«Зонун ӕй, ке райгас уодзӕй»
«Не ’мбал Лазӕр бафунӕй ӕй, фал ӕз цӕун, цӕмӕй ӕй райгъал кӕнон» (ИОАН. 11:11).
ЗАРТӔ: 142, 129
1. Марфӕ федарӕй ци зудта? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)
КИРИСТЕЙ хуарз ӕмбал ӕма ахуркӕнуйнаг Марфӕбӕл хъӕбӕр устур зиан ӕрцудӕй. Е ’нсувӕр Лазӕр рамардӕй. Цума ин еци рӕстӕги ӕ зӕрди рист ести ӕрсабур кодтайдӕ? Гъо. Йесо ин загъта: «Де ’нсувӕр райгас уодзӕй». Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, аци дзурдтӕ Марфӕн ӕ рист нӕ исистонцӕ, уомӕн ӕма, Киристе зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, уобӕл ӕнӕуой дӕр ӕууӕндтӕй ӕма загъта: «Зонун ӕй, ке райгас уодзӕй фӕстаг бон, мӕрдтӕ ку игас кӕнонцӕ, уӕд» (Иоан. 11:20–24). Ка рамардӕй, етӕ ескӕд ке райгас уодзӕнцӕ, уобӕл Марфӕ ӕппундӕр нӕ дузӕрдуг кодта. Фал Йесо дессаги гъуддаг искодта – Лазӕри еци бон райгас кодта.
2. Марфи хузӕн дӕуӕн дӕр федар нифс цӕмӕй гъӕуама уа?
2 Мах ӕй зонӕн, ка нин рамардӕй, уони Киристе кенӕ Йеговӕ нур ке нӕ райгас кӕндзӕнцӕ. Фал ду ба Марфи хузӕн ӕууӕндис, берӕ ке уарзтан, етӕ федӕни ке райгас уодзӕнцӕ, уобӕл? Ка ’й зонуй, дӕуӕн дӕр дӕ хеуӕнттӕй еске фӕззиан ӕй – дӕ цардӕмбал, дӕ мадӕ кенӕ дӕ фидӕ, дӕ баба кенӕ нана, кенӕ ба дӕ хъазар бӕдолӕ. Ӕма,
ӕвӕдзи, хъӕбӕр ӕнгъӕлмӕ кӕсис, дӕ бон син рахъури кӕнун, сӕ хӕццӕ радзорун ӕма раходун кӕд уодзӕй, еци рӕстӕгмӕ. Ӕма дӕу бон дӕр ӕй Марфи хузӕн зӕгъун: «Зонун ӕй, мӕ уарзон хеуӕнттӕ ке райгас уодзӕнцӕ, уой». Фал уӕддӕр хуарз уайдӕ, алкедӕр ни ку расагъӕс кӕнидӕ, райгасдзийнадӕбӕл уотӕ федарӕй цӕмӕн ӕууӕндуй, уобӕл.3, 4. Марфи нифс куд бафедар адтайдӕ, Йесо ци гъуддӕгтӕ искодта, уой ку фегъуста, уӕд?
3 Марфӕ Йерусалиммӕ уотӕ хӕстӕг ке нӕ цардӕй, уомӕ гӕсгӕ ’й, ӕвӕдзи, нӕ фӕууидтайдӕ, Йесо галилейаг горӕт Наини, идӕдзӕ силгоймаги еунӕг фурти куд райгас кодта, уой. Фал ӕй игъосгӕ куд нӕ фӕккодтайдӕ. Йесо ма райгас кодта Иаири кизги дӕр. Ӕ хеуӕнттӕ ’й еугурӕйдӕр зудтонцӕ, кизгӕ мӕлгӕ ке ракодта. Фал ин Йесо ӕ къох райста ӕма загъта: «Кизгӕ, исистӕ!» Ӕма кизгӕ райгас ӕй (Лук. 7:11–17; 8:41, 42, 49–55). Киристе ма незтӕ дӕр ке дзӕбӕх кодта, уой Марфӕ ӕма ӕ хуӕрӕ Марийӕ хуарз зудтонцӕ. Уомӕ гӕсгӕ нӕ гурусхӕ кодтонцӕ, Йесо сӕ хӕццӕ ку адтайдӕ, уӕд се ’нсувӕр ке нӕ рамардайдӕ, уобӕл. Фал нур Йесой хуарз ӕмбал, Лазӕр, рамардӕй. Цума ма уӕд Марфӕ цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕй? Дӕ гъос ӕрдарай, куд загъта, уомӕ, Лазӕр, дан, федӕни, «фӕстаг бон» райгас уодзӕй. Цума уобӕл уотӕ федарӕй цӕмӕн ӕууӕндтӕй? Ӕма дӕу бон дӕр федарӕй ӕууӕндун цӕмӕн ӕй, федӕни ка райгас уа, еци адӕни астӕу, ду кӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсис, етӕ дӕр ке уодзӕнцӕ?
4 Ка рамардӕй, етӕ ке райгас уодзӕнцӕ, уобӕл нӕ бон цӕмӕн ӕй ӕууӕндун? Ӕркӕсӕн цалдӕр гъуддагемӕ. Ка ’й зонуй, Хуцауи Дзурди фӕууиндзӕнӕ, раздӕр кӕбӕл нӕ сагъӕс кодтай, уӕхӕн гъудитӕ райгасдзийнади туххӕй. Етӕ дин дӕ нифс бафедар кӕндзӕнцӕ, дӕ хеуӕнттӕй ка рамардӕй, уони нӕуӕгӕй ке фӕууиндзӕнӕ, уомӕй.
НИФС КА ДӔТТУЙ, УӔХӔН ХАБӔРТТӔ
5. Лазӕр ке райгас уодзӕй, уобӕл Марфӕ федарӕй цӕмӕн ӕууӕндтӕй?
5 Марфӕ уотӕ нӕ загъта, мӕ зӕрдӕ дарун, ме ’нсувӕр ке райгас уодзӕй, зӕгъгӕ, фал загъта: «Зонун ӕй, ке райгас уодзӕй». Марфӕн уӕхӕн федар нифс цӕй фӕрци адтӕй? Е ӕй зудта, адӕн раздӕр дӕр ке игас кодтонцӕ. Ӕвӕдзи ма сувӕллон ку адтӕй, уӕд еци хабӕрттӕ хӕдзари дӕр ӕма синагоги дӕр игъосидӕ. Мадта ӕркӕсӕн, Библий финст ка ӕрцудӕй, ӕртӕ уӕхӕн хабаремӕ.
6. Марфӕ райгасдзийнади туххӕй цӕхуӕн хабар зудтайдӕ?
6 Фиццаг хабар ӕрцудӕй, Йеговӕ пахампар Илийайӕн дессӕгтӕ ӕвдесунмӕ хъаурӕ ку равардта, еци рӕстӕг. Цӕгат Израили, финикийаг горӕт Сарепти еу седзӕргӕс мӕгур силгоймаг цардӕй ӕма пахампари баиуазӕг кодта. Уӕд Йеговӕ уотӕ бакодта, ӕма еци силгоймагӕн ӕ гъосини инсад, удта ӕ сойнӕ нӕ минкъийдӕр кодтонцӕ. Ӕма уой фӕрци ӕ фурти хӕццӕ стонгӕй нӕ рамардӕнцӕ (1 Пад. 17:8–16). Фал фӕстӕдӕр ба еци силгоймагӕн ӕ фурт фӕссӕйгӕ ’й ӕма рамардӕй. Фал ин Илийа банхус кодта. Е Хуцаумӕ искувта: «Хуцау, корун ди, аци сувӕллони фӕстӕмӕ цардмӕ раздахӕ!» Йеговӕ Илийай кувд фегъуста, ӕма сувӕллон райгас ӕй. Аци хабар ӕй, Библий финст ка ӕрцудӕй, еци райгасдзийнади хабӕрттӕй фиццаг. (Бакӕсӕ 1 Паддзӕхти 17:17–24.) Ӕма ’й Марфӕ дӕр куд нӕ зудтайдӕ.
7, 8. а) Елисей зӕрдӕрист мадӕн куд банхус кодта? б) Еци хабар Йегови туххӕй ци ӕвдесуй?
7 Дуккаг хабар ба ӕй, пахампар Елисей ке искодта, еци гъуддаг. Горӕт Сунеми цардӕй, сувӕллӕнттӕ кӕмӕн н’ адтӕй, уӕхӕн силгоймаг. Фал Елисеййи ке баиуазӕг кодта, уой туххӕй Йеговӕ еци силгоймагӕн ӕма ӕ сӕрихецауӕн райарфӕ кодта ӕма син биццеу райгурдӕй. Фал цалдӕр анзей фӕсте еци биццеу фӕззиан ӕй. Расагъӕс кӕнӕ, еци мадӕ кудтитӕ бацӕй. Ӕ бӕдолӕбӕл уотӕ маст кодта, ӕма Кармили хонхмӕ Елисеймӕ 30 километри фӕццудӕй. Елисей ӕ лӕггадгӕнӕг Гиезий рарвиста, цӕмӕй ин ӕ биццеуи райгас кодтайдӕ. Фал Гиезий бон не ’ссӕй сувӕллони райгас кӕнун. Ӕма уӕд Елисей ӕхуӕдӕг еци зӕрдӕрист мади хӕццӕ Сунеммӕ ӕрбацудӕй (2 Пад. 4:8–31).
8 Елисей ӕрбацудӕй, сувӕллон кӕми адтӕй, еци хӕдзарӕмӕ, ӕма Йеговӕмӕ искувта. Йеговӕ Елисеййи кувд фегъуста ӕма ӕрцудӕй дессаги хабар – сувӕллон райгас ӕй. Мадӕ ӕ бӕдоли уодӕгасӕй ку фӕууидта, уӕд ӕ цийнӕн кӕрон дӕр н’ адтӕй. (Бакӕсӕ 2 Паддзӕхти 4:32–37.) Ӕвӕдзи, Анни кувди ци дзурдтӕ адтӕй, уони дӕр ӕ зӕрдӕбӕл дардта. Уомӕн дӕр сувӕллӕнттӕ не ’нтӕстӕй, фал ин Йеговӕ райарфӕ кодта, ӕма ин Самуил райгурдӕй. Аннӕ Йегови кадгин кодта, уомӕн ӕма уой бон ӕй «ингӕнмӕ барветун дӕр ӕма ингӕнӕй ракӕнун дӕр» (1 Сам. 2:6). Гъема еци биццеуи дӕр Йеговӕ, зӕгъӕн ес, ӕма ингӕнӕй ракодта, ӕма уомӕй бавдиста, ка рамардӕй, уони райгас кӕнунмӕ имӕ хъаурӕ ке ес, уой.
9. Радзорӕ, Библий ци райгасдзийнади хабӕрттӕ финст ес, уонӕй ӕртиккаг куд ӕрцудӕй, уой.
9 Ӕртиккаг хабар ба ӕрцудӕй, Елисей ку рамардӕй, уӕд. Елисей пахампарӕй 50 анземӕй фулдӕр фӕллӕггадӕ кодта, уой фӕсте ба «мӕлӕтдзаг сӕйгӕ» фӕцӕй ӕма рамардӕй. Уобӕл рӕстӕгутӕ рацудӕй ӕма ’й кӕми байвардтонцӕ, уоми ма ӕрмӕстдӕр е ’стгутӕ байзадӕнцӕ. Еу бон ба израилӕгтӕй кадӕртӕ еци рауӕн еу нӕлгоймаги зиан ӕвардтонцӕ ӕма еци рӕстӕг се ’знӕгти ӕрбацӕугӕ рауидтонцӕ. Етӕ дӕр ледзӕги фӕцӕнцӕ, нӕлгоймаги мард ба Елисеййи дзӕппази багӕлстонцӕ. Гъема «мард куддӕр Елисеййи стгутӕбӕл фембалдӕй, уотӕ райгас ӕй ӕма исистадӕй» (2 Пад. 13:14, 20, 21). Аци хабӕрттӕ Марфӕн уобӕл дзорӕг адтӕнцӕ, ӕма Хуцауӕн мӕлӕтбӕл дӕр ӕ барӕ цӕуй. Уотӕ мах дӕр гъӕуама ма иронх кӕнӕн, Хуцауӕн ӕ хъаурӕ ӕнӕкӕрон ке ӕй.
РАЙГАСДЗИЙНАДИ ХАБӔРТТӔ АПОСТОЛТИ РӔСТӔГИ
10. Петур, ка рамардӕй, еци хуӕрӕн куд банхус кодта?
10 Киристон Грекъаг Финстити дӕр ес, Хуцауи еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ адӕни куд игас кодтонцӕ, уӕхӕн хабӕрттӕ. Минкъий раздӕр дзурдтан, Киристе горӕт Наини рази, удта Иаири хӕдзари ке райгас кодта, уони туххӕй. Рӕстӕгутӕ ку рацудӕй, уӕд Петур ба райгас кодта Дорки, Тавифӕ дӕр ма ке худтонцӕ, еци хуӕри. Петур ӕрбахизтӕй, Гъуд. 9:36–42).
зиан кӕми адтӕй, еци уатмӕ, Хуцаумӕ искувта ӕма загъта: «Тавифӕ, исистӕ!». Тавифӕ ӕ цӕститӕ райгон кодта ӕма ’й Петур, уоми ма ка адтӕй, еци киристӕнттӕн «бавдиста, мӕнӕ, уодӕгас ӕй, зӕгъгӕ». Еци хабар ӕгас горӕтбӕл дӕр райгъустӕй ӕма си «беретӕ баууӕндтӕнцӕ Хецаубӕл». Ӕма нур еци нӕуӕг ахуркӕнуйнӕгти бон дӕр адтӕй алкӕмӕндӕр дзорун хуарз хабар Киристей туххӕй, удта ка рамардӕй, уони Йегови бон райгас кӕнун ке ӕй, уой туххӕй дӕр (11. Евтих ку рахаудтӕй, уӕд Лука ци балӕдӕрдтӕй ӕма еци хабар дӕуӕн цӕбӕл дзорӕг ӕй?
11 Еу уӕхӕн хабар ма ӕрцудӕй, апостол Павел Троади ку адтӕй, уӕд. Абони еци бунат ӕй Турки цӕгат-нигулӕн ӕрдиги. Павел ӕма ӕндӕр киристӕнттӕ еу хӕдзари уӕллаг уати ӕрӕмбурд ӕнцӕ ӕма Павел сӕ хӕццӕ ӕмбесӕхсӕвӕмӕ фӕдздзурдта. Сӕ астӕу адтӕй еу биццеу, Евтих, зӕгъгӕ, ӕма имӕ къӕразгӕбӕл бадгӕй игъуста. Фал еу афони ба рафунӕй ӕй ӕма ӕртиккаг уӕладзугӕй рахаудтӕй. Ӕвӕдзи имӕ тӕккӕ фиццаг Лука ӕркастӕй. Дохтир ке адтӕй, уомӕ гӕсгӕ ’й балӕдӕрдтӕй: биццеу ӕхе уотид не ’рцавта ӕма не ’рӕскъет уодзӕй, е мӕлгӕ ракодта. Павел дӕр бунмӕ ӕрхизтӕй, Евтихи ӕ гъӕбеси ӕрбакодта ӕма загъта: «Ӕгас ӕй». Еци дессаги хабар, хъӕбӕр арф ниххизтӕй, уоми кадӕриддӕр адтӕй, уони зӕрдити. Биццеу мӕлгӕ ке ракодта, уой зудтонцӕ ӕма ку райгас ӕй, уӕд «хъӕбӕр фӕццийнӕ кодтонцӕ» (Гъуд. 20:7–12).
ФЕДАР НИФС
12, 13. Ци хабӕрттӕбӕл радзурдтан, уомӕ гӕсгӕ нӕ бон цӕхуӕн фарстатӕбӕл ӕй расагъӕс кӕнун?
12 Ци хабӕрттӕбӕл радзурдтан, уонӕмӕ гӕсгӕ мах дӕр Марфи хузӕн гъӕуама ӕппундӕр ма гурусхӕ кӕнӕн нӕ Царддӕттӕг Хуцау Йегови бон ке ӕй адӕймаги фӕстӕмӕ цардмӕ раздахун. Фал, зӕгъӕн, Илийа, Йесо ӕма Петури рӕстӕг ка нӕ цардӕй, ӕма уӕхӕн дессӕгтӕ ӕхе цӕстӕй ка нӕ фӕууидта, еци еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕй ба ци ес зӕгъӕн? Кӕд сӕ дзаманти
мӕрдтӕй неке райгас ӕй, уӕддӕр син цума нифс адтӕй, федӕни Хуцау мӕрдтӕ ке райгас кӕндзӕй, уомӕй? Цума сӕ бон адтӕй Марфи хузӕн федарӕй зӕгъун, зонун ӕй, фӕстаг бон, мӕрдтӕ райгас уодзӕнцӕ, зӕгъгӕ? Марфӕ уобӕл федарӕй цӕмӕн ӕууӕндтӕй, ӕма мах бон дӕр уобӕл федарӕй ӕууӕндун цӕмӕн ӕй?13 Библий кӕцидӕр хабӕрттӕй бӕрӕг ӕй, ка рамардӕй, етӕ федӕни ке райгас уодзӕнцӕ, уой Хуцауи еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ дӕр ке зудтонцӕ. Ӕркӕсӕн си цалдӕрей хабармӕ.
14. Авраами хабар нин райгасдзийнади туххӕй ци ӕвдесуй?
14 Ӕргъуди кӕнӕн, Йеговӕ Авраамӕн ци загъта, уойбӕрцӕ рӕстӕг ке райгурцӕмӕ фенгъӕлмӕ кастӕй, еци фурт Исакки туххӕй: «Корӕг ди дӕн, дӕ хӕццӕ дӕ фурти райсӕ, дӕ еунӕг ӕма дӕ уарзон бӕдоли Исакки, ӕма... ӕй нивондӕн ӕрхӕссӕ» (Райд. 22:2). Куд дӕмӕ кӕсуй, Авраам еци дзурдтӕ ку фегъуста, уӕд ин куд адтӕй? Уой размӕ ин Йеговӕ зӕрдӕ байвардта, ӕ байзӕддаги фӕрци зӕнхӕбӕл еугур адӕн дӕр арфӕгонд ке ӕрцӕудзӕнцӕ (Райд. 13:14–16; 18:18; Ром. 4:17, 18). Уомӕй уӕлдай ма ин уотӕ дӕр загъта, еци байзӕддаг «Исаккӕй рацӕудзӕй», зӕгъгӕ (Райд. 21:12). Фал еци дзурдтӕ куд исӕнхӕст уодзӕнцӕ, Авраам ӕ фурти нивонди ку ӕрхӕсса, уӕд? Сугъдӕг хъаури разамундӕй Павел балӕдӕрун кодта, Авраам федарӕй ке ӕууӕндтӕй, Хуцауи бон Исакки райгас кӕнун ке исуодзӕй, уобӕл. (Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 11:17–19.) Фал Авраам уотӕ дӕр нӕ сагъӕс кодта, ӕма ин Йеговӕ ӕ фурти цалдӕр сахаттей, цалдӕр боней кенӕ цалдӕр къуӕрей фӕсте райгас кӕндзӕй. Библий уой туххӕй неци финст ес. Авраам ӕй нӕ зудта, ӕ фурт кӕд райгас уодзӕй, уой. Фал ӕй Йеговӕ ке райгас кӕндзӕй, уобӕл ба нӕ дузӕрдуг кодта.
15. Еузӕрдон Иов федарӕй цӕбӕл ӕууӕндтӕй?
15 Еузӕрдон Иов дӕр ӕй зудта, федӕни райгасдзийнадӕ ке уодзӕй, уой. Е ӕй зудта, бӕласӕ ку ракъуӕрай, уӕд Иов 14:7–12; 19:25–27). Ку рамӕлуй уӕд фӕстӕмӕ нӕ райгас уй (2 Сам. 12:23; Пс. 89:48). Фал е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма Йегови бон нӕй адӕймаги райгас кӕнун. Иов федарӕй ӕууӕндтӕй, Йеговӕ ӕй ӕ рӕстӕги ке ӕргъуди кӕндзӕй, уобӕл. (Бакӕсӕ Иов 14:13–15.) Е ӕй нӕ зудта, еци хабар кӕд ӕрцӕудзӕй, уой. Фал федарӕй ӕууӕндтӕй, адӕймаги ка сфӕлдиста, еци Хуцау ӕй ке нӕ феронх кӕндзӕй ӕма ’й цардмӕ ке раздахдзӕй.
тала ке ратдзӕй ӕма нӕуӕгӕй ке исирӕздзӕй. Адӕймаги хабар ба уотӕ нӕй (16. Изӕд Данелӕн ӕ нифс куд бафедар кодта?
16 Расагъӕс кӕнӕн ӕндӕр еузӕрдон нӕлгоймаг Данели хабарбӕл. Данел е ’гас цард дӕр Йеговӕн еузӕрдонӕй фӕллӕггадӕ кодта ӕма ин Йеговӕ ӕнхус кодта. Еухатт ӕй изӕд исхудта, «Хуцауӕн хъӕбӕр хъазар ка ӕй, уӕхӕн адӕймаг», ӕма ин загъта: «Фарнӕй хайгин уо. Федар лӕууӕ» (Дан. 9:22, 23; 10:11, 18, 19).
17, 18. Йеговӕ Данелӕн зӕрдӕ цӕмӕй байвардта?
17 Данелбӕл сӕдӕ анземӕй фулдӕр цудӕй, ӕма, ӕвӕдзи, сагъӕс кодта, федӕни ӕ хабар куд уодзӕй, уобӕл. Цума ’й Йеговӕ райгас кӕндзӕй? Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес! Данели киунуги фӕстаг дзурдтӕ ӕнцӕ, Йеговӕ ин ке загъта, еци дзурдтӕ: «Ду ба, Данел, кӕронмӕ федар лӕууӕ. Ду ӕрӕнцайдзӕнӕ» (Дан. 12:13). Каргун Данел ӕй, ӕвӕдзи, зудта, адӕймаг ку рамӕлуй, уӕд е ’гас сагъӕстӕй дӕр ке исуолӕфуй, уомӕн ӕма кумӕ ниццӕуй, еци ингӕни «нӕдӕр куст ес, нӕдӕр фӕндтӕ, нӕдӕр зонундзийнӕдтӕ, нӕдӕр зунд» (Еккл. 9:10). Фал Данели хабар уобӕл нӕ фӕцӕй. Йеговӕ ин дессаги федӕнӕй зӕрдӕ байвардта.
18 Йегови изӕд Данелӕн загъта: «Бонти кӕрон райистдзӕнӕ, цӕмӕй дӕ халӕ райсай». Данел ӕй бӕлвурдӕй нӕ зудта, еци хабар кӕд ӕрцӕудзӕй, уой. Е ӕй лӕдӕрдтӕй, мӕлгӕ ке ракӕндзӕй ӕма ингӕни ке «ӕрӕнцайдзӕй», гъома бауолӕфдзӕй. Фал Данел Хуцауи зӕрдӕвӕрд ку фегъуста, «райистдзӕнӕ, цӕмӕй дӕ халӕ райсай», зӕгъгӕ, уӕд ӕй балӕдӕрдтӕй, Хуцау ӕй федӕни ке райгас кӕндзӕй. Еци хабар гъӕуама ӕрцудайдӕ ӕ мӕлӕтӕй дзӕвгарӕ фӕстӕдӕр, гъома «бонти кӕрон».
19, 20. а) Ци хабӕрттӕбӕл радзурдтан, етӕ куд баст ӕнцӕ, Марфӕ Лазӕри райгасдзийнади туххӕй ци загъта, уой хӕццӕ? б) Иннӕ статьяй цӕбӕл радзордзиан?
19 Бӕрӕг ӕй, Марфӕн берӕ хуарз бӕлвурдгӕнӕнтӕ адтӕй, е ’нсувӕр «фӕстаг бон» ке райгас уодзӕй, уомӕн. Йеговӕ Данелӕн зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, удта Марфӕ райгасдзийнадӕбӕл куд федарӕй ӕууӕндтӕй, е абониккон киристӕнтти нифс дӕр федар кӕнуй. Ка рамардӕй, етӕ ӕнӕмӕнгӕй райгас уодзӕнцӕ.
20 Аци статьяй ӕркастан, рагидзаманти ка райгас ӕй, еци адӕни хабӕрттӕмӕ. Ӕма нин етӕ ӕвдесунцӕ, ка рамардӕй, еци адӕн нӕуӕгӕй ке цӕрдзӕнцӕ. Уомӕй уӕлдай ма фӕууидтан, Йегови лӕггадгӕнгутӕй рагидзаманти ка цардӕй, етӕ дӕр, федӕни райгасдзийнадӕмӕ ке ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ. Фал цӕмӕн ӕй нӕ бон ӕууӕндун, ка нӕбал ӕй, етӕ ӕцӕгӕйдӕр ке райгас уодзӕнцӕ, уобӕл, кӕд еци зӕрдӕвӕрд хъӕбӕр раги загъд ӕрцудӕй, уӕддӕр? Уобӕл ба дзурд цӕудзӕй иннӕ статьяй.