Ной, Данел ӕма Иови ӕууӕндундзийнадӕ ӕма коммӕгӕсдзийнадӕ уин фӕнзуйнаг уӕд
«Ной, Данел ӕма Иов... сӕ рӕстдзийнади фӕрци фӕййервӕзун кодтайуонцӕ ӕрмӕстдӕр сӕхе уодтӕ» (ЙЕЗ. 14:14).
ЗАРТӔ: 89, 119
1, 2. а) Ной, Данел ӕма Иови хабӕрттӕ нӕ куд федар кӕнунцӕ? б) Аци статьяй сӕйраг стихи дзурдтӕ пахампар Йезекил цӕхуӕн уавӕрти ниффинста?
ӔВӔДЗИ, дӕуӕн дӕр дӕ царди цӕхуӕндӕр зиндзийнӕдтӕ ес, зӕгъӕн, де ’нӕнездзийнадӕ хуӕздӕр гъӕуагӕ ӕй, ӕхцайӕй тухсис кенӕ ӕфхуӕрд ӕййафис. Кенӕ ба дин, ӕвӕдзи, алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй, Йеговӕн цийнӕгӕнгӕй лӕггадӕ кӕнун. Уӕхӕн уавӕрти дӕ бафедар кӕндзӕнцӕ Ной, Данел ӕма Иови хабӕрттӕ. Аци нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕнӕнхӕст адтӕнцӕ ӕма етӕ дӕр мах хузӕн зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбалдӕнцӕ. Сауӕнгӕ ма син мӕлӕтӕй дӕр тӕссаг уидӕ. Фал уӕддӕр Йеговӕн еузӕрдонӕй лӕггадӕ кодтонцӕ ӕма сӕ Йеговӕ банимадта, се ’ууӕндундзийнадӕ ӕма коммӕгӕсдзийнадӕ фӕнзуйнаг кӕмӕн ӕй, уӕхӕн адӕнбӕл. (Бакӕсӕ Йезекил 14:12–14.)
2 Аци статьяй сӕйраг стихи дзурдтӕ Йезекил ниффинста Йез. 1:1; 8:1) *. Нӕ эри размӕ 607 анзи Йерусалим пурхӕгонд ку ’рцудӕй, уомӕй минкъий раздӕр. Еци рӕстӕг Йерусалими ӕрмӕстдӕр цалдӕр адӕймаги разиндтӕнцӕ Ной, Данел ӕма Иови хузӕн еузӕрдон, удта коммӕгӕс, ӕма етӕ фӕййервазтӕнцӕ (Йез. 9:1–5). Сӕ астӕу адтӕнцӕ Йереми, Варух, Авдемелех ӕма ма рехавиттӕ.
нӕ эри размӕ 612 анзи, Вавилони ку адтӕй, уӕд (3. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?
3 Абони дӕр Хуцауи цӕсти Ной, Данел ӕма Иови хузӕн рӕстгӕнӕгбӕл нимад ка ӕрцӕуа, етӕ фӕййервӕздзӕнцӕ, аци фуддуйнейӕн ӕ кӕрон ку ’рцӕуа, уӕд (Рарг. 7:9, 14). Мадта ӕркӕсӕн, аци ӕртӕ нӕлгоймаги Йегови цӕсти рӕстгӕнгутӕбӕл нимад цӕмӕн ӕрцудӕнцӕ, уомӕ. Удта базонӕн, 1) цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбалдӕнцӕ ӕма 2) се ’ууӕндундзийнадӕ, удта коммӕгӕсдзийнадӕй фӕнзуйнаг цӕмӕн ӕнцӕ, уой.
НОЙ ЕУЗӔРДОН ӔМА КОММӔГӔС АДТӔЙ 900 АНЗЕМӔЙ ФУЛДӔР
4, 5. Ной цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбалдӕй ӕма ӕ хабар дессаг цӕмӕн ӕй?
4 Ной цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбалдӕй? Ӕ бабай фидӕ Енохи рӕстӕг адӕн иссӕнцӕ хъӕбӕр ихӕлд. Сауӕнгӕ ма Йегови туххӕй дӕр «алли фудтӕ дзурдтонцӕ» (Иуд. 14, 15). Адӕн фуддӕрӕй-фуддӕр кодтонцӕ. Ноййи рӕстӕгмӕ ба ӕгас зӕнхӕ дӕр «фудмиутӕй байдзаг ӕй». Лӕгъуз изӕдтӕ сӕхецӕн нӕлгоймӕгти бауӕртӕ райстонцӕ, зӕнхӕмӕ ӕрцудӕнцӕ ӕма зӕнхон силгоймӕгти хӕццӕ бацардӕнцӕ. Ци фурттӕ син райгуридӕ, уонӕй ба исирӕзидӕ, берӕ фудмиутӕ ка кодта, уӕхӕн уӕйгутӕ (Райд. 6:2–4, 11, 12). Фал Ной ӕ рӕстӕги цӕрӕг адӕни хузӕн не ’ссӕй. Библий финст ӕй: «Ной иссирдта Йегови хуарзӕнхӕ... адтӕй рӕстгӕнӕг... нецӕмӕй имӕ адтӕй фау ӕрхӕссӕн. Ной цудӕй ӕцӕг Хуцауи хӕццӕ» (Райд. 6:8, 9).
5 Аци дзурдтӕй Ноййи туххӕй ци ес базонӕн? Фиццаг: расагъӕс кӕнӕ, Ной еци лӕгъуз адӕни астӕу цӕргӕй, Йеговӕн еузӕрдонӕй 70 кенӕ 80 анзи нӕ фӕллӕггадӕ кодта, фал ӕнӕгъӕнӕ 600 анзи, цалинмӕ Дони хъиамӕт не ’рцудӕй, уӕдмӕ! (Райд. 7:11). Дуккаг ба е ӕй, ӕма ин, е ’ууӕндундзийнадӕ кӕми бафедар адтайдӕ, уӕхӕн н’ адтӕй, абони махӕн ӕмбурдтӕ куд ес, уотӕ. Удта ма ’й, ӕвӕдзи, ӕ хуӕртӕ ӕма е ’нсувӕртӕ дӕр ниууагътонцӕ *.
6. Ной нифсхаст ке адтӕй, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй?
6 Ной уотӕ нӕ сагъӕс кодта, хуарз адӕймаг уо, ӕма е дӕр фагӕ ’й, зӕгъгӕ, фал Йегови туххӕй иннетӕн нифсгунӕй дзурдта. Библи Ноййи хонуй «рӕстдзийнадӕ игъосунгӕнӕг» (2 Пет. 2:5). Апостол Павел ба Ноййи туххӕй загъта: «Е ’ууӕндундзийнадӕй е дуйнейӕн истӕрхон кодта» (Дзиуит. 11:7). Кӕд ибӕл адӕн ходгӕ кодтонцӕ кенӕ ба имӕ, ка ’й зонуй, ӕвзедгӕ дӕр кодтонцӕ, уӕддӕр ӕй е нӕ бауорӕдта. Ной адӕнӕй нӕ тарстӕй (Ӕмб. 29:25). Адтӕй имӕ, Йеговӕ ӕ еузӕрдон лӕггадгӕнгути кӕмӕй исхайгин кӕнуй, уӕхӕн нифсхастдзийнадӕ.
7. Науӕ аразгӕй Ной цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбалдӕй?
Райд. 5:32; 6:14). Уӕхӕн устур науӕ исаразун Ноййӕн ӕнцон кӕцӕй адтайдӕ. Удта уой туххӕй адӕни цӕсти никки хъӕбӕрдӕр ке ӕфтуйдзӕй ӕма ӕ цард никки зиндӕр ке уодзӕй, уой дӕр зудта. Фал Ной Йеговӕбӕл федарӕй ӕууӕндтӕй ӕма ин е куддӕриддӕр загъта «гъе уотӕ бакодта» (Райд. 6:22).
7 Ной Йеговӕн 500 анземӕй фулдӕр ку фӕллӕггадӕ кодта, гъе уӕд ин баихӕс кодта науӕ исаразун, цӕмӕй си Дони хъиамӕти адӕни ӕма кӕцидӕр цӕрӕгойти фӕййервӕзун кодтайдӕ (8. Ной ӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл ке дардта, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй?
8 Уомӕй уӕлдай ма Ноййи гъудӕй ӕ бийнонтӕ дарун дӕр. Дони хъиамӕти размӕ адӕни хуаруйнаг исамал кӕнунмӕ берӕ косун гъудӕй (Райд. 5:28, 29). Фал Ной нӕ бауагъта, цӕмӕй ин еци гъуддӕгтӕ ӕ царди сӕйраг мӕтӕ иссайуонцӕ. Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунӕй хестӕр ин неци адтӕй. Кӕд ин науӕ аразунбӕл дзӕвгарӕ рӕстӕг рацудӕй, еу 40–50 анзи, уӕддӕр Йегови нӕ иронх кодта. Дони хъиамӕти фӕсте дӕр ма 350 анзи фӕццардӕй ӕма имӕ уӕддӕр уӕхӕн зундахаст адтӕй (Райд. 9:28). Ӕцӕгӕйдӕр нин е ’ууӕндундзийнадӕй ӕма ӕ коммӕгӕсдзийнадӕй фӕнзуйнаг ӕй!
9, 10. а) Нӕ бон куд ӕй Ноййи ӕууӕндундзийнадӕ ӕма коммӕгӕсдзийнадӕ фӕнзун? б) Хуцау цӕхуӕн зӕрдӕ даруй, ӕ закъӕнттӕмӕ гӕсгӕ ка цӕруй, уонӕмӕ?
9 Нӕ бон куд ӕй Ноййи ӕууӕндундзийнадӕ ӕма коммӕгӕсдзийнадӕ фӕнзун? Гъӕуама Хуцауи раст уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрӕн ӕма ин ӕ Паддзахади гъуддаг нӕ царди фиццаг бунати ӕвӕрӕн, удта гъӕуама Сайтани дуйнейӕй дӕр нӕхе еуварс дарӕн (Матф. 6:33; Иоан. 15:19). Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, уотӕ ке цӕрӕн, уой туххӕй аци дуйней адӕни цӕсти ӕфтуйӕн. Зӕгъӕн, бийнонти туххӕй кенӕ хуӕрзӕгъдаудзийнади туххӕй Хуцау ци закъӕнттӕ равардта, уонӕбӕл федар ке хуӕцӕн, уой туххӕй нин еуӕй-еухатт адӕн нӕ фудкой фӕккӕнунцӕ. (Бакӕсӕ Малахи 3:17, 18.) Фал Ноййи хузӕн мах дӕр Йеговӕй тӕрсӕн, адӕнӕй нӕ, фал. Мах ӕй зонӕн, ӕрмӕстдӕр уой бон ке ӕй махӕн ӕносон цард раттун (Лук. 12:4, 5).
10 Фал дӕуӕй ба ци ес зӕгъӕн? Хуцауи цӕсти раст ци ӕй, уой идарддӕр кӕндзӕнӕ, уой туххӕй дӕбӕл иннетӕ ходгӕ ку кӕнонцӕ кенӕ дин федистӕ ку кӕнонцӕ, уӕддӕр? Цардамӕлттӕ кӕнун дин зин ку уа, уӕд дӕр дӕ зӕрдӕ Хуцаубӕл дардзӕнӕ? Ноййи ӕууӕндундзийнадӕ ӕма коммӕгӕсдзийнадӕ ку фӕнзай, уӕд Йеговӕ дӕубӕл дӕр ӕнӕмӕнгӕй батухсдзӕй (Фил. 4:6, 7).
ФУДГӔНГУТИ АСТӔУ ЦӔРГӔЙ ДАНЕЛ ХУЦАУБӔЛ ЕУЗӔРДОН ӔМА КОММӔГӔС АДТӔЙ
11. Данел ӕма е ’ртӕ ӕмбали Вавилони цӕхуӕн устур фӕлварӕнтӕбӕл исӕмбалдӕнцӕ? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)
11 Данел цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбалдӕй? Данел уацари бахаудтӕй Вавилонмӕ ӕма цардӕй, мӕнгӕ хуцӕуттӕн ка кувта, удта дӕсни ка фарста, уӕхӕн адӕни астӕу. Уоми цӕрӕг адӕн дзиуиттӕгти сӕ сӕрмӕ нӕ хастонцӕ ӕма син сӕхебӕл, удта сӕ Хуцау Йеговӕбӕл худтӕнцӕ (Пс. 137:1, 3). Уой туххӕй Данел, удта ма иннӕ уацайраг дзиуиттӕгтӕй Йегови ка уарзта, етӕ кунӕг маст нӕ кодтонцӕ. Иннӕ дзиуиттӕгтӕй уӕлдай Данели, удта е ’ртӕ ӕмбали – Анани, Мисаил ӕма Азарий – цӕттӕ кодтонцӕ Паддзахӕн лӕггадӕ кӕнунмӕ, ӕма уомӕй иннети цӕсти хаудтӕнцӕ. Етӕ гъӕуама хуардтайуонцӕ паддзахи фингӕй. Еци хуӕруйнӕгтӕй ба кӕцидӕртӕ Хуцауи адӕнӕн хуӕрӕн н’ адтӕй. Фал Данел «ӕхецӕн федарӕй загъта, паддзахи хуӕруйнӕгтӕй ӕма сӕнӕй ӕхе ке нӕ фегъӕстӕ кӕндзӕй» (Дан. 1:5–8, 14–17).
12. а) Данелмӕ цӕхуӕн хуарз менеугутӕ адтӕй? б) Йеговӕ Данелмӕ цӕхуӕн зӕрдӕ дардта?
12 Данелӕн ма, гӕнӕн ес, фӕлварӕн иссайдӕ, хъӕбӕр зундгин ӕма лӕдӕргӕ ке адтӕй, е, удта фӕстӕдӕр устур хецау ке иссӕй, е дӕр (Дан. 1:19, 20). Фал Данел сӕрбӕрзонд не ’ссӕй, удта ӕхе иннетӕй зундгиндӕрбӕл нӕ нимадта. Е адтӕй сӕрниллӕг ӕма бонзонгӕ адӕймаг, ӕма Хуцауӕн ци кадӕ ӕмбӕлуй, уой ӕхе некӕд бакӕнидӕ (Дан. 2:30). Йеговӕ Данели дӕр Ной, удта Иови хӕццӕ рӕстгӕнгутӕ исхудта. Фал дессаг е ӕй, ӕма Ной, удта Иов Йеговӕн сӕ цард цӕрӕнбонти фӕллӕггадӕ кодтонцӕ, Данел ба ма уӕд ӕригон лӕхъуӕн адтӕй. Бӕрӕг ӕй, Йеговӕ Данелбӕл ӕппундӕр ке нӕ дузӕрдуг кодта! Ӕма е дзӕгъӕли н’ адтӕй, уомӕн ӕма ибӕл Данел ӕцӕгӕйдӕр еузӕрдонӕй байзадӕй ӕма ин алкӕддӕр коммӕгӕс адтӕй. Еу 100 анзей бӕрцӕ ибӕл ку цудӕй, уӕд ин Хуцауи изӕд фӕлмӕнӕй загъта: «О Данел, Хуцауӕн хъӕбӕр хъазар ка ӕй, еци адӕймаг!» (Дан. 10:11).
13. Данел Хуцауи адӕнӕн куд ӕнхус кодтайдӕ?
13 Йегови фӕрци Данел хъӕбӕр устур бунат ахӕста Вавилони дӕр ӕма Мидо-Персий паддзахади дӕр (Дан. 1:21; 6:1, 2). Ӕвӕдзи, еци гъуддаг Йеговӕ исаразта, цӕмӕй ӕ бон адтайдӕ Данели фӕрци ӕ адӕнӕн ӕнхус кӕнун, Иосифи фӕрци син Египети куд ӕнхус кодта, Есфир ӕма Мардохеййи фӕрци ба син Персий куд ӕнхус кодта, уотӕ (Дан. 2:48) *. Расагъӕс кӕнӕ, Йезекил, удта иннӕ цагъайраг дзиуиттӕгтӕн куд ӕхцӕуӕн адтӕй, Йеговӕ син Данели фӕрци куд ӕнхус кодта, уой уинун! Ӕвӕдзи, хъӕбӕр бафедар ӕнцӕ!
14, 15. а) Мах уавӕртӕ ӕма Данели уавӕртӕ цӕмӕй ӕмхузӕн ӕнцӕ? б) Сувӕллӕнттӕ кӕмӕн ес, етӕ Данели ниййергутӕй цӕбӕл ахур кӕнунцӕ?
14 Нӕ бон куд ӕй Данели ӕууӕндундзийнадӕ Рарг. 18:2). Мах ба еугуремӕйдӕр хецӕн кӕнӕн, ӕма нӕбӕл уой туххӕй иннӕ адӕн арӕх ходгӕ фӕккӕнунцӕ (Мар. 13:13). Фал гъӕуама Данели хузӕн нӕхе Йеговӕмӕ хӕстӕг кӕнӕн. Сӕрниллӕг ку уӕн, Йеговӕмӕ ку игъосӕн ӕма ибӕл алли гъуддаги дӕр нӕ зӕрдӕ ку дарӕн, уӕд ин мах дӕр Данели хузӕн хъазар уодзиан (Аг. 2:7).
ӕма коммӕгӕсдзийнадӕ фӕнзун? Аци дуйней ӕгъдау ӕппундӕр нӕбал ес. Адӕни зунд ихалуй Устур Вавилон, гъома дуйней мӕнгӕ динтӕ. Библи ма ӕй хонуй «сайтӕнтти цӕрӕнбунат» (15 Сувӕллӕнттӕ кӕмӕн ес, етӕ Данели ниййергутӕй цӕбӕл ахур кӕнунцӕ? Данел ма минкъий биццеу ку адтӕй, уӕд Иуди адӕн хъӕбӕр фудзӕрдӕ адтӕнцӕ. Фал Данел ба Йегови берӕ уарзта, ӕма уобӕл ӕ ниййергутӕ дӕр минкъий нӕ байархайдтонцӕ (Ӕмб. 22:6). Ӕ ном «мӕ тӕрхонгӕнӕг – Хуцау» ке нисан кӕнуй, е дӕр уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма ӕ ниййергутӕ, Хуцауӕй ка тарстӕй, уӕхӕн адӕн адтӕнцӕ (Дан. 1:6). Ниййергутӕ, мадта идарддӕр дӕр уӕ сувӕллӕнтти фӕразонӕй рӕстдзийнади надбӕл аразетӕ. Уӕ къохтӕ ма ’руадзетӕ (Еф. 6:4). Йеговӕмӕ уӕ сувӕллӕнтти туххӕй коветӕ, удта син сӕхе хӕццӕ дӕр коветӕ. Ахур сӕ кӕнтӕ, цӕмӕй етӕ дӕр уарзонцӕ, Йегови цӕсти раст ци ӕй, уой, ӕма уин Йеговӕ уӕ хъиамӕттӕн райарфӕ кӕндзӕй (Пс. 37:5).
ИОВ ГЪӔЗДУГӔЙ ДӔР ӔМА МӔГУРӔЙ ДӔР АДТӔЙ ЕУЗӔРДОН ӔМА КОММӔГӔС
16, 17. Иов ӕ царди цӕхуӕн фӕлварӕнтӕбӕл исӕмбалдӕй?
16 Иов цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбалдӕй? Иовӕн ӕ царди хъӕбӕр устур ӕййивдзийнӕдтӕ ӕрцудӕй. Уойбӕрцӕ бӕллӕхтӕ ибӕл ку нӕма ӕрцудӕй, уӕд «ӕгас скӕсӕни уомӕй кадгиндӕр адӕймаг н’ адтӕй» (Иов 1:3). Иов адтӕй гъӕздуг, зундгонд ӕма кадгин лӕг (Иов 29:7–16). Фал уой туххӕй ӕхемӕ нӕ ниццӕй, удта имӕ уотӕ дӕр некӕд кастӕй, ӕма ин ӕнӕ Хуцауӕй дӕр хуарз уодзӕй. Мах ӕй зонӕн, Йеговӕ ’й «мӕ лӕггадгӕнӕг», ке худта, удта ма си загъта, зӕгъгӕ, е ӕй «ӕнӕфау ӕма рӕстзӕрдӕ адӕймаг, тӕрсуй Хуцауӕй ӕма ӕхе хезуй лӕгъуздзийнадӕй» (Иов 1:8).
17 Фал, гъигагӕн, Иови цард цӕхгӕрмӕ раййивта. Цидӕриддӕр имӕ адтӕй, уой фесафта, ӕма фур мӕстӕй ӕхецӕн мӕлӕт агорун дӕр райдӕдта. Иовбӕл еци бӕллӕхтӕ ке фудӕй ӕрцудӕнцӕ, уой хуарз зонӕн. Сайтан ӕй фӕффудгин кодта, зӕгъгӕ, Хуцауӕн кӕдзос зӕрдӕй нӕ лӕггадӕ кӕнуй, фал имӕ цӕмӕдӕр ке ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой туххӕй. (Бакӕсӕ Иов 1:9, 10.) Йеговӕ еци гъуддаг уотӕ нӕ ниууагъта. Иовӕн фадуат равардта, цӕмӕй бавдистайдӕ, Хуцауӕн ӕцӕгӕйдӕр кӕдзос зӕрдӕй ке лӕггадӕ кӕнуй ӕма ибӕл еузӕрдон ке ӕй, уой.
18. а) Иов ци еузӕрдондзийнадӕ бавдиста, е дессаг цӕмӕй ӕй? б) Иови хабарӕй нӕ бон ци ӕй Йегови туххӕй базонун?
18 Иовбӕл берӕ бӕллӕхтӕ ӕрцудӕй. Сайтан алцидӕр бакодта, цӕмӕй Иов уотӕ сагъӕс кодтайдӕ, ӕма ибӕл еци бӕллӕхтӕ Хуцауӕй цӕунцӕ (Иов 1:13–21). Уой фӕсте ба имӕ е ’ртӕ ӕмбали ӕрбацудӕнцӕ ӕма ’й етӕ дӕр фудгин кодтонцӕ, цидӕр тӕрегъӕд, дан, искодтай ӕма дӕ уой туххӕй Хуцау ӕфхуӕруй (Иов 2:11; 22:1, 5–10). Фал Иов уӕддӕр Йеговӕбӕл ӕ зӕрдӕ не ’сӕййивта. Еуӕй-еухатт ӕнӕрасагъӕс кӕнгӕй ести фӕззӕгъидӕ (Иов 6:1–3). Фал ӕй Йеговӕ уидта, хъӕбӕр рист ӕма нифссаст ке адтӕй, удта ’й зудта, Иов ӕ нихмӕ ке некӕд рацӕудзӕй, уой дӕр, кӕд ибӕл Сайтанӕй еу цӕф инней фӕдбӕл ӕруадӕй ӕма ма ин е ’мбӕлттӕ ба ӕ мастбӕл цӕнхӕ ӕвгӕдтонцӕ, уӕддӕр. Еци уӕззау бӕнттӕ ку райевгъудӕнцӕ, уӕд Йеговӕ Иовӕн равардта, ци имӕ адтӕй, уомӕй дууӕ хатти фулдӕр, удта ма ин ӕ цардбӕл дӕр 140 анзи бафтудта (Иак. 5:11). Иов е ’гас цард дӕр Йеговӕн еузӕрдонӕй лӕггадӕ кодта. Кӕцӕй ӕй зонӕн? Аци статьяй сӕйраг стих Йезекил ниффинста, Иов ку цардӕй, уомӕй берӕ ӕностӕ фӕстӕдӕр.
19, 20. а) Нӕ бон куд ӕй Иови е ’ууӕндундзийнадӕй ӕма коммӕгӕсдзийнадӕй фӕнзун? б) Нӕ бон куд ӕй Йегови хузӕн иннети рист лӕдӕрун?
19 Нӕ бон куд ӕй Иови ӕууӕндундзийнадӕ ӕма коммӕгӕсдзийнадӕ фӕнзун? Цийфӕнди уавӕрти ма уӕн, уӕддӕр нин гъӕуама Йеговӕ алкӕддӕр фиццаг бунати уа. Гъӕуама ибӕл алли гъуддаги дӕр нӕ зӕрдӕ дарӕн ӕма имӕ зӕрдиагӕй игъосӕн. Махӕн Иовӕй берӕ ӕнцондӕр ӕй уотӕ архайун. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн? Мах ӕй Библийӕй зонӕн, Сайтан ка ӕй ӕма куд архайуй, уой (2 Кор. 2:11). Библийӕй, уӕлдайдӕр ба Иови киунуги фӕрци, мах зонӕн, Хуцау гъезӕмӕрттӕ цӕмӕн уадзуй, уой. Данели пахампарадӕй ба зонӕн, Хуцауи Паддзахадӕ ӕцӕг хецауадӕ ке ӕй ӕма ӕ сӕргълӕууӕг Йесо Киристе ке ӕй, уой (Дан. 7:13, 14). Удта ма ’й зонӕн, еци Паддзахадӕ тагъд рӕстӕги ӕгас гъезӕмӕрттӕн дӕр кӕрон ке искӕндзӕй, уой дӕр.
20 Иови хабарӕй бӕрӕг ӕй, нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕртӕй уӕззау уавӕри еске ку уа, уӕд имӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ке гъӕуама уӕн. Иови хузӕн етӕ дӕр, гӕнӕн ес, ӕма ӕнӕрасагъӕс кӕнгӕй ести дзоронцӕ (Еккл. 7:7). Уӕхӕнттӕн уайтагъд уайдзӕфтӕ кӕнун гъӕуама ма райдайӕн, фал сӕмӕ лӕдӕргӕ уӕн. Уотемӕй фӕнзӕн нӕ уарзӕгой ӕма фӕлмӕнзӕрдӕ Хуцау Йегови (Пс. 103:8).
ЙЕГОВӔ УӔ БАФЕДАР КӔНДЗӔЙ
21. Петури дзурдтӕ нин нӕ зӕрдӕбӕл куд лӕуун кӕнунцӕ Ной, Данел ӕма Иови царди хабӕрттӕ?
21 Ной, Данел ӕма Иов аллихузи дзаманти цардӕнцӕ, удта фӕйнӕхузи зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбалдӕнцӕ. Сӕ хабӕрттӕ нин нӕ зӕрдӕбӕл ӕфтаунцӕ апостол Петури дзурдтӕ: «Минкъий рӕстӕг гъезӕмӕрттӕ бавзардзиайтӕ, фал уӕ удта Хуцау,– устур хуарзӕнхӕ ӕгасӕйдӕр кӕмӕй цӕуй... е,– кӕронмӕ исахур кӕндзӕй, бафедар уӕ кӕндзӕй, уӕ хъауритӕбӕл уин хъауритӕ бафтаудзӕй» (1 Пет. 5:10).
22. Иннӕ статьяй дзурд цӕбӕл цӕудзӕй?
22 1 Петури 5:10 финст дзурдтӕ абони махмӕ дӕр хаунцӕ. Петури фӕрци нин Йеговӕ лӕдӕрун кӕнуй, ӕ лӕггадгӕнгутӕн хъауритӕ ке дӕтдзӕй ӕма сӕ ке федар кӕндзӕй. Алкедӕр ни фӕндуй, цӕмӕй нӕ Йеговӕ федар кӕна, удта нин ӕнхус кӕна, цӕмӕй нӕ лӕггади нӕ къохтӕ ма ’руадзӕн. Уой туххӕй ба гъӕуама Ноййи, Данели ӕма Иови се ’ууӕндундзийнадӕ ӕма коммӕгӕсдзийнадӕй фӕнзӕн. Иннӕ статьяйӕй куд базондзиан, уотемӕй син еузӕрдонӕй байзайунмӕ фиццагидӕр ӕнхус кодта, Йегови хуарз ке зудтонцӕ, е. Етӕ ’й хуарз лӕдӕрдтӕнцӕ, Хуцау сӕмӕ цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой (Ӕмб. 28:5). Ӕма мах бон дӕр ӕй уобӕл архайун.
^ 2 абз. Йезекил уацари бахаудтӕй нӕ эри размӕ 617 анзи. Йезекили 8:1–19:14 ци финст ес, уой ниффинста, уацари «ӕхсӕзӕймаг анз» ку адтӕй, уӕд, гъома нӕ эри размӕ 612 анзи.
^ 5 абз. Ноййи фидӕ, Ламех, Хуцауӕн ковӕг адӕймаг адтӕй, фал Дони хъиамӕтӕй еу фондз анзи раздӕр рамардӕй. Мадта кӕд Ноййӕн ӕ мадӕ, ӕ хуӕртӕ ӕма е ’нсувӕртӕ уодӕгас адтӕнцӕ, уӕд Дони хъиамӕти нӕ фӕййервазтайуонцӕ.