Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Фарнӕ. Куд ӕй ес иссерӕн?

Фарнӕ. Куд ӕй ес иссерӕн?

АБОНИ хъӕбӕр уӕззау рӕстӕг ӕркодта ӕма фарнӕ зин иссерӕн ӕй. Кӕд ма еске зӕрдити ес, уӕддӕр хъӕбӕр ӕнцон фесафӕн ӕй. Цума Библи ци зӕгъуй, ка нӕ исӕфуй, уӕхӕн фарнӕ нӕ бон иссерун куд ӕй, уой туххӕй? Ӕма нӕ бон куд ӕй еци гъуддаги иннетӕн дӕр ӕнхус кӕнун?

ӔЦӔГ ФАРНӔ ИССЕРУНМӔ НӔ ЦИ ГЪӔУЙ

Нӕ зӕрди ӕцӕг фарнӕ уодзӕй, фидбилизӕй ку нӕ тӕрсӕн ӕма ӕгӕр ку нецӕбӕл мӕтӕ кӕнӕн, удта иннети хӕццӕ лимӕнӕй ку цӕрӕн, уӕд. Фиццагидӕр ба ӕцӕг фарнӕй хайгин уодзиан, Хуцауи хӕстӕг ӕмбӕлттӕ ку уӕн, уӕд. Цума нин е куд бантӕсдзӕй?

Йегови раст закъӕнттӕ ӕма уагӕвӕрдтӕ ку ӕнхӕст кӕнӕн, уӕд уомӕй бӕрӕг уодзӕй, нӕ зӕрдӕ ибӕл ке дарӕн ӕма нӕ ӕ хӕццӕ фӕрнӕй цӕрун ке фӕндуй (Йер. 17:7, 8; Иак. 2:22, 23). Ӕма нӕмӕ уӕд е дӕр хӕстӕгдӕр кӕндзӕй, удта нӕ хайгин кӕндзӕй зӕрди фарнӕй. Исаййи 32:17 финст ӕй: «Ӕцӕг рӕстдзийнадӕн ӕ хъиамӕт уодзӕй фарнӕ, ӕцӕг рӕстдзийнадӕ ӕрхӕсдзӕй сабур ӕма ӕдас цард ӕносмӕ дӕр». Мадта Йеговӕмӕ зӕрдиагӕй ку игъосӕн, уӕд хайгин уодзиан ӕцӕг фарнӕй (Ис. 48:18, 19).

Царди сагъӕсти туххӕй беретӕн сӕ зӕрди фарнӕ фесӕфуй

Ӕцӕг фарнӕй ма хайгин уодзиан, нӕ уӕларвон Фидӕ нин ци дессаги лӕвар искодта, уой фӕрци дӕр – ӕ сугъдӕг хъаури фӕрци (Гъуд. 9:31).

ХУЦАУИ СУГЪДӔГ ХЪАУРИ ФӔРЦИ ФАРНӔЙ ХАЙГИН УОДЗИАН

Апостол Павел куд загъта, уомӕ гӕсгӕ, фарнӕ дӕр, Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ ке дӕттуй, еци рӕзӕмӕ хауй (Гал. 5:22, 23). Мадта нӕ кӕд фӕндуй, цӕмӕй нӕ зӕрди фарнӕ уа, уӕд гъӕуама сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ архайӕн. Нӕ бон куд ӕй уотӕ кӕнун?

Фиццаг: гъӕуама алли бон дӕр Хуцауи Дзурд кӕсӕн (Пс. 1:2, 3). Ӕма ци кӕсӕн, уобӕл лӕмбунӕг ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд нин Йеговӕ ӕ сугъдӕг хъаурӕй ӕнхус кӕндзӕй, аллихузи гъуддӕгтӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсуй, уой лӕдӕрун. Зӕгъӕн, уотемӕй нӕ бон ӕй базонун, Йеговӕ фарнӕ куд гъӕуай кӕнуй ӕма ин ӕ цӕсти уӕхӕн устур аргъ цӕмӕн ес, уой. Ӕма ӕй мах дӕр еци гъуддаги ку фӕнзӕн, уӕд фулдӕр фарнӕй хайгин уодзиан (Ӕмб. 3:1, 2).

Дуккаг: гъӕуама Хуцауӕй ӕ сугъдӕг хъаурӕ корӕн (Лук. 11:13). Йеговӕ нин зӕрдӕ ӕвӕруй, ӕнхус си ку корӕн, уӕд нин ӕ фарнӕ, «зунд кӕбӕл нӕ хъӕртуй, еци фарнӕ, Йесо Киристей фӕрци» нӕ зӕрдитӕ ӕма нӕ зунд ке багъӕуай кӕндзӕй (Фил. 4:6, 7). Хуцаумӕ ку ковӕн ӕма си ӕ сугъдӕг хъаурӕ ку корӕн, уӕд нин нӕ зӕрдитӕ фарнӕй байдзаг кӕндзӕй. Еци фарнӕй хайгин фӕуунцӕ ӕрмӕстдӕр Хуцауи хӕстӕг ӕмбӕлттӕ (Ром. 15:13).

Аци унаффитӕмӕ гӕсгӕ ка фӕййархайуй ӕма уой фӕрци хуӕздӕрӕрдӕмӕ ка раййевуй, етӕ исхайгин унцӕ ӕцӕг фарнӕй – Йегови хӕццӕ ӕма иннети хӕццӕ фӕрнӕй цӕрунцӕ, удта сӕхе зӕрди дӕр фӕууй фарнӕ. Уотӕ ке ӕй, уомӕн ес берӕ цӕветтонтӕ.

ӔЦӔГ ФАРНӔЙ КУД ИСХАЙГИН ӔНЦӔ

Не ’мбурдти ес, раздӕр «ӕ маст уорамун ка на зудта», фал нур хӕларзӕрдӕ * ӕма фӕразон ка иссӕй, удта иннети хӕццӕ фӕрнӕй ка цӕруй ӕма сӕбӕл ка тухсуй, уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ (Ӕмб. 29:22). Ӕркӕсӕн, раздӕр мӕстгунгӕнагӕ ка адтӕй, фал уой фӕсте иннети хӕццӕ лимӕнӕй цӕрунбӕл ка исахур ӕй, дууӕ уӕхӕн киристони хабармӕ.

Дейвид лӕгъуз зундбӕл хуӕст ке адтӕй, е ӕ дзурдтӕй дӕр бӕрӕг адтӕй. Цалинмӕ рӕстдзийнади надбӕл не ’слӕудтӕй, уӕдмӕ арӕх иннети фауидӕ, удта ӕхе бийнонти хӕццӕ дӕр карз дзурд кӕнидӕ. Цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте Дейвид балӕдӕрдтӕй, раййевун ӕй ке гъӕуй, ӕма иннети хӕццӕ фӕрнӕй цӕрунбӕл исахур ун. Цума ин е цӕй фӕрци бантӕстӕй? Мӕнӕ ӕхуӕдӕг ци загъта: «Мӕ цард Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ аразун ке райдӕдтон, уой фӕрци мӕ бийнонти кӕрӕдземӕн аргъ кӕнун райдӕдтан».

Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ку архайӕн ӕма Хуцауӕй ӕ сугъдӕг хъаурӕ ку корӕн, уӕд фарнӕй хайгин уодзиан

Рейчел ци уавӕрти исгъомбӕл ӕй, е ибӕл хъӕбӕр фӕббӕрӕг ӕй. Е зӕгъуй: «Уӕхӕн бийнонти исгъомбӕл дӕн, ӕма си ӕ маст уорамун неке зудта. Ӕма цӕмӕй мӕ маст бауорамон, уой туххӕй мӕ нур дӕр тох кӕнун фӕгъгъӕуй». Цума ин ци ӕнхус кӕнуй иннети хӕццӕ лимӕнӕй цӕрун? «Йеговӕмӕ фӕкковун ӕма си ӕнхус фӕккорун»,– зӕгъуй Рейчел.

Дейвид ӕма Рейчели хабӕрттӕй, удта ма берӕ ӕндӕр хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хабӕрттӕй бӕрӕг ӕй, адӕймаг Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ку фӕййархайуй ӕма Хуцауӕй ӕ сугъдӕг хъаурӕ ку фӕккоруй, уӕд фарнӕй ке исхайгин уй. Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, аци змӕнст дуйней дӕр уомӕн гӕнӕн ке ес, цӕмӕй нӕ зӕрди фарнӕ уа, ӕма уой фӕрци нӕ бийнонти хӕццӕ ӕма нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕрти хӕццӕ лимӕнӕй цӕрӕн. Фал зӕгъун гъӕуй, уой ӕма нин Йеговӕ дзоруй, цӕмӕй «алке хӕццӕ дӕр лимӕнӕй цӕрӕн» (Ром. 12:18). Цума уомӕн куд ес гӕнӕн? Удта фарнӕмӕ ку тундзӕн, уӕд нин е ци пайда ӕрхӕсдзӕй?

ФАРНӔМӔ ТУНДЗӔН

Адӕнӕн Хуцауи Паддзахади туххӕй ке игъосун кӕнӕн, уой фӕрци син ӕнхус кӕнӕн, цӕмӕй фарнӕй исхайгин уонцӕ (Ис. 9:6, 7; Матф. 24:14). Ӕма си беретӕ хуарз хабар сӕ зӕрдӕмӕ райстонцӕ. Уой фӕрци сӕ алливарс ци лӕгъуз хабӕрттӕ цӕуй, уони туххӕй ӕгӕр нӕ фӕммаст кӕнунцӕ кенӕ сӕхемӕ нӕ нийгъосунцӕ. Нур уонӕн федӕнӕй дессаги нифс ес, удта «архайунцӕ иннети хӕццӕ лимӕнӕй цӕрунбӕл ӕма уомӕ тундзунцӕ» (Пс. 34:14).

Ци хабар игъосун кӕнӕн, уомӕ алке хуарз цӕстӕй нӕ ракӕсуй, кӕд фӕстӕдӕр кадӕртӕ сӕ гъуди раййевунцӕ, уӕддӕр (Иоан. 3:19). Фал нин уӕддӕр Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй фарнӕмӕ тундзӕн ӕма хуарз хабар игъосун кӕнгӕй адӕни хӕццӕ уӕзданӕй дзорӕн. Уотӕ ку фӕккӕнӕн, уӕд, зӕгъӕн ес, ӕма фӕййархайӕн, Йесо игъосун кӕнуни гъуддаги фӕдбӕл ци унаффӕ равардта, уомӕ гӕсгӕ: «Хӕдзарӕмӕ бацӕугӕй ба хӕдзаронтӕн райарфӕ кӕнтӕ, фарнӕ аци хӕдзари, зӕгъгӕ. Ӕма кӕд хӕдзарӕ аккаг уа, уӕд ин уӕ зӕрдӕ ци фарнӕ зӕгъуй, е ибӕл ӕрцӕуӕд. Кӕд нӕ уа аккаг, уӕдта уӕ фарнӕ уӕхемӕ раздӕхӕд» (Матф. 10:11–13). Аци дзурдтӕмӕ гӕсгӕ ку архайӕн, уӕд нӕ зӕрди фарнӕ багъӕуай кӕндзиан ӕма ке хӕццӕ дзурдтан, еци адӕймаг ба, ка ’й зонуй, ӕндӕр хатт хуарз хабармӕ байгъоса.

Хецауади косгути хӕццӕ, сауӕнгӕ ма нӕ нихмӕ ка фӕццӕуй, уони хӕццӕ дӕр, уӕзданӕй ку фӕдздзорӕн, уӕд уомӕй дӕр бӕрӕг фӕууй, фарнӕмӕ ке тундзӕн, е. Ӕркӕсӕн еу хабармӕ. Африки бӕститӕй еуеми хецауадӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕмӕ лӕгъуз цӕстӕй ке кастӕй, уой туххӕй син, ӕмбурдтӕ кӕми уагътайуонцӕ, уӕхӕн залтӕ кӕнунмӕ барӕ нӕ лӕвардта. Еци бӕсти миссионерӕй ка лӕггадӕ кодта, еу уӕхӕн ӕнсувӕрӕн баихӕс кодтонцӕ, цӕмӕй Лондони (Англи) еци африкаг бӕсти посольствомӕ бацудайдӕ ӕма гъуддаг фӕррӕстмӕ кӕнунбӕл байархайдтайдӕ. Гъӕуама посольстви сӕйраг минӕварӕн радзурдтайдӕ, Йегови Ӕвдесӕнтӕ ӕ бӕсти ци куст кӕнунцӕ, уой туххӕй ӕма ин балӕдӕрун кодтайдӕ, фарнӕуарзагӕ адӕн ке ’нцӕ. Цума хабар куд рауадӕй?

Еци ӕнсувӕр радзурдта: «Посольствомӕ ку бацудтӕн, уӕд си бахезӕни ци силгоймаг куста, уомӕн ӕ дарӕсмӕ гӕсгӕ балӕдӕрдтӕн, ци адӕнихатти ӕвзаг исахур кодтон, уонӕй ке ӕй. Ӕма имӕ ӕхе ӕвзагбӕл салам равардтон. Еци силгоймаг бадес кодта ӕма мӕ рафарста: „Цӕхуӕн гъуддаги фӕдбӕл ӕрбацудтӕ?“ Ӕз ин уӕзданӕй загътон, сӕйраг минӕвари хӕццӕ мӕ радзубанди кӕнун ке фӕндуй. Силгоймаг имӕ телефонӕй бадзурдта, ӕма мӕмӕ е дӕр рацудӕй ӕма мин ӕхе ӕвзагбӕл ӕгассо загъта. Уой фӕсте ин радзурдтон, Йегови Ӕвдесӕнтӕ ци куст кӕнунцӕ, уой туххӕй ӕма ин балӕдӕрун кодтон, фарнӕуарзагӕ адӕн ке ’нцӕ. Ӕма мӕмӕ е дӕр лӕмбунӕг байгъуста».

Еци хецау Йегови Ӕвдесӕнти хуарз ке нӕ зудта, уой туххӕй сӕмӕ лӕгъуз цӕстӕй кастӕй. Фал ин ӕнсувӕр алцидӕр уӕзданӕй ке балӕдӕрун кодта, уой фӕрци ци куст кӕнӕн, уомӕ бустӕги ӕндӕр цӕстӕй ракастӕй. Цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте нин еци африкаг бӕсти хецауадӕ залтӕ кӕнуни барӕ равардта. Гъуддаг уотӕ ке рахецӕн ӕй, уобӕл ӕнсувӕртӕ хъӕбӕр цийнӕ кодтонцӕ. Мадта бӕрӕг ӕй: иннетӕн ку фӕййаргъ кӕнӕн, уӕд е хуарз тиллӕг ке ӕрхӕссуй, уой хӕццӕ ба ма фарнӕ дӕр.

ӔНОСМӔ ДӔР ФАРНӔЙ ХАЙГИН УОДЗИАН

Абони Йегови адӕн, зӕгъӕн ес, ӕма дзенети цӕрунцӕ – сӕ астӕу ес ӕцӕг фарнӕ. Ӕма ни алкедӕр фарнӕмӕ ку тундза, уӕд еци фарнӕн агъаз уодзиан. Сӕйрагдӕр ба е ӕй, ӕма уӕд Йегови зӕрдӕ рохс кӕндзиан нӕуӕг дуйней ба ӕнӕкӕрон фарнӕй исхайгин уодзиан (2 Пет. 3:13, 14).

^ 13 абз. Хӕларзӕрдӕдзийнадӕбӕл дзурд цӕудзӕй, Хуцауи сугъдӕг хъаури рӕзӕмӕ ци менеугутӕ хауй, уони фӕдбӕл ма ци статьятӕ уодзӕй, уонӕй еуеми.