Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Де ’гас сагъӕстӕ дӕр Йегови барӕ бакӕнӕ

Де ’гас сагъӕстӕ дӕр Йегови барӕ бакӕнӕ

«Уе ’гас сагъӕстӕ дӕр Хуцауи барӕ бакӕнтӕ, уомӕн ӕма е тухсуй сумахбӕл» (1 ПЕТ. 5:7).

ЗАРТӔ: 38, 7

1, 2. а) Еуӕй-еухатт естӕбӕл ке истухсӕн, е дессаг цӕмӕннӕ ’й? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.) б) Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

МАХ цӕрӕн хъӕбӕр зин рӕстӕги. Сайтан «богътӕгӕнагӕ домбаййи хузӕн разелӕ-базелӕ кӕнуй ӕма агоруй, ке ранихъуӕра, уой» (1 Пет. 5:8; Рарг. 12:17). Мадта дессаг нӕй, еуӕй-еухатт Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ дӕр уӕззау сагъӕсти буни ке фӕуунцӕ, е. Рагидзаманти Хуцауи еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ дӕр уӕхӕн уавӕри арӕх бахауиуонцӕ. Зӕгъӕн, Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ паддзах Давид дӕр хъӕбӕр истухсидӕ (Пс. 13:2). Апостол Павел дӕр финста, «ӕмбурдти мӕтӕ» ин еунӕг бон дӕр ӕнцойнӕ ке нӕ лӕвардта (2 Кор. 11:28). Фал нӕ бон ци ӕй кӕнун, естӕбӕл ку тухсӕн, уӕд?

2 Нӕ уӕларвон Фидӕ рагидзаманти ӕ лӕггадгӕнгутӕн сӕ тухст рӕстӕгути ӕнхус кодта ӕма махӕн дӕр ӕнхус кӕндзӕй. Библи зӕгъуй: «Уе ’гас сагъӕстӕ дӕр Хуцауи барӕ бакӕнтӕ, уомӕн ӕма е тухсуй сумахбӕл» (1 Пет. 5:7). Фал уомӕн куд ес гӕнӕн? Ӕркӕсӕн цуппар гъуддагемӕ: зӕрдибунӕй ковун, Хуцауи Дзурд кӕсун ӕма ибӕл сагъӕс кӕнун, Йеговӕй ӕ сугъдӕг хъаурӕ корун ӕма кӕбӕл ӕууӕндӕн, уӕхӕн адӕймаги хӕццӕ радзорун. Аци гъуддӕгтӕмӕ кӕсгӕй дӕхецӕн исбӕрӕг кӕнӕ, байархайун дӕ цӕбӕл гъӕуй, уой.

«УЕ ’ГАС САГЪӔСТӔ ДӔР ХУЦАУИ БАРӔ БАКӔНТӔ»

3. Нӕ бон куд ӕй нӕ сагъӕстӕ Хуцауи барӕ бакӕнун?

3 Ӕркӕсӕн фиццаг гъуддагмӕ – Хуцаумӕ зӕрдиагӕй ковун. Ести нӕ хъӕбӕр ку тухсун кӕна, уӕд гъӕуама нӕ сагъӕстӕ нӕ уӕларвон Фидӕн радзорӕн. Псаломзаргӕнӕг Давид Йеговӕн лигъстӕ кодта: «О Хуцау, фегъосӕ мин мӕ кувд». Удта ма уотӕ дӕр финста: «Дӕ уаргъ Йеговӕбӕл исӕвӕрӕ, ӕма дин е банхус кӕндзӕй» (Пс. 55:1, 22). Кӕд дӕ уавӕри дӕуӕй кӕнгӕ ци адтӕй, уой бакодтай, уӕд мабал тухсӕ, фал Йеговӕмӕ ковӕ. Цума нин кувд куд банхус кӕндзӕй, нӕ уӕззау сагъӕстӕй ӕма нӕ зӕрди ристӕй исуӕгъдӕ ун? (Пс. 94:18, 19).

4. Уӕззау сагъӕсти буни ку исуӕн, уӕд Хуцаумӕ ковун ӕхсидзгӕ цӕмӕн фӕууй?

4 Бакӕсӕ Филиппӕгтӕмӕ 4:6, 7. Йеговӕмӕ зӕрдиагӕй ку ковӕн ӕма ин ку лигъстӕ кӕнӕн, уӕд нин дзуапп ратдзӕй. Цума куд? Ӕ бон ӕй уотӕ бакӕнун, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ ӕрсабур уа, мабал тухсӕн, нӕ сӕрмӕ лӕгъуз сагъӕстӕ мабал уадзӕн ӕма мабал маст кӕнӕн. Беретӕ уой сӕхебӕл бавзурстонцӕ. «Хуцауи фарнӕ» дӕуӕн дӕр банхус кӕндзӕй, цӕмӕй цийфӕнди уӕззау сагъӕстӕбӕл дӕр фӕхъхъӕбӕрдӕр уай. Дӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун Йегови зӕрдӕвӕрдбӕл: «Ма тӕрсӕ, уомӕн ӕма ӕз дӕ хӕццӕ дӕн. [...] Ӕз дӕ бафедар кӕндзӕн. Ӕз дин банхус кӕндзӕн» (Ис. 41:10).

ХУЦАУИ ДЗУРД НИН ДӔТТУЙ ЗӔРДИ ФАРНӔ

5. Цӕмӕй нӕ зӕрди фарнӕ уа, уой туххӕй нин Хуцауи Дзурд куд ӕнхус кӕнуй?

5 Цӕмӕй нӕ зӕрди фарнӕ уа, уой туххӕй ма нӕ гъӕуй Хуцауи Дзурд кӕсун ӕма ибӕл лӕмбунӕг сагъӕс кӕнун. Е ӕй дуккаг гъуддаг. Цума е ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй? Библий ес, уӕззау сагъӕстӕй исуӕгъдӕ унмӕ дин ка банхус кӕндзӕй, берӕ уӕхӕн зундгин унаффитӕ. Хуцауи Дзурд дин дӕ зӕрдӕ ӕрсабур кӕндзӕй, уомӕн ӕма си финст ес не Сфӕлдесӕги гъудитӕ. Еци гъудитӕй дӕ царди куд испайда кӕндзӕнӕ, уобӕл ку сагъӕс кӕнай, уӕд дӕмӕ хъауритӕ фӕззиндзӕй. Йеговӕ Йесо Навинӕн уотӕ ку загъта, федар ӕма нифсгун уо ӕма ӕппундӕр мацӕмӕй тӕрсӕ, зӕгъгӕ, уӕд ма ин бафӕдзахста, цӕмӕй ин ӕ Дзурд кастайдӕ (Йес. Н. 1:7–9).

6. Киристей дзурдтӕ ни нифс куд уадзунцӕ?

6 Хуцауи Дзурди финст ес, Киристе адӕни хӕццӕ куд дзурдта, е. Адӕн имӕ уарзтонцӕ игъосун, уомӕн ӕма син ӕ дзурдтӕ хастонцӕ ӕцӕг уодӕнцойнӕ, уӕлдайдӕр ба нифссаст ка адтӕй, уонӕн. (Бакӕсӕ Матфеййи 11:28–30.) Йесо адӕнӕн сӕ уавӕр хъӕбӕр хуарз лӕдӕрдтӕй (Мар. 6:30–32). Ӕ апостолтӕн зӕрдӕ байвардта, ке син ӕнхус кӕндзӕй, ӕма махӕн дӕр уомӕй зӕрдӕ ӕвӕруй. Уой туххӕй Йесой нӕ фарсмӕ ун нӕ гъӕуй. Кӕд нур уӕлӕрвти паддзах ӕй, уӕддӕр нӕбӕл абони дӕр уотӕ тухсуй. Мадта нин уӕззау сагъӕстӕ ӕнцойнӕ ку нӕ фӕддӕттунцӕ, уӕд ибӕл гъӕуама ма дузӕрдуг кӕнӕн, багъӕуаги нин ке банхус кӕндзӕй. Ӕ дзурдтӕ нин банхус кӕндзӕнцӕ нӕ уӕззау сагъӕсти хӕццӕ тох кӕнун, нифс ни бауаддзӕнцӕ ӕма нӕ бафедар кӕндзӕнцӕ (Дзиуит. 2:17, 18; 4:16).

ХУЦАУИ СУГЪДӔГ ХЪАУРӔЙ КА ЦӔУЙ, ЕЦИ МЕНЕУГУТӔ

7. Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ нин куд ӕнхус кӕнуй?

7 Йесо нин зӕрдӕ байвардта, нӕ уӕларвон Фидӕй сугъдӕг хъаурӕ ку корӕн, уӕд нин ӕй ке ратдзӕй (Лук. 11:10–13). Цума нин аци ӕртиккаг гъуддаг куд банхус кӕндзӕй минкъийдӕр тухсун? Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ нин ӕнхус кӕндзӕй, цӕмӕй нӕ уодигъӕди ирӕзун кӕнӕн, нӕ Алцигъон Хуцаумӕ цӕхуӕн менеугутӕ ес, уӕхӕн менеугутӕ. Библи сӕ хонуй Хуцауи сугъдӕг хъаури «рӕзӕ». (Бакӕсӕ Галатӕгтӕмӕ 5:22, 23; Кол. 3:10.) Еци менеугутӕбӕл ку архайӕн, уӕд иннети хӕццӕ лимӕнӕй цӕрдзиан ӕма нин маст ка ӕрхӕсса, уӕхӕн уавӕртӕй нӕхе хездзиан. Мадта ӕркӕсӕн, Хуцауи сугъдӕг хъаурӕй ка цӕуй, еци менеугутӕ нин куд ӕнхус кӕнунцӕ, уомӕ.

8–12. Хуцауи сугъдӕг хъаурӕй ка цӕуй, еци менеугутӕ дин куд банхус кӕндзӕнцӕ?

8 «Уарзондзийнадӕ, цийнӕ, фарнӕ». Ӕвӕдзи ’й балӕдӕрдтӕ, иннетӕмӕ хуарз цӕстӕй ку кӕсай, уӕд лӕгъуз сагъӕстӕ минкъийдӕр ке кӕнунцӕ. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн? Уомӕн ӕма кӕрӕдзей ӕнсувӕрти хузӕн фӕлмӕн уарзтӕй ку уарзӕн ӕма кӕрӕдземӕн кадӕ ку кӕнӕн, уӕд нӕхе хездзиан, уӕззау сагъӕстӕмӕ нӕ ка ӕркӕна, уӕхӕн гъуддӕгтӕй (Ром. 12:10).

9 «Берӕфӕразондзийнадӕ, хӕларзӕрдӕдзийнадӕ, хуарздзийнадӕ». Библи зӕгъуй: «Кӕрӕдземӕ уотӕ хӕларзӕрдӕ, уӕ кӕрӕдзей зин лӕдӕретӕ, ӕма... кӕрӕдземӕн... зӕрдӕй хатир кӕнтӕ» (Еф. 4:32). Аци унаффӕмӕ гӕсгӕ ку архайай, уӕд иннети хӕццӕ фӕрнӕй цӕрдзӕнӕ ӕма дӕхе хездзӕнӕ, уой фӕсте дӕ тухсун ка кӕна, уӕхӕн гъуддӕгтӕй. Удта ма не ’нӕнхӕстдзийнади туххӕй ци уавӕрти бахауӕн, уони дӕр ӕнцонтӕй раст кӕндзӕнӕ.

10 «Ӕууӕндундзийнадӕ». Нӕ тухст сагъӕстӕ арӕх баст фӕуунцӕ не ’хцатӕ ӕма не есбони хӕццӕ (Ӕмб. 18:11). Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй уӕхӕн гъуддӕгтӕбӕл ма тухсӕн? Гъӕуама Павели унаффӕмӕ гӕсгӕ архайӕн: «Ци уӕмӕ ес, уой фагӕбӕл нимайетӕ». Йеговӕбӕл федарӕй ку ’ууӕндай, уӕд нӕ дузӕрдуг кӕндзӕнӕ, царди дин ӕхсидзгӕдӕр ци ӕй, уонӕй дӕ цох ке нӕ ниууаддзӕй. Хуцау нин зӕрдӕ ӕвӕруй: «Некӕд дӕ ниууадздзӕн ӕма дӕ некӕд феронх кӕндзӕн». Мадта мах бон дӕр ӕй, Павел куд загъта, уотӕ зӕгъун: «Йеговӕ ӕй ме ’нхусгӕнӕг, ӕма ӕз нецӕмӕй фӕттӕрсдзӕн. Ци мин бакӕндзӕй адӕймаг?» (Дзиуит. 13:5, 6).

11 «Фӕлмӕн уодигъӕдӕ, хебӕл хуӕцун». Аци менеугутӕбӕл архайун зундбӕл дзорӕг ӕй. Дӕ уодигъӕди сӕ ку федар кӕнай, уӕд зӕрди фарнӕ ке туххӕй фесӕфуй, уӕхӕн гъуддӕгтӕ нӕ кӕндзӕнӕ, удта дӕ царди маст, гъӕр, хъӕлӕба ӕма ӕфхуӕрӕн дзурдтӕн бунат нӕ уодзӕй (Еф. 4:31).

12 Библи нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй нӕхе «хъаурӕгин Хуцауи рази ӕрниллӕг кӕнӕн» ӕма «не ’гас сагъӕстӕ дӕр Хуцауи барӕ бакӕнӕн». Уой туххӕй ба нӕ гъӕуй сӕрниллӕгдзийнадӕ (1 Пет. 5:6, 7). Еци менеуӕг дӕ уодигъӕди ку федар кӕнай, уӕд ӕй лӕдӕрдзӕнӕ, Хуцау дӕ ке федар кӕнуй ӕма ди арази ке ӕй, уой (Мих. 6:8). Дӕ бон ци ӕй ӕма ци нӕй, уой ку лӕдӕрай, уӕд ӕгӕр нӕ тухсдзӕнӕ ӕма дӕ зӕрдӕ фулдӕр Йеговӕбӕл дардзӕнӕ.

«МАКӔД КАТАЙ КӔНТӔ»

13. Киристей дзурдтӕ, «макӕд катай кӕнтӕ», зӕгъгӕ, куд лӕдӕргӕ ’нцӕ?

13 Матфеййи 6:34 (ба ’й кӕсӕ) финст ес Киристей унаффӕ: «Макӕд катай кӕнтӕ». Ӕвӕдзи нӕмӕ уотӕ фӕккӕсдзӕй, ӕма аци унаффӕмӕ гӕсгӕ архайун уотӕ ӕнцон нӕй. Цума Йесой ци зӕгъун фӕндадтӕй? Куд ӕй базудтан, уомӕ гӕсгӕ Давид ӕма Павел дӕр берӕ цӕбӕлдӕрти тухстӕнцӕ. Мадта Йесой уотӕ зӕгъун нӕ фӕндадтӕй, ӕма Хуцауи лӕггадгӕнгути тухсун ӕппундӕр нецӕбӕл гъӕудзӕй. Киристе ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн балӕдӕрун кодта, ӕгӕр ку катай кӕнонцӕ, уӕд уомӕй гъуддаг хуӕздӕр ке нӕ фӕууодзӕй. Алли бонӕн дӕр ӕхе сагъӕстӕ фагӕ фӕуунцӕ, ӕма сӕбӕл уӕлдай сагъӕстӕ ӕфтаун нӕ гъӕуй, зӕгъӕн, раздӕр ци адтӕй кенӕ исон ци уодзӕй, уобӕл. Цума куд ӕнгъезуй Киристей унаффӕмӕ гӕсгӕ архайун?

14. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, нӕ раздӕриккон рӕдудтитӕ нин ӕнцойнӕ ку нӕ дӕттонцӕ, уӕд?

14 Еуӕй-еухатт адӕн сӕ раздӕриккон рӕдудтити туххӕй фӕммаст кӕнунцӕ. Ци бакодтонцӕ, уой туххӕй сӕ сӕ цӕсгон берӕ ӕнзти дӕргъи дӕр хъӕбӕр фӕххуӕруй. Ӕ рӕстӕги паддзах Давид дӕр ӕ рӕдудтитӕбӕл хъӕбӕр маст кодта, ӕма загъта: «Мӕ рӕдудтитӕ мӕ сӕрӕй уӕлдӕр фӕцӕнцӕ» (Пс. 38:3, 4, 8, 18). Еци уавӕри Давид зундгин миуӕ бакодта ӕма ӕ гъуддаг Хуцауи бӕрагӕ ниууагъта. Ӕ зӕрдӕ дардта, Хуцау имӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ке уодзӕй ӕма ин ке ниххатир кӕндзӕй, уобӕл. Ӕма Давид хъӕбӕр цийнӕ кодта, Йеговӕ ин ӕ тӕрегъӕдтӕ ку ниххатир кодта, уӕд. (Бакӕсӕ Псалом 32:1–3, 5.)

15. а) Абони ци хабӕрттӕ цӕуй, уонӕбӕл ӕгӕр тухсун цӕмӕннӕ гъӕуй? б) Ци гъӕуй кӕнун, цӕмӕй мабал катай кӕнӕн? (Кӕсӕ рамкӕ «Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй минкъийдӕр тухсӕн?»)

15 Фӕууй уотӕ дӕр ӕма фӕттухсӕн, абони ци хабӕрттӕ цӕуй, уой туххӕй. Зӕгъӕн, Давид 55-аг псалом ку финста, уӕд хъӕбӕр тухст адтӕй, уомӕн ӕма ’й марунмӕ агурдтонцӕ (Пс. 55:2–5). Фал Давид уӕхӕн уавӕри дӕр ӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дардта. Ӕ зиндзийнӕдти Хуцаумӕ кувта, удта ’й лӕдӕрдтӕй, ӕхецӕй дӕр цидӕр кӕнгӕ ке ӕй (2 Сам. 15:30–34). Мах дӕр гъӕуама Давиди хузӕн, нӕ уавӕри нӕхецӕй кӕнгӕ ци ӕй, уой бакӕнӕн, идарддӕр ба ’й Йегови бӕрагӕ уадзӕн.

16. Хуцауи ном ци нисан кӕнуй, уобӕл сагъӕс кӕнгӕй де ’ууӕндундзийнадӕ куд бафедар уй?

16 Еуӕй-еухатт ма фӕккатай кӕнӕн, федӕни нӕбӕл ести ку ’рцӕуа, уомӕй ке фӕттӕрсӕн, уой туххӕй. Фал ка нӕма ӕрцудӕй, уӕхӕн хабӕрттӕбӕл тухсун нӕ гъӕуй, уомӕн ӕма арӕхдӕр гъуддаг, мах куд лӕгъуз ӕнгъӕл адтан, уотӕ нӕ рауайуй. Удта ма уой дӕр зонӕ, ӕма Хуцауи бон кӕмӕн неци ӕй бакӕнун, уӕхӕн гъуддаг нӕййес. Ӕ ном дӕр нисан кӕнуй «Е уотӕ бакӕнуй, ӕма исуй» (Рац. 3:14). Уомӕ гӕсгӕ федӕнбӕл тухсун нӕ гъӕуй, уомӕн ӕма Хуцауӕн айдагъ ӕ ном дӕр уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма имӕ адӕни туххӕй ци фӕндтӕ ес, уони ке исӕнхӕст кӕндзӕй. Дӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун, Хуцау, еузӕрдон ибӕл ка ’й, уонӕн ке райарфӕ кӕндзӕй ӕма син ке банхус кӕндзӕй, цӕмӕй раздӕр ци адтӕй, абони ци ес ӕма федӕни ци уодзӕй, уобӕл мабал катай кӕнонцӕ.

ЕСКЕ ХӔЦЦӔ РАДЗОРӔ

17, 18. Ци нӕ тухсун кӕнуй, уой туххӕй еске хӕццӕ ку радзубанди кӕнӕн, уӕд нин е куд банхус кӕндзӕй?

17 Цӕмӕй нӕ уавӕри ӕгӕр ма катай кӕнӕн, уой туххӕй ма нин банхус кӕндзӕй цуппӕрӕймаг гъуддаг дӕр. Дӕ бон ӕй еске хӕццӕ радзорун, зӕгъӕн, дӕ цардӕмбали хӕццӕ, дӕ хуарз ӕмбали хӕццӕ кенӕ ӕмбурди хестӕр нӕлгоймаги хӕццӕ. Уой фӕрци гъуддагмӕ ӕндӕр цӕстӕй ракӕсдзӕнӕ. Библи нин зӕгъуй: «Сагъӕстӕй адӕймаги зӕрдӕ бамӕгур уй, хуарз дзурдӕй ба зӕрдӕбӕл базуртӕ базайуй» (Ӕмб. 12:25). Уомӕй уӕлдай ма Библи зӕгъуй: «Ӕргом дзурд кӕми нӕ уа, уоми фӕндтӕ фехӕлдзӕнцӕ, берӕ унаффӕгӕнгутӕ кӕми уа, уоми ба алцидӕр рауайдзӕй» (Ӕмб. 15:22).

18 Тухст уавӕри цӕмӕй минкъийдӕр катай кӕнӕн, уой туххӕй нин устур ӕнхус ӕнцӕ не ’мбурдтӕ дӕр. Алли къуӕре дӕр нӕ рӕстӕг ферветӕн, ка нӕбӕл тухсуй ӕма нӕ бафедар кӕнун ке фӕндуй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ (Дзиуит. 10:24, 25). Уотемӕй «кӕрӕдзей ӕууӕндундзийнадӕй бафедар уӕн» ӕма нин ӕнцондӕр фӕууй нӕ уӕззау сагъӕстӕбӕл уӕлахез кӕнун (Ром. 1:12).

ХУЦАУМӔ ХӔСТӔГ КӔНӔ, ӔМА ДИН ХЪАУРИТӔ ДӔТДЗӔЙ

19. Йеговӕ нин хъауритӕ ке дӕтдзӕй, уобӕл дузӕрдуг кӕнун цӕмӕннӕ гъӕуй?

19 Канадӕй еу хестӕр нӕлгоймаг ӕхебӕл балӕдӕрдтӕй, ӕ уаргъ Йеговӕбӕл исӕвӕрун куд ӕхсидзгӕ ӕй, уой. Ӕ куст ӕнцон нӕй – скъолай ахургӕнӕгӕй косуй, удта ма, нецӕй туххӕй катай кӕнун кӕмӕй райдайунцӕ, уӕхӕн незӕй сӕйгӕ ’й. Еци ӕнсувӕрӕн ци банхус кодта? Ӕхуӕдӕг уотӕ зӕгъуй: «Фиццагидӕр архайдтон, цӕмӕй Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр кодтайнӕ. Тухст ку фӕуун, уӕд мин ме ’мбӕлттӕ дӕр хъӕбӕр банхус кӕнунцӕ, удта мӕ бийнойнаги хӕццӕ дӕр зӕрдиагӕй фӕдздзорун. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ, удта районон цӕстӕдарӕг дӕр мин банхус кодтонцӕ, цӕмӕй гъуддагмӕ Йегови цӕстӕй ракастайнӕ. Дохтирмӕ фӕццудтӕн ӕма мин мӕ нез исбӕрӕг кодта. Уой фӕсте мӕ гъуддӕгтӕмӕ нӕуӕгӕй ӕркастӕн, ӕма уолӕфунмӕ, удта ме ’уӕнгтӕ базмӕлун кӕнунмӕ фагӕ рӕстӕг рахецӕн кодтон. Сабургай ӕй лӕдӕрун райдӕдтон, мӕ нези хӕццӕ тох кӕнун мин хуӕздӕр ке уайуй. Уотӕ ку фӕууй, ӕма мӕ уавӕри мӕ бон неци ӕй бакӕнун, уӕд гъуддаг Йегови бӕрагӕ ниууадзун».

20. а) Нӕ бон куд ӕй нӕ уаргъ Йеговӕбӕл исӕвӕрун? б) Иннӕ статьяй дзурд цӕбӕл цӕудзӕй?

20 Аци статьяй базудтан, цӕмӕй нӕ уаргъ Йеговӕбӕл исӕвӕрӕн, уой туххӕй ковун, Библи кӕсун ӕма ибӕл сагъӕс кӕнун ке гъӕуй. Удта ма базудтан, куд ӕхсидзгӕ ’й, Хуцауи сугъдӕг хъаурӕй ка цӕуй, еци менеугутӕ нӕ уодигъӕди федар кӕнун, цӕбӕл тухсӕн, уой ескамӕн радзорун, удта хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ рӕстӕг ӕрветун. Иннӕ статьяй ба базондзиан, Йеговӕ нин федӕни ци ӕрцӕттӕ кодта, уомӕй нин нӕ нифс куд федар кӕнуй, уой (Дзиуит. 11:6).