Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Хуцауи закъӕнтти ӕма уагӕвӕрдти фӕрци не ’фсарӕ ахур кӕнӕн

Хуцауи закъӕнтти ӕма уагӕвӕрдти фӕрци не ’фсарӕ ахур кӕнӕн

«Мӕ сагъӕстӕ алкӕддӕр ӕнцӕ дӕ амундтӕбӕл» (ПС. 119:99).

ЗАРТӔ: 127, 88

1. Цӕрӕгойтӕй цӕмӕй хецӕн кӕнӕн?

АДӔЙМАГ цӕрӕгойтӕй берӕ цӕмӕйдӕрти хецӕн кӕнуй. Еу е ӕй, ӕма ин Йеговӕ равардта ӕфсарӕ. Фиццаг дууӕ адӕймагемӕн, Адам ӕма Евӕн дӕр уӕхӕн ӕфсарӕ лӕвӕрд ӕрцудӕй. Кӕцӕй ӕй зонӕн? Хуцауи дзурди сӕрти ку рахизтӕнцӕ, уӕд сӕхе баримахстонцӕ, уомӕн ӕма сӕ Хуцауи рази сӕ цӕсгон хуардта.

2. Адӕймагӕн е ’фсарӕ компӕси хӕццӕ рабарӕн цӕмӕн ес? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)

2 Адӕймагӕн е ’фсарӕ амонуй, раст ци ӕй ӕма ци нӕй, уой, ӕма ’й уотемӕй раст надбӕл аразуй. Е ’фсарӕ ка нӕ ахур кӕнуй, еци адӕймаги ба рабарӕн ес, саст компӕсмӕ гӕсгӕ ка цӕуй, уӕхӕн науи хӕццӕ. Еци науӕ дунгитӕ ӕма денгизи улӕнтӕ ӕндӕр ескумӕ исараздзӕнцӕ. Фал компӕс раст ку коса, уӕд науӕтӕрӕгӕн ӕ бон уодзӕй, кумӕ гъӕуй, уордӕмӕ бахъӕртун. Мадта нин цӕмӕй не ’фсарӕ раст над амона, уой туххӕй ӕй ахур кӕнун гъӕуй.

3. Не ’фсарӕ раст ку нӕ ахур кӕнӕн, уӕд е цӕмӕ ӕркӕндзӕй?

3 Адӕймаг е ’фсарӕ раст ку нӕ ахур кӕна, уӕд ӕй рӕдуд къахдзӕфӕй нӕ багъӕуай кӕндзӕй (1 Тим. 4:1, 2). Сауӕнгӕ ма имӕ цидӕр лӕгъуз гъуддаг раст кӕсун дӕр райдайдзӕй (Ис. 5:20). Киристе ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн загъта: «Ӕрцӕуй уӕхӕн рӕстӕг, ӕма, сумах ка мара, уонӕмӕ уотӕ кӕсдзӕй, цума уотемӕй Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнунцӕ» (Иоан. 16:2). Стефӕни ка рамардта, етӕ дӕр уотӕ сагъӕс кодтонцӕ (Гъуд. 6:8, 12; 7:54–60). Кӕдӕй адӕн цӕрунцӕ, уӕдӕй абони уӕнгӕ динти туххӕй хъӕбӕр берӕ тог никкалдӕй, ӕма еци гъуддӕгтӕ ка кодта, етӕ сӕ зӕрдтӕй уотемӕй Хуцауи фӕндон ӕнхӕст кодтонцӕ. Фал ин ӕцӕгӕй ба ӕ закъӕнттӕ ихалдтонцӕ (Рац. 20:13). Бӕрӕг ӕй, се ’фсарӕ син раст ци ӕй, уой ке нӕ амудта.

4. Нӕ бон куд ӕй базонун, не ’фсарӕ нин раст амонуй ӕви нӕ, уой?

4 Мадта нӕ бон куд ӕй базонун, не ’фсарӕ нин раст амонуй ӕви нӕ, уой? Библий финст закъӕнттӕ ӕма уагӕвӕрдтӕ нин пайда ӕнцӕ «ахур кӕнунмӕ, уайдзӕф кӕнунмӕ, гъуддӕгтӕ раст кӕнунмӕ [ӕма] раст зундбӕл аразунмӕ» (2 Тим. 3:16). Библи лӕмбунӕг ку ’ртасӕн ӕма ци базудтан, уобӕл арф ку сагъӕс кӕнӕн, удта си царди ку пайда кӕнӕн, уӕд не ’фсарӕ ахур кӕндзиан ӕма, Хуцау куд сагъӕс кӕнуй, уой хуӕздӕр лӕдӕрдзиан. Гъе уӕд ӕй зондзиан, не ’фсарӕ нӕ раст надбӕл ке аразуй. Гъӕйдӕ мадта ӕркӕсӕн, Йегови закъӕнттӕ ӕма уагӕвӕрдти фӕрци нӕ бон не ’фсарӕ ахур кӕнун куд ӕй, уомӕ.

ДЕ ’ФСАРӔ АХУР КӔНӔ ХУЦАУИ ЗАКЪӔНТТӔМӔ ГӔСГӔ

5, 6. Йегови закъӕнттӕ нин цӕхуӕн пайда хӕссунцӕ?

5 Цӕмӕй нин Хуцауи закъӕнттӕ пайда хӕссонцӕ, уой туххӕй сӕ айдагъ кӕсун ӕма зонун фагӕ нӕй. Гъӕуй ма сӕ уарзун, удта син аргъ кӕнун. Хуцауи Дзурди финст ӕй: «Лӕгъуздзийнадӕй уе ’сӕфт уинетӕ, хуарздзийнадӕ ба уарзетӕ» (Амос 5:15). Е нин цӕй фӕрци бантӕсдзӕй? Гъӕуама нӕхе ахур кӕнӕн цийфӕнди гъуддагмӕ дӕр Йегови цӕстӕй кӕсун. Ӕрхӕссӕн цӕветтон. Зӕгъӕн, ӕхсӕвӕ лӕгъуз фунӕй кӕнис, ӕма дин дохтир загъта, царди дӕ цидӕртӕ раййевун ке гъӕуй, зӕгъӕн, пайда ка хӕссуй, уӕхӕн хуӕруйнӕгтӕ хуӕрун ӕма фулдӕр ӕзмӕлун. Ду дӕр имӕ байгъустай ӕма дин дзӕвгарӕ фенцондӕр ӕй! Ӕвӕдзи, еци унаффити туххӕй дохтирӕй хъӕбӕр боз уодзӕнӕ.

6 Гъе уотӕ нин не Сфӕлдесӕг дӕр равардта закъӕнттӕ, цӕмӕй нин ӕнцондӕр цӕрӕн уа, ӕма нӕхе гъӕуай кӕнӕн, тӕрегъӕд ци фӕстеугутӕмӕ ӕркӕнуй, уонӕй. Зӕгъӕн, Библи нӕ фӕдзӕхсуй мӕнгӕттӕй, хийнӕмиутӕй, давунӕй, хӕтундзийнадӕй, фуддзийнадӕй ӕма сайтӕнтти хӕццӕ баст гъуддӕгтӕй. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 6:16–19; Рарг. 21:8.) Нӕ цард Хуцауи закъӕнттӕмӕ гӕсгӕ ку фӕййаразӕн, уӕд ӕй фӕууинӕн, еци закъӕнттӕ цӕхуӕн пайда хӕссунцӕ, уой, ӕма син никки фулдӕр аргъ кӕнун райдайӕн.

7. Библий финст хабӕрттӕ нин куд ӕнхус кӕнунцӕ?

7 Цӕмӕй естӕбӕл исахур уӕн, уой туххӕй нӕ Хуцауи закъӕнтти сӕрти хезун ӕма уой фӕстеугутӕ нӕхебӕл ӕвзарун нӕ гъӕуй. Нӕ бон ӕй Библий кӕсун, рагидзаманти ка цардӕй, еци адӕни хабӕрттӕ ӕма уони рӕдудтитӕбӕл ахур кӕнун. Ӕмбесӕндти 1:5 финст ӕй: «Зундгин адӕймаг байгъосдзӕй ӕма никки фулдӕр базондзӕй». Ӕма ӕцӕгӕйдӕр, Хуцауи амундтӕй хуӕздӕр неци ес! Зӕгъӕн, нӕ бон ӕй расагъӕс кӕнун паддзах Давиди хабарбӕл. Давид Хуцауи закъони сӕрти ку рахизтӕй ӕма Вирсавий хӕццӕ ку фӕррӕдудӕй, уӕд ӕй е хуарзӕй нецӕмӕ ӕркодта (2 Сам. 12:7–14). Аци хабар ку кӕсай, уӕд расагъӕс кӕнӕ: «Давиди бон адтӕй ӕхе еци рӕдуд къахдзӕфӕй багъӕуай кӕнун? Ӕз ба уой бунати куд бакодтайнӕ? Давид куд бакодта, уотӕ ӕви Иосифи хузӕн – ралигъдайнӕ?» (Райд. 39:11–15). Тӕрегъӕдӕн ци фӕстеугутӕ фӕууй, уобӕл куд лӕмбунӕгдӕр сагъӕс кӕнӕн, уотӕ лӕгъуздзийнадӕй не ’сӕфт никки хъӕбӕрдӕр уиндзиан.

8, 9. а) Не ’фсарӕ нин куд ӕнхус кӕнуй? б) Не ’фсарӕ Хуцауи уагӕвӕрдти хӕццӕ куд баст ӕй?

8 Мах еуварс лӕууӕн, Хуцау е ’сӕфт кӕмӕй уинуй, еци гъуддӕгтӕй. Фал ци уавӕри бахаудтан, уой туххӕй Библий ку неци финст уа, уӕдта нин куд кӕнгӕ ’й? Хуцау еци гъуддагмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсуй, уой нӕ бон куд ӕй базонун? Не ’фсарӕ Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ку ахур кӕнӕн, уӕд нӕ бон уодзӕй зундгин унаффӕ рахӕссун.

9 Йеговӕ нӕ берӕ уарзуй, ӕма нин уомӕ гӕсгӕ равардта уагӕвӕрдтӕ, цӕмӕй не ’фсарӕ ахур кӕнӕн. Мӕнӕ ӕхуӕдӕг куд зӕгъуй: «Ӕз, Йеговӕ, дӕн дӕ Хуцау, пайда дин ци ӕй, уобӕл дӕ ка ахур кӕнуй, ци надбӕл дӕ гъӕуй цӕун, уобӕл дӕ ка кӕнуй» (Ис. 48:17, 18). Библий уагӕвӕрдтӕбӕл лӕмбунӕг ку сагъӕс кӕнӕн ӕма нӕ зӕрдӕмӕ ку гъаронцӕ, уӕд нӕ бон уодзӕй не ’фсарӕ ахур кӕнун, аразун ӕй ӕма ’й раст кӕнун. Уой фӕрци ба исахур уодзиан раст унаффитӕ хӕссун.

ХУЦАУИ УАГӔВӔРДТӔ ДӔ АРАЗӔНТӔ

10. Хуцауи уагӕвӕрдтӕ нин куд ӕнхус кӕнунцӕ ӕма Йесо уагӕвӕрдтӕй куд пайда кодта?

10 Уагӕвӕрдтӕ нин ӕнхус кӕнунцӕ раст унаффитӕ хӕссун. Йегови уагӕвӕрдтӕ ку зонӕн, уӕд ӕй лӕдӕрдзиан, куд сагъӕс кӕнуй ӕма нин цӕхуӕндӕр закъӕнттӕ цӕмӕн равардта, уой. Йесо дӕр ӕ фӕдбӕлдзӕугути ахур кӕнгӕй уагӕвӕрдтӕй пайда кодта, цӕмӕй син балӕдӕрун кодтайдӕ, цӕхуӕндӕр миутӕн кенӕ сагъӕстӕн дӕр фӕстеугутӕ ке фӕууй. Зӕгъӕн, маст ӕркӕнуй фудгъуддагмӕ, цъумур сагъӕстӕ ба – хӕтундзийнадӕмӕ (Матф. 5:21, 22, 27, 28). Цӕмӕй нин не ’фсарӕ алкӕддӕр раст над амона, уой туххӕй гъӕуама Йегови уагӕвӕрдтӕй пайда кӕнӕн. Уотемӕй нӕ унаффитӕй Хуцауи кадгин кӕндзиан (1 Кор. 10:31).

Фӕлтӕрдгун киристон иннети ӕфсарӕбӕл дӕр фӕссагъӕс кӕнуй (кӕсӕ 11, 12 абзацтӕ)

11. Е ’фсарӕ Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ка ахур кӕнуй, дууӕ уӕхӕн адӕймаги еци еу гъуддагмӕ фӕйнӕхузи цӕстӕй куд фӕккӕсунцӕ?

11 Хатгай, е ’фсарӕ Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ка исахур кодта, дууӕ уӕхӕн адӕймаги еу гъуддагмӕ фӕйнӕхузи цӕстӕй фӕккӕсунцӕ. Зӕгъӕн, ниуӕзти гъуддаг. Библий уӕхӕн загъд некӕми ес, ӕма ниуазун не ’нгъезуй, фал фудниуӕзт кӕнуни нихмӕ ба карзӕй дзоруй (Ӕмб. 20:1; 1 Тим. 3:8). Фал адӕймаг еци гъуддаги ӕ бӕрцӕ ку зона, уӕд е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма ’й нецӕбӕл бал сагъӕс кӕнун гъӕуй? Нӕъ. Кӕд ӕй еци гъуддаги е ’фсарӕ нӕ хъор кӕнуй, уӕддӕр гъӕуама, иннетӕ ци гъуди кӕнунцӕ, уобӕл дӕр сагъӕс кӕна.

12. Ромӕгтӕмӕ 14:21 финст дзурдтӕ нин куд ӕнхус кӕнунцӕ иннети ӕфсарӕбӕл сагъӕс кӕнун?

12 Иннети ӕфсарӕбӕл дӕр сагъӕс кӕнун ке гъӕуй, уомӕ гӕсгӕ Павел финста: «Де ’нсувӕрӕн къахкъуӕрӕн исуни бӕсти фид дӕр ма хуӕрӕ, сӕнӕ дӕр ма ниуазӕ ӕма ӕндӕр уӕхӕн ести дӕр ма кӕнӕ» (Ром. 14:21). Кӕд нин ниуазуни барӕ ес, уӕддӕр гъӕуама цӕттӕ уӕн нӕхе еци барӕй фенӕхай кӕнунмӕ, не ’нсувӕри ӕфсарӕбӕл е куд рабӕрӕг уодзӕй, уой ку зонӕн, уӕд. Ка ’й зонуй, еци ӕнсувӕр раздӕр фудниуӕзт кодта, фал рӕстдзийнадӕ ку базудта, удта ӕхецӕн загъта, хупп дӕр ке некӕдбал искӕндзӕй. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, махӕй неке фӕндуй, цӕмӕй уӕхӕн ӕнсувӕр мах туххӕй ӕ зӕронд гъуддӕгтӕмӕ раздӕха (1 Кор. 6:9, 10). Зӕгъӕн, уӕхӕн ӕнсувӕр нӕмӕ иуазӕгуати ку ӕрбацӕуа, ӕма нин ку зӕгъа, нӕ ниуазун, зӕгъгӕ, уӕд ин тухӕй нӕ дардзиан, уомӕн ӕма е уарзондзийнадӕбӕл дзорӕг нӕ уодзӕй.

13. Тимофей иннети ӕфсарӕбӕл ке сагъӕс кодта, е цӕмӕй бӕрӕг адтӕй?

13 Тимофейбӕл еу 20 анзи ку цудӕй, уӕд сонӕт искӕнунбӕл дӕр исарази ӕй, цӕмӕй ци дзиуиттӕгтӕн гъӕуама игъосун кодтайдӕ, уонӕн къахкъуӕрӕн ма иссайдӕ. Е дӕр Павели хузӕн сагъӕс кодта (Гъуд. 16:3; 1 Кор. 9:19–23). Ду ба цӕттӕ дӕ иннети туххӕй дӕхе естӕмӕйти фӕццох кӕнунмӕ?

«ТУНДЗӔН ФӔЛТӔРДДЗИЙНАДӔМӔ»

14, 15. а) Цӕмӕй фӕлтӕрдгун киристон исуай, уой туххӕй ци гъӕуй? б) Фӕлтӕрдгун киристон иннетӕмӕ цӕхуӕн зӕрдӕ фӕддаруй?

14 Алкедӕр ни гъӕуй «Киристей туххӕй сӕйраг ахурӕдтӕ фӕстегӕй ниууадзун» ӕма фӕлтӕрддзийнадӕмӕ тундзун (Дзиуит. 6:1). Рӕстдзийнади рагӕй ке ан, е уобӕл дзорӕг нӕма ӕй, ӕма фӕлтӕрдгун киристӕнттӕ ан. Уобӕл архайун гъӕуй. Гъӕуама Библий рӕстдзийнадӕ никки хуӕздӕр базонунбӕл ӕма балӕдӕрунбӕл архайӕн. Уой туххӕй ба нӕ алли бон дӕр Библи кӕсун гъӕуй (Пс. 1:1–3). Уотемӕй Хуцауи закъӕнттӕ ӕма уагӕвӕрдтӕ никки хуӕздӕр лӕдӕрдзиан.

15 Киристӕнттӕн тӕккӕ сӕйрагдӕр закъон кӕци ӕй? Уарзондзийнади закъон. Йесо ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн загъта: «Мӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ ке айтӕ, уой еугур адӕн дӕр базондзӕнцӕ, уӕ кӕрӕдзей ку уарзайтӕ, уӕд» (Иоан. 13:35). Йесой ӕнсувӕр Иаков уарзондзийнадӕ исхудта «паддзахи закъон» (Иак. 2:8). Павел ба загъта: «Ка уарзуй, е закъон исӕнхӕст кодта» (Ром. 13:10). Ӕма уарзондзийнадӕн уӕхӕн устур аргъ ке ес, е дессаг дӕр нӕй, уомӕн ӕма Библи зӕгъуй: «Хуцау ӕй уарзондзийнадӕ» (1 Иоан. 4:8). Хуцауӕн уарзондзийнадӕ уотид ӕнкъарӕн нӕй. Е ӕ уарзондзийнадӕ гъуддӕгтӕй ӕвдесуй. Иоанн финста: «Хуцау нӕ ке уарзуй, уой уомӕй бавдиста, ӕма ӕ еунӕг Фурти дуйнемӕ рарвиста, цӕмӕй уой фӕрци цардӕй хайгин уӕн» (1 Иоан. 4:9). Йегови, Йесой, не ’нсувӕрти, удта иннӕ адӕни дӕр ку уарзӕн, уӕд е, фӕлтӕрдгун киристӕнттӕ ке ан, уобӕл дзорӕг уодзӕй (Матф. 22:37–39).

Хуцауи уагӕвӕрдтӕ куд хуӕздӕр лӕдӕрӕн, уотӕ нин не ’фсарӕ растдӕр амондзӕй (кӕсӕ 16 абзац)

16. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма куд фӕлтӕрдгундӕр кӕнай, уотӕ уагӕвӕрдтӕн никки хъӕбӕрдӕр аргъ кӕндзӕнӕ?

16 Куд фӕлтӕрдгундӕр уӕн, уотӕ Хуцауи уагӕвӕрдтӕн никки фулдӕр аргъ кӕндзиан. Закъӕнттӕ цидӕр бӕлвурд гъуддаги фӕдбӕл фӕуунцӕ, уагӕвӕрдтӕй ба аллихузи уавӕрти ӕнгъезуй пайда кӕнун. Зӕгъӕн, цалинмӕ ма сувӕллон минкъий фӕууй, уӕдмӕ ’й нӕма фӕллӕдӕруй, лӕгъуз ӕмбӕлтти хӕццӕ лимӕн кӕнун тӕссаг ке ӕй, уой, ӕма бал ӕй ӕ ниййергутӕ фӕййаразунцӕ, цӕмӕй ӕй багъӕуай кӕнонцӕ (1 Кор. 15:33). Фал куд устурдӕргӕнгӕ цӕуй, уотӕ ба Библий уагӕвӕрдтӕ хуӕздӕр лӕдӕрун райдайуй, ӕма нур ӕхе бон дӕр фӕууй ӕмбӕлттӕ раст равзарун. (Бакӕсӕ 1 Коринфӕгтӕмӕ 13:11; 14:20.) Мадта Хуцауи уагӕвӕрдтӕ куд хуӕздӕр лӕдӕрӕн, уотӕ нин не ’фсарӕ дӕр растдӕр амондзӕй, уомӕн ӕма уотемӕй хуӕздӕр лӕдӕрдзиан, Хуцау нӕмӕ цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой.

17. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма нӕмӕ раст унаффитӕ хӕссунмӕ алцидӕр ес?

17 Йегови зӕрдӕ кӕмӕй рохс кӕндзиан, уӕхӕн унаффитӕ хӕссунмӕ нин алцидӕр ес. Библий закъӕнттӕ ӕма уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ архайун ку исахур уӕн, уӕд «алцидӕр хуарз зондзиан ӕма алли хуарз гъуддагмӕ дӕр алцӕмӕйдӕр цӕттӕ уодзиан» (2 Тим. 3:16, 17). Мадта Библи ӕртасгӕй дӕ гъос дарӕ, цӕхуӕн уагӕвӕрдтӕ си ес, уомӕ, цӕмӕй лӕдӕрай, «Йегови фӕндон цӕй медӕг ӕй, уой» (Еф. 5:17). Нӕ организаций фӕрци нин ци сайттӕ ӕма приложенитӕ ес, уонӕй арӕхстгунӕй пайда кӕнӕ. Еци мадзӕлттӕ нин устур ӕнхус уодзӕнцӕ, нӕхуӕдтӕ кенӕ нӕ бийнонти хӕццӕ Библи ку ахур кӕнӕн, уӕд.

Е ’ФСАРӔ ХУАРЗ ЛӔГЪУЗӔЙ ӔРТАСУНБӔЛ КА ИСАХУР КӔНУЙ, Е ИСХАЙГИН УЙ АРФӔДЗИЙНӔДТӔЙ

18. Йегови закъӕнттӕ ӕма уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ку фӕййархайӕн, уӕд нин е цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕ ӕрхӕссуй?

18 Йегови закъӕнттӕ ӕма уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ку фӕййархайӕн, уӕд нин е ӕрхӕссуй берӕ арфӕдзийнӕдтӕ. Псалом 119:97–100 финст ес: «Куд хъӕбӕр дин уарзун дӕ закъон! Ӕнӕгъӕнӕ бон уобӕл ӕнцӕ мӕ сагъӕстӕ. Дӕ фӕдзӕхстити фӕрци исдӕн ме знӕгтӕй зундгиндӕр, уомӕн ӕма дӕ фӕдзӕхститӕ ӕносмӕ ӕнцӕ мӕ цӕстити рази. Ӕз исдӕн мӕ ахургӕнгутӕй ӕгасемӕй дӕр лӕдӕргӕдӕр, уомӕн ӕма мӕ сагъӕстӕ ӕдзохдӕр ӕнцӕ дӕ амундтӕбӕл. Ӕз дӕн зӕрӕндтӕй дӕр лӕдӕргӕдӕр, уомӕн ӕма ӕнхӕст кӕнун дӕ бардзурдтӕ». Мадта Хуцауи закъӕнттӕ ӕма уагӕвӕрдтӕбӕл расагъӕс кӕнунмӕ рӕстӕг ку ерӕн, уӕд никки зундгиндӕр ӕма лӕдӕргӕдӕр исуодзиан. Ӕ закъӕнттӕ ӕма ӕ уагӕвӕрдти фӕрци не ’фсарӕ ку ахур кӕнӕн, уӕд «алцӕмӕйдӕр Киристей хузӕн исирӕздзиан» (Еф. 4:13).