«Уарзӕн... гъуддагӕй, кӕдзосзӕрдӕй»
«Мадта кӕрӕдзей айдагъ цъухӕй, дзубандитӕй ма уарзӕн, фал гъуддагӕй, кӕдзосзӕрдӕй» (1 ИОАН. 3:18).
ЗАРТӔ: 106, 100
1. Тӕккӕ устурдӕр уарзт цӕхуӕн ӕй ӕма цӕмӕн? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)
БИБЛИЙ раст уагӕвӕрдтӕбӕл ка ӕнцойнӕ кӕнуй, еци уарзондзийнадӕ, ага́пе, зӕгъгӕ, ӕй Йегови лӕвар. Еци уарзондзийнадӕ уомӕй цӕуй (1 Иоан. 4:7). Е ӕй тӕккӕ устурдӕр уарзт. Уӕхӕн уарзт, ескӕбӕл ӕхцул ку уай ӕма имӕ хуарз зӕрдӕ ку дарай, айдагъ е нӕй, фал адӕймагӕн, нецӕмӕ имӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсис, уотемӕй хуарздзийнадӕ ку кӕнай. Уӕхӕн уарзондзийнадӕ адӕймаги разӕнгард кӕнуй иннетӕн хуарз гъуддӕгтӕ кӕнунмӕ, удта е ӕхецӕн дӕр ӕхцӕуӕн фӕууй ӕма никки амондгундӕр исуй.
2, 3. Йеговӕ адӕни уодуӕлдай уарзтӕй ке уарзуй, уой куд бавдиста?
2 Йеговӕ адӕни ке уарзуй, уой бавдиста, Адам ӕма Еви ку нӕма сфӕлдиста, уӕд. Зӕгъӕн, зӕнхӕ куд конд ӕй, уомӕй бӕрӕг ӕй, уотид цӕрунмӕ ’й ке не ’скодта, фал ма цӕмӕй адӕймаги бон еци цардбӕл цийнӕ кӕнун дӕр уа ӕма зӕнхӕ ӕ цӕрӕнбунат исуа. Уой Йеговӕ ӕхе туххӕй не ’скодта, фал мах туххӕй. Фиццаг бал зӕнхӕ цӕрунмӕ ӕрцӕттӕ
кодта, уой фӕсте ба адӕймаги дӕр сфӕлдиста ӕма ин равардта ӕносон царди нифс дзенети зӕнхӕбӕл.3 Фӕстӕдӕр Йеговӕ ӕ уодуӕлдай уарзт никки устурдӕр гъуддагӕй бавдиста. Адам ӕма Евӕ ӕ нихмӕ рацудӕнцӕ, фал ӕй Йеговӕ зудта, сӕ байзӕддӕгтӕй еуӕй-еуетӕ уони хузӕн ке нӕ уодзӕнцӕ ӕма ’й ке уарздзӕнцӕ. Гъема байархайдта, цӕмӕй еци адӕни тӕрегъӕд ӕма мӕлӕтӕй фӕййервӕзун кодтайдӕ (Райд. 3:15; 1 Иоан. 4:10). Йеговӕ Ервӕзунгӕнӕгӕй зӕрдӕ ку байвардта, гъе уӕдӕй фӕстӕмӕ ’й нимадта, ка исӕнхӕст ӕй, уӕхӕн зӕрдӕвӕрдбӕл. 4 000 анзей фӕсте ба ӕ Фурти адӕни туххӕй нивонди ӕрхаста (Иоан. 3:16). Мах Йеговӕй хъӕбӕр боз ан, уӕхӕн уодуӕлдай уарзт нӕмӕ ке бавдиста!
4. Кӕцӕй ӕй зонӕн, ӕнӕнхӕст адӕймаги бон дӕр уодуӕлдай уарзт кӕнун ке ӕй?
4 Цума мах бон ба ӕй ӕнӕнхӕст уогӕй уодуӕлдай уарзтӕй уарзун? Гъо, уомӕн ӕма нӕ Йеговӕ ӕхемӕ гӕсгӕ сфӕлдиста ӕма нӕ бон ӕй, уомӕ ци менеугутӕ ес, уӕхӕн менеугутӕ ӕвдесун. Уодуӕлдай уарзтӕй уарзун алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй, фал уомӕн ес гӕнӕн. Авель Хуцауи уодуӕлдай уарзт ке кодта, уой бавдиста, хуӕздӕрӕй имӕ ци адтӕй, уой ин нивонди ке ӕрхаста, уомӕй (Райд. 4:3, 4). Ной дӕр Хуцауи уодуӕлдай уарзт кодта. Берӕ ӕнзти дӕргъи Хуцауи тӕрхони хабар адӕнӕн игъосун кодта, кӕд имӕ нӕ игъустонцӕ, уӕддӕр (2 Пет. 2:5). Авраам дӕр ӕ уодуӕлдай уарзт бавдиста, ӕ еунӕг фурти нивонди ӕрхӕссунмӕ цӕттӕ ке адтӕй, уомӕй (Иак. 2:21). Аци еузӕрдон нӕлгоймӕгти хузӕн мах дӕр фӕндуй иннети уодуӕлдай уарзтӕй уарзун, ӕнцон ку нӕ уа, уӕддӕр.
ӔЦӔГ УАРЗОНДЗИЙНАДӔ ӔМА КӔНГӔ МИУТӔ
5. Ӕцӕг уарзондзийнадӕ цӕхуӕн гъуддӕгтӕй нӕ бон ӕй ӕвдесун?
5 Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ ӕцӕг уарзондзийнадӕ айдагъ «цъухӕй, дзубандитӕй» нӕ фӕууй, «фал гъуддагӕй, кӕдзосзӕрдӕй» (1 Иоан. 3:18). Фал е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма адӕймагӕн нӕбал гъӕуй дзорун, ке ӕй уарзӕн, уой (1 Фес. 4:18). Е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма еуӕй-еухатт айдагъ дзурдтӕ фагӕ нӕ фӕуунцӕ. Гъӕуама нӕ уарзондзийнадӕ гъуддагӕй бавдесӕн. Зӕгъӕн, нӕ хуӕрӕн кенӕ не ’нсувӕрӕн, ци бахуӕра ӕма ӕ уӕле ци искӕна, е ку нӕ уа, уӕд ин айдагъ нӕ фӕлмӕн дзурдтӕй нӕ банхус кӕндзиан (Иак. 2:15, 16). Удта Йегови ӕма адӕни ку уарзӕн, уӕд, айдагъ ковгӕ нӕ кӕндзиан, цӕмӕй игъосун кӕнуни гъуддаги фулдӕр адӕн архайа, фал нӕхуӕдтӕ дӕр еци гъуддаги зӕрдиагӕй архайдзиан (Матф. 9:38).
6, 7. а) «Ӕнӕхийнӕ уарзт» цӕхуӕн ӕй? б) Кӕнгӕ миутӕ ка фӕккӕнуй?
6 Апостол Иоанн финста, иннети «гъуддагӕй» ӕма «кӕдзосзӕрдӕй» ке гъӕуама уарзӕн. Мадта нӕ уарзт гъӕуама уа «ӕнӕхийнӕ» (Ром. 12:9; 2 Кор. 6:6). Еуӕй-еухатт адӕймаг кӕнгӕ миутӕ фӕккӕнуй. Фал цума уой ӕцӕг ӕма ӕнӕхийнӕ уарзт исхонӕн ес? Уӕхӕн миутӕмӕ ’й ци фӕрразӕнгард кӕнуй? Еци кӕнгӕ миутӕ неке гъӕунцӕ, удта син уарзондзийнади хӕццӕ еумӕйагӕй неци ес.
7 Ӕркӕсӕн, кӕнгӕ миутӕ ка кодта, уони хабӕрттӕмӕ. Едеми дзӕхӕрадони Сайтан Еви хӕццӕ уотӕ дзурдта, цума Райд. 3:4, 5). Давид Ахитофели ӕ хуарз ӕмбалбӕл нимадта, фал ӕй е ба ӕхе пайдай туххӕй хъӕбӕр тагъд фӕууагъта. Ӕма уотемӕй рабӕрӕг ӕй, ӕцӕг ӕмбал ке н’ адтӕй (2 Сам. 15:31). Абони дӕр раст дин ка ниууагъта ӕма ӕмбурд ниддехтӕ кӕнунбӕл ка архайуй, етӕ дӕр арӕх «рӕсугъд» ӕма «зӕрдӕлхӕнӕн» дзубандитӕ фӕккӕнунцӕ (Ром. 16:17, 18). Сӕхе уотӕ февдесунцӕ, цума иннетӕбӕл хъӕбӕр тухсунцӕ, фал ӕцӕгӕй ба ӕрмӕстдӕр сӕхе сагъӕс фӕккӕнунцӕ (Ром. 16:17, 18).
ибӕл хъӕбӕр тухстӕй. Фал ӕ гъуддӕгтӕй уотӕ зӕгъӕн н’ адтӕй (8. Нӕхемӕ цӕхуӕн фарста гъӕуама раттӕн?
8 Кӕнгӕ уарзт ӕвдесун уӕлдай ӕгадӕ дӕр ӕй, уомӕн ӕма уотемӕй иннети сайуй. Адӕймаги расайун ӕнцон ӕй, фал Хуцауи ба нӕ расайдзӕнӕ. Киристе куд загъта, уомӕ гӕсгӕ кӕнгӕ миутӕ ка кӕнуй, уони Хуцау «карзӕй бафхуӕрдзӕй» (Матф. 24:51). Мах Йегови ном хӕссӕн ӕма нӕ цӕстӕмӕ миутӕ кӕнун нӕ фӕндуй. Уомӕ гӕсгӕ ни алкедӕр гъӕуама ӕхе бафӕрса: «Мӕ уарзондзийнадӕ ци гъуддӕгтӕй февдесун, уони алкӕддӕр кӕдзосзӕрдӕй фӕккӕнун ӕви фулдӕр мӕхе пайдабӕл фӕссагъӕс кӕнун?» Мадта ӕркӕсӕн, «ӕнӕхийнӕ уарзт» цӕхуӕн фараст гъуддагемӕй бӕрӕг фӕууй, уомӕ.
НӔ БОН КУД ӔЙ «ГЪУДДАГӔЙ, КӔДЗОСЗӔРДӔЙ» УАРЗУН?
9. Ӕцӕг уарзондзийнадӕ нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕндзӕй?
9 Иннетӕн хуарздзийнадӕ кӕнӕ, ку неке дӕ базона, уӕддӕр. Ку ’й зонай, ӕма, де ’нсувӕрӕн ци хуарздзийнадӕ кӕнунмӕ гъавис, уой туххӕй некӕд неке базондзӕй, уӕддӕр гъӕуама цӕттӕ уай уӕхӕн гъуддӕгтӕ кӕнунмӕ. (Бакӕсӕ Матфеййи 6:1–4.) Зӕгъӕн, Анани ӕма Сапфирӕ ӕндӕр зундбӕл хуӕст адтӕнцӕ. Уони фӕндадтӕй, цӕмӕй, нисайнаг ке равардтонцӕ, уой туххӕй иннетӕ дӕр базудтайуонцӕ, ӕма ма сайгӕ дӕр бакодтонцӕ, не ’гас ӕхца дӕр, дан, ӕрбахастан. Етӕ сӕ хийнӕдзийнадӕ, удта цӕстӕмӕ миути туххӕй сӕхе бӕллӕхи хай бакодтонцӕ (Гъуд. 5:1–10). Нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕрти ӕцӕгӕй ку уарзӕн, уӕд нин ӕхцӕуӕн уодзӕй уонӕн хуарздзийнадӕ кӕнун ӕма уобӕл нӕ архайдзиан, цӕмӕй ӕй иннетӕ дӕр базононцӕ. Еци гъуддаги нин фӕнзуйнаг ӕнцӕ, ӕууӕндундзийнадӕ федаргӕнӕн хуӕруйнаг цӕттӕ кӕнунмӕ Разамонӕг советӕн ка ӕнхус кӕнуй, еци ӕнсувӕртӕ. Етӕ сӕхемӕ ӕргом не ’здахунцӕ, удта некӕмӕн фӕдздзорунцӕ, цӕбӕл кустонцӕ, уой.
10. Нӕ бон куд ӕй иннетӕн кадӕ кӕнун?
10 «Кӕрӕдземӕн кадӕ кӕнунмӕ, еу инней разӕй фӕууӕд» (Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 12:10.) Киристе ӕ апостолтӕн ке кадӕ кодта, уой бавдиста, сӕ къӕхтӕ син ку нихснадта, уӕд (Иоан. 13:3–5, 12–15). Мах дӕр гъӕуама ӕгас хъауритӕй архайӕн, цӕмӕй Киристей хузӕн сӕрниллӕг уӕн ӕма иннетӕн кадӕ кӕнӕн. Апостолтӕ дӕр, Йесо уотӕ цӕмӕн бакодта, уой кӕронмӕ нӕ лӕдӕрдтӕнцӕ, цалинмӕ фӕстӕдӕр сугъдӕг хъаурӕй не ’схайгин ӕнцӕ, уӕдмӕ (Иоан. 13:7). Иннетӕн кадӕ ке кӕнӕн, е бӕрӕг уодзӕй, нӕхе иннетӕй уӕлдӕр ку нӕ нимайӕн, уӕд, зӕгъӕн, уӕлдӕр ахурадӕ ке фӕцан, гъӕздуг ке ан кенӕ нин Хуцауи организаций берӕ кадгин ихӕстӕ ке ес, уой туххӕй (Ром. 12:3). Ӕма кедӕр цӕйдӕр туххӕй ку ӕстауонцӕ, уӕд нин е гъулӕг нӕ уодзӕй, фал ин ӕ цийнӕбӕл цийнӕ кӕндзиан, кӕд мах дӕр еци гъуддаги цидӕр бакодтан ӕма еци кадӕ махӕн дӕр ӕмбӕлуй, уӕддӕр.
11. Иннети кӕдзосзӕрдӕй ӕстаун цӕмӕн гъӕуй?
11 Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти кӕдзосзӕрдӕй растауисӕ. Гъӕуама иннети растаунмӕ фадуӕттӕ агорӕн, уомӕн ӕма уӕхӕн хуарз дзурдтӕ «адӕймаги бафедар кӕнунцӕ» (Еф. 4:29). Фал уой гъӕуама кӕдзосзӕрдӕй ӕма ӕнӕхийнӕй кӕнӕн. Кенӕ ба уотӕ рауайдзӕй, ӕма кедӕр зӕрдӕ балхӕнуни туххӕй мӕнгӕттӕ дзордзиан кенӕ кӕмӕндӕр унаффӕ раттун багъӕудзӕй, мах ба ин неци зӕгъдзиан (Ӕмб. 29:5). Еске ку растауӕн, уой фӕсте ба ин ӕ фудкой ку кӕнӕн, уӕд уой дӕр ӕнӕхийнӕ уарзт исхонӕн нӕййес. Апостол Павел ӕхе уӕхӕн скъӕппӕгӕй гъӕуай кодта ӕма иннети ку растауидӕ, уӕд бавдесидӕ ӕнӕхийнӕ уарзондзийнадӕ. Зӕгъӕн, еухатт Коринфи киристӕнтти сӕ хуарз гъуддӕгти туххӕй растудта (1 Кор. 11:2). Фал син унаффӕ раттун ку багъудӕй, уӕдта син ӕй фӕлмӕнӕй, фал бӕлвурдӕй балӕдӕрун кодта (1 Кор. 11:20–22).
12. Нӕ иуазӕгуарзондзийнадӕ ӕцӕг уарзондзийнадӕбӕл дзорӕг кӕд уодзӕй?
12 Иуазӕгуарзон уо. Йегови уотӕ фӕндуй, цӕмӕй рӕдау уӕн. (Бакӕсӕ 1 Иоанни 3:17.) Фал нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕртӕн ци кӕнӕн, уой гъӕуама кӕдзосзӕрдӕй кӕнӕн, нӕхе пайдай туххӕй нӕ, фал. Нӕ бон ӕй расагъӕс кӕнун: «Мӕхемӕ арӕхдӕр ке фӕххонун? Мӕ хӕстӕг ӕмбӕлтти, ӕмбурди мӕ цӕсти уӕлдай кадгиндӕр ка ӕй кенӕ уой фӕсте мӕнӕн дӕр хуарздзийнадӕ ка искӕндзӕй, уони? Ӕви архайун, цӕмӕй, хуарз ке нӕ зонун кенӕ кӕмӕй нецӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсун, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ дӕр рӕдау уон?» (Лук. 14:12–14). Кенӕ расагъӕс кӕнӕ уӕхӕн уавӕртӕбӕл: киристӕнттӕй кадӕр гъӕуагӕ ӕййафуй, раст унаффӕ ке нӕ рахаста, уой туххӕй. Кенӕ ба иуазӕгуати ке фӕххудтан, еци ӕнсувӕр кенӕ хуӕрӕ нин арфӕ дӕр нӕ ракодта. Уӕд гъӕуама архайӕн аци уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ: «Уӕ кӕрӕдзей ӕнӕ хъур-хъурӕй баиуазӕг кӕнтӕ» (1 Пет. 4:9). Уотӕ ку кӕнӕн, уӕд уодзиан амондгун, уомӕн ӕма нӕ рӕдаудзийнадӕ зӕрдӕй цӕудзӕй (Гъуд. 20:35).
13. а) Лӕмӕгътӕн ӕнхус кӕнун уӕлдай зиндӕр кӕд фӕууй? б) Ка ӕрлӕмӕгъ ӕй, уонӕн нӕ бон куд ӕй ӕнхус кӕнун?
13 Ӕнхус кӕнӕ лӕмӕгътӕн. Библий ес уӕхӕн фӕдзӕхст, «лӕмӕгъти федар кӕнтӕ, алкӕмӕдӕр уотӕ берӕфӕразон», 1 Фес. 5:14). Ӕма аци фӕдзӕхст куд ӕнхӕст кӕнӕн, уомӕй бӕрӕг уодзӕй, нӕ уарзондзийнадӕ ӕцӕг ӕй ӕви нӕ, е. Лӕмӕгъ ка фӕууй, уонӕй беретӕн цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте се ’ууӕндундзийнадӕ бафедар уй. Фал кӕмӕндӕрти ба берӕ рӕстӕг фӕгъгъӕуй ӕнхус кӕнун, уомӕн ба гъӕуй фӕразондзийнадӕ. Нӕ бон сӕ ӕй, Библий ци гъудитӕ ес, уони фӕрци федар кӕнун, нӕ хӕццӕ сӕ игъосун кӕнунмӕ хонун кенӕ ба сӕмӕ ӕнӕуой байгъосун. Удта раст нӕ уайдӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй уотӕ дзорун, зӕгъгӕ, айӕ «лӕмӕгъ» ӕй, айӕ ба – «федар». Гъӕуама ’й лӕдӕрӕн, алкедӕр ни цӕхуӕндӕр гъуддӕгти федар ке фӕууй, удта ни алкӕмӕдӕр лӕмӕгъдзийнӕдтӕ ке ес. Сауӕнгӕ ма апостол Павел дӕр цӕхуӕндӕр гъуддӕгти лӕмӕгъ адтӕй (2 Кор. 12:9, 10). Мадта ни хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ӕнхус алкедӕр гъӕуй.
зӕгъгӕ (14. Цӕмӕй нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти астӕу ци фарнӕ ес, е ма фехӕла, уой туххӕй нӕ куд архайун гъӕуй?
14 Фарнӕбӕл архайетӕ. Нӕ хуӕртӕ ма не ’нсувӕрти астӕу ци фарнӕ ес, уомӕн хъӕбӕр устур аргъ ес. Уотӕ нӕмӕ ку кӕса, ӕма нӕ раст нӕ балӕдӕрдтӕнцӕ кенӕ нӕбӕл хийнӕй рацудӕнцӕ, уӕддӕр гъӕуама не ’гас хъауритӕй архайӕн, цӕмӕй еци фарнӕ ма фехӕла. (Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 12:17, 18.) Еске зӕрдихудти ку бацӕуӕн, уӕд си гъӕуама хатир ракорӕн, ӕрмӕст кӕдзосзӕрдӕй. Зӕгъӕн, уотӕ дзоруни бӕсти, хатир, уотӕ ке рауадӕй, зӕгъгӕ, дӕ бон ӕй дӕ фудбӕл басӕттун ӕма зӕгъун: «Хатир, ме ’нӕргъуди дзубандитӕй дин дӕ зӕрдӕ ке фӕрресун кодтон». Фарнӕ гъӕуай кӕнун уӕлдай ӕхсидзгӕдӕр ӕй бийнонти медӕг. Раст нӕ уодзӕй, лӕг ӕма уосӕ адӕни астӕу сӕхе уотӕ ку даронцӕ, цума амондгун бийнонтӕ ’нцӕ, хӕдзари ба кӕрӕдземӕ дзоргӕ дӕр ку нӕ кӕнонцӕ кенӕ кӕрӕдземӕн ӕфхуӕрӕн дзубандитӕ ку кӕнонцӕ ӕма ма къох дӕр ку есонцӕ.
15. Зӕрдиагӕй ке ниххатир кодтан, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй?
15 Зӕрдиагӕй хатир кӕнтӕ. Еске нин нӕ зӕрдихудти ку бацӕуа, уӕд ин ниххатир кӕндзиан, ӕма имӕ нӕ зӕрди маст нӕбал дардзиан. Библи зӕгъуй: «Уарзондзийнади фӕрци кӕрӕдземӕн бухсетӕ, зӕрдиагӕй архайетӕ, Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ ке дӕттуй, еци еудзийнади цӕрунбӕл ӕма кӕрӕдзебӕл баст уотӕ фарни тӕгтӕй». Аци дзурдтӕмӕ гӕсгӕ архайун нӕ ке фӕндуй, уой туххӕй хатир кӕндзиан, адӕймаг нин нӕ зӕрдӕ ке фӕрресун кодта, уой лӕдӕргӕ дӕр ку нӕ бакӕна, уӕддӕр (Еф. 4:2, 3). Цӕмӕй адӕймагӕн зӕрдиагӕй ниххатир кӕнӕн, уой туххӕй ци бакодта, уобӕл гъӕуама мабал сагъӕс кӕнӕн. Уарзондзийнадӕ, «лӕгъузӕй ин ка ци ракодта, уони нӕ нимайуй» (1 Кор. 13:4, 5). Нӕ зӕрди маст ку дарӕн, уӕдта гъуддаг уомӕ ӕрцӕудзӕй, ӕма нӕ хуӕртӕ ма не ’нсувӕрти хӕццӕ нӕбал федаудзиан, удта ни Йеговӕ дӕр арази нӕбал уодзӕй (Матф. 6:14, 15). Зӕрдиагӕй ке ниххатир кодтан, е бӕрӕг уодзӕй, еци адӕймаги туххӕй Йеговӕмӕ ку ковӕн, уӕд (Лук. 6:27, 28).
16. Йегови организаций нин ци кадгин ихӕстӕ ес, уонӕмӕ ци цӕстӕй гъӕуама кӕсӕн?
16 Дӕхецӕн пайда ма агорӕ. Нӕ хуӕртӕ ма ӕнсувӕрти ӕцӕгӕй ке уарзӕн, уой ма бавдесдзиан, Йегови организаций нин ци кадгин ихӕстӕ ес, уони ӕнхӕст кӕнгӕй иннети пайдабӕл ку сагъӕс кӕнӕн, нӕхе пайдабӕл нӕ, фал (1 Кор. 10:24). Зӕгъӕн, конгресси уагдартӕ алкӕддӕр иннетӕй раздӕр ӕрбацӕунцӕ ӕма сӕ бон фӕууй сӕхецӕн, удта сӕ бийнонтӕн хуӕздӕр бунӕттӕ ниййахӕссун. Фал етӕ еци бунӕттӕ ӕрбацӕугутӕн ниууадзунцӕ ӕма уотемӕй ӕвдесунцӕ, сӕхе пайдабӕл ке нӕ сагъӕс кӕнунцӕ. Нӕ бон куд ӕй еци ӕнсувӕрти фӕнзун?
17. Киристон уӕззау тӕрегъӕд ку искӕна, уӕд ӕй ӕцӕг уарзондзийнадӕ цӕмӕ баразӕнгард кӕндзӕй?
17 Уӕ тӕрегъӕдтӕбӕл басӕттетӕ ӕма сӕ мабал кӕнтӕ. Еуӕй-еухатт уӕззау тӕрегъӕд ка искодта, еци киристӕнттӕ сӕ тӕрегъӕд баримӕхсунмӕ фӕгъгъавунцӕ. Ӕвӕдзи, сӕхецӕй ӕфсӕрми фӕккӕнунцӕ кенӕ сӕ нӕ фӕффӕндуй, цӕмӕй си иннетӕ фӕффудӕнгъӕл уонцӕ (Ӕмб. 28:13). Фал е уарзондзийнадӕбӕл дзорӕг нӕй, уомӕн ӕма уотемӕй адӕймаг ӕхецӕн дӕр ӕма иннетӕн дӕр лӕгъуздӕр кӕнуй. Кутемӕй? Ка ’й зонуй, еци адӕймаги туххӕй Йеговӕ ӕмбурдӕн арфӕ нӕбал кӕндзӕй ӕма сӕ фарнӕ фехӕлдзӕй (Еф. 4:30). Мадта киристон уӕззау тӕрегъӕд ку искӕна, уӕд ӕй ӕцӕг уарзондзийнадӕ баразӕнгард кӕндзӕй ӕ гъуддаг хестӕр нӕлгоймӕгтӕн радзорун, цӕмӕй ин банхус кӕнонцӕ (Иак. 5:14, 15).
18. Ӕцӕг уарзондзийнадӕ ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?
18 Уарзондзийнадӕ тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр менеуӕг ӕй (1 Кор. 13:13). Уарзондзийнадӕ нӕмӕ ку уа, уӕд бӕрӕг уодзӕй, Киристей фӕдбӕлдзӕугутӕ ке ан ӕма уарзондзийнадӕ кӕмӕй цӕуй, еци Хуцау Йегови ке фӕнзӕн (Еф. 5:1, 2). Павел финста: «Уарзондзийнадӕ [мӕмӕ] ку нӕ уа, уӕд ӕз неци дӕн» (1 Кор. 13:2). Мадта идарддӕр дӕр кӕрӕдзей айдагъ «дзубандитӕй ма уарзӕн» фал «гъуддагӕй» ӕма «кӕдзосзӕрдӕй».