Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Амондгун ӕнцӕ, «амондгун Хуцауӕн» ка лӕггадӕ кӕнуй, етӕ

Амондгун ӕнцӕ, «амондгун Хуцауӕн» ка лӕггадӕ кӕнуй, етӕ

«Амондгун ӕнцӕ еци адӕн, сӕ Хуцау Йеговӕ кӕмӕн ӕй!» (ПС. 144:15).

ЗАРТӔ: 44, 125

1. Йегови Ӕвдесӕнтӕ амондгун адӕн цӕмӕн ӕнцӕ? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)

ЙЕГОВИ ӔВДЕСӔНТӔ ӕнцӕ амондгун адӕн. Ӕмбурдти, конгрессти кенӕ ӕнӕуой ку фембӕлунцӕ, уӕд фенгъезуй фӕууинун, еумӕ рӕстӕг куд игъӕлдзӕгӕй ферветунцӕ, уой. Цума уӕхӕн амондгун цӕй фӕрци ’нцӕ? Фиццагидӕр «амондгун Хуцау» Йегови ке зонунцӕ, ке ин лӕггадӕ кӕнунцӕ ӕма ’й ке фӕнзунцӕ, уой фӕрци (1 Тим. 1:11; Пс. 16:11). Ӕцӕг амонд Йеговӕй цӕуй ӕма ’й фӕндуй, цӕмӕй мах дӕр амондгун уӕн ӕма нин уой туххӕй алцидӕр дӕттуй (Дук. з. 12:7; Еккл. 3:12, 13).

2, 3. а) Амондгун адӕймаг цӕмӕй бӕрӕг фӕууй? б) Амондгун ун зин цӕмӕн ӕй?

2 Дӕуӕй ба ци ес зӕгъӕн? Дӕ бон ӕй дӕхе амондгун исхонун? Амондгун адӕймаг ӕ цардӕй зӕрдӕрохс фӕууй. Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ ӕцӕгӕй амондгун ӕнцӕ, Йеговӕ кӕмӕн арфӕ кӕнуй, еци адӕн. Фал аци дуйней ӕнцон нӕй амондгун цард кӕнун. Цӕмӕн?

3 Адӕймагӕн ӕ зӕрди цийнӕ фесӕфуй цӕхуӕндӕр зиндзийнӕдти туххӕй. Зӕгъӕн, ӕ хеуӕнттӕй еске ку рамӕлуй кенӕ си ӕмбурдӕй еске ку рацох кӕнунцӕ, бийнонтӕ ку рахецӕн унцӕ кенӕ адӕймаг ӕнӕ кустӕй ку райзайуй. Уомӕй уӕлдай ма амондгун ун зин фӕууй, нӕ бийнонтӕ нӕ ку фефхуӕрунцӕ, не ’мкосгутӕ кенӕ нӕбӕл не ’мкъласонтӕ ку фӕхходунцӕ кенӕ ба, Йеговӕн ке лӕггадӕ кӕнӕн, уой туххӕй нӕ фӕдбӕл ку фӕззелунцӕ ӕма ма нӕ ахӕстдони дӕр ку исбадун кӕнунцӕ, уӕд. Кадӕртӕ ба цӕхуӕндӕр незӕй кенӕ депрессийӕй фӕттухсунцӕ. Фал ди иронх ма уӕд, Йесо Киристей, «амондгун ӕма еунӕг хъаурӕгин Хецауи» кенӕ Разамонӕги, фӕндуй махӕн уодӕнцойнӕ ӕрхӕссун ӕма нӕ амондгун искӕнун (1 Тим. 6:15; Матф. 11:28–30). Йесо хонхбӕл адӕни ку ахур кодта, уӕд дзурдта, Сайтани дуйней цӕргӕй дӕр ӕма зиндзийнӕдтӕ ӕвзаргӕй дӕр адӕймаг амондгун цӕхуӕн менеугути фӕрци уодзӕй, уобӕл.

ӔНӔ ЙЕГОВӔЙ АМОНДГУН НӔ УОДЗИАН

4, 5. Цӕмӕй алкӕддӕр амондгун уӕн, уой туххӕй нӕ ци кӕнун гъӕуй?

4 Амондгун цард фиццагидӕр цӕмӕй кӕнгӕ ’й, уой туххӕй Йесо загъта: «Амондгун ӕнцӕ, ӕнӕ Хуцауӕй цӕрӕн ке нӕййес, уой ка лӕдӕруй, етӕ, уомӕн ӕма уони ӕй уӕларвон паддзахадӕ» (Матф. 5:3). Ӕнӕ Хуцауӕй цӕрӕн ке нӕййес, уой ку лӕдӕрӕн, уӕд ӕй зондзиан, Хуцауи нӕ зонун ке гъӕуй, удта нӕ е ’нхус ӕма нӕ ӕ разамунд дӕр ке гъӕунцӕ. Уой ке лӕдӕрӕн, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй? Библи ке ӕртасӕн, ӕ уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ке архайӕн ӕма Хуцауи гъуддаг нӕ царди фиццаг бунати ке ӕвӕрӕн, уомӕй. Уотӕ ку архайӕн, уӕд ӕцӕгӕйдӕр амондгун уодзиан ӕма никки хъӕбӕрдӕр ӕууӕнддзиан, тагъд рӕстӕги Хуцауи зӕрдӕвӕрдтӕ ке исӕнхӕст уодзӕнцӕ, уобӕл. Библий ци «дессаги нифси» туххӕй базудтан, е ба нӕ федар кӕндзӕй (Тит. 2:13).

5 Цӕмӕй зиндзийнӕдтӕ ӕвзаргӕй дӕр амондгун уӕн, уой туххӕй гъӕуама идарддӕр дӕр Йегови хӕццӕ нӕ лимӕндзийнадӕ федар кӕнӕн. Апостол Павел финста: «Хецауи хӕццӕ еудзийнади ке айтӕ, уомӕ гӕсгӕ алкӕддӕр цийнӕ кӕнтӕ. Ӕма ма уин никкидӕр зӕгъун: цийнӕ кӕнтӕ!» (Фил. 4:4) Цӕмӕй Йегови ӕмбӕлттӕ уӕн, уой туххӕй гъӕуама уой зундӕй архайӕн. Библий финст ес: «Амондгун ӕй, зунд ка иссирдта ӕма арфуинӕг ка иссӕй, еци адӕймаг, ка ибӕл ниххуӕцуй, уонӕн ӕй царди бӕласӕ, ӕма ибӕл федар ка хуӕцуй, уони исхондзӕнцӕ амондгун» (Ӕмб. 3:13, 18).

6. Цӕмӕй амондгун уӕн, уой туххӕй ма нӕ никкидӕр ци кӕнун гъӕуй?

6 Цӕмӕй алкӕддӕр амондгун уӕн, уой туххӕй ма нӕ гъӕуй идарддӕр дӕр пайда кӕнун, Библийӕй ци базонӕн, уомӕй. Е куд ӕхсидзгӕ ӕй, уой туххӕй Йесо загъта: «Кӕд уой зонетӕ ӕма уотӕ кӕнтӕ, уӕд амондгун айтӕ» (Иоан. 13:17; бакӕсӕ Иакови 1:25). Уотӕ ку архайӕн, уӕд не ’ууӕндундзийнадӕ федар уодзӕй ӕма алкӕддӕр амондгун уодзиан. Фал нӕ цийнӕдзийнадӕн уойбӕрцӕ цӕмӕйдӕрти тӕссаг кӕми ӕй, уӕхӕн дуйней цӕргӕй амондгун куд гъӕуама уӕн? Ӕркӕсӕн, Йесо адӕни хонхбӕл ку ахур кодта, уӕд идарддӕр цӕй кой ракодта, уомӕ.

АМОНДГУН ЦӔХУӔН АДӔН ФӔУУНЦӔ

7. Маст ка кӕнуй, етӕ амондгун куд фӕуунцӕ?

7 «Амондгун ӕнцӕ, маст ка кӕнуй, етӕ, уомӕн ӕма уодӕнцойнӕ иссердзӕнцӕ» (Матф. 5:4). Кадӕр расагъӕс кӕндзӕй: «Маст ка кӕнуй, уӕхӕн адӕймаг амондгун куд гъӕуама уа?» Ами Йесо маст кадӕриддӕр кӕнуй, еци адӕни кой нӕ кодта. Уомӕн ӕма лӕгъуз адӕн дӕр фӕммаст кӕнунцӕ, аци «уӕззау рӕстӕги» цӕргӕй цӕхуӕндӕр зиндзийнӕдтӕбӕл ку исӕмбӕлунцӕ, уӕд (2 Тим. 3:1). Фал етӕ ӕрмӕстдӕр сӕхе сагъӕс фӕккӕнунцӕ, Йеговӕ ци зӕгъуй, уой мӕтӕ сӕмӕ нӕ фӕууй. Удта етӕ сӕхе Хуцаумӕ нӕ хӕстӕг кӕнунцӕ ӕма амондгун дӕр уой туххӕй нӕ фӕуунцӕ. Йесо ке кой кодта, еци адӕн ба ’й лӕдӕрунцӕ, ӕнӕ Хуцауӕй цӕрӕн ке нӕййес, уой. Ӕма сӕ маст фӕууй, уойбӕрцӕ адӕн Хуцауи нихмӕ ке ’нцӕ ӕма ин ӕ фӕндон ке нӕ ӕнхӕст кӕнунцӕ, уобӕл. Уомӕй уӕлдай ма ’й етӕ лӕдӕрунцӕ, ӕнӕнхӕст ке ’нцӕ, уой ӕма ’й уинунцӕ, тӕрегъӕд адӕни цӕмӕ ӕркӕнуй, уой дӕр. Йеговӕ уинуй, кӕдзосзӕрдӕ ка ӕй ӕма маст ка кӕнуй, еци адӕни, ӕма син ӕ Дзурди фӕрци уодӕнцойнӕ дӕттуй ӕма син ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй амондгун уонцӕ. (Бакӕсӕ Йезекил 5:11; 9:4.)

8. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма фӕлмӕн уодигъӕдӕ кӕмӕн ес, етӕ амондгун ӕнцӕ?

8 «Амондгун ӕнцӕ, фӕлмӕн уодигъӕдӕ кӕмӕн ес, етӕ, уомӕн ӕма зӕнхӕ бунӕн райсдзӕнцӕ» (Матф. 5:5). Фӕлмӕн уодигъӕдӕ кӕмӕн ес, етӕ амондгун куд фӕуунцӕ? Беретӕ раздӕр хъӕбӕр мӕстгунгӕнагӕ ӕма хилӕмондаг адтӕнцӕ, ӕма сӕ е берӕ зиндзийнӕдтӕмӕ ӕркӕнидӕ. Фал рӕстдзийнадӕ ку базудтонцӕ, уӕдта сӕ уодигъӕдӕ нӕуӕгмӕ раййивтонцӕ. Ӕма нур иссӕнцӕ «хӕларзӕрдӕ, сӕрниллӕг, фӕлмӕн ӕма фӕразон» (Кол. 3:9–12). Уӕхӕн адӕнӕн сӕ зӕрди ес фарнӕ, уарзондзийнадӕ ӕма цийнӕ. Хуцауи Дзурди куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ ба уӕхӕн адӕн «зӕнхӕ бунӕн райсдзӕнцӕ» (Пс. 37:8–10, 29).

9. а) Киристей ци зӕгъун фӕндадтӕй, уотӕ ку загъта, зӕгъгӕ, «фӕлмӕн уодигъӕдӕ кӕмӕн ес, етӕ зӕнхӕ бунӕн райсдзӕнцӕ»? б) «Стонг ӕма ӕдонуг адӕймаги хузӕн рӕстдзийнадӕ ка агоруй», уони амондгун исхонӕн цӕмӕн ес?

9 Киристей ци зӕгъун фӕндадтӕй, уотӕ ку загъта, зӕгъгӕ, «фӕлмӕн уодигъӕдӕ кӕмӕн ес, етӕ зӕнхӕ бунӕн райсдзӕнцӕ»? Исӕрст киристӕнттӕ «зӕнхӕ бунӕн райсдзӕнцӕ» паддзӕхтӕ ӕма саугинтӕ ку исуонцӕ, уӕд (Рарг. 20:6). Уӕларвон нифс кӕмӕн нӕййес, еци милиуангай адӕнӕн ба ӕносмӕ зӕнхӕбӕл цӕруни барӕ уодзӕй. Етӕ исуодзӕнцӕ ӕнхӕст ӕма сӕ цард уодзӕй фӕрнӕйдзаг ӕма амондгун. Еци адӕни туххӕй ма Киристе загъта: «Амондгун ӕнцӕ, стонг ӕма ӕдонуг адӕймаги хузӕн рӕстдзийнадӕ ка агоруй, етӕ» (Матф. 5:6). Уӕхӕн адӕн рӕстдзийнадӕй бафсӕддзӕнцӕ, Йеговӕ фудгӕнгути ку фесафа, уӕд (2 Пет. 3:13). Еци рӕстгӕнӕг адӕн нӕуӕг дуйней амондгун цард кӕндзӕнцӕ ӕма лӕгъуз адӕни туххӕй маст некӕдбал бавзардзӕнцӕ (Пс. 37:17).

10. Фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг цӕмӕй бӕрӕг фӕууй?

10 «Амондгун ӕнцӕ, фӕлмӕнзӕрдӕ ка ӕй, етӕ, уомӕн ӕма син сӕхемӕ дӕр уодзӕнцӕ фӕлмӕнзӕрдӕ» (Матф. 5:7). Фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг иннети зин лӕдӕруй ӕма син тӕрегъӕд кӕнуй. Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ, адӕймаг фӕлмӕнзӕрдӕ ке ӕй, е ӕ гъуддӕгтӕй бӕрӕг фӕууй.

11. Фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг цӕхуӕн фӕууй, уой туххӕй самариаг лӕги хабарӕй ци ес базонӕн?

11 Бакӕсӕ Лукай 10:30–37. Киристе самариаг лӕги туххӕй ци хабар радзурдта, уомӕй бӕрӕг ӕй, фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг цӕхуӕн фӕууй, е. Самариаг лӕг фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг адтӕй, ӕма фудгӕнгутӕ ке фӕннадтонцӕ, еци лӕгӕн фӕттӕрегъӕд кодта ӕма ин банхус кодта. Киристе еци хабар ку радзурдта, уӕд загъта: «Цо, ӕма ду дӕр уотӕ кӕнӕ». Нӕ бон ӕй нӕхе бафӕрсун: «Ӕз ба самариаг лӕги хузӕн архайун? Иннетӕ зиндзийнӕдтӕбӕл ку исӕмбӕлунцӕ, уӕд син банхус кӕнун? Зӕгъӕн, мӕ бон н’ адтайдӕ ме ’мбурди каргунтӕн, идӕдзтӕн ӕма, ӕ ниййергутӕ Йеговӕн кӕмӕн нӕ лӕггадӕ кӕнунцӕ, уӕхӕн сувӕллӕнттӕн банхус кӕнун? Мӕ бон н’ адтайдӕ, нифссаст ка ӕй, уони дзурдӕй бафедар кӕнун?» (1 Фес. 5:14; Иак. 1:27).

Иннетӕмӕ хӕларзӕрдӕ уо ӕма уодзӕнӕ амондгун (кӕсӕ 12 абзац)

12. Фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг амондгун цӕмӕн фӕууй?

12 Фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг амондгун цӕмӕн фӕууй? Уӕхӕн адӕймаг, ӕ бон иннетӕн раттун ци ӕй, фулдӕр уобӕл фӕссагъӕс кӕнуй. Киристе ба загъта: «Райсунӕй, раттун амондгундӕр гъуддаг ӕй». Уомӕй уӕлдай ма уотӕ ку архайӕн, уӕд Йегови зӕрдӕ рохс кӕнӕн, ӕма нин е цийнӕдзийнадӕ хӕсдзӕй (Гъуд. 20:35; бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 13:16). Фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаги туххӕй паддзах Давид ниффинста: «Йеговӕ ’й гъӕуай кӕндзӕй ӕма ’й мӕлӕтӕй бахездзӕй. Зӕнхӕбӕл ӕй хондзӕнцӕ амондгун адӕймаг» (Пс. 41:1, 2). Иннетӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ку уӕн, уӕд Йеговӕ махмӕ дӕр уодзӕй фӕлмӕнзӕрдӕ, ӕма нӕ ӕносмӕ амондгун цардӕй исхайгин кӕндзӕй (Иак. 2:13).

«КӔДЗОСЗӔРДӔ АДӔН» АМОНДГУН ЦӔМӔН ӔНЦӔ

13, 14. Кӕдзосзӕрдӕ цӕмӕн гъӕуама уӕн?

13 «Амондгун ӕнцӕ кӕдзосзӕрдӕ адӕн, уомӕн ӕма Хуцауи фӕууиндзӕнцӕ» (Матф. 5:8). Цӕмӕй нӕ зӕрдӕ кӕдзос уа, уой туххӕй нӕ сагъӕстӕ ӕма нӕ фӕндтӕ гъӕуама уонцӕ кӕдзос. Е хъӕбӕр ӕхсидзгӕ ӕй, уомӕн ӕма нин Йеговӕ нӕ лӕггадӕй ӕрмӕстдӕр гъе уӕд уодзӕй арази. (Бакӕсӕ 2 Коринфӕгтӕмӕ 4:2; 1 Тим. 1:5.)

14 Ӕ зӕрдӕ кӕдзос кӕмӕн ӕй, уони бон ӕй Йеговӕмӕ хӕстӕг кӕнун. Раргомади 22:14 финст ӕнцӕ Хуцауи дзурдтӕ: «Амондгун ӕнцӕ, ӕ дарӕс ка нихснадта, етӕ». Цума дзурдтӕ, «ӕ дарӕс ка нихснадта», зӕгъгӕ, цӕбӕл дзорӕг ӕнцӕ? Исӕрст киристӕнттӕн уобӕл дзорӕг ӕнцӕ, ӕма сӕ Йеговӕ кӕдзос адӕнбӕл банимадта ӕма син ӕнӕмӕлгӕ цардӕй зӕрдӕ байвардта. Етӕ ин уӕлӕрвти ӕносмӕ дӕр цийнӕгӕнгӕй лӕггадӕ кӕндзӕнцӕ. Хъӕбӕр берӕ адӕн ка ’нцӕ, уонӕн ба аци дзурдтӕ уобӕл дзорӕг ӕнцӕ, ӕма син Йеговӕ фадуат равардта, цӕмӕй е ’мбӕлттӕ уонцӕ ӕма сӕ банимадта рӕстгӕнгутӕбӕл. Уони туххӕй Библий финст ес: «Етӕ сӕ дарӕстӕ нихснадтонцӕ ӕма сӕ исуорс кодтонцӕ Уӕрикки тогӕй» (Рарг. 7:9, 13, 14).

15, 16. Кӕдзосзӕрдӕ адӕн Хуцауи куд уинунцӕ?

15 Йеговӕ загъта: «Адӕймаг [мӕ] ку фӕууина, уӕд уодӕгасӕй нӕ байзайдзӕй» (Рац. 33:20). Мадта уӕд кӕдзосзӕрдӕ адӕн Хуцауи куд уинунцӕ? «Фӕууинун» дзурдӕй ци грекъаг дзурд ратӕлмац кодтонцӕ, е ма нисан кӕнуй цӕститӕбӕл рауайун кӕнун кенӕ балӕдӕрун ӕма базонун. Мадта Хуцауи ка «уинуй», еци адӕн ӕй зонунцӕ, цӕхуӕн Хуцау ӕй, уой ӕма ’й ӕ менеугути туххӕй уарзунцӕ (Еф. 1:18). Йесо Хуцауи менеугутӕ ӕнхӕстӕй ӕвдиста ӕма зӕгъгӕ дӕр уомӕ гӕсгӕ кодта: «Мӕн ка фӕууидта, е фӕууидта Фиди дӕр» (Иоан. 14:7–9).

16 Уомӕй уӕлдай ма «Хуцауи фӕууинӕн», куд нин ӕнхус кӕнуй, уой ку фӕллӕдӕрӕн, уӕд (Иов 42:5). Удта ма Хуцауи фӕууинӕн, еузӕрдон ӕма кӕдзосзӕрдӕ адӕнӕн ци дессаги федӕнӕй зӕрдӕ байвардта, уобӕл ку фӕссагъӕс кӕнӕн, уӕд. Исӕрст киристӕнттӕ ба ӕцӕгӕйдӕр Йегови фӕууиндзӕнцӕ, уӕларвон цардмӕ ку райгас уонцӕ, уӕд (1 Иоан. 3:2).

ЗИНДЗИЙНӔДТӔБӔЛ ӔМБӔЛГӔЙ ДӔР НӔ БОН КУД ӔЙ АМОНДГУН УН

17. Иннети хӕццӕ лимӕнӕй ка цӕруй, етӕ амондгун цӕмӕн фӕуунцӕ?

17 Киристе идарддӕр загъта: «Амондгун ӕнцӕ, иннети хӕццӕ лимӕнӕй ка цӕруй, етӕ» (Матф. 5:9). Иннети хӕццӕ бафедаунбӕл ӕма лимӕнӕй цӕрунбӕл ка архайуй, е фӕууй амондгун. Ахуркӕнуйнаг Иаков финста: «Рӕстдзийнади муггаг итуд ӕрцӕуй ӕма тиллӕг ӕрхӕссуй, фарнӕ кӕми ес, уоми ӕма, фарнӕ ка уарзуй, уонӕн» (Иак. 3:18). Не ’мбурди кенӕ нӕ бийнонти медӕг еске хӕццӕ ку нӕ федауӕн, уӕд гъӕуама Йеговӕмӕ ковӕн, цӕмӕй нин банхус кӕна. Йеговӕ нин ӕ сугъдӕг хъаури фӕрци банхус кӕндзӕй киристон менеугутӕ ӕвдесун, ӕма уой фӕрци дӕр амондгун уодзиан. Бафедаунбӕл фиццагидӕр гъӕуама нӕхуӕдтӕ байархайӕн. Ӕма е куд ӕхсидзгӕ ӕй, уой туххӕй Киристе загъта: «Дӕ ковӕггаги хӕццӕ нивондхӕссӕнмӕ ку ’рбацӕуай ӕма уоми дӕ зӕрдӕбӕл ку ’рлӕууа, де ’нсувӕр дӕмӕ цӕбӕлдӕр хӕран ке ӕй, е, уӕд дӕ ковӕггаг уоми нивондхӕссӕни рази ниууадзӕ ӕма цо, де ’нсувӕри хӕццӕ бал бафедауӕ, удта ӕрбаздӕхӕ ӕма дӕ ковӕггаги кой дӕр бакӕнӕ» (Матф. 5:23, 24).

18, 19. Киристӕнттӕ ӕфхуӕрд ӕййафгӕй дӕр цӕмӕн фӕццийнӕ кӕнунцӕ?

18 «Амондгун уодзиайтӕ, мӕн туххӕй уин адӕн ку федистӕ кӕнонцӕ, уӕ фӕдбӕл ку зелонцӕ ӕма уӕбӕл алли лӕгъузтӕ ку имисонцӕ»,– загъта Киристе. Уой фӕсте ба ӕ дзурдтӕбӕл бафтудта: «Уӕ зӕрдӕ ирайӕд ӕма цийнӕ кӕнтӕ, уомӕн ӕма уӕмӕ уӕлӕрвти ӕнгъӕлмӕ кӕсуй устур хуӕрзеуӕг,– уотӕ ӕфхуардтонцӕ, уӕ разӕй ци пахампартӕ адтӕй, уони дӕр» (Матф. 5:11, 12). Апостолти ехситӕй ку фӕннадтонцӕ ӕма син карзӕй ку загътонцӕ, мабал игъосун кӕнтӕ, зӕгъгӕ, уӕд «етӕ Сӕйраг тӕрхондонӕй рацудӕнцӕ ӕма... цийнӕ кодтонцӕ». Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, ке сӕ бафхуардтонцӕ, уобӕл нӕ цийнӕ кодтонцӕ, фал «Йесой номи туххӕй ӕфхуӕрд баййафуни аккаг ке разиндтӕнцӕ, уобӕл» (Гъуд. 5:41).

19 Абони дӕр Йегови лӕггадгӕнгутӕ ӕфхуӕрд ӕййафгӕй кенӕ уӕззау фӕлварӕнтӕбӕл ӕмбӕлгӕй сӕ цийнӕдзийнадӕ нӕ исафунцӕ. (Бакӕсӕ Иакови 1:2–4.) Апостолти хузӕн мах дӕр, ӕфхуӕрд ке ӕййафӕн, уобӕл нӕ цийнӕ кӕнӕн. Фӕлварӕнти рӕстӕги Йеговӕбӕл еузӕрдон ку уӕн, уӕд нин хъауритӕ дӕтдзӕй, цӕмӕй бафӕразӕн. Ӕркӕсӕн Хенрик Дорники ӕма е ’нсувӕри хабармӕ. 1944 анзи августи концлагермӕ бахаудтӕнцӕ. Се знӕгтӕ си уотӕ дзурдтонцӕ: «Анӕн неци хуасӕ ес. Гъезӕмӕрттӕ ӕвзаргӕй дӕр цийнӕ кӕнунцӕ». Ӕнсувӕр Дорник загъта: «Гъезӕмарӕ кӕнун мӕ нӕ фӕндадтӕй, фал цийнӕ кодтон, уӕхӕн зин уавӕрти Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй ке байзадтӕн ӕма мӕ нифс ке нӕ басастӕй. Йеговӕмӕ зӕрдибунӕй кувтон ӕма имӕ уой фӕрци никки хӕстӕгдӕр исдӕн. Йеговӕ алкӕддӕр мӕ еузӕрдон Ӕнхусгӕнӕг адтӕй».

20. «Амондгун Хуцауӕн» лӕггадӕ кӕнгӕй амондгун цӕмӕн ан?

20 «Амондгун Хуцау» Йеговӕ ни арази ку фӕууй, уӕд мах дӕр амондгун фӕууӕн, ӕфхуӕргӕ нӕ ку кӕнонцӕ, нӕ хеуӕнттӕ нӕ нихмӕ ку исонцӕ, ести нези хӕццӕ ку тох кӕнӕн кенӕ нӕбӕл ӕнзтӕ сӕ уӕзӕ ку ’руадзонцӕ, уӕддӕр (1 Тим. 1:11). Уомӕй уӕлдай ма амондгун ан, «ӕ бон сайун кӕмӕн нӕй, еци Хуцау» ӕ дессаги зӕрдӕвӕрдтӕ ке исӕнхӕст кӕндзӕй, уобӕл федарӕй ке ӕууӕндӕн, уой туххӕй дӕр (Тит. 1:2). Йеговӕ ӕ зӕрдӕвӕрдтӕ ку исӕнхӕст кӕна, уӕд, нур ци зиндзийнӕдтӕ ӕвзарӕн, уони гъуди дӕр нӕбал ӕркӕндзиан. Нӕуӕг дуйней куд дзӕбӕх цард уодзӕй ӕма куд амондгун уодзиан, уомӕн зӕгъӕн дӕр нӕййес! Гъе уӕд ӕцӕгӕйдӕр фарнӕй бафсӕддзиан (Пс. 37:11).