Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Зудтай ӕй?

Зудтай ӕй?

Цума рагидзаманти ӕцӕгӕйдӕр кадӕр кӕмӕндӕр ӕ хуми хӕмпӕлгӕрдӕг байтауидӕ?

Император Юстиниани киунуги «Цубур ӕмбурдгонд»-и къопи, 1468 анз. Айӕ ӕй рагон юридикон документтӕй сӕ еу

МАТФЕЙЙИ 13:24–26 финст ӕнцӕ Киристей дзурдтӕ: «Уӕларвон паддзахадӕ рабарӕн ес, ӕ хуми хуарз муггаг ка байтудта, уӕхӕн адӕймаги хӕццӕ. Адӕн фунӕй ку кодтонцӕ, уӕд е знаг бацудӕй, мӕнӕуи астӕу хӕмпӕлгӕрдӕг байтудта ӕма рандӕ ’й. Мӕнӕуӕ ку иссудӕй ӕма ӕфсерӕ ку рафтудта, уӕд исзадӕй хӕмпӕлгӕрдӕг дӕр». Еуӕй-еу ахургӕндти гъудимӕ гӕсгӕ, уӕхӕн хабӕрттӕ уӕди рӕстӕги неке кодта. Фал рагон Ромаг юридикон документтӕ куд ӕвдесунцӕ, уомӕ гӕсгӕ адӕн уӕхӕн миутӕ ӕцӕгӕйдӕр кодтонцӕ.

Библи ка лӕдӕрун кӕнуй, еу уӕхӕн дзурдуати финст ес: «Фудӕнӕн еске хуми хӕмпӕлтӕ байтаун... ромаг закъонмӕ гӕсгӕ фудракондбӕл нимад цӕуй. Уӕхӕн закъон сӕмӕ ке адтӕй, е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма сӕмӕ уӕхӕн хабӕрттӕ арӕх цудӕй». Юрист Аластер Керр куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ н. э. 533 анзи Роми император Юстиниан рауагъта киунугӕ «Цубур ӕмбурдгонд» ӕма си ниффинста нӕ эри 100–250 ӕнзти Роми сӕйраг закъӕнттӕ ӕма еци закъӕнтти туххӕй юриститӕ ци ниффинстонцӕ, уой. Еци документмӕ гӕсгӕ («Цубур ӕмбурдгонд», 9.2.27.14) юрист Ульпиан кӕнуй, дуккаг ӕноси цӕрӕг политик Цельс ке ӕвзурста, еу уӕхӕн гъуддаги кой. Кедӕр хуми байтудтонцӕ хӕмпӕлгӕрдӕг, ӕма ин ӕ хумӕ фесафтонцӕ. Еци киунуги финст адтӕй, хуми хецауӕн ӕ бон ци адтӕй райсун, ӕ хумӕ ин ка фесафта, еци адӕймагӕй.

Рагидзаманти Роми паддзахади уӕхӕн хабӕрттӕ ке цудӕй, е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма Киристей фӕсномуг дзурди ӕцӕг хабари кой цӕуй.

Фиццаг ӕноси Роми хецауадӕ дзиуиттаг хецӕуттӕн цӕхуӕн бартӕ лӕвардта?

ФИЦЦАГ ӔНОСИ Иудейӕ адтӕй Роми паддзахади дӕлбарӕ. Роммӕ адтӕй устур ӕфсӕдтӕ ӕма Иудейӕй ӕмбурд кодтонцӕ хъалон, удта еци бӕсти сабурдзийнадӕмӕ сӕ гъос дардтонцӕ. Хецауади нихмӕ ка цудӕй, уони уӕлӕмӕ ’скӕсун нӕ уагътонцӕ, фал хумӕтӕг гъуддӕгтӕ ӕвзаруни барӕ ба бунӕттон хецӕуттӕн лӕвардтонцӕ.

Дзиуиттӕгти Сӕйраг тӕрхондонӕ

Синедрион адтӕй дзиуиттӕгти сӕйраг тӕрхондонӕ ӕма си гъуддӕгтӕ ӕвзурстонцӕ дзиуиттӕгти закъонмӕ гӕсгӕ. Иудейи ма адтӕй хумӕтӕгдӕр тӕрхондӕнттӕ. Арӕхдӕр адӕни гъуддӕгтӕ ӕма фудракӕндтӕ уоми ӕвзурст цудӕнцӕ, гъаст Роммӕ не ’рвистонцӕ. Адӕймагӕн мӕлӕти тӕрхон рахӕссуни барӕ адтӕй ӕрмӕстдӕр Роми хецауадӕн. Фал Стефанӕн мӕлӕти тӕрхон Синедрион ӕхуӕдӕг рахаста ӕма ’й дортӕй рамардтонцӕ (Гъуддӕгтӕ 6:8–15; 7:54–60).

Уотемӕй Сӕйраг тӕрхондонӕ ӕхемӕ ӕгӕр берӕ бартӕ райста. Фал ахургонд Эмиль Шюрери дзурдтӕмӕ гӕсгӕ, «гъуддаг политики хӕццӕ баст ку адтӕй, уӕд ӕй аллихатт дӕр Роми хецауадӕ ӕхуӕдӕг равзаридӕ». Зӕгъӕн, еу уӕхӕн гъуддаг ӕрцудӕй ӕфсади сӕргълӕууӕг Клавдий Лисиййи рӕстӕг, апостол Павели ку ӕрахӕста, уӕд (Гъуддӕгтӕ 23:26–30).