Бонзонгӕ уо, ӕнцон дин ку нӕ уа, уӕддӕр
«Дӕ Хуцауи хӕццӕ бонзонгӕй цо» (МИХ. 6:8).
ЗАРТӔ: 48, 80
1–3. Библий ӕ ном финст кӕмӕн нӕй, еци пахампар ци нӕ бакодта, ӕма ӕй е цӕмӕ ӕркодта? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)
ЙЕРОВОАМ Израили паддзах ку адтӕй, уӕд имӕ Йеговӕ Иудӕй ӕ пахампари рарвиста, цӕмӕй ин фегъосун кодтайдӕ, Хуцауи ке ниууагъта, уой туххӕй ӕй карз тӕрхон ке хезуй. Еци сӕрниллӕг пахампар, Йеговӕ ин куддӕриддӕр загъта, уотӕ бакодта, ӕма ’й уой туххӕй Йеговӕ Йеровоами мастӕй багъӕуай кодта (1 Пад. 13:1–10).
2 Еци пахампарӕн Йеговӕ бафӕдзахста: «Къӕбӕр дӕр си [Израили] ма бахуӕрӕ ӕма си дон дӕр ма баниуазӕ. Ӕма, ци надбӕл ӕрцудтӕ, фӕстӕмӕ уобӕл ма раздӕхӕ». Фал фӕстӕмӕ хӕдзарӕмӕ ку цудӕй, уӕд ибӕл рамбалдӕй, Вефили ка цардӕй, еу уӕхӕн зӕронд лӕг, ӕма ӕхе исхудта Йегови пахампар. Еци лӕг ибӕл хийнӕй рацудӕй ӕма ’й Йегови фӕдзӕхсти сӕрти рахезун кодта. Йеговӕ ӕ пахампармӕ исмӕстгун ӕй. Фӕстӕдӕр пахампар сӕхемӕ ку рацудӕй, уӕд ибӕл домбай рамбалдӕй, ӕма ’й ӕрбамардта (1 Пад. 13:11–24).
3 Цума еци бонзонгӕ пахампар ӕ зӕрдӕ ӕхебӕл цӕмӕн бадардта, ӕма еци мӕнгард лӕги фӕдбӕл цӕмӕн рацудӕй? Библий уой туххӕй неци финст ес. Ӕвӕдзи си феронх ӕй, Хуцауи Михеййи 6:8.) Библимӕ гӕсгӕ «Хуцауи хӕццӕ бонзонгӕй цӕун» уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма гъӕуама нӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дарӕн, ӕ хецаудзийнади фарс лӕууӕн ӕма ин ӕ разамундмӕ игъосӕн. Бонзонгӕ адӕймаг ӕй лӕдӕруй, нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕма хъаурӕгин Фидӕмӕ алкӕддӕр ковун ке гъӕуй. Еци пахампарӕн ӕ бон адтӕй унаффӕ рахӕссуни размӕ Йегови ма еу хатт дӕр бафӕрсун. Махӕн дӕр алкӕд унаффӕ рахӕссун ӕнцон нӕ фӕууй ӕма ’й алкӕд нӕ фӕззонӕн, растдӕр куд уодзӕй, уой. Уӕхӕн уавӕри бонзонгӕ ку уӕн ӕма Йегови разамунд ку агорӕн, уӕд нӕхе уӕззау тӕрегъӕдтӕй бахездзиан.
хӕццӕ бонзонгӕй ке гъӕуама цӕуа, е. (Бакӕсӕ4. Аци статьяй дзурд цӕбӕл цӕудзӕй?
4 Айразиккон статьяй базудтан, киристон адӕймаг бонзонгӕ цӕмӕн гъӕуама уа ӕма еци менеуӕг цӕмӕй бӕрӕг фӕууй, уой. Бонзонгӕй архайун зиндӕр цӕхуӕн уавӕрти фӕууй? Удта нӕ бон куд ӕй еци хуарз менеуӕг нӕ уодигъӕди федар кӕнун? Цӕмӕй аци фарстатӕбӕл дзуапп базонӕн, уой туххӕй ӕркӕсӕн, нӕ бонзонгӕдзийнадӕ фӕлвӕрд кӕми ӕрцӕуй, ӕртӕ уӕхӕн уавӕремӕ, ӕма расагъӕс кӕнӕн, нӕ бон си куд ӕй зундӕй архайун (Ӕмб. 11:2).
НӔ УАВӔРТӔ КУ РАЙЙЕВУНЦӔ
5, 6. Верзели бонзонгӕ ке адтӕй, е цӕмӕй рабӕрӕг ӕй?
5 Нӕ бонзонгӕдзийнадӕ фӕлвӕрд ӕрцӕуй, нӕ уавӕртӕ кенӕ нин Хуцауи организаций ци ихӕстӕ ес, етӕ ку раййевунцӕ, уӕд. 80-анздзуд Верзелийӕн, ӕвӕдзи, хъӕбӕр ӕхцӕуӕн адтӕй, Давид ӕй ӕ хӕдзарӕмӕ цӕрунмӕ ку худта, уӕд. Фал ин не ’сарази ӕй. Цума цӕмӕн? Уомӕн ӕма каргун лӕг адтӕй ӕма ’й нӕ фӕндадтӕй, цӕмӕй паддзахӕн уӕлдай уаргъ иссайдӕ. Верзели ин загъта, цӕмӕй ӕ бӕсти Кимгами райстайдӕ. Ӕвӕдзи е адтӕй ӕ фурттӕй сӕ еу (2 Сам. 19:31–37).
6 Верзели бонзонгӕ ке адтӕй, уой фӕрци зундгин унаффӕ рахаста. Уӕхӕн унаффӕ ке рахаста, е уобӕл дзорӕг н’ адтӕй, ӕма ’й ӕхемӕ нӕуӕг ихӕстӕ есун нӕ фӕндадтӕй кенӕ ’й зӕрондӕрдӕмӕ сабур цардӕй бацӕрун фӕндадтӕй. Верзели лӕдӕрдтӕй, ӕ уавӕртӕ ӕма ӕ хъауритӕ, уойбӕрцӕ ке нӕбал амонунцӕ. (Бакӕсӕ Галатӕгтӕмӕ 6:4, 5.) Мах дӕр гъӕуама нӕхецӕн кадӕ ма агорӕн, уомӕн ӕма уӕд айдагъ нӕхе сагъӕс кӕндзиан, удта нӕхе иннети хӕццӕ бардзиан (Гал. 5:26). Бонзонгӕ ку уӕн, уӕд нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕрти хӕццӕ еумӕ Хуцауӕн кадӕ хӕсдзиан, удта нӕ бон ци ӕй, уой кӕндзиан, цӕмӕй иннетӕн ӕнхус кӕнӕн (1 Кор. 10:31).
7, 8. Цӕмӕй нӕ зӕрдӕ нӕхебӕл дарун ма райдайӕн, уой туххӕй нин бонзонгӕдзийнадӕ куд банхус кӕндзӕй?
7 Адӕймагӕн ести ӕхсидзгӕ гъуддаг ку баихӕс кӕнунцӕ, уӕд ин арӕх бартӕ дӕр фулдӕр фӕззиннуй, ӕма уотемӕй дӕр ӕ бонзонгӕдзийнадӕ фӕлвӕрд ӕрцӕуй. Нееми ку базудта, Йерусалими цӕргутӕ цӕхуӕн кӕуйнаг уавӕри ’нцӕ, уой, уӕд Йеговӕмӕ зӕрдиагӕй ковун райдӕдта (Неем. 1:4, 11). Йеговӕ ин ӕ кувд фегъуста, ӕма ’й Артаксеркс еци бӕсти сӕргълӕууӕгӕй исӕвардта. Кӕд Неемийӕн устур бунат, бартӕ ӕма гъӕздугдзийнӕдтӕ адтӕй, уӕддӕр ӕ зӕрдӕ ӕхе зунд ӕма хъауритӕбӕл некӕд бадардта. Е идарддӕр Хуцауи хӕццӕ цудӕй ӕма ин ӕ Закъон кӕсгӕй ӕ разамунд агурдта (Неем. 8:1, 8, 9). Нееми ӕхе иннетӕн хецау нӕ кодта, фал ма син ӕхе харзӕй дӕр ӕнхус кодта (Неем. 5:14–19).
8 Неемий цӕветтонӕй бӕрӕг ӕй, бонзонгӕ ку уӕн, уӕд нӕ зӕрдӕ нӕхебӕл нӕ дардзиан, нӕуӕг ихӕстӕ нин ку раттонцӕ, уӕд. Зӕгъӕн, хестӕр нӕлгоймаг ӕ зӕрдӕ ӕхебӕл ку дара, уӕд, гӕнӕн ес, ӕма фиццаг Йеговӕмӕ ма искова, уотемӕй ӕмбурди ӕ ихӕслӕвӕрдтӕмӕ февнала. Кенӕ фӕууй Ӕмбесӕндтӕ 3:5, 6.) Мах еугурӕйдӕр Хуцауи бийнонтӕй ан ӕма нӕхецӕн кадӕ нӕ агорӕн, фал ӕнхӕст кӕнӕн, нӕхе бийнонти дӕр ӕма нӕбӕл ӕмбурди дӕр ци ихӕстӕ ес, уони (1 Тим. 3:15).
уотӕ, ӕма адӕймаг фиццаг цидӕр унаффӕ рахӕссуй, удта Йеговӕмӕ ковун райдайуй, цӕмӕй ин ӕ унаффӕн райарфӕ кӕна. Цума уӕхӕн гъуддӕгтӕ бонзонгӕдзийнадӕбӕл дзорӕг ӕнцӕ? Бонзонгӕ адӕймаг ӕй лӕдӕруй, Хуцауи размӕ ин цӕхуӕн бунат ес, уой, удта иннетӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй гъӕуама кӕса, уой дӕр. Цидӕр гъуддӕгти арӕхстгундӕр ке ан, е нецӕбӕл ма дзорӕг ӕй. Зонгӕ уавӕри ку бахауӕн, уӕд уӕлдай хъӕбӕрдӕр тӕссаг фӕууй, нӕ зӕрдӕ нӕхебӕл ку бадарӕн, уомӕй. (БакӕсӕУАЙДЗӔФТӔ НИН КУ КӔНОНЦӔ КЕНӔ НӔ КУ ӔСТАУОНЦӔ
9, 10. Бонзонгӕдзийнадӕ нин куд банхус кӕндзӕй, уайдзӕфтӕ нин ку кӕнонцӕ, уӕд?
9 Хебӕл хуӕцун уӕлдай зиндӕр фӕууй, еске дин уайдзӕфтӕ ку кӕна, уӕд. Зӕгъӕн, Аннӕ арӕх фӕккӕуидӕ Феннанӕ ин ӕ уодӕй гъазун ку райдаидӕ, уӕд. Анни ӕ лӕг берӕ уарзта, фал син зӕнӕг не ’нтӕстӕй. Еухатт Аннӕ Хуцауи цатури Йеговӕмӕ кувта, ӕма ’й хестӕр саугин Илий ку фӕууидта, уӕд имӕ уотӕ фӕккастӕй, цума расуг ӕй, ӕма ин бауайдзӕф кодта. Фал уӕхӕн уавӕри дӕр Аннӕ ӕхебӕл фӕххуӕстӕй ӕма Илийӕн уӕзданӕй дзуапп равардта. Аннӕн ӕ зӕрдиаг кувд Библий финст ӕрцудӕй. Еци кувдӕй бӕрӕг ӕй, Йеговӕбӕл куд хъӕбӕр ӕууӕндтӕй, куд боз си адтӕй ӕма ’й куд кадгин кодта, е (1 Сам. 1:5–7, 12–16; 2:1–10).
10 Бонзонгӕ ку уӕн, уӕд «лӕгъуздзийнадӕбӕл хуарздзийнадӕй уӕлахез» кӕндзиан (Ром. 12:21). Сайтани дуйней цӕргӕй нӕ арӕх бафхуӕрунцӕ ӕма нӕ фӕгъгъӕуй нӕхебӕл фӕххуӕцун (Пс. 37:1). Фал нин уӕлдай зиндӕр фӕууй, нӕ хуӕртӕ ма не ’нсувӕртӕй нин еске нӕ зӕрдӕ ку фӕрресун кӕнуй, уӕд. Бонзонгӕ адӕймаг уӕхӕн уавӕри Киристей хузӕн архайдзӕй. Библи зӕгъуй: «Алли ӕфхуӕрӕн дзурдтӕ ин ку кодтонцӕ, уӕд сӕ е не ’фхуардта... фал ӕхе бакодта, раст тӕрхон ка кӕнуй, уой барӕ» (1 Пет. 2:23). Йесо ӕй лӕдӕрдтӕй маст есуни барӕ ӕрмӕстдӕр Хуцауӕн ке ес (Ром. 12:19). Киристей фӕдбӕлдзӕугутӕ дӕр гъӕуама уонцӕ сӕрниллӕг ӕма лӕгъуз лӕгъузӕй ма федонцӕ (1 Пет. 3:8, 9).
11, 12. а) Еске нӕ ӕгӕр ку ’стауа, уӕд нин бонзонгӕдзийнадӕ куд банхус кӕндзӕй? б) Бонзонгӕ ке ан, е не ’ндаг бакастбӕл куд гъӕуама бӕрӕг кӕна?
11 Ӕгӕр нӕ ку фестаунцӕ, уӕд уомӕй дӕр нӕ бонзонгӕдзийнадӕ фӕлвӕрд ӕрцӕуй. Ӕркӕсӕн, Есфир нӕуӕг уавӕрти ку бахаудтӕй, уӕд ӕхе куд дардта, уомӕ. Есфир хъӕбӕр рӕсугъд адтӕй ӕма ма ’й еу анзи дӕргъи ба боц дард кодтонцӕ. Алли бон дӕр ӕ рӕстӕг цудӕй, ӕгас Персий паддзахадӕй ци рӕсугъд кизгуттӕ ӕрбакодтонцӕ, уони хӕццӕ. Еци кизгуттӕй алкедӕр архайдта, цӕмӕй паддзахи зӕрдӕмӕ фӕццудайдӕ, ӕма ’й паддзахуосӕй равзурстайдӕ. Фал Есфир ба ӕхе хъӕбӕр уӕздан дардта. Паддзах ӕй ку равзурста, уӕддӕр ӕхемӕ нӕ ниццӕй ӕма ӕ бонзонгӕдзийнадӕ нӕ фесафта (Есф. 2:9, 12, 15, 17).
12 Бозонгӕ ку уӕн, уӕд нӕ бакастӕй, нӕ уӕле ци искӕнӕн ӕма нӕхе куд дарӕн, уомӕй бӕрӕг уодзӕй, иннети ке нимайӕн ӕма нин хуарз уагахаст ке ес, е. Мах ӕй лӕдӕрӕн, нӕхемӕ иннети ӕргом ку ӕздахӕн ӕма нӕхе ку ӕстауӕн, уӕд уомӕй адӕни зӕрдитӕ ке нӕ балхӕндзиан. Уой туххӕй нӕ гъӕуй «сабур ӕма фӕлмӕн уодигъӕдӕ». (Бакӕсӕ 1 Петури 3:3, 4; Йер. 9:23, 24.) Кадӕуарзагӕ ку уӕн, уӕд е еу афони нӕ гъуддӕгтӕбӕл дӕр рабӕрӕг уодзӕй. Зӕгъӕн, еске хӕццӕ дзоргӕй, цума ӕнӕбари иской кодтан, уотӕ зӕгъдзиан, кадгин гъуддаг нин ке баихӕс кодтонцӕ, иннетӕ ке нӕма базудтонцӕ, уӕхӕн хабар ке зонӕн, кенӕ бӕрнон ӕнсувӕрти хӕццӕ ке лимӕн кӕнӕн. Кенӕ ба уотӕ дзордзиан, цума цӕхуӕндӕр гъуддаг мах дзурдмӕ гӕсгӕ бакодтонцӕ ӕма ӕрмӕстдӕр мах фӕрци фӕррӕстмӕ ’й, кӕд си иннетӕ дӕр архайдтонцӕ, уӕддӕр. Аци гъуддаги дӕр нӕ бон ӕй Киристей фӕнзун. Йесо адӕни ку ахур кодта, уӕд син Дзиуиттаг Финстити дзурдтӕ арӕх ӕрхӕссидӕ. Ӕма уой фӕрци адӕн уидтонцӕ, ӕхе зунд син ке не ’вдиста, фал син Хуцауи гъудитӕ ке дзурдта (Иоан. 8:28).
ЦИ УОДЗӔЙ, УОЙ КУ НӔ ЗОНӔН, УӔД
13, 14. Бонзонгӕдзийнадӕ нин унаффитӕ хӕссунмӕ куд ӕнхус кӕндзӕй?
13 Бонзонгӕ ан ӕви нӕ, е ма рабӕрӕг уодзӕй, унаффӕ хӕссун нӕ ку багъӕуа, уӕд. Апостол Павел Кесарий ку адтӕй, уӕд ин пахампар Агав загъта, Йерусалиммӕ ку рандӕ уа, уӕд ӕй уоми ке ниййахӕсдзӕнцӕ ӕма ’й, ка ’й зонуй, маргӕ дӕр ке ракӕндзӕнцӕ. Уомӕ гӕсгӕ ин ӕнсувӕртӕ лигъстӕ кодтонцӕ, цӕмӕй байзадайдӕ. Фал Павел ӕ фӕндӕ нӕ раййивта. Е ӕгӕр нифсхаст н’ адтӕй, фал тӕрсгӕ дӕр нӕ кодта. Павел ӕ зӕрдӕ ӕгасӕйдӕр Йеговӕбӕл дардта ӕма цӕттӕ адтӕй, цидӕриддӕр ин баихӕс кодта, уой исӕнхӕст кӕнунмӕ, кумӕфӕнди цӕун ӕй ма багъудайдӕ, уӕддӕр. Ӕнсувӕртӕ уой ку балӕдӕрдтӕнцӕ, уӕд бонзонгӕ разиндтӕнцӕ ӕма ’й нӕбал уорӕдтонцӕ (Гъуд. 21:10–14).
14 Бонзонгӕ ку уӕн, уӕд нин раст унаффитӕ хӕссун ӕнцондӕр уодзӕй, уӕлдайдӕр ба нӕ гъуддаг идарддӕр куд уодзӕй, уой ку нӕ зонӕн кенӕ гъуддаг махӕй кӕнгӕ ку нӕ уа, уӕд. Зӕгъӕн, исфӕндӕ кодтан пионерӕй лӕггадӕ кӕнун, фал сагъӕс кӕнӕн: «Нур ку фӕссӕйгӕ уон, уӕд куд кӕндзӕн? Мӕ каргун ниййергутӕ ме ’нхус гъӕуагӕ ку уонцӕ, удта? Ку базӕронд уон, уӕдта мӕмӕ ка фӕккӕсдзӕй?» Аци фарстатӕ цӕйбӕрцӕфӕнди ма ’ртасӕн ӕма уой туххӕй цӕйбӕрцӕфӕнди ма ковӕн, уӕддӕр сӕбӕл бӕлвурд дзуапп некӕд базондзиан (Еккл. 8:16, 17). Нӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл ку дарӕн, уӕд ӕй лӕдӕрдзиан, нӕ барӕ алцӕбӕл ке нӕ цӕуй. Нӕ гъуддаг дзӕбӕх ку рартасӕн, иннети хӕццӕ ку раунаффӕ кӕнӕн ӕма Йеговӕй ӕнхус ку ракорӕн, уӕд идарддӕр ба гъӕуама архайӕн Йегови сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ. (Бакӕсӕ Екклесиаст 11:4–6.) Уӕд нин Хуцау нӕ хъиамӕтӕн райарфӕ кӕндзӕй кенӕ нин банхус кӕндзӕй нӕ нисӕнттӕмӕ нӕуӕгӕй ӕркӕсун (Ӕмб. 16:3, 9).
АРХАЙӔ, ЦӔМӔЙ БОНЗОНГӔ АДӔЙМАГ УАЙ
15. Йеговӕбӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд нин е куд банхус кӕндзӕй, цӕмӕй бонзонгӕй архайӕн?
15 Куд ӕй уинӕн, уотемӕй бонзонгӕ ун хъӕбӕр ӕхсидзгӕ ӕй. Уомӕ гӕсгӕ ӕвзуруй фарста: ци нин банхус кӕндзӕй идарддӕр дӕр бонзонгӕй архайун? Ӕркӕсӕн цуппар гъуддагемӕ. Фиццаг: гъӕуама Йегови кадӕбӕл ӕма ӕ дессаги менеугутӕбӕл сагъӕс кӕнӕн (Ис. 8:13). Мах адӕймаги кенӕ изӕди хӕццӕ нӕ цӕуӕн, фал Алцигъон Хуцауи хӕццӕ. Ӕма уой ку лӕдӕрӕн, уӕд нӕхе «хъаурӕгин Хуцауи рази ӕрниллӕг кӕндзиан» (1 Пет. 5:6).
16. Хуцауи уарзтбӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд нӕ е бонзонгӕй архайунмӕ куд разӕнгард кӕндзӕй?
16 Дуккаг: гъӕуама сагъӕс кӕнӕн, Йеговӕ нӕ куд уарзуй, уобӕл. Апостол Павел ӕмбурд рабарста адӕймаги бауӕри хӕццӕ. Йеговӕ бауӕри иуӕнгтӕй алкӕцимӕндӕр устур аргъ кӕнуй (1 Кор. 12:23, 24). Гъе уотӕ махӕй дӕр алкедӕр Хуцауи цӕсти хъазар ӕй. Йеговӕ нӕ иннети хӕццӕ некӕд фӕббаруй, кенӕ ку фӕррӕдуйӕн, уӕд нӕ минкъийдӕр уарзун нӕ райдайуй. Хуцауи уарзтӕй хайгин ке ан, уой фӕрци нецӕмӕй тӕрсӕн.
17. Иннетӕн сӕ хуарз менеугутӕ ку уинӕн, уӕд нин е ци пайда ӕрхӕсдзӕй?
17 Ӕртиккаг: гъӕуама Йегови хузӕн иннетӕн сӕ хуарз менеугутӕ уинӕн. Уотемӕй адӕни ’ргом нӕхемӕ не ’здахдзиан ӕма иннетӕн нӕ амондзиан ци син кӕнгӕ ’й, уой, фал арӕхдӕр иннети хӕццӕ унаффӕ кӕндзиан ӕма син сӕ гъудимӕ игъосдзиан (Ӕмб. 13:10). Ескӕмӕн кадгин ихӕстӕ ку раттонцӕ, уӕд ибӕл мах дӕр цийнӕ кӕндзиан. Удта Йеговӕн кадӕ кӕндзиан, ӕгас дуйнебӕл дӕр нин ци ’нсувӕртӕ ес, уонӕн ке арфӕ кӕнуй, уой туххӕй (1 Пет. 5:9).
18. Цӕмӕй бонзонгӕ уӕн, уой туххӕй не ’фсарӕ куд гъӕуама ахур кӕнӕн?
18 Цуппӕрӕймаг: гъӕуама не ’фсарӕ Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ахур кӕнӕн. Сӕрниллӕг ку уӕн ӕма алцӕмӕдӕр Йегови цӕстӕй ку кӕсӕн, уӕд лӕдӕргӕй архайдзиан. Ӕдзох Библи ку ахур кӕнӕн, ку ковӕн ӕма, ци базонӕн, уомӕ гӕсгӕ ку архайӕн, уӕд не ’фсарӕ минкъийгай исахур уодзӕй, раст ци ӕй, уобӕл (1 Тим. 1:5). Мах нӕхе ахур кӕнӕн фиццагидӕр иннети сагъӕс кӕнун. Уӕд нӕ Йеговӕ, зӕрдӕ нин куд байвардта, уомӕ гӕсгӕ «кӕронмӕ исахур кӕндзӕй», цӕмӕй бонзонгӕ уӕн ӕма иннӕ хуарз менеугутӕ дӕр нӕ уодигъӕди федар кӕнӕн (1 Пет. 5:10).
19. Йегови хӕццӕ ӕносмӕ бонзонгӕй цӕун нӕ бон кӕд уодзӕй?
19 Райдайӕни ке кой кодтан, еци пахампар ӕ зӕрдӕ ӕхебӕл бадардта ӕма Йегови хуарзӕнхӕй фенӕхай ӕй, удта ма ӕ цард дӕр фесафта. Фал кӕд ӕнцон нӕй, уӕддӕр нӕ бон ӕй бонзонгӕ ун. Е бӕрӕг ӕй, рагидзаманти ка цардӕй, еци еузӕрдон лӕггадгӕнгути цӕветтонтӕй, удта мах рӕстӕги бонзонгӕ киристӕнтти цӕветтонтӕй дӕр. Йеговӕн куд фулдӕр лӕггадӕ кӕнӕн, уотӕ ибӕл гъӕуама нӕ зӕрдӕ никки хъӕбӕрдӕр дарӕн ӕма бонзонгӕ уӕн (Ӕмб. 8:13). Хуцауи организаций нин цийфӕнди ихӕстӕ ма уа, уӕддӕр ӕй гъӕуама лӕдӕрӕн, Йегови хӕццӕ ке цӕуӕн, айдагъ е дӕр нин хъӕбӕр устур кадӕ ке ӕй. Гъӕйдӕ мадта еци кадӕн алкӕддӕр аргъ кӕнӕн ӕма Йегови хӕццӕ ӕносмӕ дӕр бонзонгӕй цӕуӕн.