БИОГРАФИ
Алцидӕр ниууагътон, цӕмӕй Киристей фӕдбӕл цудайнӕ
«Кӕд дӕ дини туххӕй дзорунмӕ цӕуис, уӕд хӕдзарӕмӕ мабал раздӕхӕ. Ку раздӕхай, уӕд дин дӕ къӕхтӕ пурхӕ кӕндзӕн». Аци дзурдтӕ мин мӕ фидӕ загъта, 16 анзи мӕбӕл ку цудӕй, уӕд. Ӕ дзурдтӕ ма берӕ рӕстӕг мӕ гъостӕбӕл уадӕнцӕ. Еци бон хӕдзарӕй рандӕ дӕн. Гъеуӕд мӕ фиццаг хатт багъудӕй Киристей туххӕй цидӕр ниууадзун.
УӔХӔН уавӕри куд бахаудтӕн? Гъӕйдӕ мадта уин мӕ хабар радзорон. Ӕз райгурдтӕн 29 июли 1929 анзи ӕма исгъомбӕл дӕн провинци Булакани минкъий гъӕуи (Филиппинтӕ). Ӕхцагин бийнонтӕ н’ адтан ӕма кодтан хумӕтӕг цард. Ирӕзгӕ кари ку адтӕн, уӕд Японий ӕфсӕдтӕ Филиппинтӕмӕ ӕрбампурстонцӕ ӕма тугъд райдӕдта. Фал мах кӕми цардан, еци гъӕу иннетӕй дзӕвгарӕ идарддӕр адтӕй ӕма тугъд мах уӕнгӕ не ’рхъӕрдтӕй. Тугъди хабӕрттӕ ӕрмӕстдӕр иннӕ адӕнӕй игъустан, уомӕн ӕма нӕмӕ нӕдӕр радио, нӕдӕр телевизор, нӕдӕр газзеттӕ адтӕй.
Бийнонти аст сувӕллони адтан, ӕз ба адтӕн дуккаг. Аст анзи мӕбӕл ку исӕнхӕст ӕй, уӕд мӕ баба ӕма нана сӕхемӕ райстонцӕ. Ӕнӕуой католиктӕ адтан, фал баба ӕндӕр динти литературӕ дӕр кастӕй. Е ’мбӕлттӕ ин раттиуонцӕ, дини киунугутӕ ӕма сӕ е ба ӕмбурд кодта. Гъуди ма ’й кӕнун, еухатт мин ӕвдиста, мӕнгӕ динти ахурӕдти нихмӕ ӕргом финст кӕми адтӕй, уӕхӕн брошюритӕ тагайлаг ӕвзагбӕл, удта Библи. Библи кӕсун мӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цудӕй, уӕлдайдӕр ба Киристей царди хабӕрттӕ финст кӕми ’нцӕ, еци цуппар Евангелий. Уой фӕрци мӕ бафӕндадтӕй Киристей фӕдбӕл цӕун (Иоан. 10:27).
АХУР КӔНУН КИРИСТЕЙ ФӔДБӔЛ ЦӔУН
Японий ӕфсӕдтӕ Филиппинтӕй рандӕ ’нцӕ 1945 анзи. Еци рӕстӕг мин мӕ ниййергутӕ загътонцӕ, цӕмӕй хӕдзарӕмӕ раздахтайнӕ. Ӕма мӕ мӕ баба нӕхемӕ рарвиста.
Минкъий фӕстӕдӕр нӕ гъӕумӕ хуарз хабар игъосун кӕнунмӕ ӕрцудӕй Йегови Ӕвдесӕнти къуар горӕт Ангатӕй. Махмӕ ӕрбацудӕй еу каргун Ӕвдесӕн ӕма нин радзурдта, Библий «фӕстаг бӕнтти» туххӕй ци финст ес, уой (2 Тим. 3:1–5). Удта нин загъта, цӕмӕй Библи ахур кӕнунмӕ ӕрбацудайанӕ, хӕстӕгдӕр нӕмӕ ка адтӕй, еци гъӕумӕ. Мӕ ниййергути нӕ бафӕндадтӕй, фал ӕз ба фӕццудтӕн. Уоми ӕрӕмбурд ӕй еу 20 адӕймаги ӕма си кадӕртӕ Библий туххӕй фарстатӕ лӕвардтонцӕ.
Цӕбӕл си дзурдтонцӕ, уой ӕнхӕст ке нӕ лӕдӕрдтӕн, уомӕ гӕсгӕ мӕ рандӕ ун фӕндадтӕй. Фал уӕдмӕ ба Паддзахади зар зарун райдӕдтонцӕ. Е мӕ зӕрдӕмӕ уотӕ хъӕбӕр фӕццудӕй ӕма байзадтӕн. Зар
ӕма кувди фӕсте ба фегъосун кодтонцӕ, иннӕ хуцаубони алкедӕр ӕмбурдмӕ ке хонунцӕ горӕт Ангатмӕ.Ӕмбурд гъӕуама Крусти хӕдзари рацудайдӕ, ӕма еуӕй-еуетӕ уой уӕнгӕ аст километри фӕццудӕнцӕ. Еу 50 адӕймаги си ӕрӕмбурд ӕй. Хъӕбӕр дессаг мӕмӕ фӕккастӕй сувӕллӕнттӕ дӕр си зин фарстатӕбӕл дзуапп ке лӕвардтонцӕ, е. Цалдӕр хатти ма ӕмбурдмӕ ку ӕрбацудтӕн, уой фӕсте мӕ еу каргун ӕнсувӕр Дамиан Сантос сӕхемӕ ӕхсӕвеуатӕй фӕххудта ӕма ӕгас ӕхсӕвӕ Библий туххӕй фӕдздзурдтан.
Еци рӕстӕгути Библий сӕйраг ахурӕдтӕ ка базонидӕ, етӕ цӕттӕ адтӕнцӕ, еци фӕдбӕл донаргъуд райсунмӕ. Еу цалдӕр ӕмбурдей фӕсте ӕнсувӕртӕ мӕнмӕ, удта ма цалдӕр адӕймагемӕ бацудӕнцӕ ӕма нӕ бафарстонцӕ, донаргъуд райсун уӕ нӕ фӕндуй, зӕгъгӕ. Ӕз син загътон ке мӕ фӕндуй. Мӕн фӕндадтӕй Киристейӕн цагъари хузӕн лӕггадӕ кӕнун (Кол. 3:24). Гъема 15 феврали 1946 анзи, хӕстӕгдӕр нӕмӕ ка адтӕй, еци донибилӕбӕл ӕз, удта ма еу ӕнсувӕр донаргъуд райстан.
Донаргъуд киристони Киристей хузӕн хуарз хабар игъосун кӕнун ке гъӕуй, уой хуарз лӕдӕрдтӕн. Фал е мӕ фиди зӕрдӕмӕ нӕ фӕццудӕй ӕма мин загъта: «Ӕгӕр раги ма дин ӕй адӕни хӕццӕ Хуцауи туххӕй дзорун. Ӕма дӕ дони ке ратулдтонцӕ, е нецӕбӕл ма дзорӕг ӕй». Ӕз ин балӕдӕрун кодтон, Паддзахади хабар игъосун кӕнун Хуцауи фӕндон ке ӕй (Матф. 24:14). Удта ма ин загътон, Хуцауӕн ци дзурд равардтон, уой мӕ ӕнхӕст кӕнун ке гъӕуй. Уобӕл мин мӕ фидӕ райдайӕни дзурдтӕ загъта. Бауорамунмӕ мӕ гъавта ӕма мӕ гъе уӕд фиццаг хатт багъудӕй цидӕр ниууадзун, цӕмӕй мӕ бон адтайдӕ Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнун.
Крусти бийнонтӕ бал мӕ сӕхемӕ ӕрбакодтонцӕ, горӕт Ангати. Етӕ мӕн, удта сӕ кӕстӕр кизги Нори разӕнгард кодтонцӕ, цӕмӕй пионертӕй лӕггадӕ кӕнун райдӕдтайанӕ. Гъема нӕ дууӕ дӕр 1 ноябри 1947 анзи пионертӕй лӕггадӕ кӕнун райдӕдтан. Норӕ ӕндӕр горӕти игъосун кӕнунмӕ рандӕ ’й, ӕз ба идарддӕр Ангати игъосун кодтон.
НӔУӔГ ФАДУАТ КИРИСТЕЙ ТУХХӔЙ АЛЦИДӔР НИУУАДЗУНМӔ
Пионерӕй дууӕ анзи фӕллӕггадӕ кодтон ӕма еухатт филиалӕй ӕнсувӕр Эрл Стьюартӕн радзубанди адтӕй Ангати фӕзӕбӕл. Ӕ радзубандимӕ ин 500 адӕймагемӕй фулдӕр игъуста. Ӕнсувӕр Стьюарт англисагау дзурдта, ӕз ба уой фӕсте еци радзубандий сӕйраг гъудитӕ тагайлаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кодтон. Авд къласемӕй ӕндӕр нӕ фӕдтӕн, фал нӕ ахургӕнгутӕ арӕх англисагау дзурдтонцӕ. Удта ма мин англисаг ӕвзаг хуӕздӕр базонунмӕ банхус кодтонцӕ нӕ публикацитӕ дӕр. Уӕди рӕстӕги тагайлаг ӕвзагбӕл публикацитӕ берӕ н’ адтӕй ӕма сӕ арӕхдӕр англисагау кӕсинӕ. Уотемӕй англисаг ӕвзаг исахур кодтон, ӕма мӕ бон адтӕй ӕнсувӕрти радзубандитӕ тӕлмац кӕнун.
Радзубанди ку тӕлмац кодтон, уӕд ӕнсувӕр Стьюарт бунӕттон ӕмбурдӕн загъта, Вефили сӕ дууӕ пионер-ӕнсувӕрей ӕнхус ке гъӕуй. Еци анз, 1950 анзи,
Нью-Йоркки цудӕй конгресс «Теократи размӕ цӕуй», зӕгъгӕ, ӕма цалинмӕ филиали миссионертӕ уоми адтӕнцӕ, уӕдмӕ сӕ бӕсти гъӕуама еске бакустайдӕ. Ке фӕххудтонцӕ, уонӕй сӕ еу ӕз адтӕн. Нӕуӕгӕй бабӕй мӕ багъудӕй, ахур кӕбӕл адтӕн, еци бунат ӕма адӕни ниууадзун, аци хатт ба Вефили балӕггадӕ кӕнун ке гъудӕй, уой туххӕй.Вефилмӕ ӕрцудтӕн 19 июни 1950 анзи. Еци рӕстӕги Вефил адтӕй еу устур зӕронд хӕдзари ӕ алливарс ба ирӕзтӕй бӕрзонд бӕлӕстӕ. Вефили территори еу гектари бӕрцӕ адтӕй ӕма си лӕггадӕ кодта еу дӕс ӕнсувӕри. Сӕумӕй си хуӕруйнаг кӕнунмӕ ӕнхус кодтон, еу фараст сахаттемӕй рӕфтӕмӕ ба хъӕппӕлтӕбӕл туй ӕвардтон. Ӕма фӕсрӕфтӕ дӕр гъе уотӕ. Миссионертӕ еци ӕхсӕнадӕмон конгрессӕй ку ӕрӕздахтӕнцӕ, уӕддӕр мӕ нӕбал рарвистонцӕ. Мӕ куст адтӕй журналтӕ ка рафинста, уонӕн сӕ ӕрветунмӕ цӕттӕ кӕнун, удта ма приёмныййи дӕр кустон. Еу загъдӕй, ци куст мин баихӕс кӕниуонцӕ, уой ӕнхӕст кодтон.
ГАЛААДИ СКЪОЛАЙ ТУХХӔЙ ФИЛИППИНТӔ НИУУАГЪТОН
1952 анзи мӕн, удта ма Филиппинтӕй никкидӕр ӕхсӕз ӕнсувӕри фӕххудтонцӕ Галаади скъолай 20 къласмӕ. Еугонд Штатти берӕ нӕуӕг цидӕртӕ фӕууидтан. Уоми алцидӕр хъӕбӕр хецӕн кодта, мӕ райгурӕн гъӕуи цӕбӕл ахур адтӕн, уомӕй.
Зӕгъӕн, нур хуӕруйнаг хуӕргӕй ӕма ма берӕ ӕндӕр гъуддӕгтӕ кӕнгӕй гъӕуама исахур адтайанӕ аллихузи нӕуӕг дзаумӕттӕй пайда кӕнун. Удта уоми климӕт дӕр ӕндӕрхузи адтӕй. Еухатт ба сӕумӕй ӕндӕмӕ рацудтӕн ӕма си алцидӕр уорс-уорсид! Гъе уӕд мет фиццаг хатт фӕууидтон, ӕма мӕмӕ дессаги рӕсугъд фӕккастӕй. Уой фӕсте ба ’й балӕдӕрдтӕн уазал дӕр ма ке ӕй, хъӕбӕр уазал!
Фал мӕ нӕуӕг цӕбӕлдӕрти ахур кӕнун ке гъудӕй, е неци адтӕй, Галаади скъолай ци дессаги рӕстӕг рарвистон, уой хӕццӕ рабаргӕй. Мӕ зӕрдӕмӕ си хъӕбӕр цудӕй. Ахургӕнгутӕ си ӕрмӕг балӕдӕрун кӕнунмӕ хуарз мадзӕлттӕй пайда кодтонцӕ. Мах ӕй балӕдӕрдтан, Библи арф ӕртасун куд ӕнгъезуй, уой. Галаади скъолай фӕрци Йеговӕмӕ никки хӕстӕгдӕр фӕдтӕн.
Скъола ку фӕдтӕн, уӕд мӕ рӕстӕгмӕ иснисан кодтонцӕ сӕрмагонд пионерӕй Бронкси, Нью-Йоркки районтӕй еуеми. 1953 анзи, июли Бронкси рацудӕй конгресс «Нӕуӕг дуйней цӕрӕг адӕн», зӕгъгӕ, ӕма си ӕз дӕр адтӕн. Еци конгресси фӕсте мӕ фӕстӕмӕ Филиппинтӕмӕ иснисан кодтонцӕ.
УСТУР ГОРӔТИ ЦАРД НИУУАГЪТОН
Филиали ӕнсувӕртӕ мӕ иснисан кодтонцӕ районон цӕстӕдарӕгӕй. Уотемӕй бабӕй мин Киристей фӕдбӕл цӕунмӕ нӕуӕг фадуат фӕззиндтӕй. Киристе ба Хуцауи адӕнӕн ӕнхус кӕнунмӕ еу горӕтӕй иннӕ горӕтмӕ берӕ фӕццудӕй (1 Пет. 2:21). Иснисан мӕ кодтонцӕ Филиппинти тӕккӕ устурдӕр сакъадах Лусонмӕ. Мӕ районмӕ хаудтӕй цалдӕр провинций: Булакан, Нуэва-Эсихӕ, Тарлак ӕма Самбалес. Кӕцидӕр горӕттӕмӕ бахауни туххӕй мӕ гъудӕй Сьерра-Мадрей къӕдзӕхти сӕрти хезун. Уордӕмӕ неци цудӕй, ӕма ӕз дӕр, гъӕдӕрмӕг ка ласта, еци машинтти шофертӕн зӕгъинӕ, цӕмӕй мӕ гъӕдтӕбӕл исбадун бауагътайуонцӕ. Уадзгӕ мӕ бӕргӕ бакӕниуонцӕ, фал уотемӕй цӕун ӕнцон кӕцӕй адтӕй.
Ӕмбурдтӕн сӕ фулдӕр адтӕнцӕ, ӕрӕги ка фӕззиндтӕй ӕма берӕ игъосунгӕнгутӕ кӕми н’ адтӕй, уӕхӕнттӕ. Уомӕ гӕсгӕ бунӕттон ӕнсувӕртӕ хъӕбӕр боз адтӕнцӕ, ӕмбурди гъуддӕгти, удта син игъосун кӕнуни гъуддаги ке ӕнхус кодтон, уой туххӕй.
Фӕстӕдӕр мӕ иснисан кодтонцӕ ӕндӕр рауӕнмӕ. Мӕ нӕуӕг район адтӕй хъӕбӕр устур ӕма имӕ хаудтӕй ӕнӕгъӕнӕ регион, Бикол, зӕгъгӕ. Еци райони фулдӕр адтӕй, кӕрӕдземӕй хъӕбӕр идард ка адтӕй, уӕхӕн къуӕрттӕ. Ци сӕрмагонд пионертӕ си лӕггадӕ кодта, етӕ игъосун кодтонцӕ, Ӕвдесӕнтӕ кӕми некӕдма адтӕй, уӕхӕн рауӕнти. Еуафони кӕмӕ цардтӕн, уонӕн сӕ хӕдзари иуазӕгдонӕ н’ адтӕй, фал си адтӕй, ӕ сӕрти дууӕ фӕйнӕги гӕлст кӕмӕн адтӕй, уӕхӕн къагъд. Еухатт ба сӕбӕл ислӕудтӕн ӕма дин къагъдмӕ ку нӕ ниххауиуонцӕ, ӕз ба сӕ фӕсте! Гъуди ма ’й кӕнун, мӕхе багъуд кӕнунбӕл мин цӕйбӕрцӕ рӕстӕг рандӕ ’й, уой!
Уоми лӕггадӕ кӕнгӕй мӕ зӕрди Норӕ арӕх ӕрӕфтуидӕ, тӕккӕ фиццаг пионерӕй лӕггадӕ кӕнун ке хӕццӕ райдӕдтон, еци хуӕрӕ. Норӕ ба уӕд сӕрмагонд пионерӕй лӕггадӕ кодта, горӕт Думагетей. Ӕз дӕр имӕ уордмӕ фӕццудтӕн, цӕмӕй ӕй фӕууидтайнӕ. Уой фӕсте ма цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг кӕрӕдземӕ финстан, 1956 анзи ба нӕ цард байеу кодтан. Киндзӕхсӕвӕри фӕсте фиццаг къуре ӕмбурд бӕрӕг кӕнунмӕ рандӕ ан сакъадах Рапу-Рапумӕ. Еци рауӕн нӕ хуӕнхти сӕрти хезун, удта фестӕгӕй цӕун берӕ гъудӕй. Фал уӕддӕр нӕ дууемӕн дӕр хъӕбӕр ӕхцӕуӕн адтӕй, уӕхӕн идард рауӕнти ка цардӕй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ӕнхус кӕнун!
НӔУӔГӔЙ ВЕФИЛМӔ
Цӕуӕг цӕстӕдарӕгӕй цуппар анзи фӕллӕггадӕ кодтон, уой фӕсте ба нӕ Вефилмӕ фӕххудтонцӕ. Нӕ лӕггаддӕ райдӕдта 1960 анзи январи ӕма си абони уӕнгӕ дӕр лӕггадӕ кӕнӕн. Вефили иннӕ ӕнсувӕрти хӕццӕ ӕмгуст кӕнгӕй берӕ цӕбӕлдӕрти исахур дӕн. Норӕ дӕр Вефили аллихузи куститӕ кӕнун бавзурста ӕма ин е хъӕбӕр ӕхцӕуӕн адтӕй.
Вефили лӕггадӕ кӕнгӕй мӕхе цӕститӕй уидтон, Хуцауи гъуддаг Филиппинти размӕ куд цӕуй, уой. Ӕригонӕй фиццаг хатт Вефилмӕ ку бахаудтӕн, уӕд нӕ бӕсти адтӕй еу 10 000 игъосунгӕнӕги, нур ба си ес 200 000 игъосунгӕнӕгемӕй фулдӕр. Вефили ба лӕггадӕ кӕнуй сӕдӕгай хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ.
Рӕстӕг куд цудӕй, уотӕ нин Вефили бунат нӕбал фагӕ кодта. Ӕма нин уӕд Разамонӕг совет загъта, цӕмӕй байагурдтайанӕ, устурдӕр бӕстихай исаразӕн кӕми адтайдӕ, уӕхӕн зӕнхӕ. Гъема типографий цӕстӕдарӕги хӕццӕ нӕ синхонтӕбӕл ӕрзилдан, цӕмӕй базудтайанӕ, зӕнхӕ си еске уӕйӕ кӕнуй ӕви нӕ, уой. Фад си еу уӕхӕн дӕр нӕ разиндтӕй. Еци райони берӕ китайӕгтӕ цардӕй, ӕма ма нин си еу нӕлгоймаг ба уотӕ дӕр загъта: «Китайӕгтӕ уӕйӕ неци кӕнунцӕ. Мах ӕрмӕстдӕр ӕлхӕнгӕ фӕккӕнӕн».
Фал нӕбӕл еу бон дессаги хабӕрттӕ цӕун райдӕдтонцӕ. Нӕ синхонтӕй нин еу загъта, зӕгъгӕ, Еугонд Штаттӕмӕ цӕрунмӕ цӕун ӕма уин мӕ бон ӕй мӕ зӕнхӕ рауӕйӕ кӕнун. Уой фӕсте ба нин иннӕ синхон дӕр ӕ зӕнхӕ рауӕйӕ кодта ӕма ма иннетӕн дӕр дзурдта, цӕмӕй нин сӕ етӕ дӕр рауӕйӕ кодтайуонцӕ. Сауӕнгӕ ма уотӕ ка дзурдта, китайӕгтӕ уӕйӕ нӕ кӕнунцӕ, зӕгъгӕ, е дӕр нин ӕй рауӕйӕ кодта. Цубур рӕстӕгмӕ филиали зӕнхӕбӕл ӕртӕ хатти фулдӕр бафтудӕй. Еци гъуддаги Йегови къох ке адтӕй, уобӕл ӕз ӕппундӕр нӕ дузӕрдуг кӕнун.
Кӕддӕр 1950 анзи Вефили тӕккӕ ӕригондӕр ӕз адтӕн. Нур ба ӕз ӕма Норӕ еугуремӕй дӕр хестӕр ан. Ӕз ибӕл нӕ фӕсмон кӕнун, алкӕддӕр, Киристе мӕ ци надбӕл аразта, уобӕл ке цудтӕн. Мӕ ниййергутӕ мӕ хӕдзарӕй ратардтонцӕ, фал мин Йегови фӕрци хъӕбӕр устур бийнонтӕ фӕззиндтӕй. Ӕз федарӕй ӕууӕндун, кӕмифӕнди ма лӕггадӕ кӕнӕн, уӕддӕр нӕбӕл Йеговӕ ке батухсдзӕй. Мах Йеговӕй хъӕбӕр боз ан ӕ хуарздзийнӕдти туххӕй, ӕма иннетӕн дӕр нӕ зӕрдӕ зӕгъуй, цӕмӕй етӕ дӕр Йегови бафӕлваронцӕ (Мал. 3:10).
Еухатт Киристе хъалонесӕг Левийӕн, кенӕ Матфейӕн, загъта: «Мӕ фӕдбӕл рацо». Ӕма Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ Матфей «алцидӕр ниууагъта, исистадӕй ӕма ӕ фӕдбӕл рацудӕй» (Лук. 5:27, 28). Мӕн дӕр арӕх уотӕ кӕнун багъӕуидӕ. Ӕма мӕ фӕндуй алкедӕр баразӕнгард кӕнун, цӕмӕй етӕ дӕр уотӕ бакӕнонцӕ ӕма берӕ арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин уонцӕ!