Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Ӕригӕнттӕ, «ӕгас хъауритӕй архайетӕ уӕ ервӕзундзийнадӕбӕл»

Ӕригӕнттӕ, «ӕгас хъауритӕй архайетӕ уӕ ервӕзундзийнадӕбӕл»

«Алкӕддӕр куд коммӕгӕс адтайтӕ... уотӕ идарддӕр дӕр тӕрсгӕ-резгӕй ӕгас хъауритӕй архайетӕ уӕ ервӕзундзийнадӕбӕл» (ФИЛ. 2:12).

ЗАРТӔ: 133, 135

1. Донаргъуд райсун ӕхсидзгӕ къахдзӕф цӕмӕн ӕй? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)

БИБЛИ ка ахур кӕнуй, уонӕй алли анз дӕр мингай адӕн донаргъуд райсунцӕ. Се ’хсӕн берӕ ӕригӕнттӕ ӕма сувӕллӕнттӕ фӕууй. Кадӕртӕ си исгъомбӕл ӕнцӕ Йегови Ӕвдесӕнти бийнонти. Ка ’й зонуй, ду дӕр донаргъуд ӕригонӕй райстай, ӕма е раст унаффӕ адтӕй, уомӕн ӕма алли киристонӕн дӕр донаргъуд райсун ӕ царди хъӕбӕр ӕхсидзгӕ къахдзӕф ӕй. Ӕрмӕстдӕр уотемӕй ӕ бон уодзӕй фӕййервӕзун ӕма ӕносмӕ цӕрун (Матф. 28:19, 20; 1 Пет. 3:21).

2. Дӕ цард Йеговӕн иснивонд кӕнунӕй тӕрсун цӕмӕннӕ гъӕуй?

2 Донаргъуд ку райстай, уӕд дин Йегови арфӕдзийнӕдтӕмӕ над райгон ӕй. Фал ма уомӕй уӕлдай еци бон дӕхемӕ устур ихӕс райстай. Цӕхуӕн? Донаргъуди фӕдбӕл радзубанди ци ӕнсувӕрӕн адтӕй, е уӕхӕн фарста равардта: «Йесо Киристей нивондбӕл ке баууӕндтӕ, уомӕ гӕсгӕ дӕ тӕрегъӕдтӕбӕл ӕрфӕсмон кодтай ӕма Йеговӕн дзурд равардтай, ӕ фӕндон ин ке ӕнхӕст кӕндзӕнӕ?» Еци фарстабӕл, дӕ дзуапп, гъо, ке адтӕй, уомӕй Йеговӕн дзурд равардтай, ке ӕй уарздзӕнӕ ӕма ин ӕ фӕндон дӕ царди алкӕддӕр фиццаг бунати ке ӕвӕрдзӕнӕ. Цума Хуцауӕн уӕхӕн дзурд ке равардтай, уобӕл фӕсмон гъӕуама кӕнай? Ӕппундӕр нӕ! Дӕ цард Йегови бӕрагӕ ке бакодтай, е адтӕй тӕккӕ хуӕздӕр ӕма тӕккӕ растдӕр унаффӕ, ӕма ибӕл некӕд рафӕсмон кӕндзӕнӕ. Йеговӕмӕ ка нӕ игъосуй, еци адӕн ба Сайтани дӕлбарӕ ’нцӕ. Сайтан ба адӕни сагъӕс нӕ кӕнуй. Е ма цийнӕ дӕр кӕндзӕй, уой хузӕн ду дӕр Йегови ку ниууадзай ӕма ӕносон царди нифсӕй ку фенӕхай уай, уӕд.

3. Дӕ цард Йеговӕн ке иснивонд кодтай, е дин цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕ ӕрхаста?

3 Расагъӕс кӕнӕ, Йеговӕ дин куд райарфӕ кодта, дӕхе ин ке иснивонд кодтай ӕма донаргъуд ке райстай, уой туххӕй. Дӕ цард Йегови барӕ ке бакодтай, уомӕ гӕсгӕ нур дӕ бон ӕй федарӕй зӕгъун: «Йеговӕ мӕ фарс ӕй, ӕма ӕз нецӕмӕй фӕттӕрсдзӕн. Ци мин бакӕндзӕй адӕймаг?» (Пс. 118:6). Йегови фарс лӕуун ӕма ди арази ке ӕй, уой зонун хъӕбӕр устур кадӕ ӕй. Уой хӕццӕ рабарӕн дӕр неци ес!

ДӔУМӔ КА ХАУЙ, ЕЦИ ИХӔС

4, 5. а) Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма Хуцауӕн дӕ цард ку иснивонд кодтай, уӕд дӕхемӕ устур ихӕс райстай? б) Ӕгас киристӕнттӕ дӕр цӕхуӕн фӕлварӕнтӕбӕл исӕмбӕлунцӕ, цийфӕнди кари ма уонцӕ, уӕддӕр?

4 Дӕ ниййергутӕ Йегови еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ ке ’нцӕ, е уобӕл дзорӕг нӕма ’й ӕма ду дӕр уотӕ уодзӕнӕ. Гъӕуама дӕ ервӕзундзийнадӕбӕл дӕхуӕдӕг архайай, кӕд дӕ ниййергути хӕццӕ цӕрис, уӕддӕр. Уой зӕрдӕбӕл дарун цӕмӕн гъӕуй? Не ’ууӕндундзийнадӕ фӕлвӕрд куд цӕудзӕй, уой неке бон ӕй базонун. Зӕгъӕн, кӕд донаргъуд ирӕзгӕ кари райстай, уӕд, ӕвӕдзи, де ’ригон бӕнтти ба исӕмбӕлдзӕнӕ, нурмӕти ке нӕ зудтай, уӕхӕн фӕлварӕнтӕбӕл. Еу ӕригон кизгӕ загъта: «Игурӕн бони фӕдбӕл конд адгийнагӕй хуӕрӕн ке нӕййес, уой туххӕй неке рафӕсмон кӕндзӕй, Йегови Ӕвдесӕн ке иссӕй, уобӕл. Фал цалдӕр анзей фӕсте ба бауӕри монцтӕ косун ку райдайонцӕ, уӕдта уотӕ ӕнцон нӕбал уодзӕй, ци раст над равзурстай, уобӕл идарддӕр дӕр уотӕ федарӕй цӕун».

5 Нӕуӕг зиндзийнӕдтӕбӕл айдагъ ӕригӕнттӕ не ’сӕмбӕлунцӕ. Хестӕртӕй донаргъуд ка райста, етӕ дӕр исӕмбӕлунцӕ, ӕнгъӕл дӕр ке н’ адтӕнцӕ, уӕхӕн фӕлварӕнтӕбӕл. Еци фӕлварӕнтӕ баст фӕуунцӕ бийнонтӕ искӕнуни хӕццӕ, ӕнӕнездзийнади хӕццӕ кенӕ кусти хӕццӕ. Цийфӕнди кари ма уӕн, уӕддӕр ни алкедӕр ӕмбӕлдзӕй, нӕ еузӕрдондзийнадӕ фӕлвӕрд кӕми цӕудзӕй, уӕхӕн зиндзийнӕдтӕбӕл (Иак. 1:12–14).

6. а) Йеговӕн ци нивонддзурд равардтай, уомӕн ӕййевӕн цӕмӕннӕ ес? б) Филиппӕгтӕмӕ 4:11–13 финст дзурдтӕ нин цӕхуӕн нифс дӕттунцӕ?

6 Ци дин банхус кӕндзӕй цийфӕнди уавӕрти дӕр Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайун? Дӕ зӕрдӕбӕл дарӕ: Йеговӕн ци дзурд равардтай, уомӕн ӕййевӕн нӕййес. Ӕндӕр загъдӕй, Дун-дуйней Хецауӕн загътай, цийфӕнди ма ’рцӕуа, уӕддӕр ин ке лӕггадӕ кӕндзӕнӕ, сауӕнгӕ ма де ’мбӕлттӕ ӕма ин дӕ ниййергутӕ ку нӕбал лӕггадӕ кӕнонцӕ, уӕддӕр (Пс. 27:10). Цийфӕнди фӕлварӕни ма бахауай, уӕддӕр Йеговӕй корӕ, цӕмӕй дин банхус кӕна, ци дзурд ин равардтай, уомӕ гӕсгӕ цӕрун. (Бакӕсӕ Филиппӕгтӕмӕ 4:11–13.)

7. «Тӕрсгӕ-резгӕй» дӕ ервӕзундзийнадӕбӕл архайун куд лӕдӕргӕ ’й?

7 Йегови фӕндуй, цӕмӕй е ’мбал уай. Фал еци лимӕндзийнадӕбӕл, удта дӕ ервӕзундзийнадӕбӕл дӕр архайун гъӕуй. Филиппӕгтӕмӕ 2:12 финст ӕй: «Тӕрсгӕ-резгӕй ӕгас хъауритӕй архайетӕ уӕ ервӕзундзийнадӕбӕл». Аци дзурдтӕ уобӕл дзорӕг ӕнцӕ ӕма нӕ лӕмбунӕг расагъӕс кӕнун гъӕуй, ци гъӕуама кӕнӕн, цӕмӕй идарддӕр дӕр Йеговӕмӕ хӕстӕг кӕнӕн ӕма ибӕл еузӕрдон уӕн, цийфӕнди ма ’рцӕуа, уӕддӕр. Нӕ зӕрдӕ нӕхебӕл гъӕуама ӕгӕр ма дарӕн, уомӕн ӕма Йеговӕн берӕ ӕнзти дӕргъи ка фӕллӕггадӕ кодта, уонӕй дӕр кадӕртӕ рӕстдзийнади надӕй райеуварс унцӕ. Цӕхуӕн гъуддӕгти фӕрци дӕ бон уодзӕй идарддӕр дӕр дӕ ервӕзундзийнадӕбӕл архайун?

БИБЛИ ӔРТАСӔ

8. Библи ахур кӕнун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй ӕма уомӕ ци хауй?

8 Цӕмӕй Йегови ӕмбал исуай, уой туххӕй имӕ гъӕуама игъосай ӕма ӕ хӕццӕ дзоргӕ дӕр кӕнай. Йеговӕмӕ игъосун нӕ бон ӕй Библи ахур кӕнгӕй. Уомӕ хауй Библи ӕма Библибӕл арӕзт публикацитӕ кӕсун ӕма сӕбӕл сагъӕс кӕнун. Фал еци гъуддаг, цума дӕхе экзаменмӕ цӕттӕ кӕнис, уой хузӕн гъӕуама ма уа – дӕ нисан ӕрмӕстдӕр ци бакастӕ, уой нигъгъуди кӕнун нӕй. Библи ахур кӕнгӕй гъӕуама уай, балций ка рандӕ ’й, уӕхӕн ӕсгарӕги хузӕн, гъома Йегови туххӕй нӕуӕг ести базонунбӕл архайай. Уотемӕй хӕстӕгдӕр кӕндзӕнӕ Йеговӕмӕ ӕма дӕмӕ е дӕр хӕстӕгдӕр кӕндзӕй (Иак. 4:8).

Йегови хӕццӕ куд арӕх фӕдздзорис? (кӕсӕ 8–11 абзацтӕ)

9. Библи ӕртасгӕй цӕмӕй фӕппайда кӕнис?

9 Йегови организаци Библи ӕртасунмӕ берӕ аллихузи ӕрмӕг рауагъта. Зӕгъӕн, нӕ сайти ӕригӕнттӕн ци ихӕслӕвӕрдтӕ ес, уони фӕрци базонӕн ес, Библий хабӕрттӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн, уой. Удта ма си ес, рӕстдзийнади федар лӕуунмӕ ӕма цӕбӕл ӕууӕндӕн, уой иннетӕн лӕдӕрун кӕнунмӕ нин ка банхус кӕндзӕй, уӕхӕн ихӕслӕвӕрдтӕ. Библи ӕртасунмӕ ма нин ци банхус кӕндзӕй, уой фӕдбӕл хуарз унаффитӕ иссерӕн ес 2009 анзи апрели уагъд журнали «Пробудитесь!», рубрикӕ «Вопросы молодежи», статья «Как сделать чтение Библии занимательным?». Мадта Библи лӕмбунӕг ӕртасун ӕнӕмӕнгӕ гъӕуй, цӕмӕй, уотӕ зӕгъӕн уа, ӕма дӕ ервӕзундзийнадӕбӕл ӕгас хъауритӕй архайис. (Бакӕсӕ Псалом 119:105.)

КУВД

10. Донаргъуд киристӕнтти ковун цӕмӕн гъӕуй?

10 Библи ку фертасӕн, уӕд, зӕгъӕн ес, ӕма Йеговӕ фӕдздзоруй нӕ хӕццӕ, ковгӕ имӕ ку фӕккӕнӕн, удта мах фӕдздзорӕн ӕ хӕццӕ. Уомӕ гӕсгӕ кувдмӕ гъӕуама уӕхӕн цӕстӕй ма кӕсӕн, цума ӕгъдаумӕ гӕсгӕ кӕнун ке гъӕуй, уӕхӕн ести ӕй кенӕ нин нӕ гъуддаг фӕррӕстмӕ кӕнунмӕ ка банхус кӕндзӕй, уӕхӕн гъуддаг. Кувди медӕг мах ӕцӕгӕйдӕр не Сфӕлдесӕги хӕццӕ фӕдздзорӕн. Удта расагъӕс кӕнӕ: Йегови фӕндуй, цӕмӕй ду ӕ хӕццӕ дзорай! (Бакӕсӕ Филиппӕгтӕмӕ 4:6.) Мадта цӕбӕлфӕнди ма тухсай, уӕддӕр Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ «дӕ уаргъ Йеговӕбӕл исӕвӕрӕ» (Пс. 55:22). Аци унаффӕ милиуангай хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн банхус кодта ӕма дӕуӕн дӕр банхус кӕндзӕй.

11. Йеговӕй алкӕддӕр боз цӕмӕн гъӕуама уӕн?

11 Фал Йеговӕмӕ, ӕнхус нӕ ку гъӕуа, айдагъ уӕд гъӕуама ковӕн? Библи зӕгъуй: «Боз уотӕ» (Кол. 3:15). Хатгай нӕ зиндзийнӕдтӕбӕл ӕгӕр фӕммӕтӕ кӕнӕн ӕма ’й нӕбал фӕууинӕн нӕ царди ма хуарзӕй дӕр цидӕр ке ес, уой. Уомӕ гӕсгӕ байархайӕ алли бон дӕр, Йеговӕй боз ке туххӕй дӕ, ӕртӕ уӕхӕн гъуддаги иссерун, ӕма уой туххӕй Йеговӕн райарфӕ кӕнӕ. 12 анземӕ донаргъуд ка райста, еу уӕхӕн ӕригон хуӕрӕ, Эбигейл, зӕгъгӕ, загъта: «Дун-дуйней Йегови хузӕн неке ӕй уой аккаг, цӕмӕй ин арфӕ кӕнӕн. Мах гъӕуама алли фадуатӕй дӕр пайда кӕнӕн, цӕмӕй ин райарфӕ кӕнӕн, ци лӕвӕрттӕ нин искодта, уой туххӕй. Еухатт фегъустон сагъӕсти мӕ ка бафтудта, уӕхӕн фарста: „Зӕгъӕн, сӕумӕй райгъал дӕ, ӕдосӕ Йеговӕн цӕй туххӕй райарфӕ кодтай, ӕрмӕстдӕр уой хӕццӕ. Цума ма дӕмӕ уӕд ци байзайдзӕй?“»

ДӔХЕБӔЛ КЕ БАВЗУРСТАЙ, Е

12, 13. Йеговӕ дӕуӕн ци хуарздзийнӕдтӕ искодта, уонӕбӕл сагъӕс кӕнун цӕмӕн гъӕуй?

12 Рагидзаманти Йеговӕ паддзах Давидӕн банхус кодта, зин уавӕрти ку бахаудтӕй, уӕд. Уӕхӕн ӕнхус ӕхебӕл ке бавзурста, уомӕ гӕсгӕ загъта: «Ба ’й ӕвзаретӕ ӕма ’й фӕууинетӕ, Йеговӕ куд хуарз ӕй, уой. Амондгун ӕй еци адӕймаг, ӕхе е ’уазӕг ка бакодта» (Пс. 34:8). Аци стихӕй бӕрӕг ӕй, Йеговӕ куд хуарз ӕй, уой нӕхуӕдтӕ ке гъӕуама бавзарӕн. Библий ӕма нӕ публикацити арӕх бакӕсӕн, Йеговӕ иннетӕн еузӕрдонӕй байзайунмӕ куд банхус кодта, уӕхӕн хабӕрттӕ, удта сӕ не ’мбурдти дӕр арӕх фегъосӕн. Фал цӕмӕй Йегови хӕццӕ дӕ лимӕндзийнадӕ федардӕр кӕна, уой туххӕй ӕй гъӕуама уинай, Йеговӕ дӕуӕн куд ӕнхус кӕнуй, уой. Ду ба дӕ царди ескӕд Йегови ӕнхус бавзурстай?

13 Алке бон дӕр ни ӕй ӕ цардӕй уӕхӕн хабӕрттӕ ӕргъуди кӕнун. Йеговӕ ни алкедӕр ӕхемӕ ӕма ӕ Фуртмӕ ӕрбахудта. Йесо загъта: «Еу адӕймагӕн дӕр ӕ бон нӕй мӕнмӕ ӕрцӕун, мӕ рарветӕг Фидӕ ’й ку не ’рбакӕна, уӕд» (Иоан. 6:44). Лӕдӕрис ӕй аци дзурдтӕ дӕумӕ дӕр ке хаунцӕ? Ӕви дӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма Йеговӕ дӕ ниййергути ӕрбакодта, ду ба уотид уони фӕдбӕл рацудтӕ? Фал ду дӕ цард Йеговӕн ку иснивонд кодтай ӕма донаргъуд ку райстай, уӕд бавдистай, Йеговӕ дӕуӕн дӕр дӕ хуарз ӕмбал ке ӕй, уой. Библи зӕгъуй: «Фал кӕд адӕймаг Хуцауи уарзуй, уӕд еци адӕймаги ба Хуцау зонуй» (1 Кор. 8:3). Алкӕддӕр аргъ кӕнӕ, Йегови организаций дин ци бунат ес, уомӕн.

14, 15. Игъосун кӕнгӕй де ’ууӕндундзийнадӕ куд федар кӕндзӕй?

14 Йегови хуарздзийнадӕ ма дӕхебӕл бавзардзӕнӕ, цӕбӕл ӕууӕндис, уой туххӕй игъосун кӕнгӕй кенӕ скъолай ку дзорай, уӕд. Ка ’й зонуй дин де ’мкъласонти хӕццӕ дзорун ӕнцон нӕй. Ӕвӕдзи, тухсис, ци зӕгъдзӕнцӕ, уобӕл. Цӕбӕл ӕууӕндис, уобӕл ӕнӕгъӕнӕ къуари хӕццӕ нӕ, фал еунӕг адӕймаги хӕццӕ радзорун дӕр ӕнцон нӕй. Еци гъуддаги дин ци банхус кӕндзӕй?

15 Фиццагидӕр бал расагъӕс кӕнӕ, цӕбӕл ӕууӕндис, е раст цӕмӕн ӕй, уобӕл. Уомӕн дин устур ӕнхус фӕууодзӕнцӕ, нӕ сайти ӕригӕнттӕн ци ихӕслӕвӕрдтӕ ес, етӕ. Еци ихӕслӕвӕрдти фӕрци дӕ бон ӕй расагъӕс кӕнун, цӕбӕл ӕууӕндис ӕма цӕмӕн, удта уой иннетӕн балӕдӕрун кӕнун куд ӕнгъезуй, уобӕл. Цӕбӕл дзордзӕнӕ, уой дзӕбӕх ку зонай ӕма уобӕл федарӕй ку ’ууӕндай, уӕд дӕ уой туххӕй иннетӕн дзорун дӕр фӕнддзӕй (Йер. 20:8, 9).

16. Иннети хӕццӕ дзорунмӕ дин ци банхус кӕндзӕй?

16 Фал дӕхе дзӕбӕх ку бацӕттӕ кӕнай, уӕддӕр, ӕвӕдзи, тухсдзӕнӕ, дӕ дини туххӕй иннети хӕццӕ ку дзорай, уӕд. 18 анзи кӕбӕл цӕуй, ӕма 13-анздзудӕй донаргъуд ка райста, еу уӕхӕн хуӕрӕ зӕгъуй: «Цӕбӕл ӕууӕндун, уой зонун, фал уой иннетӕн дзорун ку багъӕуй, уӕдта истухсун ӕма дзурдтӕ нӕбал фӕййерун». Цума еци хуӕрӕн ци ӕнхус кӕнуй? Идарддӕр зӕгъуй: «Ӕз архайун, цӕмӕй мӕхе ӕнӕуой куд фӕддарун, уотӕ дарон. Ме ’мкъласонтӕ нӕ фӕттухсунцӕ, сӕ хабӕрттӕ ку фӕдздзорунцӕ, уӕд. Мадта ӕз ба цӕмӕн гъӕуама тухсон?! Уомӕ гӕсгӕ син уотӕ ракӕнун: „Еубонтӕ кедӕр хӕццӕ Библий туххӕй дзурдтон ӕма...“. Уой фӕсте ба син радзорун, ци цау мӕбӕл ӕрцудӕй, уой. Ӕма кӕд мӕ дзубанди ӕргом Библибӕл нӕ фӕууй, уӕддӕр сӕмӕ дессаг фӕккӕсуй, иннети хӕццӕ Библи куд фӕййахур кӕнун, е. Хатгай ба мӕмӕ фарстатӕ дӕттун дӕр райдайунцӕ. Уӕхӕн дзубанди куд арӕхдӕр рауайуй, уотӕ мин иннӕ хатт сӕ хӕццӕ дзорун никки ӕнцондӕр фӕууй. Удта алкӕддӕр хъӕбӕр фӕццийнӕ кӕнун, сӕ хӕццӕ мин радзорун ку бантӕсуй, уӕд».

17. Никкидӕр ма дин ци банхус кӕндзӕй, иннети хӕццӕ дӕ дини туххӕй сӕребарӕй дзорун?

17 Иннетӕ ’й ку уинонцӕ, ке сӕ нимайис ӕма сӕ гъудийӕн аргъ ке кӕнис, уӕд дӕ етӕ дӕр нимайдзӕнцӕ ӕма дӕмӕ хуӕздӕр байгъосдзӕнцӕ. Донаргъуд сувӕллонӕй ка райста, еу уӕхӕн 17-анздзуд хуӕрӕ, Оливийӕ, зӕгъгӕ, зӕгъуй: «Адӕни хӕццӕ дзоргӕй Библий кой искӕнун не ’ндиудтон. Фанатикбӕл мӕ ку банимайонцӕ, уомӕй тарстӕн». Фал уой фӕсте еци гъуддагмӕ ӕндӕр цӕстӕй ракастӕй. Куд хъӕбӕр тӕрсуй, уобӕл сагъӕс кӕнуни бӕсти расагъӕс кодта: «Ӕригӕнттӕй беретӕ Йегови Ӕвдесӕнти туххӕй ӕппундӕр неци зонунцӕ. Удта Йегови Ӕвдесӕнтӕй мӕнӕй ӕндӕр неке зонунцӕ, ӕма ӕз мӕхе куд бадардзӕн, уомӕй кӕнгӕ ӕй, иннӕ Ӕвдесӕнтӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсдзӕнцӕ, е дӕр. Ӕма сӕ хӕццӕ дзорунмӕ тӕрсгӕ кенӕ ӕфсӕрми ку кӕнон, удта дзубанди мӕ дини туххӕй ку рацӕуа, ӕз ба мӕхе ӕндӕр дзурдтӕбӕл ку фӕккӕнон, кенӕ ба сӕ хӕццӕ дзоргӕй нихъун-нихъун ку кӕнон, уӕд мабӕл ци рагъуди кӕндзӕнцӕ? Ӕвӕдзи, зӕгъдзӕнцӕ, айӕ ӕ динӕй ӕфсӕрми кӕнуй, зӕгъгӕ. Ка ’й зонуй, нӕмӕ уой туххӕй карзӕй дӕр исдзордзӕнцӕ. Фал сӕ хӕццӕ ӕндӕр естӕбӕл куд ӕнцонтӕй фӕдздзорӕн, уотӕ нӕ дини туххӕй дӕр ку дзорӕн, уӕд нӕ, ӕвӕдзи, хъӕбӕрдӕр нимайдзӕнцӕ».

ИДАРДДӔР ДӔР ДӔ ЕРВӔЗУНДЗИЙНАДӔБӔЛ АРХАЙӔ

18. Цӕмӕй дӕ ервӕзундзийнадӕбӕл архайай, уой туххӕй дӕ ци кӕнун гъӕуй?

18 Куд ӕй фӕууидтан, уотемӕй нӕ ервӕзундзийнадӕбӕл архайун нӕхе ихӕс ӕй. Цӕмӕй нин еци гъуддаг бантӕса, уой туххӕй гъӕуама Хуцауи Дзурд кӕсӕн ӕма ибӕл арф сагъӕс кӕнӕн, удта Йеговӕмӕ ковӕн, ӕма махӕн куд ӕнхус кодта, уой нӕ зӕрдӕбӕл дарӕн. Уой фӕрци хуӕздӕр лӕдӕрдзӕнӕ, Йеговӕ дӕ хуарз ӕмбал ке ӕй, уой, ӕма дӕ е баразӕнгард кӕндзӕй, цӕбӕл ӕууӕндис, уой туххӕй иннетӕн дзорун. (Бакӕсӕ Псалом 73:28.)

19. Ервӕзундзийнадӕбӕл ӕгас хъауритӕй архайун цӕмӕн гъӕуй?

19 Йесо загъта: «Мӕ фӕдбӕл цӕун ке фӕндуй, е ӕхе туххӕй мабал цӕрӕд, ӕ гъезӕмӕртти гъӕдӕ райсӕд ӕма алкӕддӕр мӕ фӕдбӕл цӕуӕд» (Матф. 16:24). Цӕмӕй киристони бон уа Киристей фӕдбӕл цӕун, уой туххӕй гъӕуама ӕхе Йеговӕн иснивонд кӕна ӕма донаргъуд райса. Еци къахдзӕф игон кӕнуй над дессаги арфӕдзийнӕдтӕмӕ абони, федӕни ба ӕркӕндзӕй ӕносон цардмӕ Хуцауи нӕуӕг дуйней. Мадта дӕ ервӕзундзийнадӕбӕл ӕгас хъауритӕй архайӕ!