кӕнынц Мф 16:6, 12; Га 5:9

Хъуамӕ сӕ нӕхи хизӕм 2Тм 3:5; 2Кр 6:14–17; Рар 18:4

 Ӕ. Алы дины дӕр хорзӕй цыдӕр ис, зӕгъгӕ, уый раст хъуыды нӕу

Иуӕй-иутӕ тынг ӕнувыд сты Хуыцауыл, фӕлӕ уый куыд зӕгъы, афтӕ нӕ Ро 10:2, 3

Сӕ пайдайӕ сӕ зиан фылдӕр у 1Кр 5:6; Мф 7:15–17

Мӕнг ахуыргӕнджытӕ адӕмы сӕфтмӕ кӕнынц 2Пт 2:1; Мф 12:30; 15:14

Раст динмӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕрмӕстдӕр Хуыцауыл уай иузӕрдион Д.з 6:5, 14, 15

6. Ӕрымысӕн изӕр, дзулсаст

  А. Хицауы Ӕхсӕвӕр бӕрӕг кӕнын

Кӕнынц ӕй аз иу хатт, дзуттаг Куадзӕны бон Лк 22:1, 17–20; Рц 12:14

Кӕнынц ӕй, Чырысти йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый ӕрымысынӕн 1Кр 11:26; Мф 26:28

Нысӕнттӕй саходынц, уӕларвон ныфс кӕмӕн ис, уыдон Лк 22:29, 30; 12:32, 37

Адӕймаг ӕй куыд базоны, уӕларвон ныфс ын кӕй ис, уый Ро 8:15–17

 Ӕ. Дзулсаст Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу

Тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕнынӕн туг ныккалын хъӕуы Дзт 9:22

Ног бадзырды ӕхсӕны лӕг ӕрмӕстдӕр Чырысти у 1Тм 2:5, 6; Ин 14:6

Чырысти ис уӕлӕрвты; сауджын ӕй зӕхмӕ не ’рхизын кӕны Хъд 3:20, 21

Чырыстийы ногӕй нывондӕн хӕссын нал хъӕуы Дзт 9:24–26; 10:11–14

7. Бӕрӕгбонтӕ, гуырӕнбонтӕ

  А. Фыццаг чырыстӕттӕ нӕ кодтой гуырӕнбонтӕ ӕмӕ Чырыстийы гуырӕнбон (Рождество)

Кодтой сӕ ӕндӕр диныл хӕст адӕм Рд 40:20; Мф 14:6

Бӕрӕг кӕнын хъӕуы Чырыстийы мӕлӕн бон Лк 22:19, 20; 1Кр 11:25, 26

Уаг ӕмӕ ӕгъдау кӕм нӕй, ахӕм бӕрӕгбонтӕ Хуыцауы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуынц Ро 13:13; Га 5:21; 1Пт 4:3

8. Библи

  А. Библи у Хуыцауӕй

Адӕм ӕй фыстой Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындӕй 2Пт 1:20, 21

Ис дзы пехуымпар-ныхӕстӕ Дан 8:5, 6, 20–22; Лк 21:5, 6, 20–22; Ис 45:1–4

Библи ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй фыст ӕмӕ у пайда 2Тм 3:16, 17; Ро 15:4

 Ӕ. Абон дӕр пайда у

Библийы фӕдзӕхстытӕ чи ницӕмӕ фӕдары, уыдон сӕхи бабын кӕнынц Ро 1:28–32

Йӕ разы адӕймаджы зонд ницы у 1Кр 1:21, 25; 1Тм 6:20

Хъахъхъӕны нӕ цыфыддӕр знагӕй Еф 6:11, 12, 17

Адӕймагӕн амоны раст фӕндаг Пс 119:105; 2Пт 1:19; Ӕм 3:5, 6

 Б. Фыст у ӕппӕт адӕмтӕн дӕр

Библи фыссын райдыдтой Скӕсӕны Рц 17:14; 24:12, 16; 34:27

Хуыцау ӕй ӕрмӕстдӕр иу адӕмӕн нӕ радта Ро 10:11–13; Га 3:28

Хуыцау адӕмӕй никӕй хъулон кӕны Хъд 10:34, 35; Ро 5:18; Рар 7:9, 10

9. Бинонты цард

  А. Ӕмкъайадмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсӕн нӕй

Ӕмкъайад барст цӕуы Чырысти ӕмӕ чындзимӕ Еф 5:22, 23

Ӕмкъайады хуыссӕнуат хъуамӕ ма фӕчъизи уа Дзт 13:4

Лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ хицӕнтӕй ма цӕрой 1Кр 7:10–16

Библимӕ гӕсгӕ ӕрмӕстдӕр порнейа-йы (хӕтындзинады) тыххӕй ис хицӕн кӕнӕн Мф 19:9

 Ӕ. Бинонтӕ хъуамӕ кад кӕной хӕдзары хистӕрӕн

Лӕг, бинонты хистӕр, хъуамӕ уарза ӕмӕ тыхса йӕ бинонтыл Еф 5:23–31

Ус йӕ лӕджы уарзы, йӕ коммӕ кӕсы 1Пт 3:1–7; Еф 5:22

Сывӕллӕттӕ хъуамӕ уой коммӕгӕс Еф 6:1–3; Кл 3:20

 Б. Чырыстон ныййарджытыл сӕ цоты раз ис хӕс

Хъуамӕ сӕ уарзой, рӕстӕг сын арой ӕмӕ сыл узӕлой Тит 2:4

Ма сӕ мӕсты кӕной Кл 3:21

Тыхсой сыл, сӕ уырнындзинад сын фидар кӕной 2Кр 12:14; 1Тм 5:8

Царды сӕ раст фӕндагыл ӕвӕрой Еф 6:4; Ӕм 22:6, 15; 23:13, 14

 В. Чырыстон хъуамӕ йӕ цард баиу кӕна ӕрмӕстдӕр чырыстонимӕ

Цард баиу кӕнӕн ис ӕрмӕстдӕр «Чырыстийы фӕдылдзӕуӕгимӕ» 1Кр 7:39; Д.з 7:3, 4; Не 13:26

 Г. Библимӕ гӕсгӕ цалдӕр усимӕ кӕнӕ цалдӕр лӕгимӕ цӕрӕн нӕй

Фыццаг нӕлгоймагӕн уыд иу ус Рд 2:18, 22–25

Ацы ӕгъдау Йесо ногӕй сфидар кодта чырыстӕттӕн Мф 19:3–9

Фыццаг чырыстӕттӕн цалдӕргай устытӕ нӕ уыд 1Кр 7:2, 12–16; Еф 5:28–31

10. Гуымирытӕн кувын

  А. Гуымирытӕн ӕмӕ нывтӕн (иконӕтӕн) кувын Хуыцауы цӕсты ӕгад у

Хуыцауы сныв кӕнӕн нӕй 1Ин 4:12; Ис 40:18; 46:5; Хъд 17:29

Чырыстӕттӕн гуымирытӕн кувӕн нӕй 1Кр 10:14; 1Ин 5:21

Хуыцауӕн хъӕуы кувын сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ Ин 4:24

 Ӕ. Израилӕгтӕ гуымирытӕн кӕй куывтой, уый тыххӕй бабын сты

Дзуттӕгтӕн гуымирытӕн кувыны бар нӕ уыди Рц 20:4, 5

Нӕ хъусынц, нӕ дзурынц; сӕ аразджытӕ уыдзысты уыдоны хуызӕн Пс 115:4–8

Израилы адӕмӕн къӕппӕг систы ӕмӕ сӕ сӕфтмӕ ӕркодтой Пс 106:36, 40–42; Йер 22:8, 9

 Б. Дыууӕ искӕмӕн кувӕн нӕй

Хуыцау бар нӕ дӕтты, цӕмӕй уымӕн дӕр ӕмӕ ӕндӕр истӕмӕн дӕр кувой Ис 42:8

Ӕрмӕстдӕр Хуыцау хъусы адӕмы куывдтытӕ Пс 65:1, 2

11. Дин

  А. Ис ӕрмӕстдӕр иу раст дин

Иу ныфс, иу уырнындзинад, иу аргъуыд Еф 4:5, 13

Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хӕслӕвӕрд Мф 28:19; Хъд 8:12; 14:21

Базонӕн ӕй ис йӕ хъуыддӕгтӕй Мф 7:19, 20; Лк 6:43, 44; Ин 15:4

Раст диныл хӕст адӕм кӕрӕдзи бирӕ уарзынц ӕмӕ сты ӕмвӕнд Ин 13:35; 1Кр 1:10; 1Ин 4:20

 Ӕ. Мӕнг ахуырӕдты ныхмӕ ӕргом дзурын раст у

Чырысти ӕргом дзырдта мӕнг ахуырӕдты ныхмӕ Мф 23:15, 23, 24; 15:4–9

Афтӕ кодта, чи «бакуырм», уыдонӕн баххуыс кӕныны тыххӕй Мф 15:14

Рӕстдзинад сӕ ссӕрибар кодта ӕмӕ систы Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ Ин 8:31, 32

 Б. Дӕ дин раст кӕй нӕу, уый куы базонай, уӕд ӕй хъӕуы аивын

Рӕстдзинад адӕймаджы ссӕрибар кӕны; раргом кӕны, бирӕтӕ раст кӕй не сты, уый Ин 8:31, 32

Израилӕгтӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр ныууагътой сӕ раздӕры дин ЙсН 24:15; 2Пд 5:17

Фыццаг чырыстӕттӕ ивтой сӕ цӕстӕнгас Га 1:13, 14; Хъд 3:17, 19

Павел ӕндӕр дин райста Хъд 26:4–6

Хӕйрӕг ӕгас дунейыл сайдӕй рацыд; зонд аивын хъӕуы Рар 12:9; Ро 12:2

 В. Кӕд афтӕ зыны, ӕмӕ алы дины дӕр хорзӕй цыдӕр ис, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуынц

Хуыцау амоны, кувын ын куыд хъӕуы, уый Ин 4:23, 24; Иак 1:27

Кӕд Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ нӕу, уӕд ӕй хорз схонӕн нӕй Ро 10:2, 3

«Хорз хъуыддӕгтӕ», гӕнӕн ис, дзӕгъӕлы фӕуой Мф 7:21–23

Базонӕн сӕ ис сӕ хъуыддӕгтӕй Мф 7:20

12. Донаргъуыд

  А. Донаргъуыд райсын чырыстӕттӕн ӕнӕмӕнг у

Йесо ныууагъта цӕвиттон Мф 3:13–15; Дзт 10:7

Уымӕй адӕймаг ӕвдисы, йӕхи тыххӕй кӕй нал цӕры ӕмӕ йӕхи Хуыцауӕн кӕй снывонд кодта Мф 16:24; 1Пт 3:21

Уыцы кары чи ис, ӕмӕ йӕ бон у ахуыр кӕнын, ӕрмӕстдӕр ахӕмӕн ис донаргъуыд раттӕн Мф 28:19, 20; Хъд 2:41

Хъӕуы адӕймаджы ӕнӕхъӕнӕй доны фӕтъыссын Хъд 8:38, 39; Ин 3:23

 Ӕ. Тӕригъӕдтӕй нӕ сыгъдӕг кӕны

Йесо йӕхи тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕнынӕн нӕ райста донаргъуыд 1Пт 2:22; 3:18

Тӕригъӕдтӕй сыгъдӕг кӕны Йесойы туг 1Ин 1:7

13. Зӕхх

  А. Зӕххы тыххӕй Хуыцаумӕ цы фӕнд ис

Зӕххыл уыдзӕн дзӕнӕт, цӕрдзысты дзы ӕххӕст адӕм Рд 1:28; 2:8–15

Хуыцау йӕ фӕнд нӕ ивы Ис 55:11; 46:10, 11

Зӕххыл цӕрдзысты сабыр, ӕххӕст адӕм Пс 72:7; Ис 45:18; 9:6, 7

Хуыцауы Паддзахад та фӕстӕмӕ скӕндзӕн дзӕнӕт Мф 6:9, 10; Рар 21:3–5

 Ӕ. Нӕ фесӕфдзӕн ӕмӕ ӕдзӕрӕг дӕр не суыдзӕн

Зӕхх уыдзӕн ӕнустӕм Ек 1:4; Пс 104:5

Нойы рӕстӕджы зӕхх нӕ фесӕфт, фӕлӕ адӕм 2Пт 3:5–7; Рд 7:23

Нӕ рӕстӕджы дӕр удӕгасӕй баззайӕн кӕй ис, уымӕн у цӕвиттон Мф 24:37–39

Фыдгӕнджытӕ фесӕфдзысты; «тынг бирӕ адӕм» фервӕздзӕн 2Фс 1:6–9; Рар 7:9, 14

14. Зындон (шеол, гадес)

  А. Хъизӕмӕртты бынат нӕу

Иов куы хъизӕмар кодта, уӕд куывта уырдӕм бахауыны тыххӕй Иов 14:13

Удӕгас дзы ницы ис Пс. 6:5; Ек 9:10; Ис 38:18, 19

Йесо рабадт ингӕнӕй, зындонӕй Хъд 2:27, 31, 32; Пс. 16:10

Зындон ратдзӕн, чи дзы ис, уыцы мӕрдты, йӕхи та йын фесафдзысты Рар 20:13, 14

 Ӕ. Арт амоны ӕнусон сӕфт

Арт амоны ӕнусон сӕфт Мф 25:41, 46; 13:30

Чи не ’рфӕсмон кӕна, уыцы тӕригъӕдджынтӕ ӕнустӕм фесӕфдзысты, раст сӕ цыма арт аныхъуырдта, афтӕ Дзут 10:26, 27

Сайтан арты кӕй «хъизӕмар» кӕны, уый у ӕнусон мӕлӕт Рар 20:10, 14, 15

 Б. Хъӕздыг лӕг ӕмӕ Лазӕры хабар ӕнусон хъизӕмӕрттыл дзурӕг нӕу

Ацы ран Авраамы хъӕбыс (Лк 16:22, фип.) комкоммӕ ӕмбаргӕ куыд нӕу, афтӕ арт дӕр Лк 16:22–24

Авраамы хорзӕхӕн ныхмӕвӕрд цӕуы талынг Мф 8:11, 12

Вавилоны сӕфт барст у, арты судзгӕйӕ куыд хъизӕмар кӕнай, уыимӕ Рар 18:8–10, 21

15. Ирвӕзындзинад

  А. Хуыцау ирвӕзын кӕны Чырыстийы ӕлхӕнӕг нывонды руаджы

Цард у Хуыцауы лӕвар, дӕтты йӕ йӕ Фырты руаджы 1Ин 4:9, 14; Ро 6:23

Ӕрмӕстдӕр Йесойы нывонды фӕрцы ис фервӕзӕн Хъд 4:12

Адӕймаг мӕлгӕ-мӕлын куы ӕрфӕсмон кӕны, уӕд ын фадат нал вӕййы уый хъуыддӕгтӕй равдисынӕн Иак 2:14, 26

Фервӕзыны тыххӕй хъӕуы ӕппӕт хъарутӕй архайын Лк 13:23, 24; 1Тм 4:10

 Ӕ. «Кӕд иу хатт фервӕзтӕн, уӕд мын тӕссаг нал у» – ахӕм хъуыды Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу

Сыгъдӕг тыхӕй хайджын чи у, уыдон дӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ ахауой Дзт 6:4, 6; 1Кр 9:27

Израилӕгтӕй бирӕтӕ фӕцагъды сты, кӕд Египетӕй раирвӕзтысты, уӕддӕр Иуд 5

Адӕймаг ӕвиппайды нӕ фервӕзы Флп 2:12; 3:12–14; Мф 10:22

Фӕстӕмӕ чи аздӕхы, уый, раздӕр куыд уыд, уымӕй фыддӕр фӕвӕййы 2Пт 2:20, 21

 Б. Иууылдӕр фервӕздзысты, зӕгъгӕ, уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст

Иуӕй-иутӕ никуы ӕрфӕсмон кӕндзысты Дзт 6:4–6

Хуыцауӕн фыдгӕнджыты мӕлӕт ӕхсызгон нӕ вӕййы Йез 33:11; 18:32; 1Тм 2:4

Уарзондзинад ӕнӕгъдаудзинадмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы Дзт 1:9

Фыдгӕнджытӕй иу дӕр нал баззайдзӕн Дзт 10:26–29; Рар 20:7–15

16. Йегъовӕ, Хуыцау

  А. Хуыцауы ном

Дзырд «Хуыцау» у термин; нӕ Хицауӕн ис ном 1Кр 8:5, 6

Кувӕм, цӕмӕй йӕ ном ссыгъдӕг уа Мф 6:9, 10

Хуыцауы ном у Йегъовӕ Пс 83:18; Рц 6:2, 3; 3:15; Ис 42:8

Хуыцауы ном Библийы ӕндӕр тӕлмацы Пс 8:2, 10 [8:1, 9]; 15:2 [16:2]; 82:19 [83:18] («Псалтир», 1848 аз, Мчедлов Г.)

Йесо йын раргом кодта йӕ ном Ин 17:6, 26; 5:43; 12:12, 13, 28

 Ӕ. Хуыцау ис

Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ адӕймаг Хуыцауы фена ӕмӕ удӕгасӕй баззайа Рц 33:20; Ин 1:18; 1Ин 4:12

Цӕмӕй Хуыцауыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй йӕ уынын нӕ хъӕуы Дзт 11:1; Ро 8:24, 25; 10:17

Хуыцауы базонӕн ис, цы дуне сфӕлдыста, уымӕй Ро 1:20; Пс 19:1, 2

Хуыцау кӕй ис, уый бӕлвырд кӕны, Библийы ныхӕстӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уымӕй Ис 46:8–11

 Б. Хуыцауы миниуджытӕ

Хуыцау у уарзондзинад 1Ин 4:8, 16; Рц 34:6; 2Кр 13:11; Мх 7:18

У стыр зонды хицау Иов 12:13; Ро 11:33; 1Кр 2:7

Хуыцау у раст, кӕны раст тӕрхон Д.з 32:4; Пс 37:28

У ӕппӕтхъомысджын, ӕгӕрон хъаруйы хицау Иов 37:23; Рар 7:12; 4:11

 В. Иууылдӕр уыцы иу Хуыцауӕн нӕ лӕггад кӕнынц

Хорз нӕм цы фӕндаг фӕкӕсы, уый алы хатт раст нӕ вӕййы Ӕм 16:25; Мф 7:21

Ис дыууӕ фӕндаджы, ӕмӕ дзы ӕрмӕстдӕр иу у царды фӕндаг Мф 7:13, 14; Д.з 30:19

Хуыцӕуттӕ бирӕ ис, фӕлӕ ӕцӕг Хуыцау та у иу 1Кр 8:5, 6; Пс 82:1

Цӕмӕй цӕрӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕцӕг Хуыцауы зонӕм Ин 17:3; 1Ин 5:20

17. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ

  А. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куыд фӕзындысты

Йегъовӕ загъта, йе ’вдисӕнтӕ чи сты Ис 43:10–12; Йер 15:16

Фыццаг иузӕрдион ӕвдисӕн уыд Авел Дзт 11:4, 39; 12:1

Йесо уыд иузӕрдион ӕмӕ ӕцӕг ӕвдисӕн Ин 18:37; Рар 1:5; 3:14

18. Крест (дзуар)

  А. Чырыстийы фыдгӕнӕгау байтыгътой хъӕдыл

Чырыстийы байтыгътой хъӕдыл Хъд 5:30; 10:39; Га 3:13

Чырыстӕттӕ хъуамӕ хӕссой хъизӕмӕртты хъӕд – ӕгады номӕн быхсой Мф 10:38; Лк 9:23

 Ӕ. Кувын ын не ’мбӕлы

Чырыстийы хъизӕмӕртты хъӕд хынджылӕггаг нӕу Дзт 6:6; Мф 27:41, 42

Крестӕн чи кувы, уый гуымирыйӕн кувы Рц 20:4, 5; Йер 10:3–5

Чырысти ныр ис уӕлӕрвты, хъӕдыл тыгъд нал у 1Тм 3:16; 1Пт 3:18

19. Кувын

  А. Хуыцау цавӕр куывдтытӕ хъусы

Хуыцау хъусы адӕмы куывдтытӕ Пс 145:18; 1Пт 3:12

Ӕвзӕргӕнджытӕ сӕ цард куы нӕ фӕивой, уӕд сӕ нӕ хъусдзӕн Ис 1:15–17; 1Пт 3:11

Кувын хъӕуы Чырыстийы номӕй Ин 14:13, 14; 2Кр 1:20

Кувын хъӕуы Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ 1Ин 5:14, 15

Хъӕуы уырнындзинад Иак 1:6–8

 Ӕ. Уыцы иу ныхӕстӕ дзурын, Мадымайрӕммӕ кӕнӕ дзуӕрттӕм кувын дзӕгъӕлы у

Хъуамӕ кувӕм Хуыцаумӕ Йесойы номӕй Ин 14:6, 14; 16:23, 24

Адӕймаг кувгӕйӕ ӕдзух уыцы иу ныхӕстӕ куы фӕдзуры, уӕд ӕй Хуыцау нӕ фӕхъусы Мф 6:7

20. Мадымайрӕмӕн кувын

  А. Марийӕ уыд Чырыстийы мад, «Хуыцауы мад» нӕ уыд

Хуыцауӕн райдиан нӕй Пс 90:2; 1Тм 1:17

Марийӕ уыд Хуыцауы Фырты мад, зӕххыл куы цард, уӕд Лк 1:35

 Ӕ. Марийӕ ӕнӕцыд чызгӕй нӕ баззад

Уый Иосифмӕ смой кодта Мф 1:19, 20, 24, 25

Чырыстийӕ уӕлдай ма йын уыдис ӕндӕр сывӕллӕттӕ дӕр Мф 13:55, 56; Лк 8:19–21

Уӕд Чырыстийыл йе ’фсымӕртӕ нӕма ӕууӕндыдысты Ин 7:3, 5

21. Мӕлӕт

  А. Адӕймаг цӕмӕн мӕлы

Фыццаг адӕймаг уыд алцӕмӕй ӕххӕст, хъуамӕ цардаид ӕнустӕм Рд 1:28, 31

Кӕй нӕ байхъуыста, уый тыххӕй йӕ баййӕфта мӕлӕт Рд 2:16, 17; 3:17, 19

Адамы цот сӕ туджы рахастой тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт Ро 5:12

 Ӕ. Мӕрдты исты ис

Адам йӕхӕдӕг уыди уд, уд ын лӕвӕрд нӕ уыд Рд 2:7; 1Кр 15:45

Амӕлы адӕймаг, уд Йез 18:4; Ис 53:12; Иак 5:20

Мӕрдтӕ ницы ӕмбарынц, ницы зонынц Ек 9:5, 10; Пс 146:3, 4

Мӕрдтӕ сты фынӕй, ӕнхъӕлмӕ кӕсынц райгасы бонмӕ Ин 11:11–14, 23–26; Хъд 7:60

 Б. Мӕрдтимӕ ныхас кӕнӕн нӕй

Мӕрдты удтӕ никуы цӕрынц Пс 115:17; Ис 38:18

Фӕдзӕхст стӕм, цӕмӕй мӕрдтимӕ ма ныхас кӕнӕм Ис 8:19; Лв 19:31

Кӕлӕнгӕнджытӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕн сӕ сомбон бӕрӕг у Д.з 18:10–12; Га 5:19–21

22. Мӕнг пехуымпартӕ

  А. Мӕнг пехуымпарты тыххӕй уыд фыст; уыдысты апостолты рӕстӕджы дӕр

Мӕнг пехуымпарты куыд ис базонӕн Д.з 18:20–22; Лк 6:26

Кӕй фӕзындзысты, уый тыххӕй уыдис фыст; базонӕн сӕ ис сӕ хъуыддӕгтӕй Мф 24:23–26; 7:15–23

23. Мӕрдтӕн кувын

  А. Чи амард, уыдонӕн кувын у дзӕгъӕлы

Мӕрдтӕ ницы ӕмбарынц Ек 9:5, 10

Нӕ фыдӕлтӕн кувын нӕ хъӕуы Ро 5:12, 14; 1 Тм 2:14

Хуыцаумӕ раст нӕ кӕсы мӕрдтӕн кувын Рц 34:14; Мф 4:10

 Ӕ. Адӕмӕн нӕ бон у кад кӕнын, фӕлӕ кувын та хъӕуы ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн

Кӕстӕртӕ хъуамӕ кад кӕной хистӕртӕн 1Тм 5:1, 2, 17; Еф 6:1–3

Ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн хъӕуы кувын Хъд 10:25, 26; Рар 22:8, 9

24. Низтӕ дзӕбӕх кӕнын, ӕвзӕгтӕ

  А. Адӕймаг Хуыцаумӕ куы раздӕхы, уӕд зӕгъӕн вӕййы, ӕмӕ ӕцӕг «сдзӕбӕх»

Адӕймаг Хуыцауӕй кӕй аздӕхы, уый абарӕн ис низимӕ, адӕймаджы сӕфтмӕ кӕны Ис 1:4–6; 6:10; Ос 4:6

Сӕйраг хӕс у адӕмы Хуыцаумӕ кӕнын ӕмӕ сӕ афтӕмӕй «дзӕбӕх кӕнын» Ин 6:63; Лк 4:18

Уый адӕймаджы сыгъдӕг кӕны тӕригъӕдтӕй; зӕрдӕ рухс кӕны, дӕтты цард Иак 5:19, 20; Рар 7:14–17

 Ӕ. Хуыцауы Паддзахад адӕмы сӕ низтӕй сдзӕбӕх кӕндзӕн

Чырысти дзӕбӕх кодта алы низӕй дӕр; дзырдта, Паддзахад цы хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый тыххӕй Мф 4:23

Хуыцауы Паддзахады низтӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн Мф 6:10; Ис 9:7

Мӕлӕт дӕр нал уыдзӕн 1Кр 15:25, 26; Рар 21:4; 20:14

 Б. Абон уырнындзинады фӕрцы кӕй дзӕбӕх кӕнынц, уый Хуыцауӕй нӕу

Ахуыргӕнинӕгтӕ сӕхи диссаджы хуызы нӕ дзӕбӕх кодтой 2Кр 12:7–9; 1Тм 5:23

Хуыцауӕй лӕвӕрд курдиӕттӕн кӕрон ӕрцыд апостолты мӕлӕтимӕ 1Кр 13:8–11

Низтӕ дзӕбӕх кӕнын ӕнӕмӕнг Хуыцауӕй нӕу Мф 7:22, 23; 2Фс 2:9–11

 В. Ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурыны курдиат уыд рӕстӕгмӕ

Уыд бӕлвырдгӕнӕн; хъӕуы стырдӕр курдиӕттӕм тырнын 1Кр 14:22; 12:30, 31

Куыд фыст у, афтӕмӕй сыгъдӕг тыхӕй лӕвӕрд диссаг курдиӕттӕ нал уыдзӕн 1Кр 13:8–10

Диссӕгтӕ алкӕд Хуыцауӕй нӕ вӕййынц Мф 7:22, 23; 24:24

25. Ныхмӕ цӕуын, ӕфхӕрын

  А. Цӕмӕн цӕуынц чырыстӕтты ныхмӕ

Йесойы нӕ уарзтой; загъта, кӕй сӕ ӕфхӕрдзысты Ин 15:18–20; Мф 10:22

Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи цӕры, уыдоны ацы дуне нӕ уарзы 1Пт 4:1, 4, 12, 13

Хӕйрӕг, ацы дунейы хуыцау, у Хуыцауы Паддзахады ныхмӕ 2Кр 4:4; 1Пт 5:8

Чырыстон нӕ тӕрсы, Хуыцау ын ӕххуыс кӕны Ро 8:38, 39; Иак 4:8

 Ӕ. Ус хъуамӕ йӕ лӕгӕн уый бар ма ратта, цӕмӕй йӕ Хуыцауӕй фӕиппӕрд кӕна

Рагацау фӕдзӕхст уыд; чи зоны, лӕгӕн чидӕр цыдӕртӕ фӕдзырдта Мф 10:34–38; Хъд 28:22

Ус йӕ ныфс хъуамӕ дара Хуыцау ӕмӕ Чырыстийыл Ин 6:68; 17:3

Иузӕрдион куы уа, уӕд йӕ лӕджы дӕр фервӕзын кӕндзӕн 1Кр 7:16; 1Пт 3:1–6

Лӕг хистӕр у, фӕлӕ ус Хуыцауӕн куыд хъуамӕ лӕггад кӕна, уымӕн ын хъуамӕ уынаффӕгӕнӕг ма уа 1Кр 11:3; Хъд 5:29

 Б. Лӕг хъуамӕ йӕ усӕн уый бар ма дӕтта, ӕмӕ йӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын хъыгдара

Хъуамӕ уарза йӕ усы ӕмӕ йӕ бинонты, сӕ хорз ӕй фӕнда 1Кр 7:16

Хъуамӕ уынаффӕ хӕссынхъом уа, йӕ бинонты дара 1Кр 11:3; 1Тм 5:8

Рӕстдзинадыл зӕрдӕйӕ чи у, ахӕм лӕгты уарзы Хуыцау Иак 1:12; 5:10, 11

Йӕ бинонты фарн бахъахъхъӕныны тыххӕй Библийы фӕдзӕхстытӕ чи халы, уый Хуыцауы хорзӕх не ссардзӕн Дзт 10:38

Хъуамӕ йӕ бинонтӕн ӕххуыс кӕна, цӕмӕй амондджын ног дунемӕ бацӕуой Рар 21:3, 4

26. Мӕрдты райгас

  А. Мӕрдтӕн ис ныфс

Ингӕнты чи ис, уыдон райгас уыдзысты Ин 5:28, 29

Чырысти кӕй райгас, уый уымӕн у бӕлвырдгӕнӕн 1Кр 15:20–22; Хъд 17:31

Хуыцауы сыгъдӕг тых чи бафауа, уый нӕ райгас уыдзӕн Мф 12:31, 32

Йӕ уырнындзинад хъуыддӕгтӕй чи ӕвдисы, уыдонӕн ис фидар ныфс Ин 11:25

 Ӕ. Мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц уӕларвон кӕнӕ зӕххон цардмӕ

Адамы тыххӕй иууылдӕр мӕлынц; Чырыстийы руаджы цӕрдзысты 1Кр 15:20–22; Ро 5:19

Мӕрдтӕй чи ӕгас кӕна, уыдонӕн ӕмхуызон буӕрттӕ нӕ уыдзӕн 1Кр 15:40, 42, 44

Чырыстиимӕ чи уыдзӕн, уыдонӕн уыдзӕн уый хуызӕн буар 1Кр 15:49; Флп 3:20, 21

Паддзӕхтӕ чи нӕ уыдзысты, уыдон цӕрдзысты зӕххыл Рар 20:4ӕ, 5, 13; 21:3, 4

27. Сабат

  А. Чырыстӕттӕн сабат у иннӕ бонты хуызӕн

Чырысти йӕ мӕлӕтӕй кӕрон скодта Моисейы Закъонӕн Еф 2:15

Чырыстӕттӕн сабат у иннӕ бонты хуызӕн Кл 2:16, 17; Ро 14:5, 10

Библи уайдзӕф кӕны сабат бӕрӕг кӕныны тыххӕй ӕ. а. д. Га 4:9–11; Ро 10:2–4

Хуыцауы ӕнцойадмӕ бацӕуынӕн хъӕуы уырнындзинад ӕмӕ коммӕгӕсдзинад Дзт 4:9–11

 Ӕ. Сабат бӕрӕг кӕнын хъуыди ӕрмӕстдӕр рагон Израилы адӕмы

Сабат бӕрӕг кӕнын райдыдтой, Египетӕй куы рацыдысты, уый фӕстӕ Рц 16:26, 27, 29, 30

Уыцы ӕгъдау рагон израилӕгтӕн уыд ӕвдисӕнӕн Рц 31:16, 17; Пс 147:19, 20

Закъонмӕ гӕсгӕ ма алы ӕвдӕм аз дӕр уыд сабат Рц 23:10, 11; Лв 25:3, 4

Чырыстӕтты сабаты тыххӕй закъон ӕххӕст кӕнын нӕ хъӕуы Ро 14:5, 10; Га 4:9–11

 Б. Хуыцау улӕфы сабатбон (сфӕлдыстадон «къуырийы» ӕвдӕм бон)

Райдыдта, зӕхх арӕзт куы фӕци, уӕд Рд 2:2, 3; Дзт 4:3–5

Чырысти ма зӕххыл куы уыд, уӕд дӕр нӕма фӕци Дзт 4:6–8; Пс 95:7–9, 11

Чырыстӕттӕ «улӕфынц» хиуарзон хъуыддӕгтӕй Дзт 4:9, 10

Фӕуыдзӕн, Паддзахад йӕ куыст зӕххыл куы фӕуа, уӕд 1Кр 15:24, 28

28. Сфӕлдыстад

  А. Разы у наукӕимӕ; у эволюцийы ныхмӕ

Наукӕ разы у, алцыдӕр иу иннӕйы фӕдыл кӕй ӕрцыд конд, уыимӕ Рд 1:11, 12, 21, 24, 25

Хуыцау цӕрӕгойты мыггӕгты тыххӕй цы закъон сфидар кодта, уый нӕ ивы Рд 1:11, 12; Иак 3:12

 Ӕ. Сфӕлдыстадон бонтӕ 24 сахаты не сты

«Бон» арӕх фӕамоны цавӕрдӕр рӕстӕджы ӕмгъуыдмӕ дӕр Лк 17:26–30

Хуыцауӕн «бон» у дӕргъвӕтин рӕстӕг Пс 90:4; 2Пт 3:8

29. Тӕригъӕд

  А. Цы у тӕригъӕд

Хуыцауы закъоны ӕмӕ йе ’ххӕст уагӕвӕрдты сӕрты ахизын 1Ин 3:4; 5:17

Адӕймаг у Хуыцауы сконд ӕмӕ йӕ разы дзуапп дӕтты Ро 14:12; 2:12–15

Закъон ӕмбарын кодта, тӕригъӕд цы у, уый, цӕмӕй йӕ адӕймаг зыдтаид Га 3:19; Ро 3:20

Иууылдӕр сты тӕригъӕдджын, ӕмӕ сӕ бон нӕу Хуыцауы миниуджытӕ ӕххӕстӕй ӕвдисын Ро 3:23; Пс 51:5

 Ӕ. Адамы тӕригъӕды тыххӕй иууылдӕр цӕмӕн тухӕнтӕ кӕнынц

Адамӕй иууылдӕр сӕ туджы рахастой ӕнӕххӕстдзинад ӕмӕ мӕлӕт Ро 5:12, 18

Хуыцау йӕ фӕлмӕнзӕрдӕйӕ адӕмӕн фӕразы Пс 103:8, 10, 14, 17

Йесойы нывонд сыгъдӕг кӕны тӕригъӕдтӕй 1Ин 2:2

Тӕригъӕдӕн ӕмӕ Хӕйрӕджы ӕндӕр хъуыддӕгтӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн 1Ин 3:8

 Б. Нӕфӕтчиаг дыргъ ӕмуат ӕрцӕуын нӕу, фӕлӕ ӕгоммӕгӕсдзинад

Евӕйы сфӕлдисыны размӕ дӕр бӕласы дыргътӕй хӕрыны бар нӕ уыд Рд 2:17, 18

Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн загъта, цӕмӕй зӕнӕг рауадзой Рд 1:28

Сывӕллӕттӕ рауадзын тӕригъӕдджын хъуыддаг нӕу; сывӕллӕттӕ сты Хуыцауы лӕвар Пс 127:3–5

Евӕ тӕригъӕд ракодта, йӕ лӕг йӕ фарсмӕ куы нӕ уыд, уӕд; йӕ лӕджы разӕй фӕци Рд 3:6; 1Тм 2:11–14

Адам, Евӕйы сӕрыхицау, ахызт Хуыцауы закъоны сӕрты Ро 5:12, 19

 В. Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй фауӕн ныхас зӕгъын, зӕгъгӕ, цы нысан кӕны (Мф 12:32; Мч 3:28, 29)

Нӕ туджы цы тӕригъӕд рахастам, уый уымӕ нӕ хауы Ро 5:8, 12, 18; 1Ин 5:17

Сыгъдӕг тыхы чи бафхӕрдта, уымӕн ма ис фадат ӕрфӕсмон кӕнынӕн Еф 4:30; Иак 5:19, 20

Зонгӕ-зонын тӕригъӕдтӕ чи аразы, уый фесӕфдзӕн 1Ин 3:6–9

Хуыцау ахӕмты ӕфхӕры, нал сын фӕдӕтты йӕ сыгъдӕг тых Дзт 6:4–8

Фӕсмон чи нӕ кӕны, ахӕмты тыххӕй кувын нӕ хъӕуы 1Ин 5:16, 17

30. Троицӕ

  А. Хуыцау, ома Фыд, у иунӕг, дунейы уымӕй стырдӕр ничи у

Хуыцауӕн ӕртӕ цӕсгомы нӕй Д.з 6:4; Мл 2:10; Мч 10:18; Ро 3:29, 30

Фырты дӕр уый сфӕлдыста; Хуыцау раздӕр уыди Рар 3:14; Кл 1:15; Ис 44:6

Дун-дунейы хицау у Хуыцау Флп 2:5, 6; Дан 4:35

Хуыцаумӕ ӕмбӕлы ӕппӕты стырдӕр кад Флп 2:10, 11

 Ӕ. Фырт зӕхмӕ ӕрцӕуыны размӕ дӕр ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр Хуыцауӕй дӕлдӕр уыд

Фырт коммӕгӕс у уӕлӕрвты; Фыд ӕй рарвыста Ин 8:42; 12:49

Зӕххыл уыд коммӕгӕс; Фыд стырдӕр у Ин 14:28; 5:19; Дзт 5:8

Уӕлӕрвты сбӕрзонд ис, фӕлӕ у Хуыцауы дӕлбар Флп 2:9; 1Кр 15:28; Мф 20:23

Йегъовӕ у Чырыстийы хицау ӕмӕ Хуыцау 1Кр 11:3; Ин 20:17; Рар 1:6

 Б. Хуыцау ӕмӕ Чырысти – се ’хсӕн ис иудзинад

Сты ӕмвӕнд ӕмӕ ӕмзонд Ин 8:28, 29; 14:10

Лӕг ӕмӕ усау се ’хсӕн ис иудзинад Ин 10:30; Мф 19:4–6

Уырнджыты ’хсӕн дӕр хъуамӕ уа иудзинад Ин 17:20–22; 1Кр 1:10

Раст диныл хӕст адӕм кувынц Йегъовӕйӕн Чырыстийы номӕй Ин 4:23, 24

 В. Сыгъдӕг уд у Хуыцауы архайгӕ тых

У тых, удгоймаг нӕу Мф 3:16; Ин 20:22; Хъд 2:4, 17, 33

Уӕлӕрвты Хуыцау ӕмӕ Чырыстиимӕ чи ис, ахӕм удгоймаг нӕу Хъд 7:55, 56; Рар 7:10

Хуыцау йӕ архайгӕ тыхӕй ӕххӕст кӕны йӕ фӕндтӕ Пс 104:30; 1Кр 12:4–11

Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ дзы схайджын вӕййынц, ӕххуыс сын кӕны 1Кр 2:12, 13; Га 5:16

31. Туг

  А. Туг у табуйаг, буары йӕ уадзӕн нӕй

Нойӕн загъд уыд, туг табуйаг кӕй у ӕмӕ цард кӕй у Рд 9:4, 16

Закъон нӕ уагъта туг хӕрын Лв 17:14; 7:26, 27

Уыцы закъон хауы чырыстӕттӕм дӕр Хъд 15:28, 29; 21:25

 Ӕ. Раст нӕу уд бахъахъхъӕныны тыххӕй Хуыцауы закъон халын

Коммӕ кӕсын нывондӕй хуыздӕр у 1См 15:22; Мч 12:33

Хуыцауы закъонӕй дӕ цардӕн тынгдӕр куы аргъ кӕнай, уӕд дӕ уый сӕфтмӕ ӕркӕндзӕн Мч 8:35, 36

32. Уӕлӕрвтӕ

  А. Уӕлӕрвтӕм ацӕудзӕн ӕрмӕстдӕр 144 000

Сӕ нымӕц бӕрӕг у; уыдзысты Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ Рар 5:9, 10; 20:4

Чырысти уыд фыццаг; иннӕтӕ ӕвзӕрст цӕуынц уӕдӕй фӕстӕмӕ Кл 1:18; 1Пт 2:21

Зӕххыл цӕрдзӕн бирӕ адӕм Пс 72:8; Рар 21:3, 4

144 000 уыдзӕн уӕлдай кадджын бынат Рар 14:1, 3; 7:4, 9

33. Уд

  А. Цы у уд (дзут. не́феш; грекъ. психе́)

Адӕймаг у уд Рд 2:7; 1Кр 15:45; ЙсН 11:11; Хъд 27:37

Цӕрӕгойтӕ дӕр сты удтӕ Нм 31:28; Рар 16:3; Лв 24:18

Удӕн ис туг, хӕры, мӕлӕты бар ыл цӕуы Йер 2:34; Лв 7:18; Йез 18:4

Адӕймаджы цард дӕр ис схонӕн уд Ин 10:15

 Ӕ. Цы у сыгъдӕг уд (кӕнӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых) (дзут. ру́ах; грекъ. пне́вма)

Хуыцауы архайгӕ тых, удгоймаг нӕу Хъд 2:2, 3, 33

Дуне уый руаджы ӕрцыди конд; Библи дӕр уый руаджы ӕрцыд фыст ӕ. а. д. Рд 1:2; Йез 11:5; 2Пт 1:21

Чырыстийы буары уӕнгтӕ дӕр уымӕй райгуыргӕ ӕмӕ уымӕй сӕрст сты Ин 3:5–8; 2Кр 1:21, 22

Абон ӕххуыс кӕны Хуыцауы адӕмӕн Га 5:16, 18

 Б. Царды тых хуыйны уд

Цард у улӕфтӕй Иак 2:26; Иов 27:3

Царды тых Хуыцау дӕтты Зх 12:1; Ек 8:8

Адӕймаджы дӕр ӕмӕ цӕрӕгойты дӕр царды тых Хуыцау бауадзы Ек 3:19–21

Райгасы ныфс-иу кӕмӕн уыди, уый-иу йӕ уд (грекъ. пне́вма – царды тых) Хуыцауы бар бакодта Лк 23:46

34. Фӕстаг бонтӕ

  А. Цы у «бӕстысӕфт»

Ацы цардӕвӕрды кӕрон Мф 24:3; 2Пт 3:5–7; Мч 13:4

Зӕхх нӕ фесӕфдзӕн, фесӕфдзӕн фыддуне 1Ин 2:17

Сӕфты размӕ уыдзӕн кӕроны рӕстӕг Мф 24:14

Рӕстгӕнджытӕ фервӕздзысты; уый фӕстӕ – ног дуне 2Пт 2:9; Рар 7:14–17

 Ӕ. Фӕстаг бонты бӕлвырдгӕнӕнтӕм хъӕуы хъус дарын

Бӕлвырдгӕнӕнтӕм нын бацамыдта Хуыцау нӕ пайдайӕн 2Тм 3:1–5; 1Фс 5:1–4

Адӕм сӕ ницӕмӕ дарынц 2Пт 3:3, 4, 7; Мф 24:39

Хуыцау фӕстиат нӕ кӕны, фӕлӕ нӕ фӕдзӕхсы 2Пт 3:9

Цӕттӕ кӕй стӕм, уый тыххӕй райсдзыстӕм хорзӕх Лк 21:34–36

35. Фыддзинад, бӕллӕхтӕ

  А. Дунейы бӕллӕхты чи у аххосджын

Фыдгӕнджытӕ кӕй схицӕуттӕ сты, уый тыххӕй скодта уӕззау рӕстӕг Ӕм 29:2; 28:28

Ацы дунейы хицау у Хуыцауы знаг 2Кр 4:4; 1Ин 5:19; Ин 12:31

Адӕмы бӕллӕхты Хӕйрӕг у аххосджын; рӕстӕг ын бирӕ нал баззад Рар 12:9, 12

Хӕйрӕг баст ӕрцӕудзӕн; ралӕудзӕн сабыр цард Рар 20:1–3; 21:3, 4

 Ӕ. Цӕмӕн ис фыддзинад

Хӕйрӕг сдзырддаг кодта, адӕм ӕмӕ зӕдтӕ Хуыцауыл иузӕрдион кӕй уыдзысты, уый Иов 1:11, 12

Ӕнувыд чи у, уымӕн фадат ис йӕ иузӕрдиондзинад хъуыддагӕй равдисынӕн Ро 9:17; Ӕм 27:11

Хӕйрӕг мӕнгард кӕй у, уый сбӕлвырд; дзырддаг фарста лыггонд ӕрцыд Ин 12:31

Иузӕрдион адӕм цӕрдзысты ӕнустӕм Ро 2:6, 7; Рар 21:3–5

 Б. Хуыцау кӕроны рӕстӕг кӕй ӕргъӕвы, уый йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл дзурӕг у

Нойы рӕстӕджы адӕмы бафӕдзӕхсынӕн хъуыд рӕстӕг, афтӕ у абон дӕр Мф 24:14, 37–39

Хуыцау фӕстиат нӕ кӕны, фӕлӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисы 2Пт 3:9; Ис 30:18

Библи нын амоны, цӕмӕй нӕ уыцы бон ӕнӕнхъӕлӕджы ма ӕрӕййафа Лк 21:36; 1Фс 5:4

Цӕмӕй фервӕзӕм, уый тыххӕй ныридӕгӕн хъӕуы Хуыцауы агурын Ис 2:2–4; Сф 2:3

 В. Зындзинӕдтӕн кӕрон адӕймаг не скӕндзӕн

Адӕм сты тынг тарст, тыхст Лк 21:10, 11; 2Тм 3:1–5

Адӕм нӕ, фӕлӕ Хуыцауы Паддзахад уыдзӕн ӕнтыстджын Дан 2:44; Мф 6:10

Цӕмӕй цӕрӕм, уый тыххӕй хъуамӕ абон Паддзахимӕ бафидауӕм Пс 2:9, 11, 12

36. Хӕйрӕг, хӕйрӕджытӕ

  А. Хӕйрӕг у ӕнӕуынгӕ тых

Адӕймаджы зӕрдӕйы фыддзинад нӕу, фӕлӕ у ӕнӕуынгӕ удгоймаг 2Тм 2:26

Зӕдтӕ куыд сты удгоймӕгтӕ, афтӕ Хӕйрӕг дӕр удгоймаг у Мф 4:1, 11; Иов 1:6

Хӕйрӕг сси, йе ’взӕр фӕндты фӕдыл куы ацыд, уӕд Иак 1:13–15

 Ӕ. Хӕйрӕг у ацы дунейы ӕнӕуынгӕ хицау

Ацы дунейӕн у йӕ хуыцау 2Кр 4:4; 1Ин 5:19; Рар 12:9

Цалынмӕ дзырддаг фарста лыггонд не ’рцӕуа, уӕдмӕ йӕ Хуыцау нӕ фесафдзӕн Рц 9:16; Ин 12:31

Ӕппӕрст ӕрцӕудзӕн дӕлдзӕхмӕ, стӕй ӕрцӕудзӕн йе сӕфт Рар 20:2, 3, 10

 Б. Хӕйрӕджытӕ сты хивӕнд зӕдтӕ

Ӕрбаиу сты Сайтанмӕ доны хъаймӕты размӕ Рд 6:1, 2; 1Пт 3:19, 20

Сӕ кад фесӕфтой, фӕиппӕрд сты Хуыцауӕй 2Пт 2:4; Иуд 6

Тох кӕнынц Хуыцауимӕ, адӕмы тухӕнӕй марынц Лк 8:27–29; Рар 16:13, 14

Фесӕфдзысты Сайтанимӕ Мф 25:41; Лк 8:31; Рар 20:2, 3, 10

 В. Хинтӕ-кӕлӕнтӕ (спиритизм) баст сты хӕйрӕджытимӕ, ӕмӕ сӕ хъуамӕ нӕхи хизӕм

Хуыцауы Ныхас у хинтӕ-кӕлӕнты ныхмӕ Ис 8:19, 20; Лв 19:31; 20:6, 27

Дӕсны фӕрсын у хӕйрӕджытимӕ баст хъуыддаг; Хуыцау у уый ныхмӕ Хъд 16:16–18

Кӕны сӕфтмӕ Га 5:19–21; Рар 21:8; 22:15

Хуыцау у астрологийы ныхмӕ Д.з 18:10–12; Йер 10:2

37. Хуыцауы Паддзахад

  А. Хуыцауы Паддзахад адӕмӕн цы ӕрхӕсдзӕн

Сӕххӕст кӕндзӕн Хуыцауы фӕндон Мф 6:9, 10; Пс 45:6; Рар 4:11

Уыцы хицауадӕн ис паддзах ӕмӕ закъӕттӕ Ис 9:6, 7; 2:3; Пс 72:1, 8

Фесафдзӕн фыддзинад, уыдзӕн ӕгас зӕххы хицауад Дан 2:44; Пс 72:8

Чырысти адӕмы 1000 азмӕ ӕххӕст уавӕрмӕ ӕркӕндзӕн; дзӕнӕт скӕндзӕн Рар 21:2–4; 20:6

 Ӕ. Райдыдта архайын, Чырыстийы знӕгтӕ ма сӕ тыхы сты, афтӕмӕй

Чырысти йӕ райгасы фӕстӕ бирӕ ӕнхъӕлмӕ каст Пс 110:1; Дзт 10:12, 13

Бартӕ йӕ къухмӕ райста, стох кодта Сайтанимӕ Пс 110:2; Рар 12:7–9; Лк 10:18

Хуыцауы Паддзахад ӕвӕрд ӕрцыд, зӕххӕн – додой Рар 12:10, 12

Абоны бӕллӕхтӕй бӕрӕг у, Паддзахады фарс ӕрлӕууын кӕй хъӕуы Рар 11:15–18

 Б. Нӕ «зӕрдӕйы» нӕй, адӕмы руаджы дӕр нӕ фӕзынд

Хуыцауы Паддзахад зӕххыл нӕй, фӕлӕ уӕлӕрвты 2Тм 4:18; 1Кр 15:50; Пс 11:4

Нӕ «зӕрдӕйы» нӕй; Чырыстийӕн йӕ ныхас уыд фарисейтӕм Лк 17:20, 21

Ацы дунейӕ нӕу Ин 18:36; Лк 4:5–8; Дан 2:44

Хицауӕдтӕ ӕмӕ ацы дунейы уагӕвӕрдтӕ ивд ӕрцӕудзысты Дан 2:44

38. Хъусын кӕнын

  А. Чырыстӕттӕ фӕзмынц Чырыстийы – хъусын кӕнынц

Йесо уыд Хуыцауы лӕггадгӕнӕг Ро 15:8, 9; Мф 20:28

Чырыстӕттӕ йӕ фӕзмынц 1Пт 2:21; 1Кр 11:1

Нӕ хӕс у хъусын кӕнын 2Тм 4:2, 5; 1Кр 9:16

 Ӕ. Чырыстӕттӕ иууылдӕр хъуамӕ хъусын кӕной хорз хабар

Хуыцауы хорзӕх ссарынӕн хъӕуы ӕргом дзурын Йесойы тыххӕй Мф 10:32

Хъуамӕ уӕм Хуыцауы Ныхас ӕххӕстгӕнджытӕ, нӕ уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдисӕм Иак 1:22–24; 2:24

Ног ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр хъуамӕ суой ахуыргӕнджытӕ Мф 28:19, 20

Адӕмӕн чи хъусын кӕны, уый фервӕздзӕн Ро 10:10

 Б. Лӕггад кӕнынмӕ цӕттӕ

Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕмӕ йын йӕ Ныхас зонын 2Тм 2:15; Ис 61:1–3

Уацамынды Чырыстийы фӕзмын 1Пт 2:21; 2Тм 4:2, 5

Хуыцау ахуыр кӕны адӕмы йӕ сыгъдӕг тых ӕмӕ йӕ организацийы уылты Ин 14:26; 2Кр 3:1–3

 В. Адӕмы хъӕуы ногӕй бӕрӕг кӕнын, ӕппынӕдзух хъусын кӕнын

Кӕроны тыххӕй хъуамӕ иууылдӕр фехъусой Мф 24:14

Йереми бирӕ азты дӕргъы дзырдта Иерусалимы сӕфты тыххӕй Йер 25:3

Рагон чырысттӕттау не ’рлӕудзыстӕм Хъд 4:18–20; 5:28, 29

 Г. Цӕмӕй адӕмы тугӕй сыгъдӕг уӕм, уый тыххӕй хъӕуы хъусын кӕнын

Хъуамӕ дзурӕм, кӕрон кӕй ӕрӕввахс кӕны, уый тыххӕй Йез 33:7; Мф 24:14

Афтӕ куы нӕ кӕнӕм, уӕд тугныккалды аххосджын уыдзыстӕм Йез 33:8, 9; 3:18, 19

Павел адӕмы тугӕй уыд сыгъдӕг; адӕмӕн рӕстдзинад дзырдта Хъд 20:26, 27; 1Кр 9:16

Фервӕздзысты, чи хъусын кӕны, уый дӕр ӕмӕ чи хъусы, уый дӕр 1Тм 4:16; 1Кр 9:22

39. Хъысмӕт

  А. Адӕймагӕн хъысмӕт нӕй

Хуыцауы фӕнд сӕххӕст уыдзӕн Ис 55:11; Рд 1:28

Алкӕмӕндӕр йӕ бон у Хуыцауӕн лӕггад кӕнын Ин 3:16; Флп 2:12

40. Цард

  А. Коммӕгӕс адӕм цӕрдзысты ӕнустӕм

Йӕ бон сайын кӕмӕн нӕу, уыцы Хуыцау нын зӕрдӕ ӕвӕры цардӕй Тит 1:2; Ин 10:27, 28

Ӕнустӕм цӕрдзысты, йӕ уырнындзинад хъуыддагӕй чи ӕвдисы, уыдон Ин 11:25, 26

Мӕлӕт нал уыдзӕн 1Кр 15:26; Рар 21:4; 20:14; Ис 25:8

 Ӕ. Уӕлӕрвтӕм ацӕудзысты, «Чырыстийы буармӕ» чи хауы, уыдон

Хуыцау йӕхӕдӕг ӕвзары адӕмы Мф 20:23; 1Кр 12:18

Зӕххӕй ӕрмӕстдӕр 144 000 ацӕудзӕн Рар 14:1, 4; 7:2–4; 5:9, 10

Аргъауӕг Иоанн дӕр нӕй уӕларвон Паддзахады Мф 11:11

 Б. Зӕххыл цӕрдзӕн тынг бирӕ адӕм, «ӕндӕр фыстӕ»

Йесоимӕ уӕлӕрвты чи уыдзӕн, уыдонӕн сӕ нымӕц бӕлвырд у Рар 14:1, 4; 7:2–4

«Ӕндӕр фыстӕ» Чырыстийы ӕфсымӕртӕ не сты Ин 10:16; Мф 25: 32, 40

Абон тынг бирӕ адӕм ӕмбырд кӕнынц зӕххыл цӕрынӕн Рар 7:9, 15–17

Тынг бирӕ адӕм райгас уыдзӕн зӕххыл цӕрынӕн Рар 20:12; 21:4

41. Чырысти

  А. Чырысти у Хуыцауы Фырт ӕмӕ Хуыцауы ӕвӕрд Паддзах

Хуыцауӕн у йӕ фыццаггуырд Фырт, ӕххуыс ын кодта, дуне куы фӕлдыста, уӕд Рар 3:14; Кл 1:15–17

Райгуырд сылгоймагӕй, сси зӕдтӕй ныллӕгдӕр Га 4:4; Дзт 2:9

Райгуырд Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй, ӕвзӕрст ӕрцыд уӕларвмӕ Мф 3:16, 17

Ныр ын ис, зӕхмӕ куы нӕма ’рцыд, уӕдӕй бӕрзонддӕр бынат Флп 2:9, 10

 Ӕ. Йесо Чырыстийыл чи ӕууӕнды, уый фервӕздзӕн

Чырысти у, Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы байзӕддаг Рд 22:18; Га 3:16

Йесо у иунӕг Хистӕр сауджын, ахӕсты аргъ кӕмӕй ӕрцыд фыст, уыцы нывонд 1Ин 2:1, 2; Дзт 7:25, 26; Мф 20:28

Цард райсыны тыххӕй хъӕуы базонын Хуыцау ӕмӕ Чырыстийы; хъӕуы сӕм хъусын Ин 17:3; Хъд 4:12

 Б. Йесойыл ӕууӕндай, ӕрмӕст уый фаг нӕу

Кӕй йыл ӕууӕндӕм, уый хъуамӕ бӕрӕг уа хъуыддӕгтӕй Иак 2:17–26; 1:22–25

Хъӕуы йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын, йӕ куыст ын дарддӕр кӕнын Ин 14:12, 15; 1Ин 2:3

Чырыстийы ном чи дзуры, уыдон иууылдӕр уӕларвон паддзахадмӕ нӕ бацӕудзысты Мф 7:21–23

42. Чырыстийы ӕрыздӕхт

  А. Ӕрыздӕхдзӕн ӕнӕуынгӕ хуызы

Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, зӕгъгӕ йӕ дуне нал фендзӕн Ин 14:19

Йӕ ацыд ын ӕрмӕстдӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ федтой; фӕстӕмӕ дӕр афтӕ ӕрцӕудзӕн Хъд 1:6, 10, 11

Ныр ис уӕлӕрвты, у зӕд 1Тм 6:14–16; Дзт 1:3

Ӕрыздӕхдзӕн уӕларвон паддзахады бартимӕ Дан 7:13, 14

 Ӕ. Йе ’рцыд ын базонӕн уыдзӕн бӕрӕг цаутӕй

Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ фарстой, кӕй ӕрцыд, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн Мф 24:3

Кӕй ӕрцыд, уый чырыстӕттӕ «уынынц» уырнындзинады цӕстытӕй Еф 1:18

Адӕмы ’хсӕн кӕй ис, уый бӕрӕг у бирӕ цаутӕй Лк 21:10, 11

Знӕгтӕ йӕ «фендзысты», се сӕфт куы ’рцӕуа, уӕд Рар 1:7