ГЪӔУАЙГӔНӔН МӔСУГ (ӔМБУРДИ АХУР КӔНУНМӔ) Сентябрь 2017

Аци брошюри ес, 2017 анзи 23 октябрӕй 26 ноябрмӕ ке ахур кӕндзиан, еци статьятӕ.

Хебӕл хуӕцун зонӕ

Библий цӕветтонтӕ дин куд банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй хебӕл хуӕцун зонай? Киристӕнттӕ хебӕл хуӕцун цӕмӕн гъӕуама зононцӕ?

Йегови хузӕн тӕрегъӕдгӕнагӕ уо

Еухатт Хуцау Моисеййи хӕццӕ ку дзурдта, уӕд ин раргом кодта ӕ ном ӕма ӕ менеугутӕ. Фиццагидӕр ин загъта, тӕрегъӕдгӕнагӕ Хуцау ке ӕй. Тӕрегъӕдгӕнагӕ адӕймаг цӕхуӕн ӕй ӕма еци фарстамӕ ӕркӕсун цӕмӕн гъӕуй?

«Нӕ Хуцауи дзурд... уодзӕй ӕносмӕ»

Библи абони уӕнгӕ дӕр нимад ӕй тӕккӕ зундгонддӕр киунугӕбӕл, кӕд ӕвзӕгтӕ ӕма дуйней уавӕр ӕййевгӕ цудӕнцӕ, удта ма ’й тӕлмац кӕнун дӕр нӕ уагътонцӕ, уӕддӕр.

Хуцауи Дзурди ес устур хъаурӕ

Беретӕ Хуцауи Дзурд ке ахур кӕнунцӕ, уой фӕрци сӕ царди хъӕбӕр устур ӕййивддзийнӕдтӕ искодтонцӕ. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй Хуцауи Дзурди хъаурӕ мах царди дӕр уотӕ бӕрӕг кӕна?

«Нифсхаст... уо ӕма гъуддагмӕ бавналӕ»

Нифсхаст ун нӕ цӕмӕн гъӕуй ӕма нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нифсхаст уӕн?