Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Рагон гъосинбӕл иссирдтонцӕ, Библий финст ка ӕй, уӕхӕн ном

Рагон гъосинбӕл иссирдтонцӕ, Библий финст ка ӕй, уӕхӕн ном

2012 анзи археологтӕ иссирдтонцӕ, 3 000 анзей размӕ ке искодтонцӕ, уӕхӕн гъосини къӕрттитӕ. Ахургӕндтӕ уобӕл хъӕбӕр цийнӕ кодтонцӕ. Цума цӕмӕн? Къӕрттитӕ сӕхуӕдтӕ уотӕ дессаг н’ адтӕнцӕ, фал сӕбӕл ци финст адтӕй, е.

Археологтӕн еци къӕрттитӕ байеу кӕнун ку бантӕстӕй, уӕд си рагон ханаайнаг ӕвзагбӕл бакастӕнцӕ: «Ешваал Бен Бедӕ [гъома Беди фурт]». Аци ном рагон дзаумаубӕл фиццаг хатт иссирдтонцӕ.

Библий ес, Ешваал ка хундтӕй, ӕндӕр уӕхӕн адӕймаги ном. Е адтӕй паддзах Саули фурттӕй сӕ еу (1 Анз. 8:33; 9:39). Гъосин ка иссирдта, еци археологтӕй сӕ еу, профессор Йосеф Гарфинкель, загъта: «Дессаг е ӕй, ӕма еци ном Библий дӕр, удта еци гъосинбӕл дӕр финст кӕд ӕрцудӕй, еци рӕстӕг дӕр хауй ӕрмӕстдӕр паддзах Давиди дзаманмӕ». Еуӕй-еу ахургӕндти гъудимӕ гӕсгӕ, уӕхӕн ном ӕвардтонцӕ ӕрмӕстдӕр еци рӕстӕгути. Е дӕр ма еу бӕлвурдгӕнӕн ӕй, Библий ӕцӕг хабӕрттӕ финст ке ес, уомӕн!

Библий ма ӕндӕр рауӕн Саули фурт Ешваал хуннуй Йевосфей (2 Сам. 2:10). Цума «ваал» «восфей»-йӕй ӕййивд цӕмӕн ӕрцудӕй? Ӕртасгутӕ куд зӕгъунцӕ, уомӕ гӕсгӕ, 2 Самуили киунугӕ ка ниффинста, уой, ӕвӕдзи, нӕ бафӕндадтӕй Ешваал ниффинсун, уомӕн ӕма израилӕгтӕн сӕ зӕрдӕбӕл лӕуун кодта ханаайнаг хуцау Ваали. Ваал адтӕй уарун ӕма устур дунги хуцау. Фал уӕддӕр 1 Анзфинстити киунуги ба ном Ешваал байзадӕй.