Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Ци сӕребарӕдзийнадӕ дин ес, уомӕн аргъ кӕнӕ

Ци сӕребарӕдзийнадӕ дин ес, уомӕн аргъ кӕнӕ

«Йегови сугъдӕг хъаурӕ кӕми ес, уоми ес сӕребарӕдзийнадӕ» (2 КОР. 3:17).

ЗАРТӔ: 40, 54

1, 2. а) Сӕребарӕдзийнадӕ ци ӕй, уой фӕдбӕл адӕн ци гъуди кӕнунцӕ? б) Библи сӕребарӕдзийнади туххӕй ци зӕгъуй ӕма цӕхуӕн фарстатӕмӕ ӕркӕсдзиан?

УНАФФӔ рахӕссун ке гъудӕй, еу уӕхӕн силгоймаг е ’мбалӕн загъта: «Нӕ мӕ фӕндуй сагъӕс кӕнун. Ду мин ӕй зӕгъӕ, куд бакӕнон, уой. Уотӕ мин ӕнцондӕр ӕй». Не Сфӕлдесӕг нӕ ци сӕребарӕдзийнадӕй исхайгин кодта, уомӕй испайда кӕнуни бӕсти, еци силгоймаги фӕндадтӕй, цӕмӕй ӕ бӕсти унаффӕ ӕндӕр еске рахастайдӕ. Дӕуӕй ба ци ес зӕгъӕн? Дӕхуӕдӕг фӕххӕссис унаффитӕ ӕви уарзис, цӕмӕй дин сӕ дӕ бӕсти ӕндӕр еске хӕсса? Дӕуӕмӕ гӕсгӕ сӕребарӕдзийнадӕ ци ӕй?

2 Сӕребарӕдзийнадӕ ци ӕй, уой адӕн аллихузи лӕдӕрунцӕ. Кадӕртӕ уотӕ гъуди кӕнунцӕ, ӕма ни сӕребарӕ неке ӕй, уомӕн ӕма, дан, алли адӕймагӕн дӕр, Хуцауӕй загъд ци уа, е уодзӕй. Иннетӕмӕ ба уотӕ кӕсуй, ӕма ӕцӕг сӕребарӕдзийнадӕ ӕй, адӕймаг алцӕмӕйдӕр сӕребарӕ ку уа. Фал Библи зӕгъуй, Хуцау нӕ уотӕ ке сфӕлдиста, цӕмӕй нӕхе бон уа унаффитӕ хӕссун. (Бакӕсӕ Йесо Навин 24:15.) Библий ма иссерӕн ес дзуӕппитӕ аци фарстатӕбӕл: нӕ бон куд ӕй нӕ сӕребарӕдзийнадӕй пайда кӕнун? Цӕйбӕрцӕбӕл сӕребарӕ ан? Нӕ бон куд ӕй нӕ сӕребарӕдзийнадӕй уотӕ пайда кӕнун, цӕмӕй бӕрӕг уа, Йегови ке уарзӕн? Иннети сӕребарӕдзийнадӕн ке аргъ кӕнӕн, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй?

ЙЕГОВӔ ӔМА ЙЕСОЙ ЦӔВЕТТОНӔЙ ЦӔБӔЛ АХУР КӔНӔН?

3. Йеговӕ ӕ сӕребарӕдзийнадӕй куд пайда кӕнуй, уомӕй нин фӕнзуйнаг цӕмӕн ӕй?

3 Еугур сӕребарӕ ӕрмӕстдӕр Йеговӕ ӕй. Фал унаффитӕ куд хӕссуй, уомӕй берӕ цӕбӕлдӕрти ахур кӕнӕн. Зӕгъӕн, Йеговӕ равзурста израилӕгти, цӕмӕй ин ӕ ном хастайуонцӕ ӕма иссайуонцӕ, «уӕлдай хъазар ин ка ӕй, еци адӕн» (Дук. з. 7:6–8). Еци унаффӕ Йеговӕ дзӕгъӕли нӕ рахаста. Фӕндадтӕй ӕй, ӕностӕ раздӕр Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, уой исӕнхӕст кӕнун (Райд. 22:15–18). Уомӕй уӕлдай ма Йеговӕ ӕ сӕребарӕдзийнадӕй ку фӕппайда кӕнуй, уӕд бӕрӕг фӕууй, раст ӕма уарзӕгой Хуцау ке ӕй. Зӕгъӕн, израилӕгтӕ еу хаттӕй иннӕ хатмӕ тӕрегъӕди ку бафтуйиуонцӕ, уӕд сӕ бафхуӕридӕ. Фал сӕ гъуддӕгтӕбӕл ку ӕрфӕсмон кӕниуонцӕ, уӕдта син Йеговӕ ниххатир кӕнидӕ. Осий 14:4 финст ӕнцӕ ӕ дзурдтӕ: «Ӕз сӕ исдзӕбӕх кӕндзӕн, ӕма мӕбӕл гадзирахаттӕй нӕбал цӕудзӕнцӕ. Зӕрдӕй сӕ уарздзӕн, уомӕн ӕма сӕмӕ нӕбал мӕстгун кӕнун». Йеговӕ ӕ сӕребарӕдзийнадӕй иннети хуарзӕн куд пайда кӕнуй, уомӕй нин ӕцӕгӕйдӕр фӕнзуйнаг ӕй!

4, 5. а) Йеговӕ сӕребарӕдзийнадӕй фиццаг ке исхайгин кодта, ӕма си е куд пайда кодта? б) Алкедӕр ни ӕхемӕ цӕхуӕн фарста гъӕуама ратта?

4 Йеговӕ адӕни ӕма изӕдти ку сфӕлдиста, уӕд син равардта сӕребарӕдзийнадӕ. Тӕккӕ фиццаг Йеговӕ сфӕлдиста Йесой, ӕма адтӕй ӕхемӕ гӕсгӕ конд (Кол. 1:15). Цума Йесо ӕ сӕребарӕдзийнадӕй куд пайда кодта? Сайтан Хуцауи нихмӕ ку рацудӕй, уӕд Йесо ба Хуцауи фарс байзадӕй. Фӕстӕдӕр зӕнхӕмӕ ку ’рцудӕй, уӕддӕр Сайтани фӕдбӕл нӕ рацудӕй, фӕлваргӕ ’й ку кодта, уӕд (Матф. 4:10). Ӕ мӕлӕти разӕй, еци ӕхсӕвӕ Йесо Хуцаумӕ зӕрдиагӕй искувта ӕма ин загъта, ӕ фӕндон ӕнхӕст кӕнун ӕй ке фӕндуй: «Мӕ Фидӕ, кӕд дӕ фӕндон ӕй, уӕд мин аци къос ма баниуазун кӕнӕ. Ӕной, мӕн куд фӕндуй, уотӕ нӕ, фал дӕу куд фӕндуй, уотӕ уӕд» (Лук. 22:42). Цума мах бон ба нӕй, нӕ сӕребарӕдзийнадӕй Йесой хузӕн раст пайда кӕнун, цӕмӕй Йеговӕн кадӕ хӕссӕн ӕма ин ӕ фӕндон ӕнхӕст кӕнӕн?

5 Гъо, мах бон дӕр ӕй Йесой хузӕн архайун, уомӕн ӕма Хуцау мах дӕр ӕхемӕ гӕсгӕ сфӕлдиста (Райд. 1:26). Фал е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма мах дӕр Хуцауи хузӕн сӕребарӕ ан. Библи нин лӕдӕрун кӕнуй, мах алцӕмӕй сӕребарӕ ке нӕ ан ӕма Хуцауи закъӕнти сӕрти ке гъӕуама ма хезӕн. Зӕгъӕн, уоститӕ гъӕуама игъосонцӕ сӕ лӕгтӕмӕ, сувӕллӕнттӕ ба сӕ ниййергутӕмӕ (Еф. 5:22; 6:1). Алци кӕнуни барӕ нин ке нӕййес, е нӕ сӕребарӕдзийнадӕбӕл куд бӕрӕг кӕнуй? Аци фарстабӕл цӕхуӕн дзуапп раттӕн, уомӕй кӕнгӕ ’й нӕ ӕносон цард.

УӔ СӔРЕБАРӔДЗИЙНАДӔЙ ХУЦАУИ КАДӔН ПАЙДА КӔНТӔ

6. Сӕребарӕдзийнадӕн арӕнтӕ ку нӕ уа, уӕд е лӕгъуз цӕмӕн ӕй? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.

6 Алци кӕнуни барӕ нин ке нӕййес, уомӕ гӕсгӕ цума ӕцӕгӕйдӕр сӕребарӕ ан? Гъо! Цума цӕмӕн? Йеговӕ нин нӕ сӕребарӕдзийнадӕн арӕнтӕ ке искодта, е нӕ гъӕуай кӕнуй. Зӕгъӕн, кумӕдӕр машинӕбӕл фӕццӕуис. Дӕ алливарс, еци машинттӕ ба надбӕл цӕуни ӕгъдӕуттӕ нецӕмӕ дарунцӕ ӕма си ке куд фӕндуй, уотӕ цӕуй. Уӕхӕн надбӕл цӕугӕй фидбилизи бахаунӕй хъӕбӕр тӕссаг ӕй. Нӕ сӕребарӕдзийнадӕн дӕр цидӕр арӕнтӕ ку уа, уӕд алкӕмӕндӕр хуарз уодзӕй. Ӕркӕсӕн уой фӕдбӕл цалдӕр цӕветтонемӕ Библийӕй.

7. а) Адам цӕрӕгойтӕй цӕмӕй хецӕн кодта? б) Радзорӕ, Адам ӕ сӕребарӕдзийнадӕй куд пайда кодта.

7 Хуцау Адами ку сфӕлдиста, уӕд ӕй исхайгин кодта, изӕдти ци сӕребарӕдзийнадӕй исхайгин кодта, еци сӕребарӕдзийнадӕй. Ӕма уомӕй Адам хецӕн кодта цӕрӕгойтӕй. Ӕркӕсӕн, Адам ӕ сӕребарӕдзийнадӕй раст куд пайда кодта, уомӕ. Адӕймаги размӕ, Хуцау сфӕлдиста цӕрӕгойти, фал син нӕмттӕ ба нӕ равардта. Еци гъуддаг Хуцау Адами барӕ ниууагъта, ӕма е Адамӕн устур цийни хуасӕ адтӕй. Библи зӕгъуй: «Хуцау... сӕ райдӕдта адӕймагмӕ кӕнун, алке дӕр си куд исхондзӕй, зӕгъгӕ». Адам лӕмбунӕг кастӕй цӕрӕгойтӕ сӕхе куд дарунцӕ, уомӕ ӕма син уомӕ гӕсгӕ нӕмттӕ лӕвардта. Ӕ куст кӕронмӕ ку искодта, уӕд ин ӕй Йеговӕ рӕститӕ кӕнун нӕ райдӕдта, фал Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ, «алли цӕрӕг уоди дӕр адӕймаг куд исхудта, уотӕ адтӕй ӕ ном» (Райд. 2:19).

8. Адам ӕ сӕребарӕдзийнадӕй раст куд не ’спайда кодта, ӕма е цӕмӕ ӕркодта?

8 Хуцау Адамӕн баихӕс кодта, цӕмӕй ӕгас зӕнхӕй дӕр дзенет рауайун кодтайдӕ, ӕма ин загъта: «Цӕуӕт уадзетӕ ӕма исберӕ уотӕ ӕма зӕнхӕ идзаг кӕнтӕ ӕма ин хецау уотӕ. Уӕ барӕ цӕуӕд денгизи кӕсӕлгитӕбӕл, арви мӕргътӕбӕл ӕма зӕнхӕбӕл цӕрӕгойтӕй цидӕриддӕр ӕзмӕлуй, уонӕбӕл» (Райд. 1:28). Фал Адам Хуцауи закъони сӕрти рахизтӕй ӕма ин ци бӕласи рӕзӕй хуӕрун нӕ уагъта, уомӕй бахуардта. Адам ӕ сӕребарӕдзийнадӕй раст ке не ’спайда кодта, уой туххӕй адӕн мингай ӕнзти дӕргъи гъезӕмарӕ кӕнунцӕ (Ром. 5:12). Мадта нӕ зӕрдӕбӕл дарӕн, Адам ци унаффӕ рахаста, е цӕмӕ ӕркодта, уой. Е нӕ разӕнгард кӕндзӕй, цӕмӕй нӕ сӕребарӕдзийнадӕй раст пайда кӕнӕн, ӕма нин Йеговӕ ци сӕребарӕдзийнадӕ равардта, уомӕй фулдӕр ма агорӕн.

9. Йеговӕ израилӕгтӕн цӕхуӕн барӕ равардта ӕма цӕхуӕн унаффӕ рахастонцӕ?

9 Адам ӕма Еви байзӕддӕгтӕ сӕ тоги рахастонцӕ тӕрегъӕд ӕма мӕлӕт. Фал уӕддӕр сӕ бон ӕй сӕ сӕребарӕдзийнадӕй пайда кӕнун. Е бӕрӕг ӕй, Йеговӕ израилӕгтӕн куд адтӕй, уомӕй. Сӕхецӕн син равардта барӕ равзурун, е ’взурст адӕн исуодзӕнцӕ ӕви нӕ (Рац. 19:3–6). Цума ци унаффӕ рахастонцӕ? Етӕ исарази ’нцӕ, цӕмӕй Хуцауи адӕн иссайуонцӕ, ӕ ном ин хастайуонцӕ ӕма ин ӕ закъӕнттӕ ӕнхӕст кодтайуонцӕ. Еумӕйагӕй ин дзурд равардтонцӕ: «Йеговӕ куддӕриддӕр загъта, уотӕ бакӕндзиан» (Рац. 19:8). Гъигагӕн, фӕстӕдӕр израилӕгтӕ сӕ сӕребарӕдзийнадӕй раст нӕбал пайда кодтонцӕ ӕма сӕ дзурд не ’сӕнхӕст кодтонцӕ. Мадта еци хабар макӕд иронх кӕнӕн ӕма нин ци сӕребарӕдзийнадӕ ес, уомӕн аргъ кӕнӕн, удта Йегови уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрӕн ӕма имӕ хӕстӕг кӕнӕн (1 Кор. 10:11).

10. Ӕнӕнхӕст адӕймаги бон ӕ сӕребарӕдзийнадӕй Хуцауи кадӕн пайда кӕнун ке ӕй, е цӕхуӕн цӕветтонтӕй бӕрӕг ӕй? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)

10 Дзиуиттӕгтӕмӕ 11 сӕри финст ес, сӕ сӕребарӕдзийнадӕй раст ка пайда кодта, 16 уӕхӕн адӕймагей нӕмттӕ. Еци адӕн устур арфӕдзийнӕтӕй исхайгин ӕнцӕ ӕма син фӕззиндтӕй нифс федӕнӕй. Зӕгъӕн, Ной хъӕбӕр федар ӕууӕндундзийнади хецау разиндтӕй. Е исӕнхӕст кодта, Хуцау ин ци баихӕс кодта, уой. Науӕ исаразта, цӕмӕй ӕ бийнонти фӕййервӕзун кодтайдӕ, удта адӕни муггаг зӕнхӕй ма исӕскъудайдӕ (Дзиуит. 11:7). Авраам ӕма Саррӕ дӕр Хуцаумӕ байгъустонцӕ ӕма рандӕ ’нцӕ, Йеговӕ син зӕрдӕ кӕмӕй байвардта, еци зӕнхӕмӕ. Еци даргъ надбӕл цӕугӕй сӕ бон адтӕй «фӕстӕмӕ раздӕхун», ци гъӕздуг горӕт ниууагътонцӕ, Ур, зӕгъгӕ, уордӕмӕ. Фал етӕ се ’ргом раздахтонцӕ, Хуцау син «зӕрдӕ цӕмӕй байвардта», уомӕ, ӕма «хуӕздӕр» ци адтӕй, уомӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ (Дзиуит. 11:8, 13, 15, 16). Моисей Египетти гъӕздуг цардбӕл ӕ къох исиста ӕма, «тӕрегъӕд рӕстӕгмӕ ци ӕхцӕуӕндзийнадӕ хӕссуй, уой цийнӕй цӕруни бӕсти равзурста Хуцауи адӕни хӕццӕ ӕфхуӕрд ӕййафун» (Дзиуит. 11:24–26). Мадта мах дӕр гъӕуама еци еузӕрдон лӕггадгӕнгути хузӕн нӕ сӕребарӕдзийнадӕй раст пайда кӕнӕн, ӕма Хуцауи зӕрдӕ рохс кӕнӕн!

11. а) Нӕ сӕребарӕдзийнади фӕрци нин цӕхуӕн фадуат ес? б) Нӕ сӕребарӕдзийнадӕй нӕ раст пайда кӕнун цӕмӕн фӕндуй?

11 Еуӕй-еухатт нӕмӕ уотӕ фӕккӕсуй ӕма нӕ бӕсти унаффӕ еске ку хӕсса, уӕд нин ӕнцондӕр уодзӕй. Фал уӕд нӕхе цох кӕнӕн, Дуккаг закъони 30:19, 20 ци фадуӕтти туххӕй финст ес, уонӕй (ба сӕ кӕсӕ). 19-аг стихи дзурд цӕуй, израилӕгтӕн сӕ бон ци адтӕй равзарун, уой туххӕй. 20-аг стихӕй ба уинӕн, фадуат син ке адтӕй бавдесун, Хуцауи зӕрдӕй ке уарзунцӕ, уой. Мах бон дӕр ӕй равзарун Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун. Мах дӕр фӕндуй, нӕ сӕребарӕдзийнадӕй раст пайда кӕнун, фиццагидӕр Хуцауи ке уарзӕн ӕма нӕ уомӕн кадӕн кӕнун ке фӕндуй, уой туххӕй.

УӔ СӔРЕБАРӔДЗИЙНАДӔЙ РАСТ ПАЙДА КӔНТӔ

12. Нӕ сӕребарӕдзийнадӕй куд не ’нгъезуй пайда кӕнун?

12 Зӕгъӕн, де ’мбалӕн хъазар лӕвар искодтай. Фал уой ку базонай, ӕма ’й рагӕлста, кенӕ си ескӕмӕн фудмиуӕ бакодта, уӕд дин кунӕг зин нӕ уодзӕй? Нур ба расӕгъӕс кӕнӕ, Йеговӕн куд зин ӕй, адӕнӕн ци сӕребарӕдзийнадӕ балӕвар кодта, уомӕй куд пайда кӕнунцӕ ӕма иннетӕн фудгъуддӕгтӕ куд кӕнунцӕ, уой уинун. Библий финст ӕй, «фӕстаг бӕнтти» адӕн «хуарздзийнадӕн аргъ кӕнун [ке] нӕ зондзӕнцӕ» (2 Тим. 3:1, 2). Мадта Йегови лӕварӕн ке аргъ кӕнӕн, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй?

13. Нӕ бон куд ӕй нӕ сӕребарӕдзийнадӕй раст пайда кӕнун?

13 Алкӕмӕндӕр ни ӕхе барӕ ӕй, ке хӕццӕ лимӕн кӕндзӕй, ӕ уӕле ци искӕндзӕй ӕма ӕ рӕстӕг куд ӕрветдзӕй, е. Фал нин е гъӕуама рӕуонӕ ма уа, цӕмӕй, Хуцау лӕгъуз цӕстӕй кӕмӕ кӕсуй, еци гъуддӕгтӕ кӕнӕн кенӕ аци дуйней адӕни зундӕй цӕрӕн. (Бакӕсӕ 1 Петури 2:16.) «Тӕрегъӕдгун бауӕри монцтӕ ӕфсадуни» бӕсти нӕ сӕребарӕдзийнадӕй уотӕ пайда кӕнӕн, цӕмӕй «алцидӕр кӕнӕн Хуцауи кадӕн» (Гал. 5:13; 1 Кор. 10:31).

14. Нӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл цӕмӕн гъӕуама дарӕн?

14 Нӕ сӕребарӕдзийнадӕй раст ке пайда кӕнӕн, е ма цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй? Нӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл ку дарӕн ӕма ин ӕ дзурдти сӕрти ку нӕ хезӕн. Йеговӕ нӕ ахур кӕнуй «пайда нин ци ӕй, уобӕл» ӕма нӕ хонуй «ци надбӕл нӕ цӕун гъӕуй, уобӕл» (Ис. 48:17). Гъӕуама сӕрниллӕгӕй арази кӕнӕн Библий финст дзурдти хӕццӕ: «Зӕнхон адӕймагӕн ӕ над ӕхецӕй кӕнгӕ нӕй. Ӕ къахдзӕфтӕбӕл дӕр ӕ барӕ нӕ цӕуй» (Йер. 10:23). Нӕ зӕрдӕ нӕхебӕл ку дарӕн, уӕд нин тӕссаг уодзӕй Адам кенӕ фудзӕрдӕ израилӕгти уавӕри бахаунӕй. Мадта нӕ зӕрдӕ «ӕгасӕй дӕр дарӕн Йеговӕбӕл» (Ӕмб. 3:5).

ИННЕТИ СӔРЕБАРӔДЗИЙНАДӔН АРГЪ КӔНӔ

15. Галатӕгтӕмӕ 6:5 ци уагӕвӕрд ес, уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

15 Гъӕуама лӕдӕрӕн, иннетӕ дӕр сӕребарӕ ке ’нцӕ ӕма син унаффитӕ хӕссуни барӕ ке ес, уой. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма уотӕ некӕд уодзӕй, цӕмӕй еугурӕйдӕр ӕмхузӕн унаффитӕ хӕссонцӕ, сауӕнгӕ ма нӕхе куд дарӕн ӕма Хуцауӕн куд лӕггадӕ кӕнӕн, уой фӕдбӕл дӕр. Дӕ зӕрдӕбӕл дарӕ, Галатӕгтӕмӕ 6:5 финст уагӕвӕрд (ба ’й кӕсӕ). Алкедӕр ни ӕ «хӕссуйнаг ӕхуӕдӕг» ке хӕсдзӕй, уой ку лӕдӕрӕн, уӕд иннӕ киристӕнттӕ сӕ сӕребарӕдзийнадӕй куд пайда кӕнунцӕ, уомӕн аргъ кӕндзиан.

Унаффитӕ хӕсгӕй иннети гъудийӕн аргъ кӕнӕн (кӕсӕ 15 абзац)

16, 17. а) Коринфи ӕмбурди цӕхуӕн фарста фӕззиндтӕй? б) Павел син куд банхус кодта, еци фарста ниллух кӕнун, ӕма нӕ е цӕбӕл ахур кӕнуй?

16 Ӕркӕсӕн, еци гъуддаги лӕдӕргӕ ке гъӕуама уӕн, уой фӕдбӕл еу цӕветтонмӕ Библийӕй. Коринфи ка цардӕй, еци киристӕнттӕ фӕйнӕхузи цӕстӕй кастӕнцӕ, базари ӕлхӕд фид хуӕрун ӕнгъезуй ӕви нӕ, уомӕ, уомӕн ӕма бӕрӕг н’ адтӕй, уой разӕй мӕнгӕ хуцӕуттӕн нивондгонд адтӕй ӕви нӕ, е. Еуӕй-еуетӕ уобӕл нӕ тухстӕнцӕ, уомӕн ӕма, дан, мӕнгӕ хуцӕуттӕ неци ’нцӕ. Фал раздӕр мӕнгӕ хуцӕуттӕн ка кувта, уонӕн ба еци фидӕй хуӕрун, мӕнгӕ хуцӕуттӕмӕ ковунӕй уӕлдай н’ адтӕй (1 Кор. 8:4, 7). Еци фарста ӕнӕмӕнгӕ ниллух кӕнун гъудӕй, уомӕн ӕма уой туххӕй ӕмбурд ниддехтӕ адтайдӕ. Цума Павел Коринфи киристӕнттӕн куд банхус кодта, еци гъуддагмӕ Хуцауи цӕстӕй ракӕсун?

17 Фиццагидӕр син Павел балӕдӕрун кодта, хуӕруйнагӕй Хуцауи хуарзӕнхӕ иссерӕн ке нӕййес (1 Кор. 8:8). Уой фӕсте ба сӕ бафӕдзахста, цӕмӕй, ци унаффитӕ рахӕссунцӕ, етӕ, «лӕмӕгъ ка ӕй, уонӕн къахкъуӕрӕн ма иссайуонцӕ» (1 Кор. 8:9). Е ’фсарӕ еци фид хуӕруни барӕ кӕмӕн нӕ лӕвардта, уонӕн ба загъта, цӕмӕй, ка ’й хуӕруй, уонӕн ма тӕрхон кодтайуонцӕ (1 Кор. 10:25, 29, 30). Хуцауӕн ковуни хӕццӕ баст ка ӕй, еци фарстати алли киристон дӕр гъӕуама унаффӕ ӕхуӕдӕг хӕсса, е ’фсарӕ ин куд амонуй, уомӕ гӕсгӕ. Мадта уӕд нӕ хуӕртӕ ма не ’нсувӕртӕ цидӕр листӕгдӕр гъуддӕгти ци унаффитӕ хӕссунцӕ, уомӕн ба аргъ куд гъӕуама ма кӕнӕн? (1 Кор. 10:32, 33).

18. Нӕ сӕребарӕдзийнадӕн ке аргъ кӕнӕн, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй?

18 Йеговӕ нин унаффитӕ хӕссуни барӕ ке равардта, уой фӕрци ан ӕцӕг сӕребарӕ (2 Кор. 3:17). Мах еци лӕварӕн аргъ кӕнӕн, уомӕн ӕма нӕ унаффити фӕрци нӕ бон ӕй бавдесун, Хуцауи куд уарзӕн, уой. Гъӕйдӕ мадта идарддӕр дӕр еци лӕварӕй уотӕ пайда кӕнӕн, цӕмӕй Хуцауӕн кадӕ хӕссӕн, удта иннети сӕребарӕдзийнадӕн дӕр аргъ кӕнӕн.