Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Идарддӕр дӕр Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ архайетӕ!

Идарддӕр дӕр Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ архайетӕ!

«Хуцауи сугъдӕг хъаури коммӕ кӕсетӕ» (ГАЛ. 5:16).

ЗАРТӔ: 22, 75

1, 2. Еу ӕнсувӕри цӕбӕл гъудӕй байархайун, ӕма ци бакодта, цӕмӕй ӕ уавӕр фӕххуӕздӕр адтайдӕ?

РОБЕРТ донаргъуд райста, 15 анзи ибӕл ку цудӕй, уӕд. Фал ин рӕстдзийнадӕ ӕ царди фиццаг бунати н’ адтӕй. «Лӕгъузӕй неци кодтон,– зӕгъуй Роберт,– фал мӕ бон уотӕ зӕгъун дӕр н’ адтӕй, ӕма Хуцауӕн ӕгас зӕрдӕй лӕггадӕ кӕнун. Уотӕ зиндтӕй, цума ме ’ууӕндундзийнадӕ федар ӕй, уомӕн ӕма ӕмбурдтӕ нӕ цох кодтон, удта анзи медӕг цалдӕр хатти ӕнхусгӕнӕг пионерӕй балӕггадӕ кӕнинӕ. Фал мин уӕддӕр цидӕр нӕ фагӕ кодта».

2 Цума е ци адтӕй? Роберт ӕй ӕхуӕдӕг дӕр нӕ лӕдӕрдтӕй, цалинмӕ бийнонтӕ не ’скодта, уӕдмӕ. Еуӕй-еухатт ӕ бийнойнаги хӕццӕ кӕрӕдземӕ Библийӕй цӕхуӕндӕр фарстатӕ лӕвардтонцӕ. Ӕ бийнойнаг Библи хуарз зудта ӕма ин еци фарстатӕбӕл дзуапп раттун зин некӕд адтӕй. Фал Роберт ба арӕх дзуапп нӕ зонидӕ ӕма ӕхецӕй фефсӕрми уидӕ. Е зӕгъуй: «Уотӕ мӕмӕ кастӕй, цума ӕппундӕр неци зонун. Ӕма гъе уӕд мӕхецӕн загътон: „Цӕмӕй мӕ бийнойнагӕн хуарз сӕрихецау уон, уой туххӕй мӕ ести бакӕнун гъӕуй“». Гъема ӕхебӕл архайун райдӕдта. «Библи ӕртастон ӕма ӕртастон,– зӕгъуй Роберт,– ӕма мӕ уавӕр минкъийгай хуӕздӕр кӕнун райдӕдта. Рӕстдзийнадӕ хуӕздӕр лӕдӕрун райдӕдтон, ӕма Йеговӕмӕ никки хӕстӕгдӕр фӕддӕн».

3. а) Роберти хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? б) Аци статьяй дзурд цӕхуӕн ӕхсидзгӕ фарстатӕбӕл цӕудзӕй?

3 Роберти хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Ка ’й зонуй нӕмӕ Библийӕй цӕхуӕндӕр зонундзийнӕдтӕ ес, удта ӕмбурдтӕмӕ ӕма игъосун кӕнунмӕ дӕр цӕуӕн. Фал е уобӕл дзорӕг нӕма ӕй, ӕма Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ архайӕн. Кенӕ ба нин, ка ’й зонуй, Хуцауи гъуддаги нурмӕти цидӕртӕ бантӕстӕй, фал нӕ зӕрдӕмӕ ку никкӕсӕн, удта ӕй балӕдӕрдзиан, кӕцидӕр гъуддӕгти ма нӕ нӕхебӕл байархайун ке гъӕуй (Фил. 3:16). Аци статьяй ӕркӕсдзиан ӕртӕ фарстайемӕ: 1) Нӕ бон куд ӕй исбӕрӕг кӕнун, Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ архайӕн ӕви нӕ, уой? 2) Ци нин банхус кӕндзӕй идарддӕр дӕр Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ архайун? 3) Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ ку архайӕн, уӕд нин е царди гъуддӕгти куд ӕнхус кӕндзӕй?

НӔ ЗӔРДӔМӔ НИККӔСӔН

4. Ефесӕгтӕмӕ 4:23, 24 ци унаффӕ ес, е кӕмӕ хауй?

4 Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнун ку райдӕдтан, уӕд нӕ царди берӕ цидӕртӕ раййивтан. Уӕхӕн ӕййивддзийнӕдтӕ ма донаргъуди фӕсте дӕр кодтан. Библи зӕгъуй: «Идарддӕр дӕр нӕуӕг кӕнтӕ, уӕ зунд уин ка разӕнгард кӕнуй, еци хъаурӕ» (Еф. 4:23, 24). Ӕнӕнхӕст ке ан, уомӕ гӕсгӕ ни алкедӕр фӕгъгъӕуй царди цӕхуӕндӕр ӕййивддзийнӕдтӕ искӕнун. Хуцауӕн рагӕй ка лӕггадӕ кӕнуй, уони дӕр гъӕуй архайун, цӕмӕй Хуцаумӕ хӕстӕгдӕр кӕнонцӕ (Фил. 3:12, 13).

5. Нӕ зӕрдӕмӕ никкӕсунмӕ нин цӕхуӕн фарстатӕ банхус кӕндзӕнцӕ?

5 Цӕмӕй нин Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ архайун хуӕздӕр уайа, уой туххӕй нӕ гъӕуй нӕ зӕрдӕмӕ никкӕсун. Ӕригӕнттӕн дӕр ӕма каргунтӕн дӕр сӕ бон ӕй расагъӕс кӕнун аци фарстатӕбӕл: «Мӕ цардӕй бӕрӕг ӕй, Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ ке архайун ӕма мин е никки хуӕздӕр ке ӕнтӕсуй? Киристей фӕнзун мин никки хуӕздӕр уайуй ӕви нӕ? Ӕмбурдтӕмӕ ци цӕстӕй кӕсун ӕма си мӕхе куд фӕддарун, е цӕбӕл дзорӕг ӕй? Арӕхдӕр цӕбӕл фӕдздзорун, уомӕй куд зиннуй, царди фулдӕр цӕмӕн аргъ кӕнун, е? Библи куд фертасун, удта мин ци унаффӕ раттунцӕ, уомӕ ци цӕстӕй ракӕсун, е цӕбӕл дзорӕг ӕй? Ме ’ндаг бакастӕй ци ес зӕгъӕн? Фӕлварӕнбӕл исӕмбӕлгӕй куд фӕййархайун? Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ ка архайуй, уӕхӕн адӕймаг мӕ исхонӕн ес?» (Еф. 4:13). Аци фарстатӕбӕл цӕхуӕн дзуапп раттӕн, уомӕй бӕрӕг уодзӕй, Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ архайӕн ӕви нӕ, е.

6. Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ архайӕн ӕви нӕ, уой исбӕрӕг кӕнунмӕ ма нин ци банхус кӕндзӕй?

6 Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ архайӕн ӕви нӕ, уой исбӕрӕг кӕнунмӕ нӕ еуӕй-еухатт иннети ӕнхус дӕр багъӕуй. Апостол Павел куд загъта, уомӕ гӕсгӕ, ӕ зӕрди фӕдбӕл ка цӕуй, уӕхӕн адӕймаги бон нӕй балӕдӕрун, ӕ цард Хуцауи зӕрдӕмӕ цӕуй ӕви нӕ, уой. Фал Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ ка архайуй, е ба лӕдӕруй, Хуцау цӕхуӕндӕр гъуддӕгтӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсуй, уой, ӕма ’й фӕззонуй, адӕймаг ӕ зӕрди фӕдбӕл ку цӕуа, уӕд Хуцауи зӕрдихудти ке цӕуй (1 Кор. 2:14–16; 3:1–3). Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр Киристей хузӕн ке сагъӕс кӕнунцӕ, уой фӕрци фӕууинунцӕ, адӕймаг ӕ зӕрди фӕдбӕл цӕун ке райдӕдта, ӕма ин афойнадӕбӕл банхус кӕнунцӕ. Уӕхӕн унаффӕ махӕн дӕр ку раттонцӕ, уӕд имӕ байгъосдзиан? Кӕд гъо, уӕд е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма нӕ Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ архайун фӕндуй (Еккл. 7:5, 9).

НЕ ’УУӔНДУНДЗИЙНАДӔ ФЕДАР КӔНӔН

7. Цӕмӕй адӕймаг идарддӕр дӕр Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ архайа, уой туххӕй айдагъ зонундзийнӕдтӕ фагӕ ке нӕ ’нцӕ, уой кӕцӕй зонӕн?

7 Цӕмӕй идарддӕр дӕр Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ архайӕн, уой туххӕй Библийӕй еу минкъий цидӕртӕ зонун фагӕ нӕй. Паддзах Соломон Йегови туххӕй берӕ цидӕртӕ зудта. Ӕ зундгин зӕгътитӕй ма беретӕ Библий дӕр финст ӕрцудӕнцӕ. Фал уӕддӕр фӕстагмӕ Соломон Йеговӕй раидард ӕй ӕма ибӕл ӕ зӕрдӕ исӕййивта (1 Пад. 4:29, 30; 11:4–6). Мадта ма зонундзийнӕдтӕй уӕлдай, никкидӕр ци гъӕуй? Гъӕуама архайӕн, цӕмӕй нӕмӕ федар ӕууӕндундзийнадӕ уа (Кол. 2:6, 7). Е нӕ къохи цӕй фӕрци бафтуйдзӕй?

8, 9. а) Не ’ууӕндундзийнадӕ цӕй фӕрци федар кӕндзӕй? б) Библи ӕртасгӕй нӕ сӕйраг нисан ци гъӕуама уа? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)

8 Павел фиццаг ӕноси киристӕнтти баразӕнгард кодта, «ӕгас хъауритӕй тундзӕн фӕлтӕрддзийнадӕмӕ», зӕгъгӕ (Дзиуит. 6:1). Цума нӕ бон куд ӕй Павели унаффӕмӕ гӕсгӕ архайун? Зӕгъӕн, нӕ бон ӕй, Библий уагӕвӕрдтӕй нӕ царди пайда кӕнӕн куд ес, уой ка лӕдӕрун кӕнуй, уӕхӕн ӕрмӕг ӕртасун (Кол. 1:23). Ци базонӕн, уобӕл ба гъӕуама лӕмбунӕг сагъӕс кӕнӕн ӕма Йеговӕй корӕн, цӕмӕй нин банхус кӕна нӕ цард еци зонундзийнӕдтӕмӕ гӕсгӕ аразун.

9 Библи ку фертасӕн ӕма ибӕл ку фӕссагъӕс кӕнӕн, уӕд гъӕуама ма иронх кӕнӕн, нӕ сӕйраг нисан Йегови зӕрдӕ рохс кӕнун ӕма ин ӕ закъӕнттӕ ӕнхӕст кӕнун ке ӕй (Пс. 40:8; 119:97). Уомӕй уӕлдай ма гъӕуама нӕхе хезӕн, не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнунмӕ нин къулумпий хуасӕ ка ӕй, уӕхӕн гъуддӕгтӕй (Тит. 2:11, 12).

10. Ӕригӕнттӕн се ’ууӕндундзийнадӕ цӕй фӕрци бафедар уодзӕй?

10 Ӕригӕнттӕ, Хуцауи гъуддаги уин цӕхуӕн нисӕнттӕ ес? Вефили ка лӕггадӕ кӕнуй, еу уӕхӕн ӕнсувӕр районон конгрессти арӕх фӕдздзоруй, донаргъуд ка гъӕуама райса, уӕхӕн ӕригӕнтти хӕццӕ, ӕма сӕ фӕффӕрсуй, сӕ рази цӕхуӕн нисӕнттӕ исӕвардтонцӕ, уобӕл. Беретӕн сӕ дзуӕппитӕй бӕрӕг фӕууй, Йеговӕн идарддӕр куд лӕггадӕ кӕндзӕнцӕ, уобӕл рагацау ке расагъӕс кодтонцӕ. Еуети си фӕффӕндуй ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадӕ кӕнун, иннети ба игъосунгӕнгути ӕнхус кӕми гъӕуй, уордӕмӕ рандӕ ун. Фал еуӕй-еу ӕригӕнттӕн ба ци зӕгъонцӕ, е нӕ фӕууй. Ка ’й зонуй сӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма Хуцауи гъуддаги нисӕнттӕ ӕвӕрун ӕнӕмӕнгӕ гъуддаг нӕй. Кӕд ма ӕригон дӕ, уӕд дӕхе бафӕрсӕ: «Хуцауи гъуддаги цӕмӕн архайун, мӕ ниййергути уотӕ ке фӕндуй, ӕрмӕстддӕр, уой туххӕй? Архайун, цӕмӕй Хуцаумӕ мӕхуӕдӕг бахӕстӕг уон ӕма е ’мбал исуон?» Ӕнӕуой айдагъ ӕригӕнтти нӕ, фал ни алкедӕр гъӕуй Хуцауи гъуддаги нӕ рази нисӕнттӕ ӕвӕрун. Е нин не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнунмӕ устур ӕнхус уодзӕй (Еккл. 12:1, 13).

11. а) Ци гъӕуама кӕнӕн, цӕмӕй не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕна? б) Еци гъуддаги нин хуарз цӕветтон ка ниууагъта?

11 Нӕхебӕл байархайун нӕ кӕми гъӕуй, уой ку исбӕрӕг кӕнӕн, уӕд гъӕуама нӕхе раййевунмӕ дӕр цӕттӕ уӕн. Алкедӕр ни гъӕуама архайа, цӕмӕй Хуцауи цӕсти фӕлтӕрдгун адӕймаг исуа, уомӕн ӕма адӕймаги цард уомӕй кӕнгӕ ’й (Ром. 8:6–8). Цӕмӕй фӕлтӕрдгун адӕймаг исуай, уой туххӕй дӕ ӕнхӕст адӕймаг ун нӕ гъӕуй. Гъӕуй дӕ Йегови сугъдӕг хъаурӕ. Фал гъӕуама дӕхуӕдӕг дӕр ӕгас хъауритӕй архайай. Еухатт, Разамонӕг совети ка лӕггадӕ кодта, уӕхӕн ӕнсувӕр, Джон Барр, зӕгъгӕ, Лукай 13:24 ци финст ес, уой фӕдбӕл уӕхӕн гъуди загъта: «Беретӕн нӕ фӕууайуй нарӕг дуарбӕл бахезун, уомӕн ӕма се ’ууӕндундзийнадӕ куд ӕмбӕлуй, уотӕ нӕ фӕффедар кӕнунцӕ». Еци гъуддаги нин хуарз цӕветтон ниууагъта Иаков. Е изӕди не ’суӕгъдӕ кодта, цалинмӕ си ци арфӕдзийнадӕ агурдта, уомӕй не ’схайгин ӕй, уӕдмӕ (Райд. 32:26–28). Кӕд нин Библи ӕртасун ӕхцӕуӕн фӕууй, уӕддӕр ӕй лӕдӕрӕн, ӕнӕуой роман куд ӕнцонтӕй ракӕсай, уотӕ ’й ке нӕ ракӕсдзӕнӕ. Цӕмӕй си ци хӕзнатӕ ес, уони иссерӕн, уой туххӕй нӕ зӕрдиагӕй байархайун фӕгъгъӕуй.

12, 13. а) Ци нин банхус кӕндзӕй Киристей хузӕн сагъӕс кӕнун? б) Апостол Петури цӕветтон ӕма нин ӕ унаффӕ куд банхус кӕндзӕнцӕ? в) Дӕ бон куд ӕй де ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнун? (Кӕсӕ рамкӕ « Де ’ууӕндундзийнадӕ федар цӕй фӕрци уодзӕй?».)

12 Не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнунбӕл ку архайӕн, уӕд нин Хуцау ӕ сугъдӕг хъаурӕй банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нӕ зундахаст раййевӕн? Уотемӕй минкъийгай исахур уодзиан Киристей хузӕн сагъӕс кӕнун (Ром. 15:5). Уомӕй уӕлдай ма нин Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ банхус кӕндзӕй нӕ тӕрегъӕдгун зӕрди фӕндтӕ ӕдедагӕ истонун ӕма нӕ уодигъӕди, Хуцауи зӕрдӕмӕ ка цӕуй, еци менеугутӕ ниффедар кӕнун (Гал. 5:16, 22, 23). Фал нӕ зӕрдӕ гъӕздугдзийнадӕмӕ ӕма ерхӕфсӕнтӕмӕ арӕзт ке ӕй, уой ку балӕдӕрӕн, уӕд гъӕуама нӕ къохтӕ ма ӕруадзӕн. Гъӕуама Йеговӕй сугъдӕг хъаурӕ корӕн, цӕмӕй нӕ гъудитӕ, раст ци ӕй, уомӕ исаразӕн (Лук. 11:13). Ӕргъуди кӕнӕн Петури хабар. Е дӕр алкӕд Киристей хузӕн нӕ сагъӕс кодта (Матф. 16:22, 23; Лук. 22:34, 54–62; Гал. 2:11–14). Фал Петур ӕ къохтӕ не ’руахта ӕма ин Йеговӕ банхус кодта. Уотемӕй минкъийгай исахур ӕй Киристей хузӕн сагъӕс кӕнун. Ӕма мах дӕр исахур уодзиан.

13 Фӕстӕдӕр Петур ӕхуӕдӕг ниффинста, киристӕнттӕн сӕ бон цӕбӕл ӕй архайун, уой туххӕй. (Бакӕсӕ 2 Петури 1:5–8.) Гъӕуама «ӕгас хъауритӕй архайӕн», цӕмӕй нӕмӕ хуарз менеугутӕ уа, зӕгъӕн, хебӕл хуӕцун зонӕн, фӕразон уӕн ӕма ӕнсувӕрти уарзӕн. Хуарз уайдӕ алли бон дӕр нӕхемӕ уӕхӕн фарста дӕттун: «Абони цӕхуӕн менеуӕгбӕл ӕй мӕ бон байархайун, цӕмӕй ме ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕна?»

АЛЛИ ГЪУДДАГИ ДӔР БИБЛИЙ УАГӔВӔРДТӔМӔ ГӔСГӔ АРХАЙӔН

14. Киристей хузӕн ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд е нӕ цардбӕл куд рабӕрӕг уодзӕй?

14 Киристей хузӕн ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд е рабӕрӕг уодзӕй, скъолай кенӕ кусти нӕхе куд дарӕн, уобӕл, удта нӕ дзурдтӕбӕл ӕма ци унаффитӕ фӕххӕссӕн, уонӕбӕл дӕр. Нӕ унаффитӕй бӕрӕг уодзӕй, Киристей фӕдбӕл цӕун нӕ ке фӕндуй, е. Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ ке архайӕн, уомӕ гӕсгӕ нӕ нӕ фӕндуй, цӕмӕй нӕ ести кенӕ еске нӕ уӕларвон Фидӕй райеуварс кӕна. Не ’ууӕндундзийнадӕ федар ку уа, уӕд нин фӕлварӕнти рӕстӕг федар лӕуун ӕнцондӕр уодзӕй. Мадта унаффӕ рахӕссуни разӕй гъӕуама расагъӕс кӕнӕн: «Раст унаффӕ рахӕссунмӕ мин Библийӕй, цӕхуӕн уагӕвӕрдтӕ банхус кӕндзӕнцӕ? Киристе ба мӕн бунати ци бакодтайдӕ? Йегови зӕрдӕ цӕмӕй барохс уодзӕй?» Цӕмӕй раст унаффитӕ хӕссун исахур уӕн, уой туххӕй радзубанди кӕнӕн цалдӕр гъуддагебӕл. Алли гъуддагбӕл дзоргӕй дӕр ӕркӕсдзиан, раст унаффӕ рахӕссунмӕ нин ка банхус кӕндзӕй, уӕхӕн уагӕвӕрдтӕмӕ Библийӕй.

15, 16. Киристей хузӕн ке сагъӕс кӕнӕн, е нин куд банхус кӕндзӕй а) цардӕмбал ӕвзаргӕй? б) ӕмбӕлттӕ ӕвзаргӕй?

15 Цардӕмбал ӕвзаргӕй. Аци гъуддаги нин банхус кӕндзӕй, 2 Коринфӕгтӕмӕ 6:14, 15 ци уагӕвӕрд ес, е. (Ба сӕ кӕсӕ.) Павели дзурдтӕй куд зиннуй, уомӕ гӕсгӕ, Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ ка архайуй, уӕхӕн адӕймаг, ӕ зӕрди фӕдбӕл ка цӕуй, уомӕй хъӕбӕр хецӕн кӕнуй, еумӕйагӕй сӕмӕ ӕппундӕр неци ес. Цума цардӕмбал ӕвзаргӕй аци уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ архайӕн куд ес?

16 Ӕмбӕлттӕ ӕвзаргӕй. Ӕркӕсӕн, 1 Коринфӕгтӕмӕ 15:33 ци уагӕвӕрд ес, уомӕ. (Ба ’й кӕсӕ.) Хуцауи лӕггадгӕнӕг ӕхе некӕд бӕтдзӕй, е ’ууӕндундзийнадӕ ке туххӕй ӕрлӕмӕгъ уодзӕй, уӕхӕн адӕнбӕл. Аци уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ архайун нӕ бон куд ӕй? Зӕгъӕн, соцсетьтӕй раст пайда кӕнунмӕ нин куд банхус кӕндзӕй? Интернети ӕнӕзонгӕ адӕни хӕццӕ видеогъӕститӕй гъазӕн ӕви нӕ, уой ниллух кӕнунмӕ нин ци банхус кӕндзӕй?

Ци унаффитӕ хӕссӕн, етӕ нин куд банхус кӕндзӕнцӕ Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ архайун? (кӕсӕ 17 абзац)

17–19. Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ ку архайӕн, уӕд нин е куд банхус кӕндзӕй а) нӕхе ӕнӕпайда гъуддӕгтӕй гъӕуай кӕнун? б) нӕ рази хуарз нисӕнттӕ ӕвӕрун? в) иннети хӕццӕ федаун?

17 Не ’ууӕндундзийнадӕн тӕссаг ка ’нцӕ, еци гъуддӕгтӕ. Павел киристӕнтти бафӕдзахста, се ’ууӕндундзийнадӕн цӕмӕй тӕссаг ӕй, уомӕй. (Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 6:1.) Цума нӕхе кӕмӕй гъӕуама хезӕн, еци «мард гъуддӕгтӕ» ци ’нцӕ? Не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнунмӕ нин агъаз ка нӕй, уӕхӕн ӕнӕпайда гъуддӕгтӕ. Аци стихи ци уагӕвӕрд ес, е нин банхус кӕндзӕй раст унаффӕ рахӕссун ауӕхӕн фарстати фӕдбӕл: «Аци гъуддаг мин пайда ӕрхӕсдзӕй ӕви мин ӕрмӕстдӕр мӕ рӕстӕг бахуӕрдзӕй? Берӕ ӕхца бакосунмӕ мин ци фадуат ес, уомӕй испайда кӕнон ӕви нӕ? Митингти цӕмӕннӕ гъӕуама архайон?»

Ци унаффитӕ хӕссӕн, етӕ нин куд банхус кӕндзӕнцӕ нӕ рази нисӕнттӕ ӕвӕрун? (кӕсӕ 18 абзац)

18 Нисӕнттӕ. Киристе адӕни ку ахур кодта, уӕд балӕдӕрун кодта, царди нин фиццаг бунати ци гъӕуама уа, уой (Матф. 6:33). Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ ка архайуй, уӕхӕн адӕймагӕн Паддзахади гъуддӕгтӕ ӕ царди тӕккӕ сӕйрагдӕр ӕнцӕ. Уой нӕ зӕрдӕбӕл ку дарӕн, уӕд нин ӕнцондӕр уодзӕй ниллух кӕнун, уӕлдӕр ахурадӕ райсӕн ӕви нӕ кенӕ кӕцидӕр кустбӕл исарази уӕн ӕви нӕ, уой.

Ци унаффитӕ хӕссӕн, етӕ нин куд банхус кӕндзӕнцӕ иннети хӕццӕ лимӕнӕй цӕрун? (кӕсӕ 19 абзац)

19 Буцӕутӕ. Павел Роми цӕрӕг киристӕнттӕн ци унаффӕ равардта, е махӕн дӕр банхус кӕндзӕй кӕрӕдзей хӕццӕ федаун (Ром. 12:18). Киристей фӕдбӕлдзӕугутӕ ке ан, уомӕ гӕсгӕ архайӕн, цӕмӕй алке хӕццӕ дӕр лимӕнӕй цӕрӕн. Еске нӕ хӕццӕ ку нӕ фӕййарази кӕнуй, уӕд нӕхе куд фӕддарӕн? Иннетӕ ци зӕгъунцӕ, уомӕ байгъосун нин зин фӕууй? Ӕви нӕ хӕларзӕрдӕ ӕма фарнӕуарзагӕ адӕймагӕй зонунцӕ? (Иак. 3:18).

20. Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ архайун уӕ цӕмӕн фӕндуй?

20 Ци гъуддӕгтӕмӕ ӕркастан, уонӕй бӕрӕг ӕй, Библий уагӕвӕрдтӕ нин куд ӕнхус кӕнунцӕ Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ архайун. Ӕма уотӕ ку архайӕн, уӕд нӕхуӕдтӕ дӕр амондгун уодзиан ӕма нӕ цардӕй нӕ зӕрдӕ хъӕбӕрдӕр рохс кӕндзӕй. Райдайӕни ке кой кодтан, еци ӕнсувӕр Роберт загъта: «Хуцаумӕ никки хӕстӕгдӕр фӕддӕн, ӕма уой фӕрци исдӕн хуӕздӕр сӕрихецау ӕма фидӕ. Нур хъӕбӕр амондгун дӕн!» Не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнунбӕл ку архайӕн, уӕд нин Йеговӕ дӕр арфӕ кӕндзӕй. Уӕд абони дӕр ӕцӕг амондгун уодзиан, федӕни ба нин уодзӕй «ӕцӕг цард» (1 Тим. 6:19).