Амундтӕ «Нӕ киристон цард ӕма лӕггади» фембӕлдӕн
Сӕргӕндтӕ
1. Ами ци разамунд финст ес, е пайда уодзӕй, «Нӕ киристон цард ӕма лӕггадӕ» ка хуннуй, еци фембӕлди кадӕриддӕр архайуй, уонӕн. Ӕ ихӕслӕвӕрд цӕттӕ кӕнуни размӕ алкедӕр гъӕуама лӕмбунӕг ӕркӕса, «Косӕн тъетради», удта аци ӕрмӕги ци амундтӕ ес, уонӕмӕ. Игъосунгӕнгути баразӕнгард кӕнӕ, цӕмӕй сӕ фӕндӕуа ихӕслӕвӕрдтӕ цӕттӕ кӕнун. Игъосунгӕнӕг ка нӕй, фал ӕмбурдтӕмӕ ка цӕуй, уонӕн дӕр сӕ бон ӕй ихӕслӕвӕрдтӕ цӕттӕ кӕнун, кӕд Библий ахурӕдтӕбӕл арази ’нцӕ ӕма Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрунцӕ, уӕд. Игъосунгӕнӕг ка нӕма ’й, уӕхӕн адӕймаги ихӕслӕвӕрдтӕ цӕттӕ кӕнун ку фӕндӕуа, уӕд «Нӕ цард ӕма лӕггади» фембӕлди цӕстӕдарӕг ӕ хӕццӕ фембӕлдзӕй, цӕмӕй радзубанди кӕна, ци домӕнтӕ ес, уони туххӕй. Еци фембӕлди гъӕуама уа, адӕймаги хӕццӕ Библи ка ахур кӕнуй, е (кенӕ киристон ниййергутӕй еске). Еци домӕнтӕ ӕнцӕ, ӕнаргъуд игъосунгӕнгутӕн ци домӕнтӕ ес, етӕ (od-U 8 сӕр, 8 абз.).
РАЗДЗУРД
2. 1 минут. Зар ӕма кувди фӕсте фембӕлди сӕрдареуӕггӕнӕг ӕнсувӕр игъосгути бацӕмӕдес кӕнуни туххӕй зӕгъдзӕй, программи дзурд цӕбӕл цӕудзӕй, уой. Гъӕуама е ’ргом раздаха, ӕмбурдӕн пайдадӕр ка уодзӕй, уӕхӕн гъудитӕмӕ.
«ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ»
3. Радзубанди. 10 минутти. Сӕргонд ӕма дууӕ-ӕртӕ цубур гъудий финст ӕнцӕ «Косӕн тъетради». Еци радзубанди гъӕудзӕй баихӕс кӕнун хестӕр нӕлгоймагӕн кенӕ фӕлтӕрдгун кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕрӕн. Графикмӕ гӕсгӕ Библийӕй нӕуӕг киунугӕ кӕсун ку райдайӕн, уӕд еци киунуги туххӕй ӕвдист уодзӕй видеоролик. Ӕнсувӕрӕн ӕ бон уодзӕй, видеороликки ци гъудитӕ ес, етӕ теми хӕццӕ куд баст ӕнцӕ, уой зӕгъун. Гъӕуама радзора, «Косӕн тъетради» ма ци гъудитӕ ес, уонӕбӕл дӕр. Удта ма рӕстӕг ку амона, уӕд гъӕуама испайда кӕна, темӕмӕ ка хауй, еци хузтӕй. Ӕ бон ма ӕй испайда кӕнун уӕлӕнхасӕн ӕрмӕгӕй.
4. Цӕхуӕн хӕзнатӕ иссирдтай. 10 минутти. Аци хай ӕвзурст цӕудзӕй фарстатӕ ӕма дзуӕппити фӕрци ӕнӕ раздзурд ӕма кӕронбӕттӕнӕй. Уодзӕй хестӕр нӕлгоймагӕн кенӕ фӕлтӕрдгун кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕрӕн. Ӕнсувӕр гъӕуама игъосгутӕмӕ дууӕ фарстай дӕр ратта. Удта ӕхуӕдӕг лух кӕндзӕй, амунд стихтӕ кӕсдзӕнцӕ ӕви нӕ. Дзуапп гъӕуама уа 30 сикъундти кенӕ минкъийдӕр.
5. Библи кӕсӕн. 4 минутти. Аци ихӕслӕвӕрд гъӕуама цӕттӕ кӕна, нӕлгоймаг. Гъӕуама ӕрмӕг бакӕса ӕнӕ раздзурдӕй ӕма кӕронбӕттӕнӕй. Фембӕлди сӕрдареуӕггӕнӕг ӕнсувӕр гъӕуама ахуркӕнуйнӕгтӕн ӕнхус кӕна раст ӕма ӕнӕкъуӕзгӕй кӕсун, цӕмӕй, ци кӕсонцӕ, уой лӕдӕронцӕ ӕма гъӕугӕ дзурдтӕбӕл цавд ӕвӕронцӕ, гъӕлӕси уагӕ ӕййевонцӕ ӕма кӕнгӕ гъӕлӕсӕй ма кӕсонцӕ, удта кӕсгӕ-кӕсгӕй кӕми цӕйбӕрцӕ ӕрлӕуун гъӕуй, уой дӕр зононцӕ. Библий скъуддзӕгтӕй еуетӕ цубурдӕр фӕуунцӕ, иннетӕ ба – даргъдӕр. Уомӕ гӕсгӕ фембӕлди цӕстӕдарӕг гъӕуама ӕ гъудий дара, аци ихӕслӕвӕрд кӕмӕн раттуйнаг ӕй, е куд кӕсуй, уой.
«АРӔХСТГУНДӔРӔЙ ИГЪОСУН КӔНӔ»
6. 15 минутти. Аци хай алкӕмӕндӕр ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй игъосун кӕнуни гъуддаги фӕлтӕрдгундӕр кӕна ӕма иннети ахур кӕнунмӕ хуӕздӕр арӕхса. Ку гъӕуа, уӕд аци ихӕслӕвӕрдтӕ хестӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр баихӕс кӕндзӕнцӕ. Ихӕслӕвӕрд кӕмӕн уодзӕй, е гъӕуама байархайа, брошюрӕй «Ахур кӕнӕ» кенӕ «Адӕни уарзӕ» къӕлӕтти ци урок финст ес, уобӕл. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ уодзӕй ӕрмӕг фарстатӕ ӕма дзуӕппити хӕццӕ. Уӕд еци хай цӕттӕ кӕндзӕй хестӕр нӕлгоймаг кенӕ фӕлтӕрдгун кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕр. (Кӕсӕ 15 абзац.)
7. Дзубанди ку райдайай. Аци ихӕслӕвӕрд уодзӕй хуӕрӕ кенӕ ӕнсувӕрӕн. Ӕнсувӕрӕн гъӕуама ӕнхус кӕна ӕнсувӕр, хуӕрӕн ба – хуӕрӕ, кенӕ сӕ бийнонтӕй еске. Сӕ бон ӕй лӕуун кенӕ бадун. (Кӕсӕ 12 ӕма 13 абзацтӕ.)
8. Адӕймаги нӕуӕгӕй ку бабӕрӕг кӕнай. Аци ихӕслӕвӕрд уодзӕй хуӕрӕ кенӕ ӕнсувӕрӕн. Ӕнсувӕрӕн гъӕуама ӕнхус кӕна ӕнсувӕр, хуӕрӕн ба – хуӕрӕ, кенӕ сӕ бийнонтӕй еске (km-U 5/97 7). Сӕ бон ӕй лӕуун кенӕ бадун. Игъосунгӕнӕг гъӕуама бавдеса, раздӕр имӕ ка байгъуста, еци адӕймаги хӕццӕ идарддӕр куд ес радзорӕн, уой. (Кӕсӕ 12 ӕма 13 абзацтӕ.)
9. Ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнгӕй. Аци ихӕслӕвӕрд уодзӕй хуӕрӕ кенӕ ӕнсувӕрӕн. Ӕнсувӕрӕн гъӕуама ӕнхус кӕна ӕнсувӕр, хуӕрӕн ба – хуӕрӕ (km-U 5/97 7). Сӕ бон уодзӕй лӕуун кенӕ бадун. Игъосунгӕнӕг гъӕуама бавдеса, Библий ахур арӕхстгунӕй уадзӕн куд ес, уомӕй скъуддзаг. Ихӕслӕвӕрдӕн раздзурд ӕма кӕронбӕттӕн кӕнун гъӕудзӕй, игъосунгӕнӕг еци уроктӕй ескӕцибӕл ку коса, ӕрмӕстдӕр уӕд. Ци ӕрмӕг си ӕвзардзӕнцӕ, уой ӕнӕмӕнгӕй ӕгасӕйдӕр гъӕрӕй кӕсун нӕ гъӕуй, фал ӕй ку бакӕсонцӕ, уӕд дӕр неци кӕнуй.
10. Цӕбӕл ӕууӕндис, уой лӕдӕрун кӕнис. Аци ихӕслӕвӕрд радзубандий хузи ку уа, уӕд ӕй гъӕуама бацӕттӕ кӕна ӕнсувӕр. Равдист ку уа, уӕд ӕй ӕ бон ӕй бацӕттӕ кӕнун хуӕрӕн дӕр ӕма ӕнсувӕрӕн дӕр. Ӕнсувӕрӕн гъӕуама ӕнхус кӕна ӕнсувӕр, хуӕрӕн ба – хуӕрӕ. Аци ӕрмӕг кӕмӕ уа, е гъӕуама фарстабӕл дзуапп балӕдӕрун кӕна комкоммӕ ӕма уӕзданӕй, ссылки ци ӕрмӕг ес, уомӕ гӕсгӕ. Ӕхе бон ӕй ниллух кӕнун, ӕрмӕг цӕхуӕн публикацийӕй райста, уой зӕгъдзӕй ӕви нӕ.
11. Радзубанди. Аци ихӕслӕвӕрд гъӕуама бацӕттӕ кӕна ӕнсувӕр. Радзубанди брошюри «Адӕни уарзӕ» 1-аг уӕлӕнхасӕни ци пункттӕ ес, уонӕй ескӕцибӕл арӕзт ку уа, уӕд ӕй гъӕудзӕй зӕгъун, еци стих кенӕ стихтӕй игъосун кӕнгӕй куд ес испайда кӕнӕн. Зӕгъӕн, ӕ бон ӕй зӕгъун, стихӕй испайда кӕнӕн кӕд ес, ци нисан кӕнуй ӕма ’й куд ӕнгъезуй адӕймагӕн балӕдӕрун кӕнун. Радзубанди брошюри «Адӕни уарзӕ» уроктӕй ескӕцибӕл арӕзт ку уа, уӕд гъӕудзӕй ӕргом раздахун, ци гъудитӕ си ес, уонӕй игъосун кӕнгӕй испайда кӕнӕн куд ес. Ӕ бон ӕй ӕ цӕстӕ ӕрдарун, урокти 1-аг пунктти ци цӕветтонтӕ фӕууй, уонӕмӕ кенӕ хаст стихтӕй ескӕцимӕ, е пайда ку уа, уӕд.
12. Ихӕслӕвӕрди нисан ци ӕй. Аци ӕма иннӕ абзацти ци финст ес, е хауй ихӕслӕвӕрдтӕмӕ «Дзубанди ку райдайай» ӕма «Адӕймаги нӕуӕгӕй ку бабӕрӕг кӕнай». Кӕд ӕндӕрхузи амунд нӕй, уӕд игъосунгӕнӕгӕн ӕ нисан ӕй, адӕймагмӕ цӕмӕдесаг ка фӕккӕса, уӕхӕн сӕйраг ахурӕдтӕй ескӕцибӕл радзубанди кӕнун ӕма иннӕ хатт радзубанди кӕнунмӕ бундор ӕрӕвӕрун. Ци темӕбӕл дзордзӕй, е гъӕуама уа, уӕ территорий адӕни ци тухсун кӕнуй, уомӕ гӕсгӕ. Ихӕслӕвӕрд кӕмӕн уа, уомӕн ӕхе бон ӕй равзарун, игъосун кӕнунмӕ нӕмӕ ци косӕндзаумӕуттӕ ес, уонӕмӕ ци видеороликтӕ кенӕ публикацитӕ хаунцӕ, уонӕй равдисти рӕстӕг испайда кӕндзӕй ӕви нӕ. Цӕттӕ дзурдтӕ ахур кӕнуни бӕсти игъосунгӕнгутӕ гъӕуама архайонцӕ, цӕмӕй дзурдарӕхст уонцӕ, гъома цӕмӕй, ӕнӕуой куд фӕдздзорунцӕ, уотӕ дзоронцӕ ӕма сӕ дзурдтӕй бӕрӕг уа, адӕймаги мӕтӕ ке кӕнунцӕ.
13. Уавӕртӕ. Ихӕслӕвӕрд кӕмӕн уа, е гъӕуама испайда кӕна, ци уавӕр финст ӕй, уомӕй. Ӕ ихӕслӕвӕрд гъӕуама бацӕттӕ кӕна бунӕттон уавӕртӕмӕ гӕсгӕ. Зӕгъӕн:
(1) Игъосун кӕнис хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ. Уомӕ хауй участокки ку игъосун кӕнай (лӕгӕй-лӕгмӕ, телефонӕй кенӕ финстӕгути фӕрци), удта раздӕр ци адӕймагӕн игъосун кодтай, уой хӕццӕ нӕуӕгӕй ку дзорай.
(2) Игъосун кӕнис, фадуат дин фӕззиндтӕй, уотемӕй. Уомӕ хауй, адӕймагӕн рӕстдзийнади туххӕй ести ку радзорай, ӕнӕуой естӕбӕл дзубанди кӕнгӕй дин фадуат ку фӕззинна, уӕд. Зӕгъӕн, кусти, скъолай, синхи астӕу, надбӕл цӕугӕй кенӕ бони дӕргъи дӕ гъуддӕгтӕ кӕнгӕй.
(3) Игъосун кӕнис, берӕ адӕн кӕми фӕууй, уӕхӕн рауӕн. Уомӕ хауй, хуарз хабар ку игъосун кӕнай стенди хӕццӕ, адӕн косгӕ кӕми кӕнунцӕ, уӕхӕн бунӕтти, гъӕунгти, паркти, машинтти лӕууӕнти кенӕ ма адӕн берӕ кӕми фӕууй, ӕндӕр уӕхӕн бунӕтти.
14. Видеороликтӕ ӕма литературӕ. Ихӕслӕвӕрд кӕмӕн уа, уомӕн ӕхе бон ӕй ниллух кӕнун, равдисти рӕстӕг видеороликтӕ кенӕ литературӕй пайда кӕндзӕй ӕви нӕ. Ӕ ихӕслӕвӕрдмӕ видеоролик ку хауа, уӕд ибӕл гъӕуама радзубанди кӕна, фал ӕй равдисти рӕстӕг ӕвдесун нӕ гъӕуй.
«НӔ КИРИСТОН ЦАРД»
15. Аци хай райдайдзӕй зарӕй. Цӕудзӕй 15 минутти. Уодзӕй си еу кенӕ дууӕ теми. Уой фӕрци ахур кӕндзиан, Хуцауи Дзурдӕй царди куд пайда кӕнгӕ ’й, уобӕл. Кӕд ӕндӕрхузи амунд нӕ уа, уӕд аци хӕйттӕ баихӕс кӕнӕн ес хестӕр нӕлгоймӕгтӕн кенӕ фӕлтӕрдгун кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕртӕн. Фал ӕркӕсуйнаг фарстатӕбӕл ба дзубанди кӕндзӕй ӕрмӕстдӕр хестӕр нӕлгоймаг. Кӕцидӕр хай фарстатӕ ӕма дзуӕппити хӕццӕ ку уа, уӕд ма ӕнсувӕри бон ӕй мухургонд фарстатӕй уӕлдай уӕлӕнхасӕн фарстатӕ дӕр дӕттун. Фал ӕгӕр берӕ дӕр гъӕуама ма дзора, цӕмӕй фагӕ рӕстӕг уа сӕйраг гъудитӕмӕ ӕркӕсунмӕ ӕма игъосгути бафӕрсунмӕ. Интервью райсун ку гъӕуа, уӕд хуарз уайдӕ, ке фӕрсунцӕ, е ӕ бунатӕй ку нӕ дзоридӕ, фал сценӕмӕ ку рацӕуидӕ, гӕнӕн ку уа, уӕд.
16. Библий ахур ӕмбурди хӕццӕ. 30 минутти. Уодзӕй хестӕр нӕлгоймагӕн. (Ӕмбурди хестӕр нӕлгоймӕгтӕ фагӕ ку нӕ уа, уӕд ӕй баихӕс кӕнӕн ес фӕлтӕрдгун кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕрӕн.) Хестӕр нӕлгоймӕгти совет гъӕуама расагъӕс кӕна, Библий ахур ӕмбурди хӕццӕ баихӕс кӕнӕн кӕмӕн ес, уобӕл. Ке равзаронцӕ, е гъӕуама ахур уадзунмӕ хуарз арӕхса: ӕ рӕстӕгӕй ма хеза, сӕйраг стихтӕбӕл дзора ӕма игъосгутӕн ӕнхус кӕна, ӕрмӕг ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй, уой балӕдӕрунмӕ. Аци хай уадзунмӕ ке иснисан кӕнонцӕ, уой бон ӕй нӕ публикацити хуарз унаффитӕ иссерун (w23.04 24 фарс, рамкӕ). Ӕрмӕгбӕл бӕстон ку радзубанди кӕнайтӕ, рӕстӕг ба ма ку байзайа, уӕд рӕстӕг барӕй ивазун нӕ гъӕудзӕй. Кӕд уавӕр амона, уӕд еци фембӕлд алли къуӕре дӕр ӕндӕр ӕнсувӕр уадзӕд ӕма абзацтӕ дӕр ӕндӕр ӕнсувӕр кӕсӕд. Фембӕлди сӕрдареуӕггӕнӕг ӕнсувӕр ку зӕгъа, ахури рӕстӕг фӕццубурдӕр кӕнун ке гъӕуй, уӕд ахур ка уадздзӕй, е расагъӕс кӕндзӕй, куд ӕй фӕццубурдӕр кӕндзӕй, уобӕл. Ӕнгъезуй еуӕй-еу абзацтӕбӕл ӕнӕ кӕсгӕй радзубанди кӕнун.
КӔРОНБӔТТӔН
17. 3 минутти. Сӕрдареуӕггӕнӕг ӕнсувӕр игъосгутӕн сӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕндзӕй, уӕлдай ӕнхус син ка фӕууодзӕй, еци гъудитӕ. Удта зӕгъдзӕй, иннӕ къуӕрей фембӕлди дзурд цӕбӕл цӕудзӕй, уой. Рӕстӕг ку амона, уӕд ӕ бон уодзӕй зӕгъун, иннӕ къуӕре ихӕслӕвӕрдтӕ кӕмӕн уодзӕй, уони нӕмттӕ. Ӕндӕрхузи амунд ку нӕ уа, уӕд фӕстагмӕ сӕрдареуӕггӕнӕг ӕнсувӕр гъӕуама бакӕса, бакӕсун ке гъӕуй, еци игъосуйнӕгтӕ ӕма финстӕгутӕ. Фал къуӕрейӕй-къуӕремӕ ка не ’ййевуй, еци игъосуйнӕгтӕ, зӕгъӕн, игъосун кӕнуни фембӕлдти туххӕй кенӕ зал ӕфснайуни туххӕй дзорун нӕ гъӕуй, уомӕн ӕма еци игъосуйнӕгтӕ гъӕуама уонцӕ игъосуйнӕгти фӕйнӕгбӕл. Игъосуйнӕгтӕ ӕма финстӕгутӕ бакӕсунмӕ ин фагӕ рӕстӕг ку нӕ уа, уӕд гъӕуама рӕстӕг ӕндӕр ескӕцӕй рахецӕн кӕна кенӕ, «Нӕ киристон цард»-и хӕйттӕ кӕмӕн баихӕс кӕнонцӕ, еци ӕнсувӕртӕн зӕгъа, цӕмӕй сӕ рӕстӕг фӕццубурдӕр кӕнонцӕ. (Кӕсӕ 16 ӕма 19 абзацтӕ.) Ӕмбурд фӕууодзӕй зар ӕма кувдӕй.
РАСТАУН ӔМА УНАФФӔ РАТТУН
18. Сӕрдареуӕггӕнӕг ӕнсувӕрӕн ихӕслӕвӕрдтӕй алкӕций фӕсте дӕр уодзӕй еу минутти бӕрцӕ, цӕмӕй адӕймаги растауа ӕма ин брошюрӕй лӕвӕрд урокмӕ гӕсгӕ унаффӕ ратта. Адӕймаг кӕци урокбӕл куста, уой ихӕслӕвӕрди размӕ нӕ дзордзӕй. Фал ихӕслӕвӕрди фӕсте адӕймаги растаудзӕй, уой фӕсте ба зӕгъдзӕй, кӕци урокбӕл куста, уой. Удта ма ӕ бон уодзӕй зӕгъун, адӕймаг еци урокбӕл дзӕбӕх ке байархайдта, е цӕмӕй бӕрӕг адтӕй, уой кенӕ ба ин фӕлмӕнӕй балӕдӕрун кӕндзӕй, хуарз цӕмӕн уайдӕ еци урокбӕл ма никкидӕр байархайун ӕма уомӕн куд ес гӕнӕн. Сӕрдареуӕггӕнӕг ӕнсувӕрӕн ма ӕ бон уодзӕй зӕгъун, адӕймаги ӕ ихӕслӕвӕрди фӕххуӕздӕр кӕнун ци гъудӕй, уой, кӕд е адӕймагӕн дӕр ӕма игъосунгӕнгутӕн дӕр пайда уодзӕй, уӕд. Адӕймагӕн ма никкидӕр унаффӕ раттун ку гъӕуа, уӕд ин ӕй ӕмбурди фӕсте кенӕ ӕндӕр хатт хецӕнӕй балӕдӕрун кӕндзӕй, брошюритӕй «Адӕни уарзӕ», «Ахур кӕнӕ» ӕма киунугӕ «Учимся в Школе теократического служения» уроктӕмӕ гӕсгӕ. Унаффӕ раттӕн ин ес, ци урокбӕл архайдта кенӕ ӕ ихӕслӕвӕрд куд бацӕттӕ кодта, уой фӕдбӕл. Фулдӕр базонуни туххӕй кӕсӕ, «Нӕ цард ӕма лӕггади» фембӕлди сӕрдареуӕггӕнӕг ӕнсувӕр ӕма унаффӕдӕттӕг ӕнсувӕрӕн 19, 24, ӕма 25 абзацти ци амундтӕ ес, уонӕмӕ.
РӔСТӔГ
19. Фембӕлди еунӕг хай дӕр гъӕуама амунд рӕстӕгӕй фулдӕр ма уа, уомӕ хаунцӕ сӕрдареуӕггӕнӕги дзурдтӕ дӕр. «Косӕн тъетради» амунд ӕй, алли хаййӕн дӕр цӕйбӕрцӕ рӕстӕг ес, е. Фал кӕцидӕр хаййи ци ӕрмӕг ес, е бӕстон ӕвзурст ку ’рцӕуа ӕма амунд рӕстӕгӕй тагъддӕр ку фӕууа, уӕд барӕй рӕстӕг ивазун нӕ гъӕуй. Фембӕлди иннӕ хӕйттӕ рауадзун кӕмӕн баихӕс кӕнонцӕ, еци ӕнсувӕртӕй рӕстӕгӕй еске ку рахеза, уӕд син «Нӕ цард ӕма лӕггади» фембӕлди сӕрдареуӕггӕнӕг кенӕ унаффӕдӕттӕг ӕнсувӕр унаффӕ хецӕнӕй ратдзӕй. (Кӕсӕ 24 ӕма 25 абзацтӕ.) Фембӕлд ӕнӕгъӕнӕйдӕр ӕд зартӕ ӕма ӕд кувдтитӕ гъӕуама 1 сахат ӕма 45 минуттемӕй фулдӕр ма цӕуа.
ӔМБУРД РАЙОНОН ЦӔСТӔДАРӔГ КУ БӔРӔГ КӔНА
20. Ӕмбурд районон цӕстӕдарӕг ку бӕрӕг кӕна, уӕд фембӕлд гъӕуама цӕуа, «Косӕн тъетради» ци программӕ ес, уомӕ гӕсгӕ, ӕрмӕст, «Библий ахур ӕмбурди хӕццӕ», нӕ уодзӕй, фал ӕ бӕсти 30 минуттей дӕргъи уодзӕй районон цӕстӕдарӕги радзубанди. Радзубандий размӕ сӕрдареуӕггӕнӕг ӕнсувӕр еци ӕма иннӕ къуӕрей программӕбӕл цубуртӕй радзордзӕй, ӕхсидзгӕ игъосуйнӕгтӕ ӕма финстӕгутӕ ку уа, уӕд сӕ бакӕсдзӕй, уой фӕсте ба зӕгъдзӕй, районон цӕстӕдарӕги радзубандимӕ ке байгъосдзиан. Районон цӕстӕдарӕг ӕ радзубандий фӕсте зӕгъдзӕй, фӕстагмӕ ци зар разардзиан, уой (зар ӕхуӕдӕг равзардзӕй). Ӕ бон ӕй ӕндӕр ӕнсувӕрӕн зӕгъун, цӕмӕй ӕмбурди кӕрон ракова. Ӕмбурд районон цӕстӕдарӕг ку бӕрӕг кӕна, уӕд, ӕмбурд ци ӕвзагбӕл ӕй, уобӕл дуккаг къласи ихӕслӕвӕрдтӕ нӕ уодзӕй. Ӕмбурди ӕндӕр ӕвзагбӕл къуар ку уа, уӕд къуарӕн ӕ бон уодзӕй ӕ фембӕлдтӕ уадзун. Фал районон цӕстӕдарӕгӕн радзубанди ку уа, уӕд къуар гъӕуама ӕмбурди хӕццӕ уа.
КОНГРЕСС КУ УА, ЕЦИ КЪУӔРЕ
21. Районон кенӕ регионалон конгресс ци къуӕре уа, еци къуӕре ӕмбурдтӕ нӕ уодзӕй. Фал ӕмбурдӕн гъӕудзӕй сӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнун, ци программӕ си гъӕуама ӕвзурстайанӕ, уой нӕхуӕдтӕ кенӕ нӕ бийнонти ахури рӕстӕг ке гъӕуама равзарӕн.
ИМИСӔН ИЗӔР КУ УА, ЕЦИ КЪУӔРЕ
22. Имисӕн изӕр косгӕ бӕнттӕмӕ ку хауа, уӕд еци къуӕре «Нӕ цард ӕма лӕггади» фембӕлд нӕ уодзӕй.
«НӔ ЦАРД ӔМА ЛӔГГАДИ» ФЕМБӔЛДИ ЦӔСТӔДАРӔГ
23. Хестӕр нӕлгоймӕгти совет ке иснисан кӕна, еци хестӕр нӕлгоймаг уодзӕй «Нӕ цард ӕма лӕггади» фембӕлди цӕстӕдарӕг. Еци ӕнсувӕр ӕ гъос дардзӕй, цӕмӕй фембӕлдтӕмӕ алцидӕр бацӕттӕ кӕнонцӕ ӕма фембӕлд аци амундтӕмӕ гӕсгӕ рацӕуа. Удта гъӕуама унаффӕдӕттӕг ӕнсувӕри хӕццӕ унаффӕ кӕна. Нӕуӕг «Косӕн тъетрад» куддӕр фӕззинна, уотӕ цӕстӕдарӕг ниффинсдзӕй, еци дууӕ мӕйи ихӕслӕвӕрдтӕ кӕмӕн уодзӕй, уой. Уомӕ хаунцӕ ӕгас ихӕслӕвӕрдтӕ дӕр. Удта гъӕуама иснисан кӕна, хестӕр нӕлгоймӕгти совет ке равзурста, еци ӕнсувӕртӕй фембӕлди сӕрдареуӕггӕнӕг ка кӕд уодзӕй, уой. (Кӕсӕ 3–16 ӕма 24 абзацтӕ.) Ихӕслӕвӕрдтӕ ка фӕддӕттуй, еци ӕнсувӕр гъӕуама ӕ гъос дара, адӕймаг ци кари ӕй, цӕйбӕрцӕбӕл фӕлтӕрдгун ӕма дзурдарӕхст ӕй, уой. Гъе уотӕ гъӕуама архайа ӕмбурди иннӕ хӕййтӕ ка уадздзӕй, уой ниллух кӕнун ӕй ку гъӕуа, уӕд дӕр. Алкӕмӕндӕр ӕ ихӕслӕвӕрди туххӕй фегъосун кӕнун гъӕудзӕй тӕккӕ минкъийдӕр ӕртӕ къуӕрей раздӕр. Ахургӕнӕн ихӕслӕвӕрдтӕ гъӕуй дӕттун «„Нӕ киристон цард ӕма лӕггади фембӕлди“ ихӕслӕвӕрд» ка хуннуй, еци бланкбӕл (S-89). Цӕстӕдарӕг гъӕуама ӕ гъос дара, цӕмӕй ихӕслӕвӕрдти графикки къопи уа игъосункӕнуйнӕгти фӕйнӕгбӕл. Гӕнӕн ес, ӕма хестӕр нӕлгоймӕгти совет ӕндӕр хестӕр нӕлгоймаги кенӕ кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕри равзардзӕй, цӕмӕй еци фембӕлди цӕстӕдарӕгӕн ӕнхус кӕна. Ахуркӕнуйнӕгти ихӕстӕмӕ ка нӕ хауй, уони гъӕуама иуара ӕрмӕстдӕр хестӕр нӕлгоймаг.
«НӔ ЦАРД ӔМА ЛӔГГАДИ» ФЕМБӔЛДИ СӔРДАРЕУӔГГӔНӔГ ӔНСУВӔР
24. Алли къуӕре дӕр еу хестӕр нӕлгоймаг ӕнхӕст кӕндзӕй, «Нӕ цард ӕма лӕггади» фембӕлди сӕрдареуӕггӕнӕг ӕнсувӕри ихӕстӕ. (Ӕмбурди фагӕ хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ку нӕ уа, уӕд ӕй баихӕс кӕнӕн ес фӕлтӕрдгун кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕрӕн.) Ӕ ихӕс уодзӕй ӕмбурди раздзурд ӕма кӕронбӕттӕн бацӕттӕ кӕнун. Удта алли хаййи размӕ дӕр зӕгъдзӕй, нуртӕккӕ ци хай уодзӕй, уой. Ӕма хестӕр нӕлгоймӕгти совети хестӕр нӕлгоймӕгтӕ берӕ ку нӕ уа, уӕд ма ин баихӕс кӕнӕн уодзӕй фембӕлди кӕцидӕр хӕйттӕ дӕр, зӕгъӕн, уотид видеоролик бавдесун кӕми гъӕуа ӕма фарстатӕ дӕттун кӕми нӕ гъӕуа, уӕхӕн хӕйттӕ. Фембӕлди хӕйтти астӕу гъӕуама дзора цубуртӕй. Хестӕр нӕлгоймӕгти совет ниллух кӕндзӕй, еци ихӕс хестӕр нӕлгоймӕгтӕй кӕмӕн баихӕс кӕнӕн ес, уой. Ке равзаронцӕ, еци хестӕр нӕлгоймӕгтӕ еци ихӕс кезугай ӕнхӕст кӕндзӕнцӕ. Уе ’мбурди уавӕртӕмӕ гӕсгӕ сӕрдареуӕггӕнӕг ӕнсувӕри ихӕстӕ арӕхдӕр баихӕс кӕнӕн уодзӕй «Нӕ цард ӕма лӕггади» фембӕлди цӕстӕдарӕгӕн, иннӕ хестӕр нӕлгоймӕгтӕн нӕ, фал. Библий ахур ӕмбурди хӕццӕ уадзунмӕ хуарз ка арӕхсуй, еци хестӕр нӕлгоймагӕн дӕр уодзӕй баихӕс кӕнӕн фембӕлди сӕрдареуӕггӕнӕг ӕнсувӕри ихӕстӕ. Фал дӕ хуарзӕнхӕй, дӕ зӕрдӕбӕл дарӕ, фембӕлди сӕрдареуӕггӕнӕг ӕнсувӕри ихӕстӕ ка ӕнхӕст кӕна, еци хестӕр нӕлгоймаг, ихӕслӕвӕрд кӕмӕн уа, уони гъӕуама растауа ӕма ку гъӕуа, уӕд син пайда ка фӕууа, уӕхӕн унаффӕ фӕлмӕнӕй ратта. Удта ма сӕрдареуӕггӕнӕг ӕнсувӕр гъӕуама ӕ гъос дара, цӕмӕй ӕмбурд афойнадӕбӕл фӕууа. (Кӕсӕ 17 ӕма 19 абзацтӕ.) Кӕд сӕрдареуӕггӕнӕг ӕнсувӕри фӕндӕуа ӕма кӕд сценӕбӕл фагӕ бунат уа, уӕд си исӕвӕрӕн уодзӕй микрофон, цӕмӕй, нуртӕккӕ ци хай уодзӕй, уой зӕгъа, цалинмӕ, еци хай кӕмӕн уодзӕй, еци ӕнсувӕр пюпитермӕ цӕуа, уӕдмӕ. Удта, кӕмӕн цӕхуӕн ихӕслӕвӕрд уодзӕй, уой ку дзора ӕма син уой фӕсте унаффӕ ку дӕтта, удта ӕ бон уодзӕй сценӕбӕл стъоли размӕ бадун, зӕгъӕн, ӕнсувӕр, алли къуӕре дӕр нин Библийӕй бакӕсуйнаг ка фӕууй, еци стихтӕ ку кӕса ӕма ӕнсувӕр хай «Арӕхстгундӕрӕй игъосун кӕнӕ» ку уадза, уӕд. Уотемӕй ихӕслӕвӕрдтӕ ӕма хӕйтти астӕу рӕстӕг берӕ нӕ харз кӕндзӕнцӕ.
УНАФФӔДӔТТӔГ ӔНСУВӔР
25. Гӕнӕн ку уа, уӕд хуӕздӕр уайдӕ, аци гъуддаг, фӕлтӕрдгун ӕма дзурдарӕхст ка ӕй, уӕхӕн хестӕр нӕлгоймагӕн баихӕс кӕнун. Ӕ ихӕс ӕй, цӕмӕй ку гъӕуа, уӕд хестӕр нӕлгоймӕгтӕн кенӕ кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕртӕн хецӕнӕй унаффӕ дӕтта, зӕгъӕн, «Нӕ цард ӕма лӕггади» фембӕлди ескӕци хай куд рауадзунцӕ, радзубандитӕ куд радзорунцӕ, ахургӕнӕн журнал кенӕ Библий ахур ӕмбурди хӕццӕ куд рауадзунцӕ кенӕ ӕрмӕг куд фӕккӕсунцӕ, уой фӕдбӕл. (Кӕсӕ 19 абзац.) Хестӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕма кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕртӕн сӕ алли радзубандий фӕсте дӕр унаффӕ дӕттун нӕ гъӕуй. Кӕд ӕмбурди цалдӕр хестӕр нӕлгоймаги ес, уӕд аци гъуддаг алли анз дӕр баихӕс кӕнӕн ес, дзурдарӕхст ӕма адӕни ахур кӕнунмӕ ка арӕхсуй, ӕндӕр уӕхӕн фӕлтӕрдгун хестӕр нӕлгоймагӕн.
ӔМБУРДИ ЕУ КЪЛАСӔЙ ФУЛДӔР КУ УА
26. Ӕмбурди никкидӕр кълӕстӕ уодзӕй ӕви нӕ, е кӕнгӕ уодзӕй, ӕмбурди цал игъосунгӕнӕги ес, уомӕй. Алли къласӕн дӕр гъӕуама уа, унаффӕ ка дӕтдзӕй, уӕхӕн фӕлтӕрдгун ӕнсувӕр, хуӕздӕр уодзӕй, хестӕр нӕлгоймаг ку уа, уӕд. Ӕндӕр гӕнӕн ку нӕ уа, уӕдта еци ихӕс раттӕн уодзӕй кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕрӕн дӕр. Хестӕр нӕлгоймӕгти совет гъӕуама ниллух кӕна, еци ихӕс кӕмӕн ес баихӕс кӕнӕн, уой. Унаффӕдӕттӕг ӕнсувӕр гъӕуама архайа, 18 абзацци ци амундтӕ ес, уонӕмӕ гӕсгӕ. Ӕмбурди еу къласӕй фулдӕр ку уа, уӕд, «Цӕхуӕн хӕзнатӕ иссирдтай», зӕгъгӕ, ка хуннуй, еци хаййи фӕсте сӕрдареуӕггӕнӕг ӕнсувӕр, ихӕслӕвӕрд кӕмӕн уодзӕй, еци игъосунгӕнгутӕн гъӕуама зӕгъа, цӕмӕй уордӕмӕ бацӕуонцӕ. «Арӕхстгундӕрӕй игъосун кӕнӕ», зӕгъгӕ, ка хуннуй, еци хай ку фӕууа, уӕдта гъӕуама фӕстӕмӕ залмӕ рацӕуонцӕ.
ВИДЕОРОЛИКТӔ
27. Аци фембӕлди уодзӕй видеороликтӕ. Еци видеороликтӕ уодзӕнцӕ приложений JW Library® ӕма сӕмӕ кӕсӕн уодзӕй телефони кенӕ планшети.
© 2023 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
S-38-DGR 11/23