«Ӕз мӕ нифс дарун Хуцаубӕл»
«Фӕстаг Адам ба иссӕй царддӕттӕг уӕларвон уодгоймаг» (1 КОР. 15:45).
ЗАРТӔ: 151, 147
1–3. а) Кӕбӕл ӕууӕндӕн, еци сӕйраг ахурӕдтӕмӕ ци хауй? б) Райгасдзийнади туххӕй ахурадӕ ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)
ЦӔБӔЛ ӕууӕндетӕ, зӕгъгӕ, дӕ еске ку бафӕрса, уӕд ин ци зӕгъдзӕнӕ? Ӕвӕдзи ин фиццагидӕр зӕгъдзӕнӕ, Сфӕлдесӕг ӕма Царддӕттӕг Йеговӕ ке ӕй, уобӕл ке ӕууӕндӕн. Удта Йесо Кристебӕл ке ӕууӕндӕн ӕма ӕ цард адӕни туххӕй ке равардта, уобӕл дӕр. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, Хуцау адӕнӕн ци ӕносон цард ӕрцӕттӕ кодта ӕма зӕнхӕбӕл дзенет ке уодзӕй, уой зӕгъун дӕр нӕ феронх кӕндзӕнӕ. Фал райгасдзийнадӕбӕл ке ӕууӕндис, уой ба зӕгъдзӕнӕ?
2 Райгасдзийнадӕ, зӕгъӕн ес, ӕма нӕ дини сӕйраг ахурӕдтӕй сӕ еу ӕй, кӕд, устур бӕллӕхи ке фӕййервӕздзиан ӕма зӕнхӕбӕл ӕносмӕ ке цӕрдзиан, уобӕл нӕ зӕрдӕ дарӕн, уӕддӕр. Апостол Павел ӕй балӕдӕрун кодта, райгасдзийнадӕбӕл ӕууӕндун уотӕ ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй, уой. Е загъта: «Кӕд мӕрдтӕ нӕ райгас уодзӕнцӕ, уӕд Киристе дӕр нӕ райгас ӕй». Ӕма кӕд 1 Коринфӕгтӕмӕ 15:12–19.) Фал ӕй мах зонӕн, Йесо ке райгас ӕй, уой. Мах дзиуиттаг саддукейти хузӕн нӕ ан. Етӕ ӕппундӕр не ’ууӕндтӕнцӕ, ка рамардӕй, еци адӕймаги цардмӕ раздахӕн ке ес, уобӕл ӕма еци ахуради нихмӕ хъӕбӕр карзӕй дзурдтонцӕ. Фал мах ба федарӕй ӕууӕндӕн, ка рамардӕй, уони Хуцау ке райгас кӕндзӕй, уобӕл, кӕд нӕбӕл беретӕ уой туххӕй ходгӕ фӕккӕнунцӕ, уӕддӕр (Мар. 12:18; Гъуд. 4:2, 3; 17:32; 23:6–8).
Киристе нӕ райгас ӕй, уӕд уӕлӕрвти Паддзах дӕр не ’ссӕй ӕма паддзахади хабар дӕр адӕнӕн дзӕгъӕли игъосун кӕнӕн. (Бакӕсӕ3 Павел куд загъта, уомӕ гӕсгӕ «мӕрдти райгаси» туххӕй ахурадӕ хауй «сӕйраг ахурӕдтӕмӕ» (Дзиуит. 6:1, 2). Павел райгасдзийнади кой ку кодта, уӕд загъта, ӕхуӕдӕг дӕр уобӕл ке ӕууӕндуй (Гъуд. 24:10, 15, 24, 25). Ӕма кӕд айӕ, Библийӕй ке базудтан, еци сӕйраг ахурӕдтӕй сӕ еу ӕй, уӕддӕр имӕ лӕмбунӕгдӕр ӕркӕсун гъӕуй (Дзиуит. 5:12). Цӕмӕн?
4. Райгасдзийнади туххӕй цӕхуӕн фарстатӕмӕ ӕркӕсдзиан?
4 Библи ахур кӕнгӕй адӕймагбӕл рамбӕлуй, раздӕр Хуцау адӕни куд райгас кӕнидӕ, уӕхӕн хабӕрттӕ, зӕгъӕн, Лазӕри хабар. Уомӕй уӕлдай ма базонуй, Авраам, Иов, ӕма Данел дӕр федарӕй ке ӕууӕндтӕнцӕ, федӕни райгасдзийнадӕ ке уодзӕй, уобӕл. Фал дӕ, зӕгъӕн, еске уотӕ бафарста: «Мӕрдтӕ ке райгас уодзӕнцӕ, уобӕл уотӕ федарӕй цӕмӕн ӕууӕндис? Еци зӕрдӕвӕрдбӕл цал ӕма цал сӕдӕ анзи рацудӕй? Удта Библий ести финст ес, еци хабар кӕд уодзӕй, уой туххӕй?» Аци фарстатӕбӕл дзуӕппитӕ нин не ’ууӕндундзийнадӕ бафедар кӕндзӕнцӕ. Гъӕйдӕ мадта ӕркӕсӕн, уой туххӕй Библи ци дзоруй, уомӕ.
ӔНОСТӔ РАЗДӔР ЗАГЪД КЕ ТУХХӔЙ АДТӔЙ, ЕЦИ РАЙГАСДЗИЙНАДӔ
5. Идарддӕр цӕхуӕн фарстатӕбӕл радзубанди кӕндзиан?
5 Ка ’й зонуй, дӕ цӕститӕбӕл ӕнцонтӕй рауайун кӕндзӕнӕ, нур ка рамардӕй, е куд райгас ӕй, уой (Иоан. 11:11; Гъуд. 20:9, 10). Фал цалдӕр сӕдӕ анзей размӕ ка рамардӕй, уӕхӕн адӕймаг ке райгас уодзӕй, уобӕл ба баууӕнддзӕнӕ? Ести си уӕлдай ес, адӕймаг хъӕбӕр раги рамардӕй ӕви ӕрӕги? Еу уӕхӕн хабар ӕцӕгӕйдӕр ӕрцудӕй. Ӕностӕ раздӕр загъд ке туххӕй адтӕй, е райгас ӕй, ӕма уобӕл ду дӕр федарӕй ӕууӕндис. Цума е цӕхуӕн хабар адтӕй? Ӕма мах ци райгасдзийнадӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн, уой хӕццӕ куд баст ӕй?
6. 118 псаломи финст дзурдтӕ Киристебӕл куд исӕнхӕст ӕнцӕ?
6 Гъӕйдӕ мадта 118 псаломи ци финст ес, уомӕ гӕсгӕ ӕркӕсӕн, ӕностӕ раздӕр ке туххӕй загъд адтӕй, еци райгасдзийнади хабармӕ. Еци псалом, ӕвӕдзи, Давид ниффинста ӕма си ес уӕхӕн дзурдтӕ: «О Йеговӕ, корӕг ди ан, фӕййервӕзун нӕ кӕнӕ! [...] Арфӕгонд ӕй, Йегови номӕй ка ’рцӕуй, е!» Аци пахампаради дзурдтӕ ӕнцӕ Мессийи туххӕй, ӕма сӕ адӕн дзурдтонцӕ, Киристе 9 нисани, ӕ мӕлӕтмӕ ма ӕй фондз бони ку гъудӕй, уӕд Йерусалиммӕ хӕрӕгбӕл ку бацудӕй, уӕд (Пс. 118:25, 26; Матф. 21:7–9). Фал цума аци псаломи, ӕностӕ фӕстӕдӕр ка гъӕуама ӕрцудайдӕ, еци райгасдзийнади кой кӕми цӕуй? Ӕркӕсӕн, идарддӕр 118 псаломи ци финст ес, уомӕ: «Аразгутӕ ци дор рагӕлстонцӕ, е иссӕй фесуни сӕйраг дор» (Пс. 118:22).
7. Дзиуиттӕгтӕ киристемӕ цӕхуӕн цӕстӕй ракастӕнцӕ?
7 Псаломи ци «аразгути» кой цӕуй, етӕ адтӕнцӕ дзиуиттаг дини разамонгутӕ. Етӕ Йесой нецӕмӕ дардтонцӕ ӕма зӕрдӕвӕрд Мессийӕ ке адтӕй, уобӕл дӕр не ’сарази ’нцӕ. Дзиуиттӕгтӕ Мессийи нихмӕ рацудӕнцӕ ӕма ма ’й Пилатӕн дӕр рамарун кодтонцӕ (Лук. 23:18–23). Еу загъдӕй, Киристей тог уони сӕрбӕл адтӕй.
8. Киристе «фесуни сӕйраг дор» куд иссӕй?
8 Кӕд дзиуиттӕгтӕ Киристей нецӕмӕ ӕрдардтонцӕ ӕма ’й рамардтонцӕ, уӕд «фесуни сӕйраг дор» куд иссӕй? Киристе ку нӕ райгас адтайдӕ, уӕд уомӕн гӕнӕн н’ адтайдӕ. Нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн, Киристе сӕнӕфсердони хецауи туххӕй ци хабар радзурдта, уой. Еци хецау ӕ косгутӕмӕ ци цагъарти рарветидӕ, уони фӕннӕмиуонцӕ. Фӕстагмӕ сӕмӕ сӕнӕфсердони хецау ӕ фурти рарвиста, зӕгъгӕ, кӕд уомӕ уӕддӕр байгъосиуонцӕ. Фал ин косгутӕ ӕ фурти рамардтонцӕ. Киристе еци хабар ку радзурдта, уӕд ма Псалом 118:22 финст пахампаради дзурдтӕ дӕр ӕрхаста (Лук. 20:9–17). Фӕстӕдӕр ба апостол Петур Йерусалими «дзиуиттӕгти разамонгутӕ, хестӕр лӕгтӕ ӕма киунугидӕснити» рази ку дзурдта, уӕд е дӕр 118 псаломи дзурдтӕ Киристей хӕццӕ исбаста. Петур син дзурдта, «гъӕдӕбӕл ке ниййауигътонцӕ ӕма Хуцау... мӕрдтӕй ке райгас кодта», еци «назареттаг Йесо Киристей» туххӕй. Уой фӕсте син ӕргом загъта: «Е ӕй, „сумах, аразгутӕ, нецӕййагбӕл ке банимадтайтӕ, фал фесуни сӕйраг дор ка иссӕй, еци дор“» (Гъуд. 3:15; 4:5–11; 1 Пет. 2:5–7).
9. Псаломи 118:22 цӕхуӕн пахампарадӕ ес?
9 Мадта бӕрӕг ӕй, Псалом 118:22 райгасдзийнади туххӕй ци пахампарадӕ финст ӕрцудӕй, е ӕностӕ фӕстӕдӕр ке исӕнхӕст ӕй. Мессийӕбӕл нӕ баууӕндтӕнцӕ ӕма ’й рамардтонцӕ. Фал цардмӕ нӕуӕгӕй раздахтӕй ӕма иссӕй «фесуни сӕйраг дор». Ка райгас ӕй, еци Йесой туххӕй Библий финст ес: «Арви бун Хуцау ӕндӕр некӕмӕн равардта уӕхӕн ном – ӕрмӕстдӕр уой фӕрци фӕййервӕздзиан» (Гъуд. 4:12; Еф. 1:20).
10. а) Псаломи 16:10 цӕхуӕн пахампарадӕ ес? б) Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма Псаломи 16:10 финст дзурдтӕ Давидмӕ нӕ хаудтӕнцӕ?
10 Никкидӕр ма ӕркӕсӕн еу стихмӕ. Ци райгасдзийнади хабар си финст ӕй, е исӕнхӕст ӕй еу мин анзей фӕсте. Уомӕй бӕрӕг ӕй, нӕ бон райгасдзийнадӕбӕл ӕууӕндун ке ӕй, кӕд еци зӕрдӕвӕрдбӕл берӕ ӕнзтӕ рацудӕй, уӕддӕр. 16 псаломи Давид финста: «Ду мин мӕ уод ингӕни нӕ ниууадздзӕнӕ. Еузӕрдон дӕбӕл ка ӕй, уой нӕ бауадздзӕнӕ арф ингӕн фӕууинун» (Пс. 16:10). Давиди уотӕ зӕгъун нӕ фӕндадтӕй, ӕма некӕд рамӕлдзӕй, ӕма ингӕнмӕ нӕ бахаудзӕй. Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ Давид ку базӕронд ӕй, уӕд «ӕ фидтӕлтӕмӕ байеу ӕй, ӕма ’й Давиди горӕти байвардтонцӕ» (1 Пад. 2:1, 10). Мадта уӕд Псаломи 16:10 финст дзурдтӕ куд лӕдӕргӕ ’нцӕ?
11. Псаломи 16:10 финст дзурдтӕ Петур куд балӕдӕрун кодта?
11 Давид Псаломи 16:10 дзурдтӕ ку ниффинста, уомӕй еу мин анземӕй фулдӕр ку рацудӕй, уӕд апостол Петур балӕдӕрун кодта, еци стихи ке кой цӕуй, уой. Киристей райгасбӕл цалдӕр къуӕрей ку рацудӕй, уӕд Петур дзурдта дзиуиттӕгти ӕма дзиуиттаг дин ка райста, уони размӕ, еу цалдӕр мин адӕймаги адтӕнцӕ. (Бакӕсӕ Гъуддӕгтӕ 2:29–32.) Е син сӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кодта, Давид ке рамардӕй ӕма ’й ке байвардтонцӕ. Библий уотӕ финст некӕми ес, ӕма еци адӕн Петури дзурдти хӕццӕ не ’сарази ’нцӕ, уотӕ ку загъта, зӕгъгӕ, Давид Мессийи райгасдзийнади кой кодта.
12. Псалом 16:10 дзурдтӕ куд исӕнхӕст ӕнцӕ ӕма райгасдзийнадӕ ӕцӕгӕйдӕр ке уодзӕй, уобӕл нин не ’ууӕндундзийнадӕ куд федар кӕнунцӕ?
12 Петур ма бӕлвурдгӕнӕнӕн ӕрхаста Давиди дзурдтӕ дӕр, Псалом 110:1 финст ка ’нцӕ, уони. (Бакӕсӕ Гъуддӕгтӕ 2:33–36.) Ӕма еци бӕлвурдгӕнӕнти фӕрци, ци берӕ адӕни рази дзурдта, етӕ баууӕндтӕнцӕ, Йесо «Хецау [дӕр] ӕма Киристе» дӕр ке ӕй, уобӕл. Адӕн ӕй балӕдӕрдтӕнцӕ, Псалом 16:10 финст дзурдтӕ, Йесо ку райгас ӕй, уӕд ке исӕнхӕст ӕнцӕ. Фӕстӕдӕр апостол Павел дӕр еци бӕлвурдгӕнӕнӕй испайда кодта, Писидий Антиохий дзиуиттӕгтӕн ку игъосун кодта, уӕд. Ӕ дзурдтӕ берети зӕрдитӕмӕ багъардтонцӕ ӕма сӕ бафӕндадтӕй фулдӕр базонун. (Бакӕсӕ Гъуддӕгтӕ 13:32–37, 42.) Еци бӕлвурдгӕнӕнтӕ махӕн дӕр уобӕл дзорӕг ӕнцӕ, ӕма райгасдзийнади туххӕй Библий пахампарӕдтӕбӕл ӕууӕндӕн ес, кӕд сӕдӕгай ӕнзтӕ фӕстӕдӕр гъӕуама исӕнхӕст адтайуонцӕ, уӕддӕр.
КА РАМАРДӔЙ, ЕТӔ ИГАС КӔНУН КӔД РАЙДАЙДЗӔНЦӔ?
13. Райгасдзийнади туххӕй адӕймагмӕ цӕхуӕн фарстатӕ фӕззиннуй?
13 Йеговӕ зӕрдӕ ку байвӕра адӕймаги ке райгас кӕндзӕй, уӕд ӕй ӕнӕмӕнгӕй райгас кӕндзӕй, ӕ зӕрдӕвӕрдбӕл цалдӕр сӕдӕ анзи ку рацӕуа, уӕддӕр. Ӕма нин е нӕ нифс куд нӕ федар кӕнуй! Фал ӕвзуруй фарста: «Цума е уобӕл дзорӕг ӕй ӕма мах дӕр, нӕ хеуӕнттӕ кӕд райгас уодзӕнцӕ, уомӕ берӕ рӕстӕг ӕнгъӕлмӕ кӕсун гъӕудзӕй? Ка рамардӕй, етӕ игас Гъуд. 1:6, 7; Иоан. 16:12). Фал е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма уой туххӕй ӕппундӕр неци зонӕн.
кӕнун кӕд райдайдзӕнцӕ?» Киристе ӕ апостолтӕн загъта, зӕгъгӕ, «мӕ уӕларвон Фидӕ ци рӕстӕгутӕ ӕма афонтӕ иснисан кодта, уони зонун сумах нӕ гъӕуй» (14. Киристей райгасдзийнадӕ цӕмӕй хецӕн кодта, ӕ размӕ ка райгас ӕй, уонӕй?
14 Библий ци райгасдзийнӕдти хабӕрттӕ ес, уонӕй тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр ӕй Йесо Киристей райгасдзийнадӕ. Е ку нӕ райгас адтайдӕ, уӕд махӕн дӕр нифс н’ адтайдӕ, ка нин рамардӕй, уони ке фӕууиндзиан, уомӕй. Киристей разӕй ка райгас ӕй, зӕгъӕн, Илийа ӕма Елисей ке райгас кодтонцӕ, еци адӕн ӕносмӕ нӕ цардӕнцӕ. Рӕстӕг ку рацудӕй, уӕд нӕуӕгӕй рамардӕнцӕ ӕма зӕнхӕбӕл бафтудӕнцӕ. Киристе ба райгас ӕй ӕма «некӕдбал рамӕлдзӕй – мӕлӕти барӕ ибӕл нӕбал цӕуй». Е уӕлӕрвти «ӕносӕй-ӕносмӕ» цӕрдзӕй (Ром. 6:9; Рарг. 1:5, 18; Кол. 1:18; 1 Пет. 3:18).
15. Павел Киристей «фиццаг» цӕмӕн исхудта?
15 Уӕларвон цардмӕ тӕккӕ фиццаг райгас ӕй Киристе, ӕма уой райгасдзийнадӕ адтӕй тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр (Гъуд. 26:23). Фал уӕларвон цардмӕ айдагъ е нӕ райгас ӕй. Йесо ӕ еузӕрдон апостолтӕн зӕрдӕ байвардта, ӕ хӕццӕ паддзӕхтӕ ке уодзӕнцӕ уӕлӕрвти (Лук. 22:28–30). Фал етӕ сӕ хуӕрзеуӕг ӕрмӕстдӕр сӕ мӕлӕти фӕсте гъӕуама райстайуонцӕ, ӕма Киристей хузӕн уӕларвон бауӕри райгас адтайуонцӕ. Павел финста: «Киристе ӕцӕгӕйдӕр райгас ӕй – ка рамардӕй, уонӕй е райгас ӕй фиццаг». Павел ма балӕдӕрун кодта, уӕларвон цардмӕ ма ӕндӕр кадӕртӕ дӕр ке райгас уодзӕнцӕ. Е загъта: «Алкедӕр ӕхе афони: фиццаг – Киристе, уой фӕсте ба, Киристей ка ӕй, етӕ, ку ’рцӕуа, уӕд» (1 Кор. 15:20, 23).
16. Уӕларвон райгасдзийнадӕ кӕд райдӕдта, уой цӕй фӕрци ӕнгъезуй исбӕрӕг кӕнун?
16 Павели дзурдтӕй бӕрӕг ӕй, уӕларвон райгасдзийнадӕ еу кӕд райдайдзӕй, е. Е уодзӕй, Киристе ку ’рцӕуа, уӕд. Берӕ ӕнзти дӕргъи Йегови Ӕвдесӕнтӕ адӕнӕн Библийӕй дзорунцӕ, еци рӕстӕг 1914 анзи ке райдӕдта ӕма аци цардӕвӕрдӕн ӕ кӕрон хъӕбӕр хӕстӕг ке ӕй.
17, 18. Киристе ку ’рцӕуа, уӕд исӕрст киристӕнттӕй еуӕй-еуетӕбӕл ци ’рцӕудзӕй?
17 Библий ма уӕларвон райгасдзийнади туххӕй финст ес: «Не ’нсувӕртӕ, фӕндуй [нӕ], цӕмӕй зонайтӕ, ка рамардӕй, уонӕмӕ ци ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой... Кӕд ӕууӕндӕн, Йесо ке рамардӕй ӕма ке райгас ӕй, уӕд уобӕл дӕр ӕууӕндӕн, ӕма... ка рамардӕй, уони дӕр Хуцау цардмӕ ке раздахдзӕй, цӕмӕй ӕ хӕццӕ уонцӕ... Махӕй нӕ Хецауи ’рцуд уодӕгасӕй ка ӕрӕййафа, етӕ, мард ка ӕй, уони разӕй неци хузи фӕууодзӕнцӕ, уомӕн ӕма нӕ Хецау ӕхуӕдӕг ӕрцӕудзӕй уӕларвӕй ӕма райгъусдзӕй ӕ баргин гъӕлӕс... ӕма фиццаг райгас уодзӕнцӕ, Киристей хӕццӕ ка адтӕй, уотемӕй ка рамардӕй, етӕ. Уой фӕсте мах дӕр, уодӕгасӕй ка байзайа, етӕ, мегътӕбӕл хаст ӕрцӕудзиан, цӕмӕй сӕ хӕццӕ уӕн ӕма уӕлдӕфи нӕ Хецауи хӕццӕ фембӕлӕн, ӕма уомӕй фӕстӕмӕ алкӕддӕр уодзиан нӕ Хецауи хӕццӕ» (1 Фес. 4:13–17).
18 Исӕрст киристӕнттӕ уӕларвон Матф. 24:31). Цума е куд лӕдӕргӕ ’й? Павел загъта, «мегътӕбӕл хаст» ка ’рцӕудзӕй, етӕ «мӕрдфунӕй» ке нӕ бауодзӕнцӕ, гъома сӕ Хуцау кӕд райгас кӕндзӕй, уомӕ сӕ берӕ рӕстӕг ӕнгъӕлмӕ кӕсун нӕ багъӕудзӕй. Етӕ «феййевдзӕнцӕ ӕвеппайди, цӕстифӕнникъулдмӕ, фӕстаг уадиндзӕ ку ниууаса, уӕд» (1 Кор. 15:51, 52).
цардмӕ игас кӕнун гъӕуама райдӕдтайуонцӕ, Киристе ку ’рцудӕй, уомӕй минкъий фӕстӕдӕр. Е адтӕй фиццаг райгасдзийнадӕ. Устур бӕллӕхи рӕстӕг ма исӕрст киристӕнттӕй зӕнхӕбӕл ка уа, етӕ «мегътӕбӕл хаст» ӕрцӕудзӕнцӕ (19. Цӕхуӕн «хуӕздӕр райгасдзийнадӕмӕ» ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн?
19 Абони киристӕнттӕн сӕ фулдӕр сугъдӕг хъаурӕй исӕрст нӕ ’нцӕ ӕма уӕлӕрвти Киристей хӕццӕ паддзӕхтӕ дӕр нӕ уодзӕнцӕ. Етӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсунцӕ «Йегови бонмӕ», зӕнхӕбӕл ӕгас фуддзийнадӕн дӕр кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕй, еци рӕстӕгмӕ. Еци бон кӕд уодзӕй, уой ни неке зонуй, фал алцидӕр уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма берӕ нӕбал байзадӕй (1 Фес. 5:1–3). Хуцауи нӕуӕг дуйне ку ралӕууа, уӕдта уодзӕй ӕндӕрхузи райгасдзийнадӕ. Еци рӕстӕг адӕн игас кӕндзӕнцӕ зӕнхӕбӕл цӕрунмӕ, исуодзӕнцӕ ӕнхӕст ӕма мӕлӕт некӕдбал бавзардзӕнцӕ. Е син уодзӕй «хуӕздӕр райгасдзийнадӕ», уомӕн ӕма рагидзаманти ка райгас ӕй, етӕ уой фӕсте нӕуӕгӕй рамардӕнцӕ (Дзиуит. 11:35).
20. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма ка рамардӕй, уонӕй алкедӕр ӕхе афони райгас уодзӕй?
20 Библимӕ гӕсгӕ исӕрст киристӕнттӕй алкедӕр игас кӕндзӕй «ӕхе афони» (1 Кор. 15:23). Ӕма нӕ бон ӕй зӕгъун, адӕн зӕнхӕбӕл цӕрунмӕ ку игас кӕнонцӕ, уӕд дӕр уотӕ ке уодзӕй. Уомӕ гӕсгӕ ӕвзуруй уӕхӕн фарстатӕ: ӕрӕги ка рамардӕй ӕма хъӕбӕр кӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн, етӕ Киристей минанзон хецаудзийнади райдайӕни фиццаг райгас уодзӕнцӕ? Ӕви бал фиццаг райгас уодзӕнцӕ, Хуцауи адӕнӕн разамунд дӕттунмӕ хуарз ка арӕхстӕй, еци еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ, уомӕн ӕма нӕуӕг дуйней дӕр се ’нхус куд нӕ багъӕудзӕй? Йеговӕн ка некӕд лӕггадӕ кодта, етӕ ба ци бауодзӕнцӕ? Кӕд ӕма кӕми райгас уодзӕнцӕ? Уӕхӕн фарстатӕ нӕмӕ, ка ’й зонуй, хъӕбӕр берӕ ес. Фал нӕ уобӕл ӕгӕр мӕтӕ кӕнун нӕ гъӕуй. Гъӕуй нӕ еу минкъий бангъӕлмӕ кӕсун ӕма алцидӕр нӕхе цӕститӕй фӕууиндзиан. Йеговӕ еци гъуддӕгтӕ ку кӕна, уӕд е хъӕбӕр дессаги рӕстӕг уодзӕй.
21. Цӕхуӕн нифс дин ес?
21 Нур ба бал гъӕуама архайӕн, цӕмӕй Йеговӕбӕл нӕ зӕрдӕ никки хъӕбӕрдӕр дарӕн. Киристей фӕрци нин Йеговӕ зӕрдӕ байвардта, ка рамардӕй, уони ӕ гъудий ке даруй, ӕма сӕ ке райгас кӕндзӕй (Иоан. 5:28, 29; 11:23). Йеговӕ, ка рамардӕй, уони ӕцӕгӕйдӕр ке райгас кӕндзӕй, е бӕрӕг ӕй, Киристе Авраам, Исаак ӕма Иакови туххӕй ке загъта, уомӕй, зӕгъгӕ, Хуцауӕн «еугурӕйдӕр уодӕгас ӕнцӕ» (Лук. 20:37, 38). Мадта мах бон дӕр ӕй апостол Павели хузӕн федарӕй зӕгъун: «Ӕз мӕ нифс дарун Хуцаубӕл... [мӕрдтӕ] ке райгас уодзӕнцӕ» (Гъуд. 24:15).