Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Раст ци ӕй, уой дзорӕ

Раст ци ӕй, уой дзорӕ

«Кӕрӕдземӕн, раст ци ӕй, уой дзоретӕ» (ЗАХ. 8:16).

ЗАРТӔ: 56, 124

1, 2. Адӕнӕн тӕккӕ устурдӕр зиан ци хӕссуй ӕма еци гъуддаги фудгин ка ӕй?

АДӔН ци ӕргъуди кодтонцӕ, уонӕй нин берӕ цидӕртӕ нӕ цард фенцондӕр кодтонцӕ, зӕгъӕн, телефон, холодильник кенӕ машинӕ. Фал ма уонӕй уӕлдай ӕргъуди кодтонцӕ, цардӕн тӕссаг ка ӕй, уӕхӕн цидӕртӕ дӕр, зӕгъӕн, дамбаца, тамаку кенӕ атомон бомбӕ. Фал уонӕй дзӕвгарӕ раздӕр фӕззиндтӕй, адӕнӕн берӕ фулдӕр зиан ка ӕрхаста, уӕхӕн цидӕр. Цума ци? Мӕнгӕттӕ. Е ӕй, адӕймаг зонгӕ-зонгӕй ескӕмӕн раст ци нӕй, уой ку фӕдздзоруй. Ӕма фиццаг хатт ка басайдта? Е адтӕй Сайтан. Йесо Киристе ӕй исхудта «мӕнгӕдзийнади фидӕ». (Бакӕсӕ Иоанни 8:44.) Цума фиццаг хатт ке басайдта?

2 Е адтӕй Эдеми дзӕхӕрадони цалдӕр мин анзей размӕ. Адам ӕма Евӕ амондгун цард кодтонцӕ, Йеговӕ син ке ’рцӕттӕ кодта, еци дзенети. Фал сӕ Йеговӕ бафӕдзахста, «хуарз ӕма лӕгъуз ци ӕй, уой зонуни бӕласӕй» ку бахуӕрайтӕ, уӕд рамӕлдзиайтӕ, зӕгъгӕ. Сайтан дӕр уой зудта, ӕма Евӕн хелаги цъухӕй загъта: «Нӕ, нӕ рамӕлдзиайтӕ». Е адтӕй тӕккӕ фиццаг сайд. Сайтан ма уотӕ дӕр загъта: «Хуцау [ӕй] зонуй: ци бон си бахуӕрайтӕ, еци бон уӕ цӕститӕ райгон уодзӕнцӕ ӕма исуодзиайтӕ Хуцауи хузӕн – зондзиайтӕ, хуарз ӕма лӕгъуз ци ӕй, уой» (Райд. 2:15–17; 3:1–5).

3. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма Сайтан цъамар миуӕ бакодта, ӕма ӕ сайд цӕмӕ ӕркодта?

3 Сайтан хъӕбӕр цъамар миуӕ бакодта, уомӕн ӕма ’й зудта, Евӕ ибӕл ку баууӕнда ӕма еци бӕласӕй ку бахуӕра, уӕд ке рамӕлдзӕй, уой. Ӕма ӕцӕгӕйдӕр уотӕ рауадӕй. Евӕ, уой фӕсте ба Адам дӕр Хуцауи дзурди сӕрти рахизтӕнцӕ, ӕма сӕ е мӕлӕтмӕ ӕркодта (Райд. 3:6; 5:5). Уомӕй фуддӕр ба е адтӕй, ӕма Адами тӕрегъӕди туххӕй «мӕлӕт рапурхӕ ’й ӕгас адӕнбӕл» дӕр. Мадта «мӕлӕт паддзах адтӕй, Адам ци тӕрегъӕд ракодта, уӕхӕн тӕрегъӕд ка нӕ ракодта, сауӕнгӕ уонӕн дӕр» (Ром. 5:12, 14). Гъе уой туххӕй мах дӕр ӕнӕнхӕст ан ӕма нӕ бон нӕй, Хуцауи фӕндон райдайӕни куд адтӕй, уотӕ ӕносмӕ цӕрун. Адӕймаги «царди бӕнттӕ ӕнцӕ ӕвдай анзи... уӕлдай федар ка ӕй, уомӕн [ба] ӕстай анзи» ӕма ма етӕ дӕр – «маст ӕма фудӕбонӕй» идзаг (Пс. 90:10). Аци мӕгурбон нӕбӕл Сайтани мӕнгӕтти туххӕй ӕркодта!

4. а) Цӕхуӕн фарстатӕбӕл гъӕуама зонӕн дзуапп? б) Псаломи 15:1, 2 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Хуцаумӕ хӕстӕг кӕнун ке бон ӕй?

4 Киристе Сайтани туххӕй загъта: «Е... рӕстдзийнади надӕй рахаудтӕй, уомӕн ӕма ӕ медӕг рӕстдзийнадӕ нӕййес». Уӕдӕй нурмӕ Сайтан нӕ раййивта, ӕма абони «зӕнхӕбӕл ӕгас адӕни дӕр... сайуй» (Рарг. 12:9). Фал мах нӕ фӕндуй е скъӕппӕги бахаун. Уой туххӕй ба гъӕуама дзуапп зонӕн аци фарстатӕбӕл: абони Сайтан адӕни куд сайуй? Адӕн цӕмӕн фӕссайунцӕ? Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй алкӕддӕр, раст ци ӕй, уой дзорӕн, ӕма Адам ӕма Еви хузӕн Йеговӕй ма райеуварс уӕн? (Бакӕсӕ Псалом 15:1, 2.)

САЙТАН АДӔНИ КУД САЙУЙ

5. Абони Сайтан адӕни куд сайуй?

5 Нӕ бон ӕй Сайтани мӕнгӕттӕй нӕхе багъӕуай кӕнун. Апостол Павел загъта: «[Сайтан] куд архайуй, е нин ӕнӕзонгӕ нӕй» (2 Кор. 2:11). Мах ӕй зонӕн, ӕгас дуйне дӕр Сайтани къохти ке ӕй – мӕнгӕ дин, политикӕ ӕма коммерци (1 Иоан. 5:19). Устур бартӕ ке къохти ’нцӕ, еци адӕн Сайтан ӕма ӕ лӕгъуз изӕдти дӕлбарӕ ’нцӕ. Уомӕ гӕсгӕ нӕмӕ дессаг нӕ кӕсуй, мӕнгӕттӕ ке фӕдздзорунцӕ, е (1 Тим. 4:1, 2). Зӕгъӕн, еуӕй-еу бизнесментӕ сӕ рекламити адӕни сайунцӕ, цӕмӕй син се ’хца бастъегъонцӕ ӕма син, ка нӕ бӕззуй кенӕ зиан ка хӕссуй, уӕхӕн ести рауӕйӕ кӕнонцӕ.

6, 7. а) Дини разамонгутӕ мӕнгӕттӕ ке фӕдздзорунцӕ, е никки фуддӕр цӕмӕн ӕй? б) Ду ба дини разамонгутӕй цӕхуӕн мӕнгӕттӕ фегъосис?

6 Никки фуддӕр ба ӕй, дини разамонгутӕ мӕнгӕттӕ ке фӕдздзорунцӕ, е. Фуддӕр ба цӕмӕн? Уомӕн ӕма сӕ мӕнгӕттӕбӕл беретӕ баууӕндунцӕ ӕма, Хуцау е ’сӕфт кӕмӕй уинуй, уӕхӕн гъуддӕгтӕ кӕнун райдайунцӕ. Уой туххӕй ба ӕнӕхай кӕнунцӕ ӕносон царди нифсӕй (Оси 4:9). Йесо ӕй зудта, ӕ рӕстӕги дини разамонгутӕ адӕни сайгӕ ке кодтонцӕ, уой, ӕма син ӕргом дзурдта: «Мӕгурбон уӕбӕл кӕндзӕй, киунугидӕснитӕ ӕма фарисейтӕ! Дудзӕскӕнттӕ! Денгизбӕл ӕма сор зӕнхӕбӕл фӕззелетӕ, цӕмӕй еу адӕймаги уӕддӕр раздахайтӕ уӕ динмӕ. Ӕма е уӕ къохи ку бафтуйуй, уӕдта ’й уӕхецӕй дууӕ хатти хъӕбӕрдӕр фӕккӕнтӕ геенни [ӕносон мӕлӕти] аккаг» (Матф. 23:15). Йесо мӕнгӕ дини разамонгути исхудта сӕ фидӕ Сайтани хузӕн лӕгмартӕ (Иоан. 8:44).

7 Мах рӕстӕги дӕр дини разамонгутӕй беретӕ уони хузӕн ӕнцӕ. Адӕн сӕ фӕххонунцӕ пастортӕ, саугинтӕ, раввинтӕ ӕма уотӕ идарддӕр. Фарисейти хузӕн етӕ дӕр «Хуцауи рӕстдзийнади бӕсти равзурстонцӕ мӕнгӕдзийнадӕ» (Ром. 1:18, 25). Сӕ мӕнгӕ ахурӕдтӕй еуӕй-еуетӕ ӕнцӕ ӕнӕмӕлгӕ уоди ӕма реинкарнаций туххӕй. Уомӕй уӕлдай ма фӕззӕгъунцӕ, зӕгъгӕ, дууӕ нӕлгоймаги кенӕ дууӕ силгоймаги лӕг ӕма уоси цард ку кӕнонцӕ, уӕд уомӕ Хуцау лӕгъуз цӕстӕй нӕ кӕсуй.

8. Тагъд рӕстӕги политиктӕ цӕхуӕн мӕнгӕ хабар фегъосун кӕндзӕнцӕ, фал имӕ мах цӕхуӕн цӕстӕй ракӕсдзиан?

8 Политиктӕй дӕр беретӕ адӕни зонгӕ-зонгӕй фӕссайунцӕ. Тагъд рӕстӕги хецауӕдтӕ фегъосун кӕндзӕнцӕ еу мӕнгӕ хабар – ӕгас дуйнебӕл дӕр «сабурдзийнадӕ ӕма ӕдасдзийнадӕ». Е уодзӕй тӕккӕ устурдӕр сайд. Фал «уӕд ӕнӕнгъӕлти ӕрцӕудзӕй сӕ исӕфт». Мадта хецауӕдтӕ уотӕ ку дзоронцӕ, ӕма уавӕр фӕххуӕздӕр кӕнуй, уӕд еци мӕнгӕттӕбӕл нӕ баууӕнддзиан. Мах ӕй зонӕн, «давӕг ӕхсӕвигон куд фӕззиннуй, раст гъе уотӕ ке ӕрцӕудзӕй Йегови бон дӕр» (1 Фес. 5:1–4).

АДӔН ЦӔМӔН ФӔССАЙУНЦӔ

9, 10. а) Адӕн сайгӕ цӕмӕн фӕккӕнунцӕ, ӕма е цӕмӕ ’ркӕнуй? б) Йегови туххӕй ци гъӕуама ма иронх кӕнӕн?

9 Абони бартӕ ке къохти ’нцӕ, айдагъ етӕ нӕ фӕссайунцӕ. Еу журнали, «Сайгӕ цӕмӕн кӕнӕн», зӕгъгӕ, финст адтӕй: «Адӕймагӕн сайун ӕ тоги ӕй». Беретӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма адӕймаг сайгӕ ке кӕнуй, уоми дессагӕй неци ес. Еу кӕмидӕр куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ адӕймаг фӕссайуй, ӕ рӕдуд кенӕ ести фудмиуӕ баримӕхсун ӕй ку фӕффӕндуй, уӕд. Кадӕртӕ ба фӕссайунцӕ, сӕхецӕн ести пайда райсуни кенӕ фулдӕр ӕхца бакосуни туххӕй. Еци статьяй ма финст адтӕй, кӕмӕндӕрти ӕнӕзонгити, ӕмкосгути, ӕмбӕлтти кенӕ хеуӕнтти фӕссайун пирт дӕр ке нӕй.

10 Уӕхӕн мӕнгӕттӕ цӕмӕ ’ркӕнунцӕ? Адӕн кӕрӕдзебӕл нӕбал феууӕндунцӕ ӕма кӕрӕдземӕй раидард унцӕ. Расагъӕс кӕнӕ, ӕ бийнойнагбӕл еузӕрдон ка ӕй, уӕхӕн нӕлгоймагӕн куд зин уодзӕй, ӕ уосӕ ’й сайгӕ ке кодта ӕма ибӕл гадзирахаттӕй ке рацудӕй, уой ку базона, уӕд. Кенӕ ба расагъӕс кӕнӕ, нӕлгоймаг хӕдзари медӕг ӕ бийнонти ку ӕфхуӕра, адӕни астӕу ба ӕхе уотӕ ку ’вдеса, цума син хъӕбӕр хуарз ӕй. Уӕхӕн адӕни бон ӕй иннети басайун, фал ӕй мах зонӕн, Йегови басайӕн ке нӕййес. Библий финст ӕй: «Уомӕй римӕхст неци ӕй, алцидӕр ин ӕй ӕргом» (Дзиуит. 4:13).

11. Анани ӕма Сапфири хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)

11 Библий ес, Сайтан Хуцауи басайунмӕ ке баразӕнгард кодта, уӕхӕн лӕг ӕма уоси хабар. Анани ӕма Сапфирӕ апостолти басайунмӕ гъавтонцӕ. Етӕ сӕ зӕнхӕ рауӕйӕ кодтонцӕ ӕма ӕхцай кӕцидӕр хай апостолтӕмӕ ӕрбахастонцӕ. Анани ӕма Сапфири ӕмбурди иннети рази сӕхе бавдесун ке фӕндадтӕй, уой туххӕй апостолтӕн загътонцӕ, зӕгъгӕ, зӕнхӕ цӕбӕл рауӕйӕ кодтан, уой еугурӕйдӕр ӕрбахастан. Фал ӕй Йеговӕ зудта, сайгӕ ке бакодтонцӕ, уой ӕма сӕ бафхуардта (Гъуд. 5:1–10).

12. Мӕнгӕттӕ ка дзоруй ӕма фӕсмон ка нӕ кӕнуй, уонӕн сӕ кӕрон кумӕ цӕуй ӕма цӕмӕн?

12 Цума сайгӕ ка кӕнуй, уонӕмӕ Йеговӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсуй? Мӕнгӕттӕ ка дзоруй ӕма фӕсмон ка нӕ кӕнуй, уонӕн, Сайтани хузӕн, сӕ кӕрон цӕуй «содзгӕ сондони цадӕмӕ». Ӕндӕр загъдӕй, ӕносон исӕфтмӕ (Рарг. 20:10; 21:8; Пс. 5:6). Цӕмӕн? Уомӕн ӕма сайгӕ ка кӕнуй, уони Йеговӕ еу рӕнгъӕбӕл ӕвӕруй, е ’сӕфт кӕмӕй уинуй, уӕхӕн гъуддӕгтӕ ка кӕнуй, уони хӕццӕ (Рарг. 22:15).

13. Йегови туххӕй ци зонӕн, ӕма нӕ е цӕмӕ разӕнгард кӕнуй?

13 Мах ӕй зонӕн, Хуцау «адӕймаг нӕй» ӕма уомӕн гӕнӕн нӕййес, цӕмӕй басайа (Ним. 23:19; Дзиуит. 6:18). Йеговӕ «мӕнгӕ ӕвзагӕй» е ’сӕфт уинуй (Ӕмб. 6:16, 17). Ӕма ни цӕмӕй ӕ зӕрдӕ рохс кӕна, уой туххӕй гъӕуама алкӕддӕр, раст ци ӕй, уой дзорӕн. Уомӕ гӕсгӕ мах кӕрӕдзей нӕ сайӕн (Кол. 3:9).

«РАСТ ЦИ ӔЙ, УОЙ ДЗОРЕТӔ»

14. а) Ӕцӕг киристӕнттӕ мӕнгӕ динбӕл хуӕст адӕнӕй цӕмӕй хецӕн кӕнунцӕ? б) Балӕдӕрун кӕнӕ Лукай 6:45 финст уагӕвӕрд.

14 Ӕцӕг киристӕнттӕ мӕнгӕ динтӕй цӕмӕй хецӕн кӕнунцӕ, еци гъуддӕгтӕй сӕ еу цӕхуӕн ӕй? Кӕрӕдземӕн, раст ци ӕй, уой дзорунцӕ. (Бакӕсӕ Захари 8:16, 17.) Павел загъта: «Алли ӕгъдауӕй дӕр ӕвдесӕн, Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ ке ан, уой... ӕцӕг ци ӕй, уой дзорӕн» (2 Кор. 6:4, 7). Киристе дӕр загъта: «Адӕймаг, ӕ зӕрдӕ идзаг цӕмӕй фӕууй, дзоргӕ дӕр уой фӕккӕнуй» (Лук. 6:45). Е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма рӕстзӕрдӕ адӕймаг алкӕддӕр, раст ци ӕй, уой дзордзӕй хеуӕнттӕн, ӕмбӕлттӕн, ӕмкосгутӕн ӕма ма ӕнӕзонгитӕн дӕр. Мадта ӕркӕсӕн, алли гъуддаги дӕр нин рӕстӕй архайунмӕ ка банхус кӕндзӕй, уӕхӕн цӕветтонтӕмӕ.

Аци ӕригон хуӕри туххӕй ци ес зӕгъӕн? (кӕсӕ 15, 16 абзацтӕ)

15. а) Дууӕ цардемӕй цӕрун лӕгъуз цӕмӕн ӕй? б) Ӕригӕнтти бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй се ’нгӕртти зундбӕл ма рацӕуонцӕ? (Кӕсӕ феппайуйнаг.)

15 Кӕд ӕригон дӕ, уӕд дӕ, ӕвӕдзи, фӕндуй, цӕмӕй дӕ де ’нгӕрттӕ нимайонцӕ. Уой туххӕй беретӕ дууӕ цардемӕй цӕрун райдайунцӕ. Сӕ бийнонти астӕу ӕма ӕмбурди сӕхе еу хузи фӕддарунцӕ, соцсетьти кенӕ Йеговӕн ка нӕ лӕггадӕ кӕнуй, уӕхӕн адӕни астӕу ба бустӕги ӕндӕрхузи. Лӕгъуз цъухӕй фӕдздзорунцӕ, ӕгъдаубӕл дзорӕг ка нӕй, уӕхӕн дарӕси хӕтунцӕ, ӕнӕгъдау музыкӕмӕ игъосунцӕ, ниуӕзтӕ ӕма наркотиктӕбӕл фӕццӕфсунцӕ ӕма уотӕ идарддӕр. Етӕ айдагъ сӕ ниййергути, удта хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти нӕ сайунцӕ, фал Йегови дӕр (Пс. 26:4, 5). Фал ӕй Йеговӕ фӕууинуй, кӕнгӕ миутӕ кенӕ е ’сӕфт кӕмӕй уинуй, уӕхӕн гъуддӕгтӕ ку фӕккӕнӕн (Мар. 7:6). Мадта цӕйбӕрцӕбӕл хуӕздӕр уодзӕй аци ӕмбесондмӕ гӕсгӕ архайун: «Дӕ зӕрдӕ ма бахицӕ кӕнӕд тӕрегъӕдгӕнгутӕмӕ, фал ӕдзохдӕр Йеговӕй тӕрсӕ» (Ӕмб. 23:17) *.

16. Ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадӕ кӕнунмӕ курдиади ци фарстатӕ фӕууй, уонӕбӕл цӕхуӕн дзуӕппитӕ гъӕуама раттӕн?

16 Цӕмӕй пионерӕй лӕггадӕ кӕнун райдайай кенӕ ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадгӕнӕг исуай, зӕгъӕн, Вефили лӕггадгӕнӕг, уой туххӕй дӕ гъӕуй курдиадӕ байдзаг кӕнун. Еци курдиади хъӕбӕр ӕхсидзгӕ ӕй де ’нӕнездзийнади, ерхӕфсӕнти ӕма хуӕрзӕгъдаудзийнади туххӕй ци фарстатӕ фӕууй, уонӕбӕл ӕргом ӕма раст дзуӕппитӕ ниффинсун (Дзиуит. 13:18). Ӕма кӕд, Йеговӕ е ’сӕфт кӕмӕй уинуй, уӕхӕн гъуддӕгтӕй ести бакодтай ӕма дӕ дӕ цӕсгон хуӕруй, уӕдта ци кӕнгӕ ’й? Хестӕр нӕлгоймӕгти хӕццӕ радзорӕ, ӕма дин етӕ банхус кӕндзӕнцӕ Йеговӕн кӕдзос цӕсгонӕй лӕггадӕ кӕнун (Ром. 9:1; Гал. 6:1).

17. Нӕ нихмӕ ка ӕй, етӕ нӕ не ’нсувӕртӕбӕл ку фӕрсонцӕ, уӕд нин нӕхе куд даргӕ ’й?

17 Зӕгъӕн, кӕми цӕрис, уоми уин хецауадӕ сӕребарӕй игъосун кӕнуни барӕ нӕ дӕттуй. Ку дӕ ниййахӕссонцӕ ӕма дӕ ӕнсувӕртӕбӕл ку фӕрсонцӕ, уӕд куд бакӕндзӕнӕ? Цидӕриддӕр зонис, уой син радзордзӕнӕ? Киристе ба куд бакодта, ромаг хецау ӕй ку фарста, уӕд? Йесо архайдта Библий финст уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ, зӕгъгӕ, «ес рӕстӕг гъосӕй лӕуунмӕ ӕма рӕстӕг дзорунмӕ», ӕма уомӕ гӕсгӕ неци дзурдта (Еккл. 3:1, 7; Матф. 27:11–14). Мах дӕр уӕхӕн уавӕри ку бахауӕн, уӕд гъӕуама лӕмбунӕг уӕн, цӕмӕй не ’нсувӕртӕ мах туххӕй тӕссаг уавӕри ма бахауонцӕ (Ӕмб. 10:19; 11:12).

Дӕ бон куд ӕй балӕдӕрун, дзоргӕ дин ӕй ӕви дин гъосӕй лӕугӕй? (кӕсӕ 17, 18 абзацтӕ)

18. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ нӕ не ’нсувӕрбӕл ку фӕрсонцӕ, уӕд куд гъӕуама бакӕнӕн?

18 Зӕгъӕн, ӕмбурди кадӕр уӕззау тӕрегъӕд искодта ӕма ’й ду ба зонис. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ ихӕс ӕй, цӕмӕй ӕмбурд кӕдзос уа, ӕма, ка ’й зонуй, дӕу дӕр фӕрсдзӕнцӕ ци зонис, уобӕл. Уӕхӕн уавӕри куд бакӕндзӕнӕ? Тӕрегъӕд ка искодта, е дӕ хуарз ӕмбал кенӕ дӕ хӕстӕг ку уа, уӕдта? Библий финст ес: «Ӕ цъухӕй раст дзурд кӕмӕн цӕуй, еци адӕймаг зӕгъдзӕй, раст ци ӕй, уой» (Ӕмб. 12:17; 21:28). Мадта гъӕуама хестӕр нӕлгоймӕгтӕн алцидӕр радзорай, маци басосӕг кӕнӕ, уотемӕй. Уӕд ӕй зондзӕнцӕ, тӕрегъӕд ка ракодта, еци адӕймагӕн хуӕздӕр банхус кӕнун сӕ бон куд ӕй, уой, цӕмӕй Йеговӕмӕ нӕуӕгӕй ӕрбахӕстӕг уа (Иак. 5:14, 15).

19. Иннӕ статьяй дзурд цӕбӕл цӕудзӕй?

19 Давид Йеговӕмӕ кувта: «Дӕуӕн цийнӕдзийнадӕ хӕссуй, рӕстдзийнадӕ зӕрди ку уа, е» (Пс. 51:6). Давид ӕй хуарз зудта, медӕгӕй цӕхуӕн ан, е куд ӕхсидзгӕ ӕй, уой. Ӕцӕг киристӕнттӕ алкӕддӕр «кӕрӕдземӕн, раст ци ӕй, уой дзурдтонцӕ». Мӕнгӕ динтӕй ци гъуддӕгтӕй хецӕн кӕнӕн, уонӕмӕ ма хауй, Библий рӕстдзийнадӕ ке амонӕн, е дӕр. Иннӕ статьяй дзурд цӕудзӕй, еци гъуддаги нӕ бон архайун куд ӕй, уобӕл.

^ 15 абз. Кӕсӕ киунугӕ «Ответы на твои вопросы», 2 том, 15 сӕр «Как не попасть под дурное влияние?» ӕма 16 сӕр «Нужно ли покончить с двойной жизнью?».