Дӕ зӕронд уодигъӕдӕ ниууадзӕ
«Зӕронд уодигъӕдӕ ӕ миути хӕццӕ ниууадзетӕ» (КОЛ. 3:9).
ЗАРТӔ: 121, 142
1, 2. Адӕн Йегови Ӕвдесӕнти туххӕй ци фӕдздзорунцӕ?
БЕРЕТӔ фӕззӕгъунцӕ, Йегови Ӕвдесӕнтӕ дессаги адӕн ӕнцӕ, зӕгъгӕ. Зӕгъӕн, еу финсӕг Антон Джилл, нацистити рӕстӕг Германий ка цардӕй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти туххӕй ниффинста: «Уӕлдай хъӕбӕрдӕр нациститӕ се ’сӕфт уидтонцӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕй. [...] 1939 анзмӕ си 6 000 адӕймаги бахаудтӕнцӕ [концлагермӕ]». Еци финсӕг куд загъта, уомӕ гӕсгӕ, Йегови Ӕвдесӕнтӕ хъӕбӕр зин уавӕри адтӕнцӕ, фал сӕ уӕддӕр зудтонцӕ, ӕууӕнкӕ кӕбӕл ес, уӕхӕн адӕнӕй, удта адтӕнцӕ уӕздан, Хуцаубӕл еузӕрдон ӕма кӕрӕдзебӕл федар хуӕстӕнцӕ.
2 Ӕрӕги ба Хонсар Африкаг Республики дӕр хъӕбӕр дес кодтонцӕ, Йегови Ӕвдесӕнтӕ ци дессаги адӕн ӕнцӕ, уобӕл. Кӕддӕр еци бӕсти ци закъӕнттӕ адтӕй, уони туххӕй Йегови Ӕвдесӕнтӕн аллихузи адӕнихаттитӕй сӕ бон н’ адтӕй еумӕ ӕмбурд кӕнун.
Фал 2011 анзи 18 декабри 78 000 фулдӕр Ӕвдесӕни аллихузи адӕнихӕттитӕй, Хонсар Африкаг Республикӕй ӕма хӕстӕг бӕститӕй, ӕрӕмбурд ӕнцӕ сӕрмагонд фембӕлдмӕ Йоханнесбурги тӕккӕ устурдӕр стадиони. Стадиони администрацийӕй еу загъта: «Ӕз некӕдма фӕууидтон, цӕмӕй аци стадиони уӕхӕн ӕгъдаугин адӕн ӕрӕмбурд адтайдӕ. Еугурӕйдӕр рӕсугъд кондӕй ӕрбацудӕнцӕ. Стадион дӕр куд дзӕбӕх бафснайдтайтӕ! Фал тӕккӕ дессагдӕр ба ӕй, уӕ кӕрӕдзей адӕнихӕттитӕбӕл ке нӕ дехтӕ кӕнтӕ, е».3. Нӕ организаций адӕн иннетӕй цӕмӕй хецӕн кӕнунцӕ?
3 Мадта Ӕвдесӕн ка нӕй, еци адӕн дӕр ӕй уинунцӕ, цӕхуӕн дессаги ӕгасдуйнеуон организаци нин ес, уой (1 Пет. 5:9). Фал цума иннӕ адӕнӕй цӕмӕй хецӕн кӕнӕн? Мах не ’гас хъауритӕй архайӕн, цӕмӕй нӕ «зӕронд уодигъӕдӕ ӕ миути хӕццӕ» ниууадзӕн ӕма нӕ «уодигъӕдӕ нӕуӕгмӕ» раййевӕн (Кол. 3:9, 10). Ӕма нин е ӕнтӕсуй Хуцауи сугъдӕг хъаури ӕма Библий фӕрци.
4. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан ӕма цӕмӕн?
4 Нӕ зӕронд уодигъӕдӕ ку ниууадзӕн, уӕд имӕ фӕстӕмӕ гъӕуама макӕдбал раздӕхӕн. Аци статьяй ӕркӕсдзиан, нӕ зӕронд уодигъӕдӕ ниууадзун нӕ бон куд ӕй, ӕма е ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй, уомӕ. Удта ма базондзиан, тӕрегъӕдгун гъуддӕгтӕбӕл хъӕбӕр ка фӕццӕфстӕй, уони бон дӕр раййевун ӕй ӕви нӕ, уой. Ба ма зондзиан, Хуцауӕн берӕ ӕнзти дӕргъи ка лӕггадӕ кӕнуй, уонӕн ци банхус кӕндзӕй, фӕстӕмӕ сӕ зӕронд гъуддӕгтӕмӕ ма раздӕхун. Аци гъуддӕгтӕбӕл радзорун цӕмӕн гъӕуй? Гъигагӕн, Йегови лӕггадгӕнгутӕй еуӕй-еуетӕ къӕрцгъос ке нӕбал адтӕнцӕ, уой туххӕй фӕстӕмӕ раздахтӕнцӕ, кӕддӕр ци цард кодтонцӕ, уомӕ. Уомӕ гӕсгӕ ни алкедӕр гъӕуама ӕ зӕрдӕбӕл дара 1 Коринфӕгтӕмӕ 10:12 финст фӕдзӕхст: «Мадта уотӕ ка сагъӕс кӕнуй, ӕма федар лӕууй, е ӕхемӕ кӕсӕд, цӕмӕй ма рахауа».
УӔХЕ ӔНӔГЪДАУ ФӔНДТӔЙ ИСУӔГЪДӔ КӔНТӔ
5. а) Хуцау е ’сӕфт кӕмӕй уинуй, уӕхӕн гъуддӕгтӕ уайтагъд цӕмӕн гъӕуама ниууадзӕн? Ӕрхӕссӕ цӕветтон. (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.) б) Колоссӕгтӕмӕ 3:5–9 стихтӕмӕ гӕсгӕ зӕронд уодигъӕдӕмӕ цӕхуӕн гъуддӕгтӕ хаунцӕ?
5 Дӕ хъӕппӕлтӕ цъумур ку уонцӕ кенӕ смаг ку кӕнонцӕ, уӕд ци бакӕндзӕнӕ? Ӕвӕдзи сӕ уайтагъд раласдзӕнӕ. Хуцау е ’сӕфт кӕмӕй уинуй, уӕхӕн гъуддӕгтӕ нӕхемӕ ку ӕрлӕдӕрӕн, уӕд дӕр гъӕуама гъе уотӕ бакӕнӕн – еци фӕдбӕл сӕ ниууадзӕн. Уӕхӕн гъуддӕгти кой кӕнгӕй Павел загъта: «Ниууагътӕ еци хабӕрттӕ». Ӕркӕсӕн си дууемӕ: хӕтундзийнадӕ ӕма цъумур миутӕ. (Бакӕсӕ Колоссӕгтӕмӕ 3:5–9.)
6, 7. а) Павели дзурдтӕй куд зиннуй, нӕ зӕронд уодигъӕдӕ ниууадзун куд ӕхсидзгӕ ’й, е? б) Сакурӕ цӕхуӕн цард кодта ӕма ин ци банхус кодта ӕ цард раййевун?
6 Хӕтундзийнадӕ. Библий дзурд «хӕтундзийнадӕ» амонуй, закъонмӕ гӕсгӕ лӕг ӕма уосӕ ка нӕй, удта дууӕ нӕлгоймаги кенӕ дууӕ силгоймаги, лӕг ӕма уоси цард ку фӕккӕнунцӕ, уомӕ. Павел киристӕнттӕмӕ финста,
зӕгъгӕ, «рамаретӕ уӕ зӕнхон бауӕри фӕндтӕ», гъома хӕтундзийнадӕмӕ ка ӕркӕнуй, еци фӕндтӕ. Е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма гъӕуама уӕхӕн фӕндти хӕццӕ не ’цӕг бӕнтти тох кӕнӕн. Е ӕнцон нӕй, фал нӕ бон ӕй фӕууӕлахез ун.7 Ӕркӕсӕн Японийӕй еу хуӕри хабармӕ, хуннуй Сакурӕ *. Хуӕрзӕригон ма ку адтӕй, уӕд имӕ уотӕ кастӕй, цума ӕппундӕр неке гъӕуй, ӕма цӕмӕй еци сагъӕстӕй исуӕгъдӕ адтайдӕ, уой туххӕй райдӕдта ӕнӕгъдау цард кӕнун. Уӕд ибӕл 15 анземӕй ӕндӕр нӕ цудӕй. Сакурӕ ӕртӕ аборти искодта. «Ӕнӕгъдау цард кӕнун ку райдӕдтон, уӕд мӕмӕ фиццӕгти уотӕ кастӕй, цума мин тӕссаг нецӕмӕй ӕй ӕма кедӕр гъӕун,– зӕгъуй Сакурӕ.– Фал куд идарддӕр уотӕ мӕхецӕн хъӕбӕрдӕр тӕрсун райдӕдтон». Уӕхӕн цард фӕккодта 23 анзей уӕнгӕ. Уой фӕсте ба райдӕдта Йегови Ӕвдесӕнти хӕццӕ Библи ахур кӕнун. Ци базудта, е ӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цудӕй, ӕма Йегови фӕрци е ’нӕгъдау цард ниууагъта ӕма ’й нур ӕ цӕсгон нӕбал хуӕруй. Абони Сакурӕ лӕггадӕ кӕнуй пионерӕй, удта имӕ уотӕ дӕр нӕбал кӕсуй, ӕма неке гъӕуй. Сакурӕ зӕгъуй: «Ӕз хъӕбӕр амондгун дӕн, уомӕн ӕма Йегови уарзондзийнадӕ мӕхебӕл ӕвзарун!»
ЦЪУМУР МИУТӔ НИУУАГЪТӔ
8. Адӕймаг Хуцауи цӕсти цъумур цӕхуӕн гъуддӕгти туххӕй исуй?
8 Цъумур миутӕ. Библий дзурдбастӕй «цъумур миутӕ» ци грекъаг дзурд тӕлмацгонд ӕрцудӕй, уомӕ айдагъ хӕтундзийнадӕ нӕ хауй, фал ӕндӕр гъуддӕгтӕ дӕр, зӕгъӕн, тамаку думун кенӕ ихӕлд гиризтӕ (2 Кор. 7:1; Еф. 5:3, 4). «Цъумур миутӕмӕ» ма хаунцӕ, адӕймаг сосӕггай ке фӕккӕнуй, уӕхӕн миутӕ дӕр, зӕгъӕн, бауӕри монцтӕ ка цирен кӕнуй, уӕхӕн литературӕ кӕсун кенӕ ӕргом порнографимӕ кӕсун. Е ба ’й ӕркӕндзӕй ӕндӕр цъумур гъуддагмӕ – мастурбацимӕ (Кол. 3:5) *.
9. Адӕймаг порнографимӕ ку кӕса, уӕд ӕй е цӕмӕ ӕркӕндзӕй?
9 Порнографимӕ ка фӕккӕсуй, уӕхӕн адӕймаг «монцтӕй содзун» райдайуй, ӕма ӕнӕ уомӕй ӕ бон нӕбал фӕууй. Бӕрӕггӕнӕнтӕмӕ гӕсгӕ порнографи дӕр ниуӕзтӕ ӕма наркотикти хузӕн ӕй. Мадта дессаг дӕр нӕй, адӕймаг порнографимӕ ку фӕккӕсуй, уӕд ӕй е лӕгъуз фӕстеугутӕмӕ ке ӕркӕнуй. Зӕгъӕн, ӕхемӕ хъӕбӕр нецӕййаг ӕркӕсуй, кустгъон нӕбал фӕууй, ӕ бийнонти хӕццӕ нӕбал фӕффедауй, ӕ цардӕмбали хӕццӕ рахецӕн уй, сауӕнгӕ ма ӕхемӕ дӕр ӕ къох исесуй. Порнографимӕ еу анзи бӕрцӕ ка нӕбал кӕсуй, еу уӕхӕн нӕлгоймаг ниффинста: «Мӕхецӕн нӕуӕгӕй аргъ кӕнун райдӕдтон».
10. Рибейро порнографимӕ кӕсун куд ниууагъта?
10 Беретӕн хъӕбӕр зин ӕй, порнографийӕй сехе еуварс дарун. Фал Бразилийӕй еу ӕнсувӕр Рибейрой хабарӕй бӕрӕг ӕй, еци тохи фӕууӕлахез ун нӕ бон ке ӕй. Рибейро ӕригон Бийнонти амонд цӕмӕй кӕнгӕ ӕй», ӕма ӕй кӕсун райдӕдта. Еци киунугӕ ӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр фӕццудӕй ӕма Йегови Ӕвдесӕнтӕн загъта, цӕмӕй ӕ хӕццӕ Библи ахур кӕнун райдӕдтайуонцӕ. Фал ма еци гъуддаги хӕццӕ берӕ фӕттох кодта. Цума ин ци банхус кодта? Рибейро зӕгъуй: «Йеговӕмӕ кувтон, Библи ахур кодтон ӕма ци базонинӕ, уобӕл арф сагъӕс кодтон. Уой фӕрци Йегови менеугутӕн никки хъӕбӕрдӕр аргъ кӕнун райдӕдтон ӕма ӕй никки хъӕбӕрдӕр бауарзтон. Ӕма мӕ уотемӕй порнографимӕ нӕбал ивазта». Хуцауи Дзурд ӕма ӕ сугъдӕг хъаури фӕрци Рибейро ӕ зӕронд уодигъӕдӕ ниууагъта, донаргъуд райста ӕма нур хестӕр нӕлгоймагӕй лӕггадӕ кӕнуй.
адтӕй, уотемӕй ӕ хӕдзарӕй рандӕ ’й. Цӕйбӕрцӕ дӕр рӕстӕги фӕсте ба райдӕдта макулатурӕй нӕуӕг гӕгъӕди кӕми уадзунцӕ, уӕхӕн заводи косун. Уоми ибӕл рамбӕлидӕ ихӕлд хузтӕ кӕми адтӕй, уӕхӕн журналтӕ. «Гъе уотемӕй порнографибӕл фӕййахур дӕн,– зӕгъуй Рибейро.– Уой уӕнгӕ ӕрхаудтӕн, ӕма нӕбал бухстӕн, ци силгоймаги хӕццӕ цардтӕн, е хӕдзарӕй кӕд рандӕ уодзӕй, уомӕ, цӕмӕй порнографимӕ бакастайнӕ». Еу бон кусти дуйней гӕгъӕдити астӕу ниууидта киунугӕ «11. Адӕймагӕн ци банхус кӕндзӕй, порнографимӕ кӕсун ниууадзун?
11 Цӕмӕй Рибейро порнографийӕй исуӕгъдӕ адтайдӕ, уой туххӕй ма ’й, Библи ахур кӕнунӕй уӕлдай никкидӕр цидӕр кӕнун гъудӕй. Гъӕуама байархайдтайдӕ, цӕмӕй Библий рӕстдзийнадӕ ӕ зӕрди ниххизтайдӕ. Уомӕн ба гъудӕй рӕстӕг. Рибейро Йеговӕмӕ кувта ӕма нӕуӕгӕй ци базонидӕ, уобӕл арф сагъӕс кодта. Гъема фӕстагмӕ Хуцауи уарзт ӕ бауӕри монцтӕбӕл фӕхъхъӕбӕрдӕр ӕй. Йегови хъӕбӕрдӕр ку уарзӕн, ӕма цъумур миутӕй дӕр не ’сӕфт ку уинӕн, уӕд нин уомӕй хуӕздӕр неци банхус кӕндзӕй порнографимӕ кӕсун ниууадзун. (Бакӕсӕ Псалом 97:10.)
НИУУАДЗЕТӔ МАСТ, ӔФХУӔРӔН ДЗУБАНДИТӔ ӔМА САЙД
12. Стивен маст ӕма ӕфхуӕрӕн дзубандитӕй ӕхе куд исуӕгъдӕ кодта?
12 Ӕхебӕл хуӕцун ка нӕ зонуй, уӕхӕн адӕймаг ӕ маст уайтагъд иннетӕбӕл искалуй. Уӕхӕн адӕнӕн сӕ бийнонтӕ хъӕбӕр ӕнамонд фӕуунцӕ. Бийнойнаг ӕма сувӕллӕнттӕ кӕмӕн ес, уӕхӕн ӕнсувӕр Австралийӕй, Стивен, зӕгъгӕ, загъта: «Раздӕр минкъий нецӕбӕл дӕр мӕстӕй рафицинӕ. Мӕ бийнойнаги хӕццӕ ӕртӕ хатти хецӕнтӕй цардан, ӕма минкъийтӕбӕл нӕ рахецӕн ан». Фал уой фӕсте сӕ хӕццӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕ Библи ахур кӕнун райдӕдтонцӕ ӕма Стивен ци базудта, уомӕ гӕсгӕ архайун райдӕдта. «Нӕ бийнонти цард цӕхгӕрмӕ раййивта,– зӕгъуй, Стивен.– Раздӕр минкъий нецӕбӕл дӕр рафицинӕ ӕма адтӕн, мӕнӕ-мӕнӕ ка ниггупп кӕндзӕй, уӕхӕн бомби хузӕн, фал нур ба Йегови фӕрци мӕ зӕрди ес сабурдзийнадӕ ӕма фарнӕ». Абони Стивен лӕггадӕ кӕнуй кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕрӕй, ӕ бийнойнаг ба цалдӕр анзей размӕ пионерӕй лӕггадӕ кӕнун райдӕдта. Се ’мбурди хестӕр нӕлгоймӕгтӕ си уотӕ фӕззӕгъунцӕ:
«Стивен хъӕбӕр сабур, кустуарзагӕ ӕма сӕрниллӕг ӕнсувӕр ӕй». Етӕ ӕй мӕстгунӕй дӕр некӕд фӕууидтонцӕ. Фал ӕй Стивен лӕдӕруй, уӕхӕн ӕййивддзийнӕдтӕ искӕнун ин ӕхе хъауритӕй ке некӕд бантӕстайдӕ ӕма зӕгъуй: «Йегови ӕнхусбӕл ку не ’сарази адтайнӕ, уӕд аци арфӕдзийнӕдтӕй мӕ царди еу дӕр нӕ адтайдӕ. Фал еци ӕнхуси фӕрци мӕ цард цӕхгӕрмӕ раййивтон».13. Маст уорамун цӕмӕн гъӕуй? Библи нӕ цӕмӕй фӕдзӕхсуй?
13 Библи нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй нӕхе хезӕн маст, гъӕр ӕма ӕфхурӕн дзубандитӕй (Еф. 4:31). Гъигагӕн, уӕхӕн гъуддӕгтӕ арӕх бӕллӕхмӕ ӕркӕнунцӕ. Аци дуйней беретӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма адӕймаг ӕ маст уорамун ку нӕ зона, уӕд уоми лӕгъузӕй неци ес. Фал ӕцӕгӕй ба уӕхӕн гъуддӕгтӕ не Сфӕлдесӕги ӕгадӕ кӕнунцӕ. Уомӕ гӕсгӕ беретӕ устур ӕййивддзийнӕдтӕ искодтонцӕ, цӕмӕй сӕ уодигъӕдӕ нӕуӕгмӕ раййивтайуонцӕ. (Бакӕсӕ Псалом 37:8–11.)
14. Ӕ маст уорамун ка нӕ зонуй, уӕхӕн адӕймаги бон ӕй раййевун ӕма сӕрниллӕг исун?
14 Ӕркӕсӕн, Австрий ӕмбурдтӕй еуеми хестӕр нӕлгоймагӕй ка лӕггадӕ кӕнуй, еци ӕнсувӕри хабармӕ. Ӕ ном ӕй Ханс. Еци ӕмбурди хестӕр нӕлгоймӕгти совети координатор Ханси туххӕй загъта: «Уой хузӕн сӕрниллӕг ӕнсувӕртӕ берӕ нӕййес». Фал Ханс алкӕд уӕхӕн н’ адтӕй. Ӕригон ма ку адтӕй, уӕд ниуӕзтӕбӕл фӕццӕфстӕй ӕма хъӕбӕр ӕнӕхатир адӕймаг иссӕй. Еухатт расугӕй Исаййи 55:7 финст дзурдтӕ „фудгӕнӕг ниууадзӕд ӕ над“, зӕгъгӕ. Удта 1 Коринфӕгтӕмӕ 6:11 стихи, ӕ лӕгъуз гъуддӕгтӕ ка ниууагъта, уони туххӕй ци дзурдтӕ финст ес, етӕ, зӕгъгӕ, „сумахӕй дӕр еуӕй-еуетӕ уӕхӕн адтӕнцӕ“. Берӕ ӕнзти дӕргъи мин Йеговӕ ӕ сугъдӕг хъаури фӕрци фӕразонӕй ӕнхус кодта, ӕма мӕ бон иссӕй мӕ уодигъӕдӕ нӕуӕгмӕ раййевун». Ханс ахӕстдони ӕвддӕс анзи ӕма ’рдӕг фӕббадтӕй ӕма уордиги донаргъудӕй рацудӕй. Ханс зӕгъуй: «Мӕ бон ӕй зӕгъун дӕр нӕй, Йеговӕй куд хъӕбӕр боз дӕн, уотӕ фӕлмӕн мӕмӕ ке адтӕй ӕма мин ке хатир кодта!»
цӕбӕлдӕр хъӕбӕр исмӕстгун ӕй ӕма ӕ уарзони рамардта. Уой туххӕй ин 20 анзи равардтонцӕ. Фал ӕй ахӕстдонӕ хуӕздӕрӕрдӕмӕ нӕ раййивта. Цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте ӕ мадӕ хестӕр нӕлгоймагӕн загъта, цӕмӕй ин ахӕстдони ӕ фурти бабӕрӕг кодтайдӕ ӕма ӕ хӕццӕ Библи ахур кӕнун райдӕдтайдӕ. Ханс зӕгъуй: «Мӕ зӕронд уодигъӕдӕ ниууадзун мин хъӕбӕр зин адтӕй. Фал мин нифс лӕвардтонцӕ15. Зӕронд уодигъӕди гъуддӕгтӕмӕ ма ци хауй? Библи уой туххӕй ци зӕгъуй?
15 Сайун дӕр зӕронд уодигъӕди гъуддӕгтӕмӕ хауй. Зӕгъӕн, беретӕ уой туххӕй сайунцӕ, цӕмӕй хъалон минкъийдӕр федонцӕ кенӕ сӕ сӕ гъуддӕгтӕбӕл дзуапп дӕттун ма гъӕуа. Фал Йеговӕ «рӕстдзийнади Хуцау» ӕй (Пс. 31:5). Ӕма ӕ лӕггадгӕнгутӕй дӕр агоруй, цӕмӕй «ӕцӕг ци ӕй», уой дзоронцӕ ӕма «ма сайонцӕ» (Еф. 4:25; Кол. 3:9). Мадта нин зин ку уа кенӕ ӕфсӕрми ку кӕнӕн, уӕддӕр гъӕуама дзорӕн, раст ци ӕй, уой (Ӕмб. 6:16–19).
ЦӔЙ ФӔРЦИ ФӔУУӔЛАХЕЗ ӔНЦӔ?
16. Ци нин банхус кӕндзӕй нӕ зӕронд уодигъӕдӕ раййевун?
16 Зӕронд уодигъӕдӕ раййевун нин нӕхе хъауритӕй нӕ рауайдзӕй. Сакурӕ, Рибейро, Стивен ӕма Ханс хъӕбӕр берӕ хъауритӕ ӕрӕвардтонцӕ, цӕмӕй сӕ зӕронд уодигъӕдӕ ниууагътайуонцӕ. Еци гъуддаги син банхус кодта Хуцауи Дзурд ӕма ӕ сугъдӕг хъаурӕ (Лук. 11:13; Дзиуит. 4:12). Кӕд мах дӕр уӕхӕн ӕнхус гъӕуй, уӕд гъӕуама алли бон дӕр Библи кӕсӕн, ци бакастан, уобӕл лӕмбунӕг сагъӕс кӕнӕн, удта Йеговӕй зунд ӕма хъауритӕ корӕн, цӕмӕй, ци базудтан, уомӕ гӕсгӕ нӕ бон архайун дӕр уа (Йес. Н. 1:8; Пс. 119:97; 1 Фес. 5:17). Цӕмӕй нин Хуцауи Дзурд пайда хӕсса ӕма сугъдӕг хъаурӕй хайгин уӕн, уой туххӕй ма нӕ гъӕуй ӕмбурдтӕмӕ цӕун ӕма сӕмӕ нӕхе цӕттӕ кӕнун (Дзиуит. 10:24, 25). Уомӕй уӕлдай ма гъӕуама пайда кӕнӕн Йеговӕ ӕгас дуйнебӕл ӕ адӕни ахур кӕнунмӕ никкидӕр ци мадзӕлттӕй пайда кӕнуй, уони дӕр (Лук. 12:42).
17. Иннӕ статьяй цӕбӕл дзордзиан?
17 Мах ӕркастан Хуцау е ’сӕфт цӕмӕй уинуй, цалдӕр уӕхӕн гъуддагемӕ. Киристӕнттӕ гъӕуама еци гъуддӕгтӕ ниууадзонцӕ, цӕмӕй си Хуцау арази уа. Фал зӕронд уодигъӕдӕ ниууадзун фагӕ нӕй, гъӕуама ӕй нӕуӕгмӕ раййевӕн ӕма си хуарз менеугутӕ ирӕзун кӕнӕн. Е нӕ къохи цӕй фӕрци бафтуйдзӕй, уобӕл дзурд цӕудзӕй иннӕ статьяй.