Ке цӕсти дӕ фӕндуй кадгин ун?
«Хуцау мӕнгард нӕй, ӕма уин нӕ феронх кӕндзӕй уӕ хъиамӕт ӕма ин ӕ номмӕ ци уарзондзийнадӕ бавдистайтӕ, уой» (ДЗИУИТ. 6:10).
ЗАРТӔ: 39, 30
1. Алли адӕймаги дӕр ци фӕффӕндуй?
ЗӔГЪӔН, дзӕбӕх дӕ ка фӕсмӕруй ӕма дӕ ка нимайуй, уӕхӕн адӕймаг дин дӕ ном нӕбал гъуди кӕнуй кенӕ ба дӕ зонгӕ дӕр нӕ бакодта. Уӕд дин куд уодзӕй? Ӕхцӕуӕн дин, ӕвӕдзи, нӕ уодзӕй. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма нӕ конд уотӕ ’й, ӕма ни алкедӕр фӕндуй, цӕмӕй нин иннети цӕсти кадӕ уа. Ӕма нӕ уотид фӕсмӕргӕ ма кӕнонцӕ, фал ӕй цӕмӕй зононцӕ, ка ан ӕма нин царди ци бантӕстӕй, уой (Ним. 11:16; Иов 31:6).
2, 3. Нӕхецӕн уӕлдай кадӕ ку агорӕн, уӕд нӕ е цӕмӕ ӕркӕндзӕй? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)
2 Иннети цӕсти нӕ кадгин ун ке фӕндуй, уоми лӕгъузӕй неци ес, фал лӕмбунӕг ку нӕ уӕн, уӕд нин еци фӕндӕ скъӕппӕги хузӕн исуодзӕй. Сайтани дуйне нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй нӕхецӕн уӕлдай кадӕ агорӕн. Ӕма уой зундбӕл ку рандӕ уӕн, уӕд ни феронх уодзӕй, ӕцӕг кади аккаг ка ӕй, е – нӕ уӕларвон Фидӕ Йеговӕ Хуцау (Рарг. 4:11).
3 Киристей рӕстӕги дини разамонгутӕй еуӕй-еуетӕ Лук. 20:46, 47). Фал Йесо растудта, уингӕ дӕр, ӕвӕдзи, ке неке фӕккодта, еци идӕдзӕ силгоймаги, нисайнагдони ци дууӕ листӕг ӕхцай ниггӕлста, уой туххӕй (Лук. 21:1–4). Бӕрӕг ӕй, Йесо иннети хузӕн ке нӕ сагъӕс кодта. Аци статьяй базондзиан, Йегови цӕсти кадгин ка ӕй, ӕма уой зонгӕй мах дӕр еци гъуддагмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсун гъӕуй, уой.
сӕхецӕн ӕгӕр берӕ кадӕ агурдтонцӕ. Уомӕ гӕсгӕ Йесо ӕ фӕдбӕлдзӕугути бафӕдзахста: «Уӕхе гъӕуай кӕнтӕ киунугидӕснитӕй. Етӕ уарзунцӕ даргъ дарӕсти цӕун, удта ма син цӕмӕй базарти адӕн сӕ сӕрӕй ковонцӕ, уой дӕр. Уарзунцӕ ӕмбурдгӕнӕнти разӕй бадун, фингтӕбӕл ба – уӕллӕй». Удта ма загъта: «Етӕ уӕлдай карз ӕфхуӕрд баййафдзӕнцӕ» (ТӔККӔ УСТУРДӔР КАДӔ
4. Адӕймагӕн тӕккӕ устурдӕр кадӕ ци ӕй ӕма цӕмӕн?
4 Адӕймагӕн тӕккӕ устурдӕр кадӕ ци ӕй? Зӕгъӕн, фулдӕр адӕни цӕсти кадгин ӕнцӕ, уӕлдӕр ахур ка фӕцӕй, хуарз куст кӕмӕн ес кенӕ зундгонд ка иссӕй, уӕхӕн адӕн. Адӕймагӕн тӕккӕ устурдӕр кадӕ ци ӕй, уой туххӕй Павел финста: «Нур ба Хуцауи базудтайтӕ, растдӕр зӕгъгӕй, Хуцау сумах базудта, ӕма ма уӕд дуйней ӕнӕпайда ӕма нецӕййаг гъуддӕгтӕмӕ фӕстӕмӕ куд ӕздӕхетӕ? Уотӕ уӕ фӕндуй, ӕма бабӕй син фӕстӕмӕ цагъарти хузӕн лӕггадӕ кӕнайтӕ?» (Гал. 4:9). Дун-дуйней Хецау мах ке зонуй, уомӕй устурдӕр кадӕ ци гъӕуама уа?! Йеговӕ нӕ зонуй ӕма нӕ уарзуй, удта ’й фӕндуй, цӕмӕй имӕ хӕстӕг кӕнӕн, кӕнгӕ дӕр нӕ уой туххӕй искодта, цӕмӕй е ’мбӕлттӕ уӕн (Еккл. 12:13, 14).
5. Цӕмӕй нӕ Йеговӕ зона, уой туххӕй нӕ ци кӕнун гъӕуй?
5 Куд ӕй зонӕн, уотемӕй Йеговӕ Моисеййи е ’мбалбӕл нимадта. Еухатт Моисей Йеговӕй курдта, «байамонӕ мин дӕ нӕдтӕ», зӕгъгӕ. Ӕма ин Йеговӕ ба загъта: «Цӕй туххӕй мин зӕгъис, уой дӕр искӕндзӕн, уомӕн ӕма мин ду иссирдтай мӕ хуарзӕнхӕ ӕма дӕ ӕз зонун дӕ номӕй» (Рац. 33:12–17). Махӕн дӕр фадуат ес, цӕмӕй нӕ Йеговӕ зона. Фал нӕ уой туххӕй ци кӕнун гъӕуй? Гъӕуама ’й уарзӕн ӕма ин нӕ цард иснивонд кӕнӕн. (Бакӕсӕ 1 Коринфӕгтӕмӕ 8:3.)
6, 7. Йегови хӕццӕ нин ци лимӕндзийнадӕ ес, уой фесафунӕй нин тӕссаг кӕд уодзӕй?
6 Фал цӕмӕй идарддӕр дӕр Йегови ӕмбӕлттӕ уӕн, уой туххӕй архайун гъӕуй. Фиццаг ӕноси Галатий киристӕнтти хузӕн мах дӕр гъӕуама нӕхе гъӕуай кӕнӕн, цӕмӕй аци дуйней «ӕнӕпайда ӕма нецӕййаг гъуддӕгти» цагъартӕ ма исуӕн. Адӕни цӕсти кадӕмӕ бӕллун дӕр еци гъуддӕгтӕмӕ хауй (Гал. 4:9). Галатий киристӕнттӕ Хуцауи зудтонцӕ ӕма сӕ Хуцау дӕр зудта. Фал Павели дзурдтӕй куд зиннуй, уотемӕй фӕстӕмӕ еци гъуддӕгтӕмӕ раздахтӕнцӕ. Зӕгъӕн ес, ӕма сӕ Павел уотӕ фарста: «Ке ниууагътайтӕ, еци ӕнӕпайда ӕма нецӕййаг гъуддӕгтӕмӕ ма фӕстӕмӕ цӕмӕн ӕздӕхетӕ?»
7 Цума махӕн дӕр тӕссаг ӕй, уӕхӕн гъуддӕгти бафтуйунӕй? Гъо. Аци дуйней нин, ӕвӕдзи, фадуӕттӕ адтӕй, Филиппӕгтӕмӕ 3:7, 8.) Зӕгъӕн, кадӕртӕ ни уӕлдӕр ахурмӕ нӕ бацудӕнцӕ, кадӕртӕ ба берӕ ӕхцатӕ бакосунмӕ фадуатӕй не ’спайда кодтонцӕ. Еуӕй-еуетӕн ба музыки кенӕ спорти берӕ ӕнтӕстӕй ӕма сӕ бон адтӕй аци дуйней зундгонд ӕма гъӕздуг исун, фал ӕндӕр над равзурстонцӕ (Дзиуит. 11:24–27). Ӕма зундбӕл дзорӕг нӕ уодзӕй, уӕхӕн унаффӕ ке рахастан, уобӕл фӕсмон кӕнун, ӕма сагъӕс кӕнун, еци гъуддӕгти ку ӕрфедар адтайнӕ, уӕд мӕ цард хуӕздӕр адтайдӕ, зӕгъгӕ. Ци ниууагътан, уобӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд нӕ е уомӕ ӕркӕндзӕй, ӕма фӕстӕмӕ аци дуйней «ӕнӕпайда ӕма нецӕййаг» гъуддӕгтӕмӕ раздӕхдзиан.
ӕнтӕстгун кенӕ зундгонд исунмӕ, фал рӕстдзийнадӕ ку базудтан, уӕд мах дӕр Павели хузӕн еци гъуддӕгтӕ ниууагътан. (БакӕсӕКАДГИН УОТӔ ХУЦАУИ ЦӔСТИ
8. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй фиццагидӕр Йегови хуарзӕнхӕ агорӕн?
8 Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй фиццагидӕр Йегови хуарзӕнхӕ агорӕн, аци дуйней кадӕ нӕ, фал? Гъӕуама нӕ зӕрдӕбӕл дарӕн дууӕ ӕхсидзгӕ гъуддаги. Фиццаг: Йеговӕ алкӕддӕр арази фӕууй, еузӕрдонӕй ин ка лӕггадӕ кӕнуй, уонӕй. (Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 6:10; 11:6.) Йеговӕ ӕ алли лӕггадгӕнӕгӕн дӕр устур аргъ кӕнуй, ӕма си еске хъиамӕт байронх кӕнун ӕхецӕн хӕрандзийнадӕбӕл нимайуй. Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ Йеговӕ «зонуй ӕхеуӕнтти» (2 Тим. 2:19). Уомӕй уӕлдай ма зонуй «рӕстгӕнгути над», удта ибӕл еузӕрдон ка ӕй, уони «фӕлварӕнтӕй ервӕзун кӕнун» куд гъӕуй, уой дӕр (Пс. 1:6; 2 Пет. 2:9).
9. Радзорӕ, Йеговӕ ӕ адӕни куд искадгин кӕнидӕ.
9 Еуӕй-еухатт Йеговӕ ӕ адӕни искадгин кӕнидӕ, ӕнгъӕл дӕр ӕй куд н’ адтӕнцӕ, уотӕ (2 Анз. 20:20, 29). Ӕргъуди кӕнӕн, дзиуиттӕгтӕ Сурх денгизи рази ку лӕудтӕнцӕ, фараони ӕфсад ба сӕ фӕсте ку адтӕнцӕ, уӕд сӕ куд фӕййервӕзун кодта, уой (Рац. 14:21–30; Пс. 106:9–11). Йеговӕ сӕ ци дессаги хузи фӕййервӕзун кодта, уобӕл ма адӕн 40 анзей дӕргъи дзурдтонцӕ (Йес. Н. 2:9–11). Йеговӕ ӕ адӕни куд уарзта ӕма сӕ куд ервӕзун кодта, уой ку нӕ иронх кӕнӕн, уӕд нӕ е бафедар кӕндзӕй, Магоги зӕнхӕй Гог ӕхе Хуцауи адӕнбӕл ку ниццӕва, уӕд (Йез. 38:8–12). Ӕма еци рӕстӕги хъӕбӕр цийнӕ кӕндзиан, аци дуйней кадӕ нӕ, фал Хуцауи хуарзӕнхӕ иссерунбӕл ке архайдтан!
10. Нӕ зӕрдӕбӕл ке гъӕуама дарӕн, еци гъуддӕгтӕй дуккаг ци ӕй?
10 Дуккаг: Йеговӕ ни арази ке ӕй, уой ӕ бон ӕй бавдесун, ӕнгъӕл дӕр ӕй куд нӕ уодзиан, уотӕ. Ескӕмӕн хуарздзийнадӕ ӕхе бавдесуни туххӕй ка кӕнуй, уомӕн Йеговӕ хуӕрзеуӕг нӕ ратдзӕй. Цума цӕмӕн? Уомӕн ӕма Йесо куд загъта, уомӕ гӕсгӕ уӕхӕн адӕнӕн сӕ хуӕрзеуӕг ӕй, иннетӕ син ке кадӕ кӕнунцӕ, е. (Бакӕсӕ Матфеййи 6:1–5.) Фал иннетӕн хуарздзийнадӕ кӕнгӕй фӕстӕмӕ ка нецӕмӕ ӕнгъӕл кӕсуй, уони ба Хуцау уинуй ӕма сӕ ӕ арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин кӕнуй. Хатгай ӕй ӕнгъӕл дӕр куд нӕ фӕуунцӕ, уотӕ. Ӕркӕсӕн цалдӕр хабаремӕ.
СӔРНИЛЛӔГ КИЗГӔ, ӔНГЪӔЛ ДӔР КЕ Н’ АДТӔЙ, УӔХӔН КАДӔЙ ИСХАЙГИН ӔЙ
11. Йеговӕ Марийи куд искадгин кодта?
11 Киристей мадӕн Йеговӕ равзурста сӕрниллӕг кизгӕ Марийи. Марийӕ цардӕй минкъий гъӕу Назарети, Йерусалимӕй ӕма ӕ дессаги ковӕндонӕй дзӕвгарӕ идарддӕр. (Бакӕсӕ Лукай 1:26–33.) Цума Йеговӕ Марийи цӕмӕн равзурста? Изӕд ин куд балӕдӕрун кодта, уомӕ гӕсгӕ, Марийӕ «иссирдта Хуцауи хуарзӕнхӕ». Фӕстӕдӕр Марийӕ Елизавети хӕццӕ ку дзурдта, уӕд бӕрӕг адтӕй, Йегови куд берӕ уарзта, е (Лук. 1:46–55). Йеговӕ Марийи уидта ӕма ин ӕ еузӕрдондзийнади туххӕй, ӕнгъӕл дӕр ӕй куд н’ адтӕй, уотӕ райарфӕ кодта.
12, 13. Йеговӕ Киристей куд искадгин кодта ӕ райгурци бон, удта ’й 40 бони фӕсте ковӕндонӕмӕ ку ’рбахастонцӕ, уӕд?
12 Киристе ку райгурдӕй, уӕд Йеговӕ еци хабар Йерусалими разамонгутӕ ӕма хецӕуттӕн нӕ фегъосун кодта. Еци кадӕ ӕрхаудтӕй Вифлееммӕ хӕстӕг фустӕ ка хизта, еци фиййӕуттӕмӕ. Йеговӕ сӕмӕ изӕдти рарвиста, цӕмӕй син еци хуарз хабар фегъосун кодтайуонцӕ (Лук. 2:8–14). Фиййӕуттӕ уой ку фегъустонцӕ, уӕд еци фӕдбӕл нӕуӕгигурд Йесой фӕууинунмӕ ӕрбацудӕнцӕ (Лук. 2:15–17). Марийӕ ӕма Иосифмӕ, ӕвӕдзи, дессаг фӕккастӕй, фиййӕуттӕ Йесой куд кадгин кодтонцӕ, е. Нур ба ӕргъуди кӕнӕн, Сайтан куд бакодта, уой. Астрологти сӕмӕ ку рарвиста, уӕд Йесой райгурци хабар ӕгас Йерусалимбӕл дӕр рапурхӕ ’й, ӕма е устур фидбилизмӕ ӕркодта (Матф. 2:3). Берӕ минкъий биццеути нецӕй туххӕй рамардтонцӕ (Матф. 2:16).
13 Киристей райгурцӕй 40 бони ку рацудӕй, уӕд Марийӕ Закъонмӕ гӕсгӕ гъӕуама Йерусалими ковӕндони нивонд ӕрхастайдӕ. Гъема Иосиф ӕма Марийӕ минкъий Йесой хӕццӕ Вифлеемӕй Йерусалиммӕ 9 километри фӕццудӕнцӕ (Лук. 2:22–24). Надбӕл цӕугӕй Марийӕ, ӕвӕдзи, уотӕ сагъӕс кодта, ӕма Йесой саугин искадгин кӕндзӕй. Фал гъуддаг, е куд ӕнгъӕл адтӕй, уотӕ нӕ рауадӕй. Йеговӕ равзурста Симеони, «раст ӕма Хуцаубӕл еузӕрдон адӕймаги», удта уосӕ-пахампар Анни, 84-анздзуд идӕдзӕ силгоймаги, цӕмӕй иннетӕн фегъосун кодтайуонцӕ, сувӕллон зӕрдӕвӕрд Мессийӕ, кенӕ Киристе ке ӕй, уой (Лук. 2:25–38).
14. Йеговӕ Марийи цӕхуӕн хуӕрзеуӕгӕй исхайгин кодта?
14 Марийи туххӕй ба ци ес зӕгъӕн? Йеговӕ ин идарддӕр дӕр кадӕ кодта, ӕ Фурти ин ке гъомбӕл кодта, уой туххӕй. Уобӕл дӕр батухстӕй, цӕмӕй Марийи гъуддӕгтӕ ӕма дзурдтӕ Библий финст ӕрцудайуонцӕ. Куд ӕй зонӕн, Йесо ӕртӕ анзей дӕргъи ку лӕггадӕ кодта, уӕд Марийӕ ӕ хӕццӕ н’ адтӕй. Ӕвӕдзи ин Иосиф ке рамардӕй, уой туххӕй Назарети цӕргӕ байзадӕй. Ӕма кӕд Марийӕ, Йесо ци дессӕгтӕ кодта, уони еугурей нӕ уидта, уӕддӕр ӕ мӕлӕти сахат ба ӕ фарсмӕ адтӕй (Иоан. 19:26). Фӕстӕдӕр Киристей ахуркӕнуйнӕгтӕ Фӕндзайӕймаг бон Йерусалими ку ӕрӕмбурд ӕнцӕ, ӕма Хуцауи сугъдӕг хъаурӕй ку исхайгин ӕнцӕ, уӕд Марийӕ дӕр сӕ астӕу адтӕй (Гъуд. 1:13, 14). Ӕма, ӕвӕдзи, е дӕр сугъдӕг хъаурӕй исхайгин ӕй. Кӕд уотӕ адтӕй, уӕд е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма Марийӕн дӕр фӕззиндтӕй нифс уӕлӕрвти Йесой хӕццӕ ӕносмӕ цӕрунмӕ. Йеговӕ ’й ӕ еузӕрдон лӕггади туххӕй устур хуӕрзеуӕгӕй исхайгин кодта!
ЙЕГОВӔ Ӕ ФУРТИ ИСКАДГИН КОДТА
15. Йеговӕ куд бавдиста, ӕ Фуртӕй арази ке адтӕй, уой?
15 Йесо дини разамонгути кенӕ хецӕутти цӕсти кадӕ нӕ агурдта. Фал расагъӕс кӕнӕ, куд ӕхцӕуӕн ин адтайдӕ, ӕртӕ хатти уӕлӕрвтӕй Йегови дзурдтӕ фегъосун, арази ди дӕн, зӕгъгӕ. Йесо Иордани цӕугӕдони Матф. 3:17). Еци дзурдтӕ Аргъауӕг Иоаннӕй ӕма Йесойӕй ӕндӕр неке фегъуста. Киристей мӕлӕтмӕ ма анз ку байзадӕй, уӕд дӕр е ’ртӕ апостоли фегъустонцӕ, Йеговӕ нӕуӕгӕй куд ӕрдзурдта, уой: «Айӕ ӕй мӕ уарзон Фурт, арази кӕмӕй дӕн, еци Фурт. Игъосетӕ имӕ» (Матф. 17:5). Киристей мӕлӕтмӕ ма цалдӕр бони ку байзадӕй, уӕд ма имӕ Йеговӕ фӕстаг хатт уӕлӕрвтӕй ӕрдзурдта (Иоан. 12:28).
донаргъуд куддӕр райста, уотӕ Йеговӕ уӕлӕрвтӕй ӕрдзурдта: «Айӕ ӕй мӕ Фурт, берӕ ке уарзун ӕма арази кӕмӕй дӕн, еци Фурт» (16, 17. Йеговӕ Киристей куд искадгин кодта?
16 Йесо ӕй зудта, ӕнӕфудӕй ӕфхуӕрд ке баййафдзӕй ӕма ’й ке рамардзӕнцӕ, уой, фал уӕддӕр Йеговӕмӕ кувта, «мӕн куд фӕндуй, уотӕ нӕ, фал дӕу куд фӕндуй, уотӕ уӕд», зӕгъгӕ (Матф. 26:39, 42). Йесо «ходуйнаг нецӕмӕ ӕрдардта ӕма гъезӕмӕртти гъӕдӕбӕл мӕлӕт бавзурста», уомӕн ӕма кадӕ ӕ Фиди цӕсти агурдта, аци дуйней цӕсти нӕ, фал (Дзиуит. 12:2). Цума ’й Йеговӕ куд искадгин кодта?
17 Йесо зӕнхӕбӕл ку адтӕй, уӕд Йеговӕмӕ кувта, цӕмӕй ин равардтайдӕ, уӕлӕрвти ин ци кадӕ адтӕй, уӕхӕн кадӕ (Иоан. 17:5). Библий некӕми финст ес, уомӕй фулдӕр естӕмӕ ке ӕнгъӕлмӕ кастӕй. Зӕнхӕбӕл Йегови фӕндон ке исӕнхӕст кодта, уой туххӕй уӕлдай устурдӕр лӕвармӕ не ’нгъӕлмӕ кастӕй. Фал Йеговӕ ба куд бакодта? Ӕнгъӕл дӕр ӕй куд н’ адтӕй, уотӕ ’й искадгин кодта. Йеговӕ ’й уӕларвон цардмӕ ку райгас кодта, уӕд ӕй «никки уӕлдӕр исӕвардта». Уомӕй уӕлдай ма ин равардта, уой размӕ лӕвӕрд ка некӕмӕн адтӕй, уӕхӕн лӕвар – ӕнӕмӕлгӕ цард уӕлӕрвти * (Фил. 2:9; 1 Тим. 6:16). Бӕрӕг ӕй, Йеговӕ Киристей ӕ еузӕрдон лӕггади туххӕй дессаги хуӕрзеуӕгӕй ке исхайгин кодта.
18. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй фиццагидӕр Йегови хуарзӕнхӕ агорӕн, аци дуйней кадӕ нӕ, фал?
18 Мадта нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй фиццагидӕр Йегови хуарзӕнхӕ агорӕн, аци дуйней кадӕ нӕ, фал? Гъӕуама ма иронх кӕнӕн, Йеговӕ алкӕддӕр арази ке фӕууй, еузӕрдонӕй ин ка лӕггадӕ кӕнуй, уонӕй, удта сӕ искадгин кӕнуй, ӕнгъӕл дӕр ӕй куд нӕ фӕуунцӕ, уотӕ. Мадта нӕмӕ федӕни ци дессаги арфӕдзийнӕдтӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, етӕ дӕр уодзӕнцӕ, ӕнгъӕл дӕр ке нӕ ан, уӕхӕнттӕ! Фал цалинмӕ аци фуддуйней цӕрӕн, уӕдмӕ ба гъӕуама, ци зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлӕн, уонӕн бухсӕн ӕма ма иронх кӕнӕн, дуйне ке фӕййевгъуйдзӕй, уой. Ӕ хӕццӕ ба фӕййевгъуйдзӕнцӕ, кадгинбӕл си цидӕриддӕр гъуддӕгтӕ нимад ӕнцӕ, етӕ еугурӕйдӕр, ӕма сӕ гъуди дӕр некебал ӕркӕндзӕй (1 Иоан. 2:17). Нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Фидӕ Йегови туххӕй Библий финст ес: «Хуцау мӕнгард нӕй, ӕма уин нӕ феронх кӕндзӕй уӕ хъиамӕт ӕма ин ӕ номмӕ ци уарзондзийнадӕ бавдистайтӕ, уой» (Дзиуит. 6:10). Е нӕ искадгин кӕндзӕй, ӕнгъӕл дӕр ӕй куд нӕ ан, уотӕ!
^ 17 абз. Йесо, ӕвӕдзи, не ’нгъӕл адтӕй, Йеговӕ ин уӕхӕн лӕвар ке искӕндзӕй, уомӕн ӕма Дзиуиттаг Финстити ӕнӕмӕлгӕ царди кой некӕми цӕуй.