Цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсис, уомӕй дин федар нифс уӕд
«Ӕууӕндундзийнадӕ ба е ӕй, ӕма, адӕймаг цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уомӕй ин федар нифс ку уа» (ДЗИУИТ. 11:1).
ЗАРТӔ: 81, 134
1, 2. а) Мах цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн, е куд хецӕн кӕнуй, аци дуйней адӕн цӕмӕ фенгъӕлмӕ кӕсунцӕ, уомӕй? б) Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?
ЙЕГОВӔ нин равардта дессаги нифс. Зӕрдӕ нин байвардта, ӕ ном ке исрохс кӕндзӕй ӕма ӕ фӕндон уӕлӕрвти куд ӕй, уотӕ зӕнхӕбӕл дӕр ке уодзӕй (Иоан. 10:16; Матф. 6:9, 10). Аци хабӕрттӕмӕ мах хъӕбӕр ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн. Йеговӕ ма зӕрдӕ байвардта ӕносон цардӕй дӕр, кӕмӕндӕр уӕлӕрвти, кӕмӕндӕр ба зӕнхӕбӕл. Е хъӕбӕр дессаги нифс ӕй! (2 Пет. 3:13). Фал цалинмӕ еци хабӕрттӕ нӕма ӕрцудӕнцӕ, уӕдмӕ ба Йеговӕ ӕ адӕнӕн разамунд дӕттуй ӕма син ӕнхус кӕнуй.
2 Абони дӕр беретӕ цӕмӕдӕр фенгъӕлмӕ кӕсунцӕ, фал цӕмӕ фенгъӕлмӕ кӕсунцӕ, е исӕнхӕст уодзӕй ӕви нӕ, уой ба сӕ бон зӕгъун нӕ фӕууй. Зӕгъӕн, сӕ зӕрдӕ фӕддарунцӕ, лотореи ке рамолдзӕнцӕ, фал рамолдзӕнцӕ ӕви нӕ, уой ба нӕ фӕззонунцӕ. Фал Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ ӕууӕндундзийнадӕ ӕй, «адӕймаг цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй», уомӕй ин федар нифс ку уа. Гъома федар ӕууӕндундзийнадӕ кӕмӕ ес, еци адӕймаг ӕппундӕр нӕ дузӕрдуг кӕнуй, Йегови зӕрдӕвӕрдтӕ ке исӕнхӕст уодзӕнцӕ, уобӕл (Дзиуит. 11:1). Аци статьяй ӕркӕсдзиан, нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй Хуцауи зӕрдӕвӕрдтӕбӕл федарӕй ӕууӕндӕн. Удта ма ӕркӕсдзиан, федар ӕууӕндундзийнадӕ нин ци пайда ӕй, уомӕ дӕр.
3. Йегови зӕрдӕвӕрдтӕбӕл федарӕй цӕмӕн ӕууӕндӕн?
3 Федар ӕууӕндундзийнади хӕццӕ ни неке райгуруй. Цӕмӕй нӕмӕ ӕууӕндундзийнадӕ уа, уой туххӕй гъӕуама Хуцауи сугъдӕг хъаурӕн барӕ дӕттӕн, цӕмӕй нин нӕ зӕрдитӕ араза (Гал. 5:22). Сугъдӕг хъаури фӕрци нӕ бон ӕй Хуцауи хуӕздӕр базонун. Ӕ зунд ӕма ӕ хъаурӕ куд ӕнӕкӕрон ӕнцӕ, уой ку фӕллӕдӕрӕн, уӕд ни хъӕбӕрдӕр байрагӕс уй, ӕ бон ке ӕй ӕ зӕрдӕвӕрдтӕ исӕнхӕст кӕнун. Йеговӕ ӕ зӕрдӕвӕрдтӕмӕ уӕхӕн цӕстӕй кӕсуй, цума исӕнхӕст ӕнцӕ. Ӕма уотӕ дӕр уомӕн зӕгъуй: «Исӕнхӕст ӕнцӕ аци дзурдтӕ!» (Бакӕсӕ Раргомадӕ 21:3–6.) Мах ӕй зонӕн, Йеговӕ ӕ зӕрдӕвӕрдтӕ алкӕддӕр ке исӕнхӕст кӕнуй. Е ӕй «еузӕрдон Хуцау». Гъе уомӕ гӕсгӕ мах федарӕй ӕууӕндӕн, федӕни туххӕй ци загъта, уой ке исӕнхӕст кӕндзӕй, уобӕл (Дук. з. 7:9).
ХУЦАУИ ЕУЗӔРДОН ЛӔГГАДГӔНГУТӔ РАГИДЗАМАНТИ
4. Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ рагидзаманти цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ?
4 Дзиуиттӕгтӕмӕ 11-аг сӕри финст ес, «се ’ууӕндундзийнадӕй Йегови зӕрдӕ ка рохс кодта», уӕхӕн лӕггадгӕнгути туххӕй, ӕхсӕрдӕсемӕн си финст ӕнцӕ сӕ нӕмттӕ (Дзиуит. 11:39). Алкедӕр си ӕнгъӕлмӕ кастӕй, Йеговӕ зӕрдӕ кӕмӕй байвардта, еци «байзӕддагмӕ». Етӕ ’й зудтонцӕ, еци «байзӕддаг» Хуцауи знӕгти еугурейдӕр ке фесафдзӕй ӕма зӕнхӕй нӕуӕгӕй дзенет ке искӕндзӕй (Райд. 3:15). Удта еци еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ федарӕй ӕууӕндтӕнцӕ, Йеговӕ сӕ фӕстӕмӕ цардмӕ ке раздахдзӕй, уобӕл. Уонӕн уӕлӕрвти цӕруни нифс н’ адтӕй, уомӕн ӕма уӕд Киристе уӕларвон цардмӕ над нӕма райгон кодта (Гал. 3:16). Етӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ ӕносон цардмӕ дзенети зӕнхӕбӕл (Пс. 37:11; Ис. 26:19; Оси 13:14).
5, 6. Авраам ӕма ӕ бийнонтӕ цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ? Се ’ууӕндундзийнадӕ федар цӕй фӕрци адтӕй? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)
5 Еци еузӕрдон лӕггадгӕнгути туххӕй Дзиуиттӕгтӕмӕ 11:13 финст ӕй: «Етӕ еугурӕйдӕр сауӕнгӕ сӕ мӕлӕтмӕ федар хуӕстӕнцӕ се ’ууӕндундзийнадӕбӕл, кӕд син Хуцау зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, етӕ сӕ рӕстӕги не ’сӕнхӕст ӕнцӕ, уӕддӕр. Фал сӕ идардӕй уидтонцӕ ӕма сӕбӕл цийнӕ кодтонцӕ». Етӕ нӕуӕг дуйнемӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ ӕма си куд цӕрдзӕнцӕ, уобӕл сагъӕс кодтонцӕ. Сӕ еу адтӕй Авраам. Йесо Авраами туххӕй загъта, зӕгъгӕ, «хъӕбӕр цийнӕ кодта, мӕ гъуддӕгтӕ фӕууинуни нифс ин ке адтӕй», уобӕл (Иоан. 8:56). Саррӕ, Исаак, Иаков ӕма ма берӕ ӕндӕр лӕггадгӕнгутӕ дӕр ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ, «е ’саразӕг ӕма е ’скӕнӕг Хуцау кӕмӕн ӕй», еци Паддзахади дӕлбарӕ ӕгас зӕнхӕ дӕр кӕд исуодзӕй, еци рӕстӕгмӕ (Дзиуит. 11:8–11).
6 Авраам ӕма ӕ бийнонтӕн се ’ууӕндундзийнадӕ федар цӕй фӕрци адтӕй? Етӕ алкӕддӕр архайдтонцӕ Йегови туххӕй фулдӕр базонунбӕл. Уӕди рӕстӕги Хуцау сӕ хӕццӕ дзурдта фунтӕ ӕма цӕстӕбӕлуайӕнти фӕрци кенӕ сӕмӕ изӕдти рарветидӕ. Удта ма, ӕвӕдзи, хестӕртӕй ӕма, уӕди рӕстӕги ци зӕронд финстӕгутӕ адтӕй, уонӕй дӕр берӕ цидӕртӕ базудтонцӕ. Авраам ӕма ӕ бийнонтӕ Хуцауи зӕрдӕвӕрдтӕ некӕд иронх кодтонцӕ ӕма сӕбӕл сагъӕс кӕнун уарзтонцӕ. Етӕ ӕппундӕр нӕ дузӕрдуг кодтонцӕ, Йеговӕ ӕ зӕрдӕвӕрдтӕ ке исӕнхӕст кӕндзӕй, уобӕл. Уой фӕрци зиндзийнӕдти рӕстӕг дӕр ӕма ӕфхуӕрд ӕййафгӕй дӕр Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзадӕнцӕ.
7. Не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнунмӕ нин Йеговӕ ци равардта ӕма мах ци кӕнун гъӕуй?
7 Махӕн ба не ’ууӕндундзийнадӕ федар цӕй фӕрци уодзӕй? Йеговӕ нин равардта Библи ӕма нин уой фӕрци райгон кодта, федӕнмӕ имӕ ци фӕндтӕ ес, уони. Финст си ес, амондгун цӕй фӕрци уодзиан, е. Уомӕ гӕсгӕ нин пайда ӕй алли бон дӕр Библи кӕсун ӕма си ци Пс. 1:1–3; бакӕсӕ Гъуддӕгтӕ 17:11). Йеговӕ ма нин дӕттуй, «ӕууӕнкгун ӕма зундгин цагъар» ке цӕттӕ кӕнуй, еци хуӕруйнаг (Матф. 24:45). Абони гъӕуама мах дӕр, Хуцауи рагон лӕггадгӕнгути хузӕн, алли бон дӕр ӕ зӕрдӕвӕрдтӕбӕл арф сагъӕс кӕнӕн. Уой фӕрци Йеговӕбӕл еузӕрдон уодзиан ӕма, ӕгас зӕнхӕ дӕр ӕ Паддзахади дӕлбарӕ кӕд исуодзӕй, еци рӕстӕгмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсдзиан.
финст ес, уомӕ гӕсгӕ архайун (8. Хуцаумӕ ку ковӕн, уӕд не ’ууӕндундзийнадӕ куд федар кӕндзӕй?
8 Йегови рагон лӕггадгӕнгутӕ ма се ’ууӕндундзийнадӕ цӕй фӕрци федар кодтонцӕ? Етӕ Йеговӕмӕ кувтонцӕ, ӕма син сӕ кувдтитӕбӕл дзуапп куд лӕвардта, уой ку уидтонцӕ, уӕд се ’ууӕндундзийнадӕ федардӕр кодта (Неем. 1:4, 11; Пс. 34:4, 15, 17; Дан. 9:19–21). Уотӕ махӕн дӕр, не ’ууӕндундзийнадӕ бафедар уй, Йеговӕ нин нӕ кувдтитӕбӕл дзуапп ӕ рӕстӕги куд раттуй, уой ку фӕууинӕн, уӕд. (Бакӕсӕ 1 Иоанни 5:14, 15.) Не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнунмӕ ма нӕ гъӕуй Хуцауӕй сугъдӕг хъаурӕ корун (Лук. 11:9, 13).
9. Йеговӕмӕ цӕй туххӕй гъӕуама ковӕн?
9 Хуцаумӕ ку фӕкковӕн, уӕд си айдагъ коргӕ гъӕуама ма кӕнӕн. Йеговӕ нин ци берӕ хуарздзийнӕдтӕ искодта, уой туххӕй ин гъӕуама алли бон дӕр арфӕ кӕнӕн ӕма ’й кадгин кӕнӕн (Пс. 40:5). Йегови лӕггадгӕнгутӕ ма ковунцӕ ӕгас дуйней син ци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ес, уони туххӕй дӕр. Зӕгъӕн, нӕ иронх кӕнунцӕ, «ахӕстдони ка ӕй, уони», удта ма ковунцӕ, «разамунд... [син] ка дӕттуй», уони туххӕй дӕр. Йеговӕ нин нӕ кувдтитӕбӕл дзуапп куд дӕттуй, уой уингӕй не ’ууӕндундзийнадӕ федардӕр кӕнуй ӕма имӕ хӕстӕгдӕр кӕнӕн (Дзиуит. 13:3, 7).
ЕТӔ ЕУЗӔРДОНӔЙ БАЙЗАДӔНЦӔ
10. Хуцауи лӕггадгӕнгутӕй беретӕ федарӕй ӕма еузӕрдонӕй цӕй фӕрци байзадӕнцӕ?
10 Дзиуиттӕгтӕмӕ 11-аг сӕри апостол Павел зӕгъуй: «Силгоймӕгтӕн ка рамардӕй, уони игас кодтонцӕ. Иннети ба фудмард ракодтонцӕ, уомӕн ӕма нециуавӕр аргъӕй исарази ӕнцӕ сӕхе иссӕребарӕ кӕнунбӕл, цӕмӕй син хай уа хуӕздӕр райгасдзийнадӕй» (Дзиуит. 11:35). Беретӕ хъӕбӕр устур фӕлварӕнти дӕр Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзадӕнцӕ, уомӕн ӕма син Йеговӕ ци райгасдзийнадӕй зӕрдӕ байвардта, уобӕл федарӕй ӕууӕндтӕнцӕ. Етӕ федарӕй зудтонцӕ, Йеговӕ сӕ федӕни цардмӕ ке раздахдзӕй ӕма сӕ ӕносон цардӕй ке исхайгин кӕндзӕй. Зӕгъӕн, Навуфей ӕма Захарий дортӕй рамардтонцӕ, Хуцаумӕ ке игъустонцӕ, уой туххӕй (1 Пад. 21:3, 15; 2 Анз. 24:20, 21). Данели ниггӕлстонцӕ стонг домбӕйтти къагъдмӕ, е ’ртӕ ӕмбалей ба, гур-гурӕй ка сугъдӕй, уӕхӕн пецмӕ. Етӕ мӕнгӕ хуцӕуттӕн баковуни бӕсти мӕлӕтбӕл дӕр арази адтӕнцӕ. Еци лӕгтӕ федарӕй ӕууӕндтӕнцӕ, Хуцау син фӕлварӕнти бафӕразунмӕ хъаурӕ ке ратдзӕй (Дзиуит. 11:33, 34; Дан. 3:16–18, 20, 28; 6:13, 16, 21–23).
11. Еуӕй-еу пахампартӕ се ’ууӕндундзийнади фӕрци цӕхуӕн зиндзийнӕдти бафӕразтонцӕ?
11 Пахампартӕй беретӕбӕл, зӕгъӕн, Михей ӕма Йеремибӕл, «гириз кодтонцӕ... ӕма сӕ ахӕстдони дӕр бакодтонцӕ». Иннетӕ ба, Илиай хузӕн «ӕдзӕрӕг будурдти ӕма хуӕнхти рахау-бахау кодтонцӕ, лӕгӕтти ӕма хуӕнхти скъудти сӕхе римахстонцӕ». Алкедӕр си еци зиндзийнӕдти бафӕразта ӕма Хуцаубӕл еузӕрдонӕй байзадӕй, уомӕн ӕма «цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ, уомӕй син федар нифс» адтӕй (Дзиуит. 11:1, 36–38; 1 Пад. 18:13; 22:24–27; Йер. 20:1, 2; 28:10, 11; 32:2).
12. Тӕккӕ уӕззаудӕр фӕлварӕн ка бавзурста ӕма ин федар фӕллӕуунмӕ ци банхус кодта?
12 Тӕккӕ уӕззаудӕр фӕлварӕн ба бавзурста Йесо Киристе, фал Йеговӕбӕл кӕронмӕ дӕр еузӕрдонӕй байзадӕй. Цума ин ци банхус кодта? Апостол Павел загъта: «Ци цийнӕдзийнадӕ имӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕй, уой туххӕй ходуйнаг нецӕмӕ ӕрдардта ӕма гъезӕмӕртти гъӕдӕбӕл мӕлӕт бавзурста, ӕма уой фӕсте ӕрбадтӕй Хуцауи паддзахбадӕни рахес фарс» Дзиуит. 12:2). Павел киристӕнтти баразӕнгард кодта, цӕмӕй Йесой цӕветтонбӕл «лӕмбунӕг расагъӕс» кодтайуонцӕ. (Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 12:3.) Фиццаг ӕноси киристӕнттӕй беретӕ, Киристей хузӕн, Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайуни туххӕй мӕлӕтбӕл дӕр арази адтӕнцӕ. Уонӕй сӕ еу адтӕй Антипӕ (Рарг. 2:13). Еци киристӕнттӕ сӕ хуӕрзеуӕг райстонцӕ – уӕларвон цардмӕ райгас ӕнцӕ. Уонӕй раздӕр ка цардӕй, еци еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ ба райгас уодзӕнцӕ зӕнхӕбӕл цӕрунмӕ (Дзиуит. 11:35). 1914-аг анзи, Йесо уӕлӕрвти Паддзах ку иссӕй, уомӕй цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте, еузӕрдон исӕрст киристӕнттӕй ка рамардӕй, етӕ райгас ӕнцӕ уӕларвон цардмӕ ӕма ӕ хӕццӕ паддзӕхтӕ иссӕнцӕ (Рарг. 20:4).
(ХУЦАУИ ЕУЗӔРДОН ЛӔГГАДГӔНГУТӔ АБОНИ
13, 14. Рудольф Грайхен цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбалдӕй ӕма ин ци банхус кодта Хуцаубӕл еузӕрдонӕй байзайун?
13 Абони Хуцауи лӕггадгӕнгутӕй милиуантӕ Киристей фӕдбӕл цӕунцӕ. Етӕ Хуцауи зӕрдӕвӕрдтӕбӕл сагъӕс кӕнгӕй зиндзийнӕдти рӕстӕг еузӕрдонӕй байзайунцӕ. Сӕ еу адтӕй Рудольф Грайхен. Е райгурдӕй Германий 1925-аг анзи. Минкъий ма ку адтӕй, уӕд ӕ ниййергутӕ фарсбӕл ниййауигътонцӕ Библий хабӕрттӕбӕл арӕзт хузтӕ. Рудольф зӕгъта: Ис. 11:6–9). Рудольф берӕ сагъӕс кодта, зӕнхӕбӕл цӕхуӕн цард уодзӕй, уобӕл ӕма ибӕл федарӕй ӕууӕндтӕй. Уой фӕрци еци ӕнсувӕр Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзадӕй, кӕд ӕй нациститӕ (гестапо) ӕма уой фӕсте ба Скӕсӕн Германий коммуниститӕ (штази) берӕ ӕнзти дӕргъи ӕнӕхатирӕй ӕфхуардтонцӕ, уӕддӕр.
«Еу хузӕбӕл си адтӕй уӕриккӕ ӕма берӕгъ, дӕркъӕ ӕма леопард, удта уӕс ӕма домбай, сӕ рази ба минкъий биццеу. [...] Еци хузтӕ мӕ зунди хъӕбӕр ниффедар ӕнцӕ» (14 Рудольф ма берӕ ӕндӕр зиндзийнӕдтӕ бавзурста. Ӕ мадӕ тифӕй рамардӕй Равенсбрюкки концлагери. Ӕ фидӕ ба Йегови Ӕвдесӕн ке нӕбал уодзӕй, уой туххӕй гӕгъӕдибӕл ӕ къох ниввардта. Фал Рудольф нӕ басастӕй. Ахӕстдонӕй ку рацудӕй, уӕд райдӕдта лӕггадӕ кӕнун районон цӕстӕдарӕгӕй. Фӕстӕдӕр имӕ фӕдздзурдтонцӕ Галаади скъоламӕ ӕма ’й уой фӕсте ба иснисан кодтонцӕ Чилимӕ. Уоми дӕр районон цӕстӕдарӕгӕй лӕггадӕ кодта. Уой фӕсте ӕрхудта, миссионерӕй си ка лӕггадӕ кодта, уӕхӕн хуӕри, Петси, зӕгъгӕ. Гъигагӕн, еу анзи фӕсте сӕ минкъий кизгӕ рамардӕй. Фӕстӕдӕр ба Петси ӕхуӕдӕг дӕр фӕззиан ӕй, 43 анземӕй ӕндӕр ибӕл нӕма цудӕй, уотемӕй. Уӕхӕн зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлгӕй дӕр Рудольф ӕ лӕггадӕ нӕ ниууагъта. Ку ӕрзӕронд ӕй ӕма е ’нӕнездзийнадӕ ку ӕрлӕмӕгъ ӕй, уӕддӕр ма пионерӕй ӕма хестӕр нӕлгоймагӕй лӕггадӕ кодта. Ӕ биографи бакӕсӕн ес 1997-аг анзи 1 августи «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и (20–25 фӕрстӕ) 1.
15. Радзорӕ, абони фӕлварӕнтӕ ӕвзаргӕй дӕр Йеговӕн цийнӕгӕнгӕй ка лӕггадӕ кӕнуй, уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти туххӕй.
15 Абони дӕр хъӕбӕр берӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ карз ӕфхуӕрд ӕййафгӕй дӕр Йеговӕн цийнӕгӕнгӕй лӕггадӕ кӕнунцӕ. Сӕдӕгай Ӕвдесӕнтӕ Эритрейи, Сингапури ӕма Хонсар Корейи ахӕстдӕнтти бадунцӕ, сӕ къохмӕ «хъӕма» ке нӕ есунцӕ, уой туххӕй (Матф. 26:52). Зӕгъӕн, Исаак, Негеде ӕма Паулос 20 анземӕй фулдӕр бадунцӕ Эритрейи ахӕстдони. Уоми сӕ хъӕбӕр ӕнӕхатирӕй ӕфхуардтонцӕ. Ӕма син уал анзей дӕргъи, нӕдӕр бийнонтӕ ’скӕнуни фадуат ес, нӕдӕр сӕ ниййергутӕмӕ фӕккӕсуни фадуат. Уӕхӕн уавӕрти дӕр етӕ Йеговӕбӕл еузӕрдон ӕнцӕ ӕма се ’ууӕндундзийнадӕ федар ӕй. Сауӕнгӕ ма сӕ ахӕстдонгӕстӕ дӕр нимайун райдӕдтонцӕ. Сӕ хузтӕ син фӕууинӕн ес нӕ сайти. Кӕд уӕхӕн зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбалдӕнцӕ, уӕддӕр се ’ртебӕл дӕр игъӕлдзӕг цӕсгӕнттӕ ес.
16. Федар ӕууӕндундзийнадӕ дин куд банхус кӕндзӕй?
16 Йегови адӕнӕй сӕ фулдӕр ахӕстдӕнтти нӕ бадунцӕ, фал беретӕ гъезӕмарӕ кӕнунцӕ мӕгурдзийнадӕ, тугъдтитӕ ӕма ӕрдзон бӕллӕхти фудӕй. Иннетӕ ба Авраам, Исаак, Иаков ӕма Моисеййи хузӕн, дуйней син ци кадӕ ӕма гъӕздугдзийнадӕ адтӕй, уони ниууагътонцӕ ӕма се ’гас хъауритӕ дӕр Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунмӕ исаразтонцӕ. Цума не ’нсувӕртӕ Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй амондгун цӕй фӕрци ’нцӕ? Етӕ ’й уарзунцӕ ӕма ин ӕ зӕрдӕвӕрдтӕбӕл федарӕй ӕууӕндунцӕ. Удта ма зонунцӕ, Йӕговӕ ӕ еузӕрдон лӕггадгӕнгути ӕнӕкӕрон цардӕй ке исхайгин кӕндзӕй, хӕрандзийнадӕн ӕ кой дӕр кӕми нӕбал уодзӕй, еци нӕуӕг дуйней. (Бакӕсӕ Псалом 37:5, 7, 9, 29.)
17. Де ’ууӕндундзийнадӕ куд федар кӕндзӕнӕ ӕма иннӕ статьяй дзурд цӕбӕл цӕудзӕй?
17 Мадта нин Хуцау зӕрдӕ цӕмӕйдӕриддӕр байвардта, уонӕбӕл ку сагъӕс кӕнӕн ӕма имӕ ӕдзох ку ковӕн, уӕд не ’ууӕндундзийнадӕ алкӕддӕр уодзӕй федар. «Цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн, уомӕй нин федар нифс ку уа», уӕд цийфӕнди фӕлварӕнти дӕр федарӕй байзайдзиан. Фал ма ӕууӕндундзийнадӕмӕ фулдӕр цидӕртӕ хауй. Уой туххӕй дзурд цӕудзӕй иннӕ статьяй.
^ 1 14 абзац: кӕсӕ статья «Испытания не угасили моей надежды», 2002 анзи 22 апрели «Пробудитесь!». Финст си ес Словакийӕй еу ӕнсувӕри биографи, Андрей Ханак, зӕгъгӕ.