ГЪӔУАЙГӔНӔН МӔСУГ (ӔМБУРДИ АХУР КӔНУНМӔ) Октябрь 2016

Аци брошюри ес, 2016 анзи 28 ноябрӕй 25 декабрмӕ ке ахур кӕндзиан, еци статьятӕ.

БИОГРАФИ

Хуарз цӕветтонтӕ фӕнзгӕй

Цӕмӕй хуарз нисӕнттӕ нӕ разӕй ӕвӕрӕн ӕма нӕ къохи бафтуйонцӕ, уой туххӕй нин устур ӕнхус уодзӕнцӕ фӕлтӕрдгун киристӕнтти цӕветтонтӕ. Томас Маклейн радзурдта, фӕнзуйнаг ин ка адтӕй, еци киристӕнтти туххӕй, удта ӕхуӕдӕг дӕр иннетӕн ӕнхус кӕнунбӕл куд архайдта, уой туххӕй.

Ӕрцӕуӕггӕгтӕмӕ хӕларзӕрдӕ уотӕ

Хуцау ӕрцӕуӕггӕгтӕмӕ ци цӕстӕй фӕккӕсуй? Ӕндӕр бӕстӕй ка ’рцудӕй, уонӕн нӕ бон куд ӕй банхус кӕнун, цӕмӕй син не ’мбурди хуарз уа?

Ӕндӕр ӕвзагбӕл дзорӕг ӕмбурди лӕггадӕ кӕнгӕй де ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнӕ

Хуцауи лӕггадгӕнгутӕй алкедӕр фиццагидӕр гъӕуама ӕхе, удта ӕ бийнонти ӕууӕндундзийнадӕ федар кӕна, кӕд ӕндӕр ӕвзагбӕл дзорӕг ӕмбурди лӕггадӕ кӕнгӕй цӕхуӕндӕр зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлуй, уӕддӕр.

«Курухон зундбӕл» федар хуӕцис?

Курухон зунд, зонундзийнӕдтӕ ӕма лӕдӕргӕдзийнадӕй цӕмӕй хецӕн кӕнуй? Аци фарстабӕл дзуапп ку зонӕн, уӕд нин е устур пайда ӕрхӕсдзӕй.

Цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсис, уомӕй дин федар нифс уӕд

Нӕ бон ӕй, рагидзаманти ӕма мах рӕстӕги Йеговӕн еузӕрдонӕй ка фӕллӕггадӕ кодта, уони цӕветтонтӕбӕл сагъӕс кӕнун. Нӕ бон куд ӕй нӕхе ӕууӕндундзийнадӕ федар кӕнун?

Йегови зӕрдӕвӕрдтӕбӕл ке ’ууӕндис, е дӕ гъуддӕгтӕй бӕрӕг уӕд

Ӕууӕндундзийнадӕ ци ӕй? Нӕ бон ӕй гъуддӕгтӕй ӕвдесун куд ӕй?

Зудтай ӕй?

Фиццаг ӕноси Роми хецауадӕ дзиуиттаг хецӕуттӕн цӕхуӕн бартӕ лӕвардта? Удта цума рагидзаманти ӕцӕгӕйдӕр кадӕр кӕмӕндӕр ӕ хуми хӕмпӕлгӕрдӕг байтауидӕ?