Видеороликтӕ «Хуарз хабар Хуцауӕй»
Хуцауӕн ном ес?
Хуцауи аллихузи фӕххонунцӕ, зӕгъӕн, Алцигъон, Сфӕлдесӕг, Дуйнедарӕг. Аци видеороликки сӕйрагидӕр дзурд цӕуй Хуцауи номи туххӕй. Еци ном Библий ӕмбӕлуй 7 000 хаттемӕй фулдӕр.
Библи Хуцауи Дзурд ке ӕй, уой кӕцӕй зонӕн?
Кӕд Библи Хуцауӕй ӕй, уӕд гъӕуама иннӕ киунугути хузӕн ма уа.
Библи ка ниффинста?
Кӕд Библи адӕн ниффинстонцӕ, уӕд ӕй Хуцауи Дзурд исхонӕн ес? Ке гъудитӕ си ес?
Киристе цӕмӕн рамардӕй?
Библимӕ гӕсгӕ, Киристей мӕлӕт неке мӕлӕти хӕццӕ ес рабарӕн. Цума ’й цӕмӕн багъудӕй рамӕлун?
Хуцау зӕнхӕ цӕмӕн сфӕлдиста?
Нӕ зӕнхӕбӕл алцидӕр хъӕбӕр дессаг конд ӕй. Хорӕй цӕйбӕрцӕ гъӕуй, уойбӕрцӕ идард ӕвӕрд ӕй. Уомӕй уӕлдай ма, куд гъӕуй, уотӕ тагъд зелуй. Цума Хуцау зӕнхӕ искӕнунбӕл уойбӕрцӕ цӕмӕн фӕййархайдта?
Хуцауи Паддзахадӕ ци ӕй?
Киристе ӕ зӕнхон лӕггади рӕстӕг адӕнӕн фиццагидӕр дзурдта Хуцауи Паддзахади туххӕй. Ӕности дӕргъи ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕ кувтонцӕ, цӕмӕй еци Паддзахадӕ ӕрцӕуа.
Адӕймаг ку рамӕлуй, уӕд ци фӕууй?
Библи зӕрдӕ ӕвӕруй, уӕхӕн рӕстӕг ке ’рцӕудзӕй, ӕма ка рамардӕй, уонӕй беретӕ райгас уодзӕнцӕ, Лазӕр куд райгас ӕй, уотӕ.
Хуцау гъезӕмӕрттӕн кӕрон цӕмӕннӕ кӕнуй?
Беретӕ фӕффӕрсунцӕ: «Дуйней уойбӕрцӕ маст ӕма гъезӕмӕрттӕ цӕмӕн ес?». Библи аци фарстабӕл ци дзуапп дӕттуй, е беретӕн уодӕнцойнӕ ӕрхаста.
Цума Хуцау ӕгас динтӕй дӕр арази ӕй?
Берети гъудимӕ гӕсгӕ, цӕхуӕн динбӕл хуӕст дӕ, уомӕй неци уӕлдай ес.
Цума Хуцау ӕгасей кувдтитӕмӕ дӕр игъосуй?
Адӕймаг е ’нӕфсес фӕндтӕ бафсадуни туххӕй ку кова, уӕд ӕй Хуцау фегъосдзӕй? Ӕ бийнойнаги ка бафхуӕруй ӕма иннӕ бон Хуцауӕй арфӕдзийнӕдтӕ ка фӕккоруй, уӕхӕн нӕлгоймаги кувд фегъосдзӕй?