БИОГРАФИ
Хуарз цӕветтонтӕ фӕнзгӕй
«Зонис ӕй, цал анзи мӕбӕл цӕуй, уой?» – фӕрсун ӕй ӕз. «Зонун ӕй»,– загъта Исак Марей. Ӕз уӕд Колорадой адтӕн, е ба мӕмӕ дзурдта Паттерсонӕй (Нью-Йорк). Мадта уин радзорон, аци дзубанди цӕмӕ гӕсгӕ рауадӕй, уой.
ӔЗ РАЙГУРДТӔН 1936-аг анзи, 10 декабри Уичитой (Канзас, АЕШ). Цуппар сувӕллони адтан, ӕз ба сӕ хестӕр. Мӕ ниййергутӕ, Уильям ӕма Джин, адтӕнцӕ Йегови еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ. Мӕ фидӕ адтӕй ӕмбурди лӕггадгӕнӕг. Уотӕ худтонцӕ, ӕмбурди разамунд ка лӕвардта, еци ӕнсувӕрти. Мӕ мадӕ рӕстдзийнадӕ базудта ӕхе мадӕй, Эмма Вагнерӕй. Эмма беретӕн банхус кодта рӕстдзийнадӕ базонун, уони астӕу адтӕй Гертруд Стил дӕр, Пуэрто-Рикой миссионерӕй ка лӕггадӕ кодта, е *. Еу загъдӕй, фӕнзуйнаг мин ка адтӕй, уӕхӕн адӕни астӕу ирӕзтӕн.
СЕ ’УУӔНДУНДЗИЙНАДӔ АДТӔЙ ФӔНЗУЙНАГ
Еу изӕр, сабати, мӕ фиди хӕццӕ гъӕунги иурстан журналтӕ «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг» ӕма «Уодӕнцойнӕ» (абони «Ӕригъал уотӕ!»), уӕд мӕбӕл фондз анзи цудӕй. Еци рӕстӕг Дуккаг дуйнеуон тугъд цудӕй. Журналтӕ иуаргӕй нӕ рази еу расуг лӕг ӕрбалӕудтӕй, адтӕй дохтир, ӕма мӕ фидӕн загъта: «Цӕмӕй тугъдмӕ ма рандӕ уай, уой туххӕй дӕхецӕн хуарз рӕуонӕ иссирдтай!» Удта имӕ ӕхе батардта ӕма ин уотӕ: «Гъауай, ниммӕ цӕвай, кӕд лӕг дӕ, уӕд!» Раст зӕгъгӕй, хъӕбӕр фӕттарстӕн, фал мӕ фидӕ ӕппундӕр ке не ’стухстӕй, е мӕмӕ хъӕбӕр дессаг фӕккастӕй. Ци адӕн нӕбӕл ӕрӕмбурд ӕй, уонӕн идарддӕр журналтӕ иурста, цума неци адтӕй, уотӕ. Уӕдмӕ нӕмӕ еу ӕфсӕддон ӕрбацӕйцудӕй ӕма имӕ еци расуг лӕг фӕгъгъӕр кодта: «Аци нецӕййаг лӕгӕн ести бакӕнай!» Ӕфсӕддон ӕй балӕдӕрдтӕй лӕг ӕхе кеми ке н’ адтӕй ӕма ин загъта: «Цо уӕхемӕ ӕма бауолӕфӕ!» Ӕма сӕ дууӕ дӕр рандӕ ’нцӕ. Йеговӕй хъӕбӕр боз адтӕн, мӕ фидӕн уӕхӕн хъаурӕ ке равардта, уой туххӕй. Уичитой нӕмӕ дууӕ парикмахерскиййи адтӕй ӕма еци дохтир ӕ сӕр уоми фелвинидӕ.
Аст анзи мӕбӕл ку цудӕй, уӕд мӕ ниййергутӕ сӕ хӕдзарӕ ӕма сӕ парикмахерскийтӕ рауӕйӕ кодтонцӕ ӕма цӕлхитӕбӕл хӕдзарӕ исамал кодтонцӕ. Уой фӕсте рандӕ ан, игъосунгӕнгутӕ кӕми гъудӕй, уӕхӕн бунатмӕ, Колорадомӕ. Мах ӕрлӕудтан горӕт Гранд-Джанкшенмӕ хӕстӕг. Уоми мӕ ниййергутӕ пионертӕй лӕггадӕ кӕнун райдӕдтонцӕ, ӕрдӕг бон ба кустонцӕ ферми. Йеговӕ син сӕ зӕрдиаг хъиамӕтӕн арфӕ кодта ӕма си фӕззиндтӕй ӕмбурд. 20 июни 1948-аг анзи мӕ фидӕ хуӕнхаг цӕугӕдони донаргъуд равардта мӕнӕн, удта ма цалдӕр адӕймагемӕн. Еци бон донаргъуд ка райста, уони астӕу адтӕй
Билли Николз ӕма ӕ бийнойнаг. Етӕ фӕстӕдӕр лӕггадӕ кӕнун райдӕдтонцӕ районон цӕстӕдаргутӕй, сӕ фурт ӕма сӕ киндзӕ дӕр уотӕ.Рӕстӕг арӕх ӕрвистан, сӕ хъауритӕ Хуцауи Паддзахади гъуддагӕн ка не ’вгъау кодта, берӕ уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ. Уӕлдайдӕр ба Стилти бийнонти хӕццӕ – Дон ӕма Эрлен, Дэйв ӕма Джули, удта Сай ӕма Мартӕ. Уони цӕветтонтӕ мӕ цардбӕл хъӕбӕр рабӕрӕг ӕнцӕ. Ба ’й лӕдӕрдтӕн, адӕймаг Хуцауи Паддзахади гъуддаг фиццаг бунати ку ӕвӕра, уӕд амондгун ӕма фӕрнӕйдзаг ке уодзӕй.
ИДАРДДӔР РАЗМӔ ЦӔУН
19 анзи мӕбӕл ку цудӕй, уӕд мӕ нӕ бийнонти хуарз ӕмбал Бад Хести бафарста, нӕ, дан, дӕ фӕндуй, цӕмӕй Еугонд Штатти хонсар ӕрдиги еумӕ пионертӕй лӕггадӕ кӕнун райдайӕн. Районон цӕстӕдарӕг нӕ рарвиста Растонмӕ (Луизианӕ), уомӕн ӕма си ка ’рлӕмӕгъ ӕй, уӕхӕн Ӕвдесӕнтӕ берӕ адтӕй. Удта нин бафӕдзахста, цӕмӕй алли къуӕре дӕр ӕмбурдтӕ уагътайанӕ, ӕппун ку неке цӕуа, уӕддӕр. Мах иссирдтан ӕмбурдтӕ уадзунмӕ бунат ӕма ’й бацӕттӕ кодтан. Фиццаг рӕстӕг си нӕ дууемӕй ӕндӕр неке фӕууидӕ ӕма ӕмбурди хӕйттӕ кезугай уагътан. Еу ни ӕрмӕг уадзидӕ, иннӕ ба еугур фарстатӕбӕл дӕр дзуапп дӕттидӕ. Равдист ку уидӕ, уӕдта нӕ дууӕ дӕр сценӕмӕ рацӕуианӕ, игъосӕг ба нӕмӕ нӕ. Фӕстӕдӕр нӕмӕ еу каргун хуӕрӕ цӕун райдӕдта. Уой фӕсте ба, Библи ке хӕццӕ ахур кодтан, етӕ, удта ка ’рлӕмӕгъ ӕй, еци Ӕвдесӕнтӕ дӕр. Гъе уотемӕй ни ӕмбурд рауадӕй.
Еу хатт нӕбӕл Бади хӕццӕ Киристей Аргъауӕни лӕггадгӕнӕг рамбалдӕй ӕма ӕппундӕр ке нӕ зудтон, уӕхӕн стихтӕбӕл дзурдта. Е мӕмӕ уӕхӕн ходуйнаг фӕккастӕй ӕма мӕхецӕн загътон, цӕбӕл ӕууӕндун, уой арфдӕр ке ӕртасдзӕн. Къуӕрей дӕргъи ӕмбесӕхсӕвтӕмӕ фӕббадтӕн ӕма ин ӕ фарстатӕбӕл дзуӕппитӕ агурдтон. Уой фӕрци мӕхе ӕууӕндундзийнадӕ дӕр бафедар ӕй ӕма ма уотӕ дӕр расагъӕс кодтон, гъенур ба саугинтӕй дӕр еске хӕццӕ бӕргӕ радзоринӕ.
Берӕ нӕ рацудӕй, уотемӕй мӕ районон цӕстӕдарӕг рарвиста Эль-Дорадомӕ (Арканзас), цӕмӕй уоми ӕмбурдӕн ӕнхус кодтайнӕ. Уоми лӕггадӕ кӕнгӕй мӕ Колорадомӕ, военкоматмӕ цӕун арӕх багъӕуидӕ. Еу уӕхӕн цуди ӕндӕр пионерти хӕццӕ Техаси нӕ машинӕ ниццавтан, ӕма ин исрӕвдзӕ кӕнӕн нӕбал адтӕй. Мах дӕр еу ӕнсувӕрмӕ телефонӕй бадзурдтан ӕма нӕ сӕхемӕ фӕххудта, уордиги ба се ’мбурдмӕ. Ци хабар нӕбӕл ӕрцудӕй, уой ӕмбурди фегъосун кодтонцӕ, ӕма нӕмӕ ӕнсувӕртӕ ӕхцайӕй фӕккастӕнцӕ. Кӕмӕ бадзурдтан, еци ӕнсувӕр ба ма мин мӕ пурхӕ машинӕ 25 доллӕребӕл рауӕйӕ кодта.
Уотемӕй Уичитомӕ исхъӕрдтан. Уоми нӕ бийнонти хуарз ӕмбал, Эверидж Маккартни, лӕггадӕ кодта пионерӕй, мах ӕй худтан Док. Ӕ дууӕ фурти, фазӕнттӕ Френк ӕма Френсис, нур дӕр ма мӕ хуӕздӕр ӕмбӕлттӕ ’нцӕ. Еу зӕронд машинӕ сӕмӕ адтӕй ӕма мин ӕй 25 доллӕребӕл рауӕйӕ кодтонцӕ, мӕ пурхӕ машинӕ ци аргъӕй рауӕйӕ кодтон, еци аргъбӕл. Уӕд ӕй фиццаг хатт балӕдӕрдтӕн, Паддзахади гъуддаг царди фиццаг бунати ку ӕвӕрай, уӕд Йеговӕ куд ӕнхус кӕнуй, уой. Еци рӕстӕг мӕ Док еу рӕсугъд хуӕри хӕццӕ базонгӕ кодта, хундтӕй Бетел Крэйн. Ӕ мадӕ Рут адтӕй зингзӕрдӕ игъосунгӕнӕг. 90 анзи ибӕл ку цудӕй, уӕддӕр ма пионерӕй лӕггадӕ кодта Уиллингтони (Канзас). Ӕнхӕст анз нӕ рацудӕй, уотемӕй 1958-аг анзи Бетели хӕццӕ нӕ цард байеу кодтан ӕма Эль-Дорадой еумӕ пионертӕй лӕггадӕ кӕнун райдӕдтан.
ДЕССАГИ ФАДУАТ
Рагӕй ке фӕсмардтан, уони хуарз цӕветтонтӕбӕл сагъӕс кӕнгӕй нӕхецӕн загътан, Йегови организаци нӕ кумӕфӕнди ма хона, уӕддӕр ке исарази уодзиан. Уӕд нӕ сӕрмагонд пионертӕй иснисан кодтонцӕ Уолнат-Риджмӕ (Арканзас). 1962-аг анзи ба нин фӕззиндтӕй дессаги фадуат – фӕххудтонцӕ нӕ Галаади скъолай 37-аг къласмӕ. Нӕ фур цийнӕй ма ци кодтайанӕ, уой нӕбал зудтан! Уӕлдай ӕхцӕуӕн ба ма нин адтӕй, Дон Стили дӕр еци къласмӕ ке фӕххудтонцӕ, е. Скъолай фӕсте нӕ иснисан кодтонцӕ Найробимӕ (Кени). Нью-Йоркӕй цӕун нин зин адтӕй, фал Найробий аэропорти ку рахизтан ӕма нӕмӕ ка ӕнгъӕлмӕ кастӕй, еци ӕнсувӕрти ку фӕууидтан, уӕд нӕ зӕрдитӕ барохс ӕнцӕ.
Кени тагъд бауарзтан, удта си игъосун кӕнун дӕр нӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цудӕй. Библи ке хӕццӕ ахур кодтан ӕма донаргъуд ка райста, уонӕй фиццӕгтӕ адтӕнцӕ Крис ӕма Мэри Канайӕ. Етӕ ма абони дӕр Кений ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадӕ кӕнунцӕ. Анзи фӕсте ба нӕ иснисан кодтонцӕ Кампаламӕ (Угандӕ). Еци бӕсти фиццаг миссионертӕ мах адтан. Е дессаги рӕстӕг адтӕй, уомӕн ӕма беретӕ хъӕбӕр мондаг кодтонцӕ Библий рӕстдзийнадӕ базонунмӕ, ӕма фӕстӕдӕр иссӕнцӕ нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕртӕ. Африки нӕбӕл ӕртӕ анзи ӕма ӕрдӕг ку рацудӕй, уӕд Бетел бауӕззау ӕй ӕма фӕстӕмӕ Еугонд Штаттӕмӕ раздахтан. Нью-Йоркӕй ку рацудан, уӕд дӕр ма нин уотӕ зин н ’адтӕй, Африкӕй ку цудан, уӕд нин куд зин адтӕй, уотӕ. Африки цӕрӕг адӕни хъӕбӕр берӕ бауарзтан, ӕма нӕ зӕрдӕ дардтан ескӕд ма сӕмӕ ке раздӕхдзиан.
НӔУӔГ ИХӔСТӔ
Исхъӕрдтан нигулӕн Колорадомӕ, мӕ ниййергутӕ кӕми цардӕнцӕ, уордӕмӕ. Уобӕл берӕ нӕ рацудӕй ӕма райгурдӕй нӕ фиццаг кизгӕ Кимберли. Анз ӕма фондз мӕйи фӕсте ба нин райгурдӕй дуккаг кизгӕ, Стефӕни. Ниййергути ихӕстӕ хуарз ӕнхӕст кӕнун куд ӕхсидзгӕ ’й, уой лӕдӕрдтан. Мах хъӕбӕр архайдтан, цӕмӕй нӕ бӕдӕлттӕ рӕстдзийнадӕ бауарзтайуонцӕ. Еци гъуддаги нӕ фӕндадтӕй иннети хуарз цӕветтонтӕ фӕнзун. Зудтан ӕй, нӕ кизгуттӕн фӕнзуйнаг ку уӕн, уӕд сӕбӕл е хуарзӕрдӕмӕ ке рабӕрӕг уодзӕй. Фал е уобӕл дзорӕг н ’адтӕй, ӕма ку исустур уонцӕ, уӕд Йеговӕн ӕнӕмӕнгӕй лӕггадӕ кӕндзӕнцӕ. Гъигагӕн, мӕ кӕстӕр хуӕрӕ ма ’нсувӕр рӕстдзийнадӕ ниууагътонцӕ. Фал мӕ зӕрдӕ дарун, ескӕд фӕстӕмӕ ке раздӕхдзӕнцӕ.
Нӕ кизгутти гъомбӕл кӕнун нин цийни хуасӕ адтӕй, удта алкӕддӕр архайдтан, цӕмӕй алцидӕр еумӕ кодтайанӕ. Аспенмӕ хӕстӕг ке цардан, уомӕ гӕсгӕ ӕмбурд бийнонтӕй уордӕмӕ
къӕхдзонӕгътӕбӕл уайунмӕ арӕх цудан. Уӕлӕмӕ къанаткӕбӕл цӕугӕй дӕр дзубадитӕ кӕнгӕй цудан. Уомӕй уӕлдай ма ескумӕ уолӕфунмӕ рандӕуайанӕ, ӕма изӕрӕй артмӕ бадтан ӕма дзубандитӕ кодтан. Нӕ кизгуттӕ ма кӕд минкъийтӕ адтӕнцӕ, уӕддӕр сӕмӕ уӕхӕн фарстатӕ адтӕй: «Ку исустур уон, уӕд ци косдзӕн? Мӕ цард мӕ цӕхуӕн адӕймаги хӕццӕ фӕнддзӕй байеу кӕнун?» Нӕ бон ци адтӕй, уой кодтан, цӕмӕй нӕ кизгуттӕ Хуцауи уагӕвӕрдтӕ бауарзтайуонцӕ. Разӕнгард сӕ кодтан, цӕмӕй сӕхецӕн нисан исӕвардтайуонцӕ ӕнхӕст рӕстӕг лӕггадӕ кӕнун. Дзурдтан син, цӕмӕй киндзи ӕрцудайуонцӕ, уони хузӕн нисӕнттӕ кӕмӕ адтайдӕ, уӕхӕн лӕхъуӕнтӕмӕ. Уомӕй уӕлдай ма син лӕдӕрун кодтан, ӕгӕр раги ӕрцӕун дӕр хуарз ке н’ адтайдӕ. Уотӕ син дзурдтан: «Киндзи ӕрцотӕ, тӕккӕ минкъийдӕр уӕбӕл 23 анзи ку цӕуа, уӕд».Нӕ ниййергути хузӕн мах дӕр архайдтан, цӕмӕй ӕмбурдтӕмӕ ӕма игъосун кӕнунмӕ ӕгас бийнонтӕй цудайанӕ. Иуазӕгуати нӕмӕ арӕх цудӕнцӕ, ӕнхӕстрӕстӕг ка лӕггадӕ кодта, уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ. Уомӕй уӕлдай ма нӕ кизгуттӕн арӕх дзорианӕ, миссионертӕй лӕггадӕ кӕнун нӕ зӕрдӕмӕ куд хъӕбӕр цудӕй, уой туххӕй. Нӕ зӕрдӕ дардтан, ескӕд Африкӕмӕ еумӕ ке рандӕ уодзиан. Нӕ кизгутти дӕр уордӕмӕ хъӕбӕр фӕндадтӕй.
Бийнонти ахур нӕмӕ алкӕддӕр адтӕй. Мах расагъӕс кӕнианӕ, скъолай цӕхуӕн уавӕртӕ фӕууй, уобӕл ӕма нӕ кизгуттӕ уӕхӕн уавӕрти куд игъосун кӕндзӕнцӕ, уой фӕдбӕл равдиститӕ искӕнианӕ. Уӕхӕн бийнонти ахур сӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цудӕй, удта уой фӕрци нифсгундӕр кодтонцӕ. Еу минкъий ку фӕуустурдӕр ӕнцӕ, уӕдта сӕ хатгай бийнонти ахурмӕ нӕ фӕффӕндӕуидӕ. Еухатт ба сӕмӕ уотӕ истухстӕн ӕма син загътон: «Цотӕ уӕ къомнӕттӕмӕ, ацибон нӕмӕ бийнонти ахур нӕ уодзӕй». Уотӕ ке зӕгъдзӕн, уой ӕнгъӕл ба, ӕвӕдзи, н’ адтӕнцӕ, ӕма кӕун райдӕдтонцӕ. Гъеуӕд ӕй балӕдӕрдтан, нӕ хъиамӕттӕ дзӕгъӕли ке н’ адтӕнцӕ ӕма син Йегови ке бауарзун кодтан. Рӕстӕг цудӕй ӕма бийнонти ахур никки фулдӕр уарзун райдӕдтонцӕ, удта син ӕнцон адтӕй сӕ гъудитӕ ӕргом дзорун. Зин адтӕй, еуӕй-еухатт Библий ци финст ес, уой хӕццӕ ке нӕ арази кодтонцӕ, уой игъосун. Фал уой фӕрци нӕ бон адтӕй базонун, сӕ зӕрдити ӕцӕгӕй ци ес, уой. Ести уӕхӕн фарста ку фӕззиннидӕ, уӕд ибӕл радзубанди кӕнианӕ ӕма Йегови уагӕвӕрдтӕ раст ке ’нцӕ, уобӕл исарази уайуонцӕ.
НӔУӔГ ӔЙЙИВДДЗИЙНӔДТӔ
Нӕ кизгуттӕ куд тагъд раустур ӕнцӕ, уой лӕдӕргӕ дӕр нӕ бакодтан. Хуцауи организаци нин ци разамунд лӕвардта, уой фӕрци сӕ исаразтан царди хуӕздӕр надбӕл. Мах хъӕбӕр цийнӕ кодтан, скъолай фӕсте сӕхе дарунгъон куддӕр иссӕнцӕ, уотӕ пионертӕй лӕггадӕ кӕнун ке райдӕдтонцӕ. Уой фӕсте дууӕ хуӕрей хӕццӕ рандӕнцӕ, игъосунгӕнгутӕ кӕми нӕ фагӕ кодта, уордӕмӕ, Кливлентмӕ (Теннесси). Хъӕбӕр сӕбӕл ӕрхун кодтан, фал цийнӕ дӕр уотӕ кодтан, уомӕн ӕма сӕ цард Хуцауи гъуддагӕн лӕвардтонцӕ. Бетел ӕма ӕз нӕуӕгӕй пионертӕй лӕггадӕ кӕнун райдӕдтан, фӕстӕдӕр ба мӕ районон цӕстӕдарӕги ӕййевӕгӕй иснисан кодтонцӕ, удта конгресстӕ цӕттӕ кӕнунмӕ дӕр ӕнхус кодтон.
Теннессимӕ ку нӕма рандӕ ’нцӕ, уой размӕ Лондони (Англи), филиал бабӕрӕг кодтонцӕ. Уоми Стефӕни базонгӕ ’й ӕригон ӕнсувӕр Пол Нортони хӕццӕ. Уӕд ибӕл 19 анзи цудӕй. Дуккаг хатт ку фӕццудӕнцӕ, удта си Кимберли базонгӕ ’й, Поли хӕццӕ ка куста, еци ӕнсувӕри хӕццӕ, Брайан Ллевеллин, зӕгъгӕ. Пол ӕма Стефӕни сӕ цард байеу кодтонцӕ Стефӕнибӕл 23 анзи ку исӕнхӕст ӕй, уой фӕсте. Кимберлибӕл ба цудӕй 25 анзи Брайанмӕ ку ’рцудӕй, уӕд. Мӕхӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн адтӕй, хуарз цардӕмбӕлттӕ ке равзурстонцӕ, е.
Нӕ кизгуттӕ нин арӕх дзурдтонцӕ, мах удта нӕ ниййергути цӕветтонтӕ син ке банхус кодтонцӕ Хуцауи Паддзахади гъуддаг фиццаг бунати ӕвӕрун, ӕхцай гъуддаги ку батухсиуонцӕ, уӕддӕр (Матф. 6:33). 1998-аг анзи Пол ӕма Стефӕний фӕххудтонцӕ Галаади скъолай 105-аг къласмӕ ӕма сӕ уой фӕсте иснисан кодтонцӕ Малавимӕ (Африкӕ). Цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте ба Брайӕн ӕма Кимберлий фӕххудтонцӕ Лондони филиалмӕ, уордиги ба сӕ иснисан кодтонцӕ Малавий филиалмӕ. Нӕ цийнӕн кӕрон дӕр н’ адтӕй, уомӕн ӕма царди тӕккӕ хуӕздӕр над равзурстонцӕ!
НӔУӔГ КАДӔ БАБӔЙ НӔМӔ ӔРХАУДТӔЙ
Январи 2001-аг анзи мӕмӕ телефонӕй ӕрбадзурдта, райдайӕни ци ’нсувӕри кой кодтон, е. Ӕнсувӕр Марей лӕггадӕ кодта тӕлмацгӕнгути хайади цӕстӕдарӕгӕй. Е мин загъта, ӕнсувӕртӕ къурситӕ ке цӕттӕ кӕнунцӕ, цӕмӕй ӕгас дуйней тӕлмацгӕнгутӕн банхус кӕнонцӕ англисаг ӕвзаг хуӕздӕр лӕдӕрун. Кӕд мӕбӕл 64 анзи цудӕй, уӕддӕр сӕ фӕндадтӕй, цӕмӕй мӕ еци къурситӕ уадзунмӕ бацӕттӕ кодтайуонцӕ. Бетели хӕццӕ уой туххӕй Йеговӕмӕ ракувтан, удта ма нӕ гъудӕй нӕ мадтӕлти хӕццӕ дӕр радзубанди кӕнун. Сӕ дууӕ дӕр каргунтӕ адтӕнцӕ, фал сӕ фӕндадтӕй, цӕмӕй исарази адтайанӕ, кӕд ӕнӕ мах ӕнхусӕй изадӕнцӕ, уӕддӕр. Гъема ӕз дӕр ӕнсувӕр Мареймӕ бадзурдтон ӕма ин загътон, цӕттӕ ке ан.
Еци рӕстӕг мӕ мадӕмӕ рак иссирдтонцӕ. Ӕма исфӕндӕ кодтон байзайун, цӕмӕй имӕ мӕ хуӕрӕ Линди хӕццӕ кӕсӕн. Фал мин уӕд мӕ мадӕ загъта: «Ку нӕ рандӕ уай, уӕд мин уомӕй фуддӕр уодзӕй». Линдӕ дӕр ӕ хӕццӕ арази адтӕй. Уой туххӕй мах, уонӕй дӕр, удта сӕ фарсмӕ ка ’рбалӕудтӕй, еци хуӕртӕ ма ӕнсувӕртӕй дӕр хъӕбӕр боз адтан. Паттерсонмӕ ку ниццудан, уӕд нин дуккаг бон Линдӕ фегъосун кодта, нӕ мадӕ ке рамардӕй. Уой фӕсте, мӕ мади фӕндонмӕ гӕсгӕ, не ’гас хъауритӕ дӕр еци кустмӕ исаразтан.
Фиццаг нӕ кумӕ иснисан кодтонцӕ, уой ку базудтан, уӕд хъӕбӕр бацийнӕ кодтан. Рарвистонцӕ нӕ Малавий филиалмӕ, нӕ кизгуттӕ сӕ лӕгти хӕццӕ кӕми лӕггадӕ кодтонцӕ, уордӕмӕ. Еумӕ бабӕй ӕрбамбурд ан! Уой фӕсте къурситӕ уагътан Зимбабвей, удта Замбий. Уотемӕй ӕртӕ анзи ӕма ӕрдӕги фӕсте нӕ къурситӕ фӕцӕнцӕ ӕма нӕ фӕстӕмӕ Малавимӕ рарвистонцӕ. Уоми гъӕуама ниффинстайанӕ, еци бӕсти Йегови Ӕвдесӕнти сӕ дини туххӕй куд ӕфхуардтонцӕ, ӕма еузӕрдонӕй куд байзадӕнцӕ, уой туххӕй *.
2005-аг анзи бабӕй зӕрдӕхъурмитӕ кӕнгӕй Африкӕй рацудан ӕма фӕстӕмӕ ӕрцудан Басолтмӕ (Колорадо). Нӕхемӕ нӕуӕгӕй пионертӕй лӕггадӕ кӕнун райдӕдтан. 2006-аг анзи ба Брайан ӕма Кимберли нӕ фарсмӕ ӕрцардӕнцӕ. Райгурдӕй син дууӕ кизги, Маккензи ӕма Елизабет. Пол ӕма Стефӕни ба нур дӕр ма ӕнцӕ Малавий филиали. Пол си лӕггадӕ кӕнуй филиали комитетти. Тагъд мӕбӕл исӕнхӕст уодзӕй 80 анзи. Берӕ ӕригон ӕнсувӕрти хӕццӕ лӕггадӕ кодтон, ӕма мин хъӕбӕр ӕхцӕуӕн ӕй уинун, кӕддӕр ӕз ке ӕнхӕст кодтон, еци ихӕстӕ нур етӕ ке ӕнхӕст кӕнунцӕ. Мах нӕ цардӕй хъӕбӕр боз ан, уомӕн ӕма алкӕддӕр архайдтан иннети хуарз цӕветтонтӕ фӕнзун, цӕмӕй нӕхе цӕуӕтӕн дӕр ӕма нӕ цӕуӕти цӕуӕтӕн дӕр фӕнзуйнаг адтайанӕ.
^ 5 абз. Кӕсӕ 1956 анзи 1 маййи «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг» 269–272 фӕрстӕ, ӕма 1971 анзи 15 мартъий «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг», 186–190 фӕрстӕ. Уоми фулдӕр базонӕн ес, Стилти бийнонтӕй миссионертӕй ка лӕггадӕ кодта, уони туххӕй.
^ 30 абз. Бакӕсӕн ма ес 2015 анзи 15 апрели «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг», 14–18 фӕрстӕ. Ес си Трофим Нсомби царди хабӕрттӕ.