Кӕсгути фарстатӕ
Цума Библимӕ гӕсгӕ киристӕнттӕн ВМС-тӕй (внутриматочная спираль) пайда кӕнӕн ес?
Цӕмӕй киристон бийнонтӕ аци гъуддаги фӕдбӕл раст унаффӕ рахӕссонцӕ, уой туххӕй сӕ гъӕуй лӕмбунӕг ӕркӕсун, еци мадзали туххӕй дохтиртӕ ци зӕгъунцӕ, уомӕ, удта Библий уагӕвӕрдтӕмӕ дӕр. Ӕма гъӕуама уӕхӕн унаффӕ рахӕссонцӕ, цӕмӕй син Хуцауи рази кӕдзос цӕсгон уа.
Йеговӕ фиццаг дууӕ адӕймагемӕн, уой фӕсте ба, Дони хъиамӕти ка райервазтӕй, еци аст адӕймагемӕн дӕр бафӕдзахста: «Цӕуӕт уадзетӕ, исберӕ уотӕ» (Райд. 1:28; 9:1). Фал Библий некӕми финст ес, аци фӕдзӕхст киристӕнттӕмӕ дӕр ке хауй. Мадта алли бийнонтӕ дӕр гъӕуама сӕхуӕдтӕ ниллух кӕнонцӕ, цӕмӕй син сувӕллон ма исӕнтӕса, уой туххӕй ести хуастӕй пайда кӕндзӕнцӕ ӕви нӕ, е. Удта син сувӕллон кӕд фӕззиндзӕй, уой фӕдбӕл дӕр унаффӕ гъӕуама сӕхуӕдтӕ хӕссонцӕ. Цума уӕхӕн гъуддӕгти фӕдбӕл унаффитӕ хӕсгӕй киристӕнттӕ цӕбӕл гъӕуама расагъӕс кӕнонцӕ?
Фиццагидӕр гъӕуама расагъӕс кӕнонцӕ Библий уагӕвӕрдтӕбӕл. Зӕгъӕн, аборт искӕнунбӕл не ’сарази уодзӕнцӕ, уомӕн ӕма Библи еци гъуддаги нихмӕ карзӕй дзоруй. Уотӕ си финст ес, цардӕн аргъ кӕнун ке гъӕуй. Киристон некӕд исарази уодзӕй, ка гъӕуама райгура, еци сувӕллони рамарунбӕл, цӕйбӕрцӕфӕнди ибӕл ма цӕуа, уӕддӕр (Рац. 20:13; 21:22, 23; Пс. 139:16; Йер. 1:5). Ӕма цума ВМС-ти туххӕй ба ци ес зӕгъӕн?
Еци мадзали туххӕй финст адтӕй 1979 анзи 15 маййи «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги» (30, 31 фӕрстӕ, англ.) *. Еци рӕстӕги ци ВМС-тӕй пайда кодтонцӕ, уонӕн сӕ фулдӕр адтӕнцӕ пластикӕй конд ӕма сӕ силгоймаги зӕнӕгдони байвӕриуонцӕ, цӕмӕй ма бауӕззау адтайдӕ. Статьяй финст адтӕй, еци ВМС-тӕ куд косунцӕ, уой кӕронмӕ ке нӕма исбӕрӕг кодтонцӕ. Дохтиртӕй беретӕ куд дзурдтонцӕ, уомӕ гӕсгӕ ВМС-ти туххӕй нӕлгоймаги муггаг силгоймаги яйцеклеткӕмӕ нӕ бахъӕртуй, ӕма силгоймаг нӕ бауӕззау уй. Ӕма кӕд силгоймаг нӕ бауӕззау ӕй, уӕд нӕуӕг цард дӕр нӕ фӕззиндтӕй.
Фал уӕхӕн ВМС ӕвӕрд кӕмӕн адтӕй, еци силгоймӕгтӕй кадӕртӕ уӕддӕр бауӕззау уиуонцӕ. Нӕлгоймаги муггаг кӕмӕ бахъӕртуй, еци яйцеклеткӕ, гӕнӕн ес, ӕма ирӕзун райдайа зӕнӕгдони трубки (внематочная беременность) кенӕ ба цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте, ка ’й зонуй, зӕнӕгдонӕмӕ дӕр бахауа, уӕд ӕй ВМС, гӕнӕн ес, ӕма ма бауадза, цӕмӕй уоми ӕрфедар уа ӕма, куд гъӕуй, уотӕ ирӕза. Уӕд е абортӕй уӕлдай нӕ уодзӕй, уомӕн ӕма еци яйцеклетки уӕдмӕ исӕвзурдзӕй нӕуӕг цард. Еци статьяй кӕрон финст адтӕй: «ВМС-тӕй пайда кӕнун ӕнгъезуй ӕви нӕ, уой балӕдӕрун ке фӕндуй, еци киристӕнттӕ гъӕуама еци хабӕрттӕбӕл лӕмбунӕг расагъӕс кӕнонцӕ ӕма си гъӕуама иронх ма уа, Библимӕ гӕсгӕ Хуцауи цӕсти цард табуйаг ке ӕй» (Пс. 36:9).
Цума фиццаг ВМС-тӕ ку фӕззиндтӕнцӕ, уӕдӕй абони уӕнгӕ дохтиртӕ ӕма ӕртасгутӕ нӕуӕгӕй нецима ӕргъуди кодтонцӕ?
Фӕззиндтӕй нӕуӕг ВМС-тӕ, ӕнцӕ дууӕ хузи. Еуетӕ си ӕнцӕ ӕрхийӕй конд, ӕма цалдӕр дӕс анзей размӕ хъӕбӕр парахат адтӕнцӕ. Фӕстӕдӕр ба фӕззиндтӕй, сӕ хурфи гормонтӕ кӕмӕн ес, уӕхӕн ВМС-тӕ дӕр. Цума си ци ес зӕгъӕн?
Ӕрхийӕй конд ВМС-тӕ. Минкъий раздӕр куд загътан, уотемӕй нӕлгоймаги муггаг силгоймаги зӕнӕгдонӕмӕ ку бахауй, уӕд ВМС-и туххӕй яйцеклеткӕмӕ нӕ бахъӕртуй. Ӕрхийӕй конд ВМС-тӕ ба нӕлгоймаги муггаг маргӕ дӕр ракӕнунцӕ *. Уомӕй уӕлдай ма, куд зӕгъунцӕ, уотемӕй, ӕрхийӕй конд ВМС-ти туххӕй зӕнӕгдонӕн ӕхе медӕг дӕр цидӕр ӕййивддзийнӕдтӕ ӕрцӕуй.
*. Удта ма истӕнӕг уй, шейка матки ке хонунцӕ, уомӕн ӕ медӕггаг цъарӕ дӕр, ӕма уой туххӕй нӕлгоймаги муггаг зӕнӕгдонӕмӕ нӕбал бахъӕртуй.
Ӕ хурфи гормон кӕмӕн ес, уӕхӕн ВМС-тӕ. Еци ВМС-тӕ аллихузи ’нцӕ ӕма сӕ медӕг фӕууй, контрацептивтӕ ке хонунцӕ, еци хуасти ка фӕууй, уӕхӕн гормон. Еци гормон зӕнӕгдонӕмӕ ке бахауй, уой туххӕй еуӕй-еу силгоймӕгти яйцеклеткитӕ яичниктӕй нӕ рацӕунцӕ. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, яйцеклеткитӕ яичниктӕй ку нӕ рацӕуонцӕ, уӕд силгоймаг нӕ бауӕззау уодзӕй. Уомӕй уӕлдай ма еци ВМС-ти туххӕй зӕнӕгдони фӕрстӕ истӕнӕг унцӕМадта куд загътан, уомӕ гӕсгӕ ВМС-ти туххӕй зӕнӕгдони цӕхуӕндӕр ӕййивддзийнӕдтӕ ӕрцӕуй. Фал зӕгъӕн яйцеклеткӕ яичниктӕй уӕддӕр рацудӕй ӕма имӕ нӕлгоймаги муггаг уӕддӕр бахъӕрдтӕй, уӕдта? Уӕд еци яйцеклеткӕ, ка ’й зонуй, зӕнӕгдонӕмӕ рацӕуа, фал зӕнӕгдонӕн ӕ фӕрстӕ тӕнӕг ке ’нцӕ, уой туххӕй си ма ӕрфедар уа. Уӕд яйцеклеткӕ рамӕлдзӕй, ӕма силгоймаг уӕззау нӕбал уодзӕй. Фал дохтиртӕ куд зӕгъунцӕ, уомӕ гӕсгӕ уӕхӕн хабар ефстагмӕ рауайуй. Арӕхдӕр е ӕрцӕуй, контрацептивтӕ ка фӕнниуазуй, еци силгоймӕгтӕбӕл.
Кӕд дохтиртӕ ӕма ӕртасгутӕ уотӕ зӕгъунцӕ, ӕма ӕрхийӕй конд кенӕ, ӕ медӕг гормон кӕмӕн ес, уӕхӕн ВМС-ти фӕрци силгоймаг ефстагмӕ бауӕззау уй, уӕддӕр уотӕ зӕгъӕн нӕййес, ӕма уони фӕрци силгоймаг нецихузи бауӕззау уодзӕй.
Киристон бийнонти уӕхӕн мадзалӕй испайда кӕнун ку фӕндӕуа, уӕд сӕ гъӕудзӕй дохтирти хӕццӕ радзорун, цӕмӕй базононцӕ, кӕми цӕрунцӕ, уоми цӕхуӕн ВМС-тӕ ес, удта хуарз ӕма тӕссаг цӕмӕй ӕнцӕ, уой. Еци гъуддаги фӕдбӕл гъӕуама сӕхуӕдтӕ рахӕссонцӕ унаффӕ, уӕхӕн барӕ ӕндӕр некӕмӕн ес, сауӕнгӕ дохтиртӕн дӕр (Ром. 14:12; Гал. 6:4, 5). Уӕхӕн киристӕнттӕ гъӕуама сӕ зӕрдӕбӕл даронцӕ, сӕ унаффӕй Хуцауи зӕрдӕ ке гъӕуама барохс кӕнонцӕ ӕма син ӕ рази кӕдзос цӕсгон ке гъӕуама уа. (Рабарӕ 1 Тимофеймӕ 1:18, 19; 2 Тимофеймӕ 1:3.)
^ 4 абз. Уруссаг ӕвзагбӕл аци статья мухургонд ӕрцудӕй 1999 анзи 15 феврали уагъд журнали «Сторожевая башня», 30, 31 фӕрстӕ.
^ 8 абз. Еу медицинон киунуги финст ес: «Фулдӕр ӕрхи кӕми ес, еци ВМС-тӕ 99 проценти хуӕздӕр ӕнцӕ. Уӕхӕн ВМС-тӕ кӕмӕн исӕвӕрунцӕ, сӕдӕ уӕхӕн силгоймагемӕй анзи медӕг бауӕззау уй еу кенӕ ба е дӕр нӕ. Минкъийдӕр ӕрхи кӕми ес, еци ВМС-тӕ ба сӕ куст уотӕ хуарз нӕ кӕнунцӕ».
^ 1 абз. Ӕ хурфи гормон кӕмӕн ес, уӕхӕн ВМС-тӕ еуӕй-еухатт рафинсунцӕ, ӕ тогцуди бӕнтти берӕ тог ка фесафуй, еци силгоймӕгтӕн дӕр.