Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Чи у Йесо Чырысти?

Чи у Йесо Чырысти?

«ЧЫРЫСТОН чи нӕу, суанг ма уыдонӕй дӕр бирӕты уырны, Уый кӕй уыд номдзыд ӕмӕ зондджын ахуыргӕнӕг. Уый ӕцӕгдӕр уыд зӕххыл ӕппӕты зындгонддӕр адӕймӕгтӕй сӕ иу» («The World Book Encyclopedia»). Чи у «Уый»? Йесо Чырысти, чырыстон дины бындурӕвӕрӕг. Зоныс ӕй, чи у? Ӕмӕ дын дӕ цардыл искуыд ӕндавы?

Йесойы лӕггаддзинады тыххӕй фыст ис Библийы, Евангелитӕ кӕй хонынц, уыцы цыппар историон чиныджы. Цас раст сты уыцы хъусинӕгтӕ? Зынгӕ историк Уилл Дьюрант сӕ лӕмбынӕг куы раиртӕста, уӕд ныффыста: «Иу дуджы цӕрӕг хуымӕтӕг адӕмы гыццыл къордӕн сӕ бон куы суыдаид ӕрымысын ахӕм хъомысджын ӕмӕ диссаджы зӕрдӕмӕдзӕугӕ гоймаг, ахӕм хорз ӕгъдау ӕмӕ ахӕм диссаджы ӕфсымӕрон уарзты хуызӕг ӕппӕт адӕмы ’хсӕн, уӕд уый уыдаид ӕппӕт Евангелиты диссӕгтӕй стырдӕр диссаг».

Фӕлӕ Скӕсӕны ӕмӕ ӕндӕр рӕтты цы адӕм цӕры, уыдонӕй милуантӕ Йесо Чырыстийы нӕ зонынц. Чи зоны уыдоны уырна, уый кӕддӕр кӕй цард, фӕлӕ уыдон нӕ хъуыды кӕнынц, сӕ цард йемӕ баст кӕй у, ууыл. Иннӕтӕ дзурынц, зӕгъгӕ, Йесо хъусдарды аккаг нӕу, ӕмӕ сӕм ахӕм ахаст ис, йӕ мӕнг фӕдылдзӕуджытӕ цы ӕвзӕр митӕ бакодтой, уый тыххӕй. «Уыдон ӕрӕппӕрстой атомон бомбӕ Нагасакийыл,— фӕзӕгъынц иуӕй-иутӕ Японы,— Японы ӕппӕты фылдӕр чырыстӕттӕ кӕм цард, уыцы горӕтыл».

Зӕгъӕм, рынчын дохтыры амындтӕм куы нӕ хъуса, уӕд йӕ низы дохтыр аххосджын уыдзӕн? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Бирӕ рӕстӕджы дӕргъы чырыстон дунейы адӕм нӕ хъусынц Йесойы амындтӕм, ӕрвылбойнон зындзинӕдтӕ фӕразыны тыххӕй. Уӕдӕ хуыздӕр нӕ уаид, Йесойы куы нӕ иуварс кӕнис чырыстон дунейы чырыстӕтты тыххӕй, кӕцытӕ йын йӕ амындтӕм нӕ хъуыстой, фӕлӕ дӕхӕдӕг уый тыххӕй исты куы базонис? Ӕркӕс Библимӕ ӕмӕ базон, чи у Йесо ӕцӕгӕй ӕмӕ дын дӕ цард куыд аивдзӕн, уый.

Уарзондзинад у йӕ фӕдзӕхст

Йесо Чырысти уыд номдзыд ахуыргӕнӕг ӕмӕ цард Палестинӕйы иу-2 000 азы размӕ. Йӕ сабибонты тыххӕй бирӕ ницы ис базонӕн (Матфейы 1-аг ӕмӕ 2-аг сӕртӕ; Лукайы 1-аг ӕмӕ 2-аг сӕртӕ). Йесойыл 30 азы куы сӕххӕст, уӕд уый райдыдта йӕ лӕггаддзинад, «цӕмӕй ӕцӕгады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууыдаид» (Иоанны 18:37; Лукайы 3:21—23). Йесойы цард чи афыста, уыцы цыппар фыссӕджы фылдӕр сӕ хъус ӕрдардтой йӕ лӕггаддзинадмӕ, ома йӕ зӕххон царды фӕстаг ӕртӕ аз ӕмӕ ӕрдӕгмӕ.

Йӕ лӕггаддзинады рӕстӕджы Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн радта дӕгъӕл, сӕ царды алыхуызон зындзинӕдтӕ куыд хъуамӕ иуварс кодтаиккой, уымӕн. Цы уыд уыцы дӕгъӕл? Уый уыд уарзондзинад. Историйы ӕппӕты зындгонддӕр уацамындтӕй сӕ иуы, Уӕлхох уацамынды, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, куыд ис адӕммӕ уарзондзинад ӕвдисӕн. Уый загъта: «Ӕмӕ афтӕ, алцыдӕр уӕ уӕхицӕн куыд фӕнды, цӕмӕй уын адӕм кӕной, афтӕ сымах дӕр кӕнут уыдонӕн» (Матфейы 7:12). Ацы принцип схуыдтой «сыгъзӕрин уагӕвӕрд». Ам Йесо «адӕмы» тыххӕй куы дзырдта, уӕд уый загъта знӕгтӕй дӕр. Ацы уацамынды ма загъта: «Уарзут уе знӕгты, арфӕдзинад курут уӕ ӕлгъитджытӕн» (Матфейы 5:44). Цымӕ ахӕм уарзондзинады фӕрцы абон цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уыдоныл нӕ фӕуӕлахиз уаиккам? Индийы хицау Мохандас Ганди растдӕр афтӕ хъуыды кодта. Уый загъта: «[Мах] куы баиу уаиккам Чырыстийы Уӕлхох уацамынды бындурыл, уӕд мах райхаликкам... ӕппӕт дунейы проблемӕтӕ дӕр». Йесо цы уарзондзинадыл ахуыр кодта, адӕймагад уый йӕ царды куы ӕвдиса, уӕд гӕнӕн ис ӕмӕ йӕ низтӕй дӕр фервӕза.

Йесо йӕ уарзондзинад куыд ӕвдыста

Йесо адӕмӕн цы амыдта, уый йӕхӕдӕг дӕр арӕзта. Уый иннӕтыл йӕхицӕй тынгдӕр мӕт кодта ӕмӕ уарзондзинад ӕвдыста хъуыддӕгтӕй. Иухатт Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ахуыр кодтой бирӕ адӕмы ӕмӕ сӕ ӕнӕхъӕн бон хӕрынмӕ дӕр нӕ равдӕлд. Йесо уыдта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй бафӕлладысты ӕмӕ сӕ иу гыццыл «сӕ фӕллад ӕруадзын» кӕй хъуыд, ӕмӕ уӕд ацыдысты хибар ранмӕ. Фӕлӕ адӕм сӕ разӕй фесты ӕмӕ се ’рбацыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты. Ды Йесойы бынаты куы уыдаис, уӕд цы бакодтаис? Йесо «фӕтӕригъӕд кодта уыдонӕн... ӕмӕ райдыдта ахуыр кӕнын уыдоны бирӕ» (Маркы 6:30—34). Йесо тынг тӕригъӕдгӕнаг кӕй уыд, уый йӕ сразӕнгард кодта иннӕтӕн баххуыс кӕнынмӕ.

Йесо адӕмӕн канд духовон ӕгъдауӕй не ’ххуыс кодта. Уый ма сын ӕххуыс кодта материалон ӕгъдауӕй дӕр. Цӕвиттонӕн, уый бафсӕста, ӕнӕхъӕн бон ӕм суанг изӕрмӕ чи хъуыста, уыцы 5 000 адӕймаджы (уыдонимӕ ма сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕтты дӕр). Фӕстӕдӕр та бафсӕста 4 000 адӕймаджы. Фыццаг хатт сӕ бафсӕста фондз дзул ӕмӕ дыууӕ кӕсагӕй, дыккаг хатт та — авд дзул ӕмӕ цалдӕр гыццыл кӕсагӕй (Матфейы 14:14—21; 15:32—38; Маркы 6:35—44; 8:1—9). Зӕгъдзынӕ, мӕнӕ диссӕгтӕ! О, Йесо ӕцӕгӕй дӕр арӕзта диссӕгтӕ.

Уымӕй уӕлдай ма Йесо дзӕбӕх кодта бирӕ рынчынты дӕр. Уый дзӕбӕх кодта куырмыты, къуылыхты, хъотырджынты ӕмӕ къуырматы. Ахъуыды ма кӕн, уый ӕгас кодта мӕрдты дӕр! (Лукайы 7:22; Иоанны 11:30—45). Иухатт ын иу хъотырджын балӕгъстӕ кодта: «Кӕд Дӕ фӕнды, Дӕ бон у мӕн ссыгъдӕг кӕнын». Йесо йын цы бакодта? «Йӕ къух ӕм бадардта, аныдзӕвыд ыл ӕмӕ йын загъта: „Фӕнды Мӕ, ссыгъдӕг у“» (Маркы 1:40, 41, МСЕ). Йесойы тынг фӕндыд уыцы адӕймагӕн баххуыс кӕнын. Ахӕм диссӕгтӕй Йесо ӕвдыста йӕ уарзондзинад рынчынтӕм.

Зынтӕй дӕ уырны? Фӕлӕ Йесо йӕ диссӕгтӕн сӕ фылдӕр равдыста адӕмы раз. Йӕ ныхмӕ чи цыд, алы хъуыддаджы дӕр ӕй аххосджын кӕныныл чи архайдта, уыдон дӕр ма сразы сты, диссӕгтӕ кӕй арӕзта, ууыл (Иоанны 9:1—34). Уымӕй уӕлдай ма уый диссӕгтӕ арӕзта бӕлвырд нысанӕн. Уыдоны руаджы адӕм уыдтой, Йесо Хуыцауӕй ӕрвыст кӕй у, уый (Иоанны 6:14).

Йесойы ахуырӕдтӕ ӕмӕ нӕ йӕ царды хабӕрттӕ разӕнгард кӕнынц Йесойы фылдӕр уарзынмӕ ӕмӕ йын йӕ уарзондзинад фӕзмынмӕ. Фӕлӕ ма Йесо дӕ цардыл ӕндӕр хуызы дӕр ӕндавы. Уый нӕ уыд, ӕрмӕст уарзондзинад ӕвдисыныл чи ахуыр кодта, ахӕм номдзыд ахуыргӕнӕг. Йесо дзырдта, йӕ адӕймагон царды размӕ Хуыцауы иунӕггуырд Фырт кӕй уыд, ууыл (Иоанны 1:14; 3:16; 8:58; 17:5; 1 Иоанны 4:9). Уымӕй уӕлдай ма йӕ адӕймагон царды фӕстӕ дӕр Йесо цӕры, ӕмӕ уый зонын дӕуӕн ноджы ахсджиагдӕр у. Библи дзуры, Йесо уӕлӕрвтӕм кӕй ссыд ӕмӕ ныр кӕй у Хуыцауы Паддзахады Паддзах (Раргомад 11:15). Йесо загъта: «Уый та у мыггагмӕйы цард, цӕмӕй зоной Дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Дӕуӕй ӕрвыст Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3; 20:31). Ӕцӕгдӕр, Йесо Чырыстийы тыххӕй фылдӕр зонын нысан кӕны ӕнусон цард Дзӕнӕты! Уымӕн куыд ис гӕнӕн? Цӕуылнӕ ис Йесойы тыххӕй фылдӕр базонӕн ӕмӕ фенӕн, «Чырыстийы уарзондзинад нӕ [куыд] разӕнгард кӕны» уый фӕзмынмӕ? (2 Коринфӕгтӕм 5:14, НД). Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын уыцы хъуыддаджы ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзысты (Иоанны 13:34, 35).

Грекъаг Фыстыты цитатӕтӕ ист сты «Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтирӕй», 1994 аз. Иннӕ тӕлмацтӕ: МСЕ — «Маркы Сыгъдӕг Евангели», 1996 аз; НД — «Сыгъдӕг Фыстады Ног Дунейы тӕлмац» англисаг ӕвзагыл.