Махӕн зундзонӕн ка ’нцӕ, уӕхӕн хабӕрттӕ
Израилӕгтӕ Иордани сӕрти ку нӕма бахизтӕнцӕ, уӕд хъӕбӕр тӕссаг уавӕри бахауттӕнцӕ. Минкъий ма удта Хуцаубӕл сӕ зӕрдӕ исӕййивтайуонцӕ. Еци хабарӕй мах абони берӕ цӕбӕлдӕрти ахур кӕнӕн. Сӕ синхаг адӕми – моавӕгти хӕццӕ – ке балимӕн ӕнцӕ, уой туххӕй фӕлварӕни бахӕуттӕнцӕ ӕма лӕгъуз миутӕ кӕнун райдӕдтонцӕ. Сӕ зундахаст ӕма гъуддӕгтӕ абони махӕн ӕнцӕ зундзонӕн.