Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

«Е фӕллад адӕймагӕн раттуй хъаурӕ»

«Е фӕллад адӕймагӕн раттуй хъаурӕ»

2018 анзи стих: «Ӕ нифс Йеговӕбӕл ка даруй, уонӕмӕ нӕуӕгӕй хъауритӕ бацӕудзӕй» (ИС. 40:31).

ЗАРТӔ: 3, 47

1. Беретӕ ни цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлунцӕ, фал ни Йегови зӕрдӕ цӕмӕн рохс кӕнуй? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)

КУД ӕй зонӕн, уотемӕй аци дуйней цард берӕ зиндзийнӕдти хӕццӕ баст ӕй. Зӕгъӕн, нӕ хъазар хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй беретӕ гъезӕмарӕ кӕнунцӕ уӕззау незтӕй. Кадӕртӕ ба сӕхуӕдтӕ дӕр ӕригон нӕбал ӕнцӕ, уотемӕй ба сӕ каргун хеуӕнттӕмӕ кӕсунцӕ. Кӕмӕндӕрти ба сӕ бийнонтӕ дарун тухамӕлттӕй ӕнтӕсуй. Уой дӕр зонӕн, ӕма беретӕн, ке ранимадтан, еци зиндзийнӕдтӕ еугурӕйдӕр исеу унцӕ. Уӕхӕн уавӕрти адӕймаги берӕ рӕстӕг ӕма хъауритӕ багъӕуй, удта ӕхца дӕр берӕ рандӕ уй. Фал ӕй сумах федарӕй зонетӕ, Йеговӕ уӕ ке нӕ ниууадздзӕй ӕма гъуддаг ке фӕххуӕздӕр уодзӕй, уомӕн ӕма уин уомӕй Хуцау зӕрдӕ байвардта. Уӕ федар ӕууӕндундзийнадӕ ӕцӕгӕйдӕр Йегови зӕрдӕ рохс кӕнуй!

2. Исаййи 40:29 финст дзурдтӕ нӕ куд федар кӕнунцӕ, фал ни еуӕй-еуетӕ цӕхуӕн рӕдуд гъудимӕ ӕрцӕунцӕ?

2 Фал нӕмӕ еуӕй-еухатт, ӕвӕдзи, уотӕ фӕккӕсуй, ӕма нӕ бон нӕбал ӕй нӕ зиндзийнӕдти хӕццӕ тох кӕнун. Уӕд ни гъӕуама иронх ма уа, уӕхӕн уавӕри айдагъ мах ке нӕ ан. Хуцауи лӕггадгӕнгутӕй рагидзаманти ка цардӕй, уонӕй дӕр еуӕй-еуети сӕ къохтӕ ӕруадзунмӕ берӕ нӕбал гъудӕй (1 Пад. 19:4; Иов 7:7). Фал син цума ци банхус кодта? Етӕ сӕ зӕрдӕ дардтонцӕ, «фӕллад адӕймагӕн» хъаурӕ ка дӕттуй, еци Хуцаубӕл (Ис. 40:29). Гъигагӕн, абони Хуцауи адӕнӕй еуӕй-еуетӕ уотӕ сагъӕс кӕнун райдайунцӕ, ӕма бал сӕ сӕ зиндзийнӕдти туххӕй Хуцауи гъуддӕгтӕ фӕууадзун гъӕуй. Уонӕн киристон цард исуй уаргъ, арфӕдзийнадӕ нӕ, фал. Уомӕ гӕсгӕ Библи нӕбал фӕккӕсунцӕ, ӕмбурдтӕмӕ нӕбал фӕццӕунцӕ, удта игъосун кӕнуни гъуддаги дӕр нӕбал фӕййархайунцӕ. Раст Сайтани куддӕриддӕр фӕндадтӕй, уотӕ.

3. а) Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй Сайтани куд фӕндуй, уотӕ ма рауайа, ӕма Хуцауи гъуддӕгти ма ’рлӕмӕгъ уӕн? б) Аци статьяй цӕбӕл радзордзиан?

3 Сайтан ӕй зонуй, Йеговӕн куд фулдӕр лӕггадӕ кӕнӕн, уотӕ нӕ хъауритӕ фулдӕр ке кӕнунцӕ, ӕма ’й уотӕ ба нӕ фӕндуй. Мадта дӕмӕ уотӕ ку кӕса, ӕма дӕ бон нӕбал ӕй, уӕд дӕхе Йеговӕй ма еуварс кӕнӕ, фал имӕ хӕстӕгдӕр кӕнӕ. Библи зӕгъуй: «Бафедар уӕ кӕндзӕй, уӕ хъауритӕбӕл уин хъауритӕ бафтаудзӕй» (1 Пет. 5:10; Иак. 4:8). Аци статьяй ӕркӕсдзиан, минкъийдӕр лӕггадӕ кӕнун ке туххӕй райдайдзиан, дууӕ уӕхӕн гъуддагемӕ. Удта ма радзубанди кӕндзиан, Библий уагӕвӕрдтӕ нин куд банхус кӕндзӕнцӕ, уобӕл дӕр. Фал бал фиццаг нӕ гъос ӕрдарӕн Исаййи 40:26–31 стихтӕмӕ ӕма расагъӕс кӕнӕн, Йегови бон нин хъауритӕ раттун куд ӕй, уобӕл.

Ӕ НИФС ЙЕГОВӔБӔЛ КА ДАРУЙ, УОНӔМӔ НӔУӔГӔЙ ХЪАУРИТӔ БАЦӔУДЗӔЙ

4. Исаййи 40:26 стих нин цӕбӕл дзорӕг ӕй?

4 Бакӕсӕ Исаййи 40:26. Дун-дуйней цӕйбӕрцӕ стъалутӕ ес, уой неке бон ӕй банимайун. Ахургӕндтӕ куд зӕгъунцӕ, уомӕ гӕсгӕ айдагъ мах галактики, Ӕрфӕнифӕд, зӕгъгӕ, 400 миллиардемӕй дӕр фулдӕр стъалуй ес. Гъема си Йеговӕ алкӕмӕндӕр ном равардта. Е махӕн цӕбӕл дзорӕг ӕй? Кӕд ма Йеговӕ алли стъалумӕ дӕр ӕ цӕстӕ даруй, уӕд дӕубӕл ба нӕ батухсдзӕй? Ду ин лӕггадӕ кӕнис, уарзгӕ ’й ке кӕнис, уой туххӕй, уотӕ ке гъӕуй, уой туххӕй нӕ, фал (Пс. 19:1, 3, 14). Нӕ уарзӕгой Фидӕй хуӕздӕр дӕ неке зонуй. Сауӕнгӕ ма «дӕ сӕригъунтӕ дӕр еугурӕйдӕр нимад ӕнцӕ» (Матф. 10:30). Псаломзаргӕнӕг загъта: «Йеговӕ зонуй, ӕнаййеп ка ӕй, уони цард» (Пс. 37:18). Мадта цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлис, уой дӕр уинуй, ӕма дин хъаурӕ ратдзӕй, цӕмӕй си алкӕций сӕрти дӕр рахезай.

5. Йегови бон нин хъаурӕ раттун ке ӕй, уобӕл цӕмӕн гъӕуама ма дузӕрдуг кӕнӕн?

5 Бакӕсӕ Исаййи 40:28. Йегови хъаурӕ ӕнӕкӕрон ӕй. Цӕмӕй ӕй балӕдӕрӕн, уой туххӕй расагъӕс кӕнӕн, хорӕй цӕйбӕрцӕ энерги цӕуй, уобӕл. Еу ахургонд-финсӕг, Дэвид Боданис, зӕгъгӕ, загъта: «Алли сикъунд дӕр хорӕй ци энерги рацӕуй, уой рабарӕн ес, цалдӕр миллиард атомон бомби ку фехалдайуонцӕ, уӕд си ци энерги рацудайдӕ, уой хӕццӕ». Иннӕ ахургонд ба загъта, зӕгъгӕ, хорӕй еу сикъундмӕ ци энерги рацӕуй, е уойбӕрцӕ ӕй, ӕма зӕнхӕбӕл ӕгас адӕнӕн дӕр еу 200 000 анзей фагӕ адтайдӕ. Мадта хорӕн уойбӕрцӕ хъаурӕ ка равардта, еци Хуцау махӕн нӕ зиндзийнӕдти рӕстӕг хъаурӕ нӕ ратдзӕй?

6. Йесой дзурдтӕ, ме ’фсойнӕ ӕнцонхӕссӕн ӕй, зӕгъгӕ, куд лӕдӕргӕ ’нцӕ ӕма е махӕн цӕбӕл дзорӕг ӕй?

6 Бакӕсӕ Исаййи 40:29. Нӕ лӕггадӕ нин устур цийнӕдзийнадӕ хӕссуй. Йесо ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн загъта: «Ме ’фсойнӕ уӕхебӕл исӕвӕретӕ». Удта ма бафтудта: «Ӕма уодӕнцойнӕ иссердзиайтӕ. Уомӕн ӕма ме ’фсойнӕ ӕй ӕнцонхӕссӕн, мӕ уаргъ ба – рӕуӕг» (Матф. 11:28–30). Ӕма е ӕцӕгӕйдӕр уотӕ ’й! Еуӕй-еухатт ӕмбурдмӕ кенӕ игъосун кӕнунмӕ цӕугӕй хъӕбӕр ӕнӕхъаурӕ фӕууӕн. Фал фӕстӕмӕ ку фездӕхӕн, уӕдта нӕбӕл базуртӕ базайуй ӕма цӕттӕ фӕууӕн идарддӕр дӕр нӕ зиндзийнӕдти хӕццӕ тох кӕнунмӕ. Ӕцӕгӕйдӕр, Йесой ӕфсойнӕ ӕнцонхӕссӕн ӕй!

7. Матфеййи 11:28–30 финст дзурдтӕ ӕцӕгӕйдӕр раст ке ’нцӕ, е цӕхуӕн хабарӕй зиннуй?

7 Еу хуӕрӕн ӕ нез уӕхӕн ӕй, ӕма алкӕддӕр ӕнӕхъаурӕ, удта фӕллад фӕууй, уомӕй уӕлдай ма имӕ депресси дӕр ес, удта ӕ сӕр арӕх фӕрресуй. Хатгай ин ӕмбурдмӕ ӕрбацӕун дӕр хъӕбӕр зин фӕууй. Еу бон ба, ӕ хъауритӕ ку ӕрӕмбурд кодта ӕма ӕмбурдмӕ ку ӕрбацудӕй, уӕд уой фӕсте загъта: «Радзубанди адтӕй нифссаст ка ӕй, уони туххӕй, ӕма мӕ зӕрдӕбӕл хъӕбӕр бамбалдӕй. Мӕ цӕстисугтӕ дӕр ма ӕруадӕнцӕ. Ба ’й лӕдӕрдтӕн мӕ бунат ами ке ӕй». Еци хуӕрӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн адтӕй, уӕддӕр ке ӕрбацудӕй, е.

8, 9. Павели дзурдтӕ, лӕмӕгъ ку фӕуун, уӕд фӕуун хъаурӕгин, зӕгъгӕ, куд лӕдӕргӕ ’нцӕ?

8 Бакӕсӕ Исаййи 40:30. Нӕ бон берӕ цидӕртӕ ӕй, фал нин уӕддӕр айдагъ нӕхе хъауритӕй берӕ нӕ бантӕсдзӕй. Ӕма ни уой алкедӕр гъӕуама лӕдӕра. Апостол Павел дӕр кӕд берӕ цӕмӕдӕрти арӕхстӕй, уӕддӕр алцидӕр ба ӕ бон н’ адтӕй. Ӕма ӕ сагъӕстӕ Йеговӕн ку радзурдта, уӕд ин Йеговӕ загъта: «Мӕ хъаурӕ ӕхе ӕнхӕстӕй ӕвдесуй дӕ лӕмӕгъдзийнади». Павел дӕр уомӕ гӕсгӕ загъта: «Лӕмӕгъ ку фӕуун, уӕд фӕуун хъаурӕгин» (2 Кор. 12:7–10). Цума ӕ дзурдтӕ куд лӕдӕргӕ ’нцӕ?

9 Павел ӕй лӕдӕрдтӕй, айдагъ ӕхе хъаурӕй ин берӕ ке нӕ бантӕсдзӕй. Гъудӕй ӕй, ӕхецӕй берӕ фулдӕр хъаурӕ кӕмӕ адтӕй, уой ӕнхус. Гъема ин Хуцау ӕ сугъдӕг хъаурӕ лӕвардта, лӕмӕгъ ку уидӕ, уӕд. Уой фӕрци ма ӕ бон адтӕй, айдагъ ӕхе хъаурӕй ке не ’скодтайдӕ, уӕхӕн гъуддаг искӕнун дӕр. Махӕн дӕр нӕ хабар уотӕ ’й. Йегови сугъдӕг хъаури фӕрци нӕмӕ фагӕй фулдӕр хъаурӕ уодзӕй!

10. Давидӕн ӕ зиндзийнӕдтӕ исфӕразунмӕ Йеговӕ куд ӕнхус кодта?

10 Псаломзаргӕнӕг Давид дӕр Хуцауи сугъдӕг хъаури ӕнхус ӕхебӕл бавзурста. Ӕ зари уӕхӕн дзурдтӕ адтӕй: «Дӕу фӕрци мӕ бон ӕй абӕргути нихмӕ рацӕун дӕр. Мӕ Хуцауи фӕрци мӕ бон ӕй фӕрстӕбӕл исбурун дӕр» (Пс. 18:29). Махӕн дӕр еуӕй-еухатт нӕ зиндзийнӕдтӕ «фӕрсти» хузӕн фӕуунцӕ ӕма нин Йеговӕ ку нӕ банхус кӕна, уӕд сӕбӕл нӕхе хъауритӕй неци хузи «исбурдзиан».

11. Сугъдӕг хъаурӕ нин зиндзийнӕдти рӕстӕг куд банхус кӕндзӕй?

11 Бакӕсӕ Исаййи 40:31. Цӕргӕсӕн бӕрзӕндти тӕхун ӕ бон берӕ рӕстӕг ӕй. Фал ин е айдагъ ӕхе хъаури фӕрци нӕ фӕууайуй. Зӕнхӕй уӕлӕмӕ ци гъар уӕлдӕф иссӕуй, уомӕ ӕ пъазуртӕ рауадзуй ӕма ’й еци уӕлдӕф хӕрдмӕ исесуй. Уой фӕрци тӕхгӕй хъӕбӕр нӕ бафӕллайуй. Мадта хъӕбӕр зин уавӕрти ку бахауай, уӕд цӕргӕсбӕл расагъӕс кӕнӕ. Йеговӕн лигъстӕ кӕнӕ, цӕмӕй дин ратта «ӕнхусгӕнӕг сугъдӕг хъаурӕ» (Иоан. 14:26). Нӕ бон кӕдфӕнди дӕр ӕй Йеговӕй сугъдӕг хъаурӕ корун, ӕхсӕвӕ дӕр ӕма бонӕ дӕр. Уӕлдай хъӕбӕрдӕр ба нӕ Хуцауи ӕнхус фӕгъгъӕуй, ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй еске хӕццӕ ку нӕ фӕффедауӕн, уӕд. Цума уотӕ цӕмӕн рауайуй?

12, 13. а) Еуӕй-еухатт хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти астӕу зӕрдихудтӕ цӕмӕн рауайуй? б) Иосифи хабар нин Йегови туххӕй ци ’вдесуй?

12 Еугурӕйдӕр ӕнӕнхӕст ке ан, уой туххӕй нӕ астӕу зӕрдихудтӕ дӕр рауайуй. Хатгай мӕстгун фӕккӕнӕн, кадӕр ци загъта кенӕ ци бакодта, уобӕл, кенӕ ба нин нӕхемӕ фӕммӕстгун кӕнунцӕ. Е нин, гӕнӕн ес, ӕма фӕлварӕн дӕр исуа. Уӕхӕн фӕлварӕни рӕстӕг дӕр нӕ бон ӕй бавдесун, Йеговӕбӕл еузӕрдон ке ан, уой. Кутемӕй? Нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ ӕмгуст кӕнунбӕл ку ахур кӕнӕн. Кӕд ӕнӕнхӕст ӕнцӕ, уӕддӕр сӕ Йеговӕ берӕ уарзуй ӕма сӕ мах дӕр гъӕуама уотӕ уарзӕн.

Йеговӕ Иосифи нӕ ниууагъта ӕма дӕу дӕр некӕд ниууадздзӕй (кӕсӕ 13 абзац)

13 Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгути сӕ зиндзийнӕдтӕй нӕ ервӕзун кӕнуй. Ӕма е бӕрӕг ӕй Иосифи цардӕй. Ӕригон Иосифи е ’нсувӕртӕ цагъарӕй рауӕйӕ кодтонцӕ, соцъа ке кодтонцӕ, уой туххӕй. Уотемӕй Иосиф Египетмӕ бахаудтӕй (Райд. 37:28). Ци куст ин бакодтонцӕ, уой Йеговӕ уидта ӕма ин ӕнцон н’ адтӕй, ӕ рӕстзӕрдӕ ӕмбали куд ӕфхуӕрунцӕ, уомӕ кӕсун. Фал Йеговӕ уӕддӕр неци бакодта. Фӕстӕдӕр Потифари уосӕ Иосифи фӕффудгин кодта, тухмиуӕ мин бакӕнунмӕ гъавта, зӕгъгӕ, ӕма ахӕстдонӕмӕ бахаудтӕй. Йеговӕ ’й уӕд дӕр нӕ фӕййервӕзун кодта. Цума е уобӕл дзорӕг адтӕй, ӕма ’й Йеговӕ ниууагъта? Нӕъ. Библи зӕгъуй: «Йеговӕ адтӕй Иосифи хӕццӕ ӕма, цийфӕнди ма кодтайдӕ, алли гъуддаги дӕр ин Йеговӕ арфӕ кодта» (Райд. 39:21–23).

14. Нӕ маст цӕмӕн гъӕуама «ниууадзӕн»?

14 Ӕркӕсӕн ӕндӕр хабармӕ. Давид ци ӕфхуӕрд баййафта, уӕхӕн ӕфхуӕрд беретӕ нӕ баййафтонцӕ. Фал Хуцауи ӕмбал адтӕй, ӕма нӕ бауагъта, цӕмӕй ӕ зӕрди маст ниббадтайдӕ. Уотӕ дӕр ма ниффинста: «Ниууадзӕ маст ӕма фудӕнхӕ. Ма мӕстгун кӕнӕ – е дӕ фидбилизӕй ӕндӕр нецӕмӕ ӕркӕндзӕй!» (Пс. 37:8). Мадта мах дӕр гъӕуама нӕ маст ниууадзӕн. Йеговӕ дӕр нин «нӕ рӕдудтитӕмӕ гӕсгӕ ци ’мбӕлуй, уой... нӕ бафедуй» ӕма мах ба фиццагидӕр уой фӕнзӕн (Пс. 103:10). Фал ма маст «ниууадзун» гъӕуй, е нӕхе пайдайӕн ке ӕй, уой туххӕй дӕр. Зӕгъӕн, адӕймаг ӕ зӕрди маст ку дара, уӕд ӕй е, гӕнӕн ес, ӕма аллихузи незтӕмӕ расайа, зӕгъӕн, ӕ давлени бӕрзонд кӕндзӕй, рӕугути нез имӕ фӕззиндзӕй, удта ’й ӕ игӕр кенӕ ӕ ахсӕн тухсун кӕнун райдайдзӕй. Уомӕй уӕлдай ма адӕймаг мӕстгунӕй рӕстмӕ сагъӕс кӕнун дӕр нӕ фӕззонуй. Арӕхдӕр ӕ масти фӕдбӕл ци фӕззӕгъуй кенӕ ци бакӕнуй, уобӕл уой фӕсте берӕ фӕффӕсмон кӕнуй. Мадта берӕ хуӕздӕр уодзӕй, адӕймаг ӕхебӕл хуӕцун ку зона. Библий дӕр уотӕ финст ес: «Сабур зӕрдӕ бауӕрӕн ӕй цард, соцъа ба ӕй стӕгнез» (Ӕмб. 14:30). Мадта нин нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕртӕй еске нӕ зӕрдӕ ку фӕрресун кӕна, уӕд нӕ бон ци ӕй бакӕнун, цӕмӕй ӕ хӕццӕ бафедауӕн? Нӕ бон ӕй Библий зундгин унаффитӕй пайда кӕнун.

ӔМБУРДИ НИН ЕСКЕ НӔ ЗӔРДӔ КУ ФӔРРЕСУН КӔНА

15, 16. Еске нин нӕ зӕрдихудти ку бацӕуа, уӕд ци гъӕуама кӕнӕн?

15 Бакӕсӕ Ефесӕгтӕмӕ 4:26. Йеговӕн ка нӕ лӕггадӕ кӕнуй, еци адӕнӕй нин еске лӕгъузӕй ести ку ракӕнуй, уӕд нӕмӕ е дессаг нӕ фӕккӕсуй. Фал нин не ’мбурдӕй кенӕ нӕ бийнонтӕй еске нӕ зӕрдихудти ку бацӕуй, уӕдта нин хъӕбӕр зин фӕууй. Зӕгъӕн, нӕ бон нӕй, еци адӕймаг ци бакодта, уой байронх кӕнун, уӕд гъуддаг уой уӕнгӕ ӕруадздзиан, цӕмӕй имӕ берӕ ӕнзти дӕргъи нӕ зӕрди маст хӕссӕн? Ӕви нин Библи ци зундгин унаффитӕ дӕттуй, уонӕмӕ гӕсгӕ еци фӕдбӕл гъуддаг исраст кӕнунбӕл байархайдзиан? Рӕстӕг куд фулдӕр ивазӕн, уотӕ нин уой фӕсте зиндӕр уодзӕй еци адӕймаги хӕццӕ бафедаун.

16 Кӕд хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй еске дӕ зӕрдихудти бацудӕй ӕма еци хабар дӕ бон феронх кӕнун нӕй, уӕд ци ес бакӕнӕн? Куд ӕнгъезуй ӕ хӕццӕ бафедаун? Фиццаг: Йеговӕмӕ зӕрдибунӕй исковӕ. Ӕнхус си ракорӕ, цӕмӕй дин еци адӕймаги хӕццӕ дзӕбӕх дзубанди рауайа. Иронх ди ма уӕд, е дӕр Йегови ӕмбал ке ӕй (Пс. 25:14). Йеговӕ ба е ’мбӕлтти берӕ уарзуй, удта сӕмӕ хӕларзӕрдӕ ӕй, ӕма ’й фӕндуй, цӕмӕй сӕмӕ мах дӕр уӕхӕн зӕрдӕ дарӕн (Ӕмб. 15:23; Матф. 7:12; Кол. 4:6). Дуккаг: дзӕбӕх расагъӕс кӕнӕ, еци адӕймагӕн ци зӕгъдзӕнӕ, уобӕл. Удта уотӕ дӕр ма сагъӕс кӕнӕ, ӕма дӕ барӕй фӕрресун кодта. Ка ’й зонуй дин ести ӕнӕргъудийӕй загъта кенӕ ба ’й дӕхуӕдӕг раст нӕ балӕдӕрдтӕ. Удта си, ка ’й зонуй, дӕу фуд дӕр ести адтӕй. Дӕ бон ӕй дӕ дзубанди уотӕ райдайун: «Ӕвӕдзи, ӕзинӕ ке загътай, уомӕ ӕгӕр рамӕстгун дӕн, фал мӕмӕ уотӕ фӕккастӕй, ӕма...» Уой фӕсте дӕр гъуддаг ку нӕ фӕррӕстмӕ уа, уӕдта ӕндӕр фадуӕттӕ агорӕ, цӕмӕй бафедауайтӕ. Еци адӕймаги туххӕй Йеговӕмӕ ковӕ, цӕмӕй ин арфӕ кӕна, удта си корӕ, цӕмӕй ин фулдӕр ӕ хуарз менеугутӕ уинай. Гъуддаг кудфӕнди ма рауайа, уӕддӕр ӕй зонӕ, де ’нсувӕри хӕццӕ – Йегови ӕмбали хӕццӕ – бафедаунбӕл уотӕ зӕрдиагӕй ке архайис, уомӕй Йегови зӕрдӕ рохс кӕнис.

НӔ РАЗДӔРИККОН РӔДУДТИТИ ТУХХӔЙ НӔХЕ КУ ХУӔРӔН

17. Киристон уӕззау тӕрегъӕд ку искӕна, уӕд ин Йеговӕ куд банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нӕуӕгӕй е ’мбал исуа? Еци ӕнхусбӕл цӕмӕн гъӕуама исарази уа?

17 Еуӕй-еуетӕмӕ уотӕ фӕккӕсуй, ӕма Йеговӕн лӕггадӕ кӕнуни аккаг нӕ ’нцӕ, раздӕр цидӕр уӕззау тӕрегъӕд ке искодтонцӕ, уой туххӕй. Адӕймаг ӕхе ӕгӕр ку фӕххуӕруй, уӕд ӕ зӕрди фарнӕ фесӕфуй, цийнӕдзийнадӕ ин нецибал фӕххӕссуй, удта имӕ хъаурӕ дӕр нӕбал байзайуй. Паддзах Давид дӕр ӕ рӕдудтитӕбӕл хъӕбӕр фӕсмон кодта ӕма уотӕ загъта: «Ку неци дзурдтон, уӕд бон-изӕрмӕ нӕтгӕ кодтон ӕма ме стгутӕ ниххускъӕ ’нцӕ, уомӕн ӕма мӕбӕл ӕхсӕвӕй-бонӕй дӕ къох уӕзӕ кодта» (Пс. 32:3–5). Кӕд ести уӕззау тӕрегъӕд искодтай, уӕддӕр Йеговӕ цӕттӕ ӕй, цӕмӕй дин ниххатир кӕна. Уотӕ ’й фӕндуй, цӕмӕй дин банхус кӕна, ӕма нӕуӕгӕй е ’мбал исуай. Фал дӕхуӕдӕг дӕр гъӕуама е ’нхусбӕл исарази уай ӕма ӕмбурди хестӕр нӕлгоймӕгти хӕццӕ радзубанди кӕнай (Ӕмб. 24:16; Иак. 5:13–15). Еци къахдзӕф куд тагъддӕр искӕнай, уотӕ хуӕздӕр, уомӕн ӕма де ’носон цард уой хӕццӕ баст ӕй! Фал, зӕгъӕн, дӕ тӕрегъӕд хатиргонд ӕрцудӕй, фал уӕддӕр дӕхе хуӕрис, уӕдта?

18. Ӕхе Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнуни аккагбӕл ка нӕ нимайуй, уонӕн Павели хабар куд банхус кӕндзӕй?

18 Апостол Павелӕн дӕр ӕ раздӕриккон рӕдудтитӕ ӕ зӕрдӕбӕл арӕх ӕрлӕууиуонцӕ. Е загъта: «Ӕз апостолтӕй се ’гасемӕйдӕр дӕлдӕр дӕн ӕма, апостоли ном хӕссуни аккаг дӕр нӕ дӕн, уомӕн ӕма ӕз ӕфхуардтон Хуцауи ӕмбурд». Фал удта ӕ дзурдтӕбӕл бафтудта: «Аци ихӕс [мӕбӕл] ес Хуцауи ’стур хуарзӕнхи фӕрци» (1 Кор. 15:9, 10). Йеговӕ Павели уарзта, цӕхуӕн адтӕй, уӕхӕнӕй, ӕма ’й фӕндадтӕй, цӕмӕй Павел дӕр уой ма иронх кодтайдӕ. Ӕцӕгӕйдӕр, Йеговӕ алкӕддӕр цӕттӕ фӕууй хатир кӕнунмӕ. Мадта кӕд кӕддӕр цидӕр уӕззау тӕрегъӕд искодтай, фал ибӕл удта зӕрдӕй ӕрфӕсмон кодтай ӕма уой туххӕй хестӕр нӕлгоймӕгтӕн радзурдтай, уӕд ӕппундӕр ма дузӕрдуг кӕнӕ, Йеговӕ дин дӕ тӕрегъӕд ке ниххатир кодта (Ис. 55:6, 7).

19. 2018 анзӕн цӕхуӕн стих ӕвзурст ӕрцудӕй ӕма цӕмӕн?

19 Аци дуйнейӕн ӕ кӕрон куд хӕстӕгдӕр кӕнуй, уотӕ зиндзийнӕдтӕ фулдӕрӕй-фулдӕр кӕнунцӕ. Фал ди иронх ма уӕд, Хуцауи бон дин ке ӕй дӕ зиндзийнӕдти хӕццӕ тох кӕнунмӕ хъауритӕ раттун. Йеговӕ «фӕллад адӕймагӕн раттуй хъаурӕ, хъаурӕ кӕмӕ нӕбал фӕууй, уой исфедар кӕнуй» (Ис. 40:29; Пс. 55:22; 68:19). Анзи дӕргъи аци ӕхсидзгӕ гъуди нӕ зӕрди ӕфтуйдзӕй, 2018 анзӕн ци стих ӕвзурст ӕрцудӕй, уой фӕрци: «Ӕ нифс Йеговӕбӕл ка даруй, уонӕмӕ нӕуӕгӕй хъауритӕ бацӕудзӕй» (Ис. 40:31).