Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Хебӕл хуӕцун зонӕ

Хебӕл хуӕцун зонӕ

«Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ ци рӕзӕ дӕттуй, е ба ӕй... хебӕл хуӕцун» (ГАЛ. 5:22, 23).

ЗАРТӔ: 121, 36

1, 2. а) Адӕн хебӕл хуӕцун ке нӕ зонунцӕ, е цӕмӕ ӕркӕнуй? б) Абони уӕлдай ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй хебӕлхуӕцундзийнади туххӕй радзорун?

ХЕБӔЛХУӔЦУНДЗИЙНАДӔ хауй Хуцауи сугъдӕг хъаури менеугутӕмӕ (Гал. 5:22, 23). Еци менеуӕг Йеговӕ алкӕддӕр февдесуй, кӕми фӕгъгъӕуй, уоми, фал махӕй ба уотӕ зӕгъӕн нӕййес, уомӕн ӕма ӕнӕнхӕст ан. Абони беретӕ хебӕл хуӕцун ке нӕ зонунцӕ, е берӕ бӕллӕхтӕмӕ ӕркӕнуй. Зӕгъӕн, ӕхсидзгӕ гъуддӕгтӕ афойнадӕбӕл не ’скӕнунцӕ, лӕмбунӕг ахур кӕнун кенӕ косун нӕ фӕффӕразунцӕ, райдайунцӕ фудниуӕзт, фудгъуддӕгтӕ ӕма ӕфхуӕрӕн дзубандитӕ кӕнун, ӕнӕгъӕугӕ ӕфстӕутти ниннӕхсунцӕ, сӕ бийнонти цард фехалунцӕ кенӕ ахӕстдонӕмӕ дӕр бахаунцӕ, ӕнӕгъдау миути туххӕй сӕбӕл ести лӕгъуз незтӕ бацӕфсуй ӕма уотӕ идарддӕр (Пс. 34:11–14).

2 Куд ӕй уинӕн, уотемӕй хебӕл хуӕцун ка нӕ зонуй, еци адӕн сӕхецӕн дӕр ӕма иннетӕн дӕр берӕ зиан ӕрхӕссунцӕ. Ӕма рӕстӕг куд цӕуй, уотӕ гъуддаг фуддӕрӕй-фуддӕр кӕнуй. Фал нӕмӕ е дессаг гъӕуама ма кӕса, уомӕн ӕма Хуцауи Дзурди хъӕбӕр раги финст ӕрцудӕй, «фӕстаг бӕнтти» адӕн хебӕл хуӕцун ке нӕ зондзӕнцӕ (2 Тим. 3:1–3).

3. Хебӕл хуӕцун цӕмӕн гъӕуама зонӕн?

3 Хебӕл хуӕцун цӕмӕн гъӕуама зонӕн? Ӕркӕсӕн дууӕ гъуддагемӕ. Фиццаг: хебӕл хуӕцун ка зонуй, уӕхӕн адӕймагӕн ӕ царди минкъийдӕр зиндзийнӕдтӕ фӕууй. Уомӕй уӕлдай ма ин ӕнцондӕр фӕууй иннети хӕццӕ федаун, удта естӕбӕл дӕр ӕма нецӕбӕл дӕр ӕгӕр нӕ фӕттухсуй кенӕ нӕ фӕммӕстгун кӕнуй. Дуккаг: цӕмӕй идарддӕр дӕр Хуцауи ӕмбӕлттӕ уӕн, уой туххӕй гъӕуама хебӕл хуӕцун зонӕн ӕма тӕрегъӕдгун фӕндти хӕццӕ тох кӕнӕн. Уотӕ кӕнун цӕмӕн гъӕуй, е бӕрӕг ӕй Адам ӕма Еви хабарӕй (Райд. 3:6). Абони дӕр берӕ адӕн зиндзийнӕдтӕ ӕвзарунцӕ, хебӕл хуӕцун ке нӕ зонунцӕ, уой туххӕй.

4. Хебӕл хуӕцун зин кӕмӕн фӕууй, уонӕн сӕ нифс ци гъӕуама федар кӕна?

4 Йеговӕ ӕй лӕдӕруй, не ’нӕнхӕстдзийнади туххӕй нин хебӕл хуӕцун зин ке фӕууй. Ӕма нин ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй нӕ тӕрегъӕдгун фӕндти хӕццӕ тох кӕнӕн (1 Пад. 8:46–50). Куд ӕцӕг Ӕмбал, уотӕ, зӕрдиагӕй ӕнхус кӕнуй, лӕггадӕ кӕнун ин ке фӕндуй, фал хебӕл хуӕцун зин кӕмӕн ӕй, уонӕн. Гъӕйдӕ мадта ӕркӕсӕн, Йеговӕ хебӕлхуӕцундзийнадӕ куд ӕвдесуй, уомӕ. Удта ма ӕркӕсӕн, хебӕл хуӕцун ка зудта ӕма ка нӕ зудта, еци адӕни хабӕрттӕмӕ ӕма си цӕбӕл ахур кӕнӕн, уомӕ дӕр. Уомӕй уӕлдай ма нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн, хебӕл хуӕцун нин никки хуӕздӕр ке фӕрци уайдзӕй, еци унаффитӕ.

ЙЕГОВӔ НИН ФӔНЗУЙНАГ ӔЙ

5, 6. Хебӕл хуӕцун куд гъӕуй, уой нин Йеговӕ куд бавдиста?

5 Хебӕл хуӕцун куд гъӕуй, уой нин Йеговӕй хуӕздӕр неке ӕвдесуй, уомӕн ӕма алцӕмӕйдӕр ӕнхӕст ӕй (Дук. з. 32:4). Мах ба ӕнӕнхӕст ан. Фал лӕмбунӕгдӕр ку ’ркӕсӕн, Йеговӕ еци менеуӕг куд ӕвдесуй, уомӕ, уӕд махӕн дӕр хуӕздӕр уайдзӕй хебӕл хуӕцун ӕма ’й зондзиан, зин уавӕри нӕхе куд гъӕуама дарӕн, уой. Фиццаг бал ӕркӕсӕн, хебӕл хуӕцун куд гъӕуй, уой Йеговӕ куд бавдиста, уомӕ.

6 Расагъӕс кӕнӕ, Йеговӕ ӕхе куд бадардта, Сайтан ӕ нихмӕ змӕнтун ку райдӕдта, уӕд. Ӕвӕдзи, Сайтани цъаммар миутӕмӕ еузӕрдон изӕдтӕ хъӕбӕр мӕстгун кодтонцӕ. Ду дӕр, ӕвӕдзи, уотӕ фӕммӕстгун кӕнис, адӕнӕн цӕйбӕрцӕ зиан ӕма гъезӕмӕрттӕ ӕрхаста, уобӕл ку расагъӕс кӕнис, уӕд. Фал Йеговӕ ӕ масти фӕдбӕл нӕ рацудӕй ӕма еци уавӕри растдӕр куд адтӕй, уотӕ бакодта. Сайтани дзурдтӕ раст адтӕнцӕ ӕви нӕ, уой куд лух кӕнуй, уомӕй бӕрӕг ӕй, мӕстгун кӕнунмӕ тагъд ке нӕ кӕнуй ӕма рӕстӕй ке архайуй (Рац. 34:6; Иов 2:2–6). Цума Йеговӕ уойбӕрцӕ цӕмӕн ӕнгъӕлмӕ кӕсуй? Уомӕн ӕма ’й нӕ фӕндуй, цӕмӕй адӕнӕй, еске рамӕла, «фал ӕй фӕндуй, цӕмӕй алкӕмӕндӕр уа ӕрфӕсмон кӕнуни фадуат» (2 Пет. 3:9).

7. Йегови цӕветтонӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

7 Йегови цӕветтонӕй бӕрӕг ӕй, ести зӕгъуни кенӕ бакӕнуни размӕ бал лӕмбунӕг расагъӕс кӕнун ке гъӕуй. Ӕхсидзгӕ унаффӕ рахӕссуни размӕ рӕстӕг рахецӕн кӕнӕ ӕма дзӕбӕх расагъӕс кӕнӕ. Хуцауӕй зунд корӕ, цӕмӕй дӕ бон уа, хуӕздӕр куд уодзӕй, уотӕ бакӕнун кенӕ раст дзурдтӕ иссерун (Пс. 141:3). Мӕстгунӕй раст унаффӕ рахӕссун зиндӕр фӕууй. Киристӕнттӕй беретӕ ести зӕгъунмӕ кенӕ бакӕнунмӕ ке ратагъд кодтонцӕ, уобӕл фӕстӕдӕр рафӕсмон кодтонцӕ (Ӕмб. 14:29; 15:28; 19:2).

ХУЦАУИ ЛӔГГАДГӔНГУТӔЙ ХЕБӔЛ ХУӔЦУН КА ЗУДТА ӔМА КА НӔ ЗУДТА, ЕТӔ

8. а) Хебӕл хуӕцун ка зудта, уони цӕветтонтӕ кӕми ес иссерӕн? б) Иосифӕн ци банхус кодта, раст куд ӕй, уотӕ бакӕнун, Потифари уосӕ ’й ӕрсайунмӕ ку гъавта, уӕд? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)

8 Хебӕл хуӕцун куд ӕхсидзгӕ ӕй, е Библий цӕхуӕн хабӕрттӕй бӕрӕг ӕй? Ӕвӕдзи, гъуди кӕнис Иакови фурт Иосифи хабар. Фараони гъӕуайгӕнгути хестӕр Потифари хӕдзари ку лӕггадӕ кодта, уӕд фӕлварӕни бахаудтӕй. Иосиф «хуӕрзконд ӕма рӕсугъд лӕхъуӕн» ке адтӕй, уомӕ гӕсгӕ ибӕл Потифари уосӕ ӕ цӕстӕ ӕрӕвардта, ӕма ӕй цалдӕр хатти ӕрсайунмӕ гъавта. Цума Иосифӕн ци банхус кодта еци фӕлварӕни федар фӕллӕуун? Ӕвӕдзи, лӕмбунӕг сагъӕс кодта, уӕхӕн миуӕ ку бакӕна, уӕд ӕй е цӕмӕ ӕркӕндзӕй, уобӕл. Ӕма ибӕл Потифари уосӕ ку ӕрхуӕстӕй, уӕд си ралигъдӕй. Иосиф загъта: «Куд гъӕуама бакӕнон уӕхӕн фуддзийнадӕ ӕма Хуцауи рази тӕрегъӕд куд гъӕуама искӕнон?» (Райд. 39:6, 9; бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 1:10.)

9. Дӕ бон куд ӕй дӕхе фӕлварӕнтӕмӕ бацӕттӕ кӕнун?

9 Иосифи хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Нӕ зӕрдӕ нӕ Хуцауи закъони нихмӕ ку цӕун кӕна, уӕд мах дӕр гъӕуама еци фӕлварӕнӕй ледзгӕ кӕнӕн. Еуӕй-еуетӕ цалинмӕ Ӕвдесӕнтӕ нӕма иссӕнцӕ, уӕдмӕ ниуӕзтӕбӕл хъӕбӕр ӕхцул адтӕнцӕ, иннетӕ ба тамаку думдтонцӕ, адтӕнцӕ наркотикти цагъартӕ, кодтонцӕ фудхуӕрд кенӕ ӕнӕгъдау цард ӕма ӕндӕр уӕхӕн гъуддӕгтӕ. Донаргъуди фӕсте дӕр ма си кедӕрти еуӕй-еухатт еци гъуддӕгтӕмӕ фӕййивазуй. Кӕд дӕуӕн дӕр уотӕ фӕууй, уӕд ӕрлӕууӕ ӕма расагъӕс кӕнӕ, дӕхебӕл ку нӕ фӕххуӕцай, уӕд Йегови хӕццӕ дӕ лимӕндзийнадӕ ци бауодзӕй, уобӕл. Рагацау расагъӕс кӕнӕ, дӕхебӕл фӕххуӕцун дин зиндӕр цӕхуӕн уавӕри уодзӕй, уобӕл ӕма дӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй еци уавӕри ма бахауай (Пс. 26:4, 5; Ӕмб. 22:3). Фӕлварӕни рӕстӕг Йеговӕмӕ ковӕ, цӕмӕй дин зунд ратта ӕма дӕ бон уа дӕхебӕл фӕххуӕцун.

10, 11. а) Берӕ ӕригон киристӕнттӕ скъолай цӕхуӕн фӕлварӕнбӕл исӕмбӕлунцӕ? б) Ци син банхус кӕндзӕй Хуцауи закъони нихмӕ ма цӕун?

10 Иосифи хузӕн уавӕри, абони берӕ ӕригон киристӕнттӕ бахаунцӕ. Ӕркӕсӕн, еу ӕригон кизгӕ Кимберлий хабармӕ. Е ’мкъласонтӕ алли уолӕфӕн бӕнтти фӕсте дӕр сӕхе ӕстауиуонцӕ, ӕхсӕвӕ си ка ке хӕццӕ рарвиста, уомӕй. Фал Кимберлийӕн ба ци радзурдтайдӕ, уӕхӕн н’ адтӕй. Ӕхуӕдӕг куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ, иннети хузӕн ке н’ адтӕй, уой туххӕй еуӕй-еухатт ӕрӕнкъард уидӕ. Ке неке хӕццӕ ӕмбалдӕй, уой туххӕй ибӕл е ’мкъласонтӕ ходгӕ кодтонцӕ. Фал Кимберли уотӕ ке архайдта, е зундбӕл дзорӕг ӕй. Е ӕй зудта, ӕригонӕй бауӕри монцтӕ куд карз фӕуунцӕ, уой (2 Тим. 2:22). Е ’мкъласонтӕ ’й арӕх бафӕрсиуонцӕ, нур дӕр ма «кизгӕ» дӕ, зӕгъгӕ. Ӕма ин уӕд фӕззиннидӕ фадуат, ӕнӕгъдау цард цӕмӕннӕ кӕнуй, уой балӕдӕрун кӕнунмӕ. Мах хъӕбӕр сӕрустур ан, кӕдзос цард кӕнунбӕл ка архайуй, еци ӕригон киристӕнттӕй ӕма си Йеговӕ дӕр хъӕбӕр сӕрустур ӕй!

11 Библий ма ес, хебӕл хуӕцун ка нӕ зудта ӕма ӕнӕгъдау миутӕ ка кодта, уӕхӕн адӕни цӕветтонтӕ дӕр. Еци хабӕрттӕй бӕрӕг ӕй, нӕхебӕл хуӕцун ку нӕ зонӕн, уӕд нӕ е хуарзӕй ке нецӕмӕ ӕркӕндзӕй. Кӕд ду дӕр Кимберлий хузӕн уавӕри дӕ, уӕд расагъӕс кӕнӕ, Ӕмбесӕндти 7 сӕри ци ӕригон лӕхъуӕни кой цӕуй, уобӕл кенӕ Амнон ци куст бакодта ӕма е ци бӕллӕхмӕ ӕркодта, уобӕл (2 Сам. 13:1, 2, 10–15, 28–32). Бийнонти ахури рӕстӕг, ниййергути бон ӕй сӕ сувӕллӕнтти хӕццӕ лӕмбунӕгдӕр ӕркӕсун, уӕлдӕр финст ка ӕй, еци хабӕрттӕмӕ, цӕмӕй лӕдӕронцӕ, хебӕл хуӕцун ӕма зундӕй архайун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй, уой.

12. а) Иосиф е ’нсувӕрти рази ӕхе куд ниууорӕдта? б) Хебӕлхуӕцундзийнадӕ нӕ цӕхуӕн уавӕрти фӕгъгъӕуй?

12 Иосиф ма еу гъуддаги дӕр ӕй фӕнзуйнаг. Е ’нсувӕртӕ хуӕруйнаг балхӕнунмӕ Египетмӕ ку ӕрбацудӕнцӕ, уӕд ӕхе не ’ской кодта, цӕмӕй базудтайдӕ, сӕ зӕрди ӕцӕгӕй ци адтӕй, уой. Ӕ бон ӕхе уорамун ку нӕбал адтӕй, уӕдта медӕггаг уатмӕ бацудӕй ӕма искудтӕй (Райд. 43:30, 31; 45:1). Мах дӕр гъӕуама Иосифи хузӕн нӕхебӕл хуӕцун зонӕн, нӕ зӕрдихудти еске ку бацӕуа, уӕд, цӕмӕй уой фӕсте ма фӕсмон кӕнӕн, ци загътан кенӕ ци бакодтан, уобӕл (Ӕмб. 16:32; 17:27). Кенӕ кӕд дӕ хеуӕнттӕй еске ӕмбурдӕй рацох кодтонцӕ, уӕд дӕр хебӕлхуӕцундзийнадӕ гъӕуй, цӕмӕй уӕлдай хатт ӕ хӕццӕ мацӕбӕл дзорай. Е хъӕбӕр зин ӕй. Фал дӕ зӕрдӕбӕл ку дарай, уотемӕй Хуцауи ке фӕнзис ӕма ин ӕ амундтӕмӕ гӕсгӕ ке архаис, уой, уӕд дин ӕнцондӕр уодзӕй.

13. Паддзах Давиди хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

13 Паддзах Давид дӕр нин фӕнзуйнаг ӕй. Саул ӕй марунмӕ ку агурдта, Шимей ба ӕ нихмӕ ку дзурдта, уӕд ӕ бон адтӕй ӕ маст исесун, фал ӕхебӕл фӕххуӕстӕй (1 Сам. 26:9–11; 2 Сам. 16:5–10). Фал ин хебӕл хуӕцун алкӕд нӕ уадӕй. Еухатт, куд ӕй зонӕн, уотемӕй Вирсавий хӕццӕ фӕррӕдудӕй, удта ’й цӕлӕмбуд Навали рамарунмӕ дӕр берӕ нӕбал гъудӕй (1 Сам. 25:10–13; 2 Сам. 11:2–4). Мадта Давиди хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Фиццаг: бӕрнон ӕнсувӕртӕ гъӕуама хебӕл хуӕцун зононцӕ, цӕмӕй раст пайда кӕнонцӕ, ци бартӕ син лӕвӕрд ӕрцудӕй, уонӕй. Дуккаг: ӕхе уотӕ маке сайӕд, ӕма ин фӕррӕдуйунӕй тӕссаг нӕй (1 Кор. 10:12).

ДӔ БОН ЦИ ӔЙ КӔНУН?

14. Еу ӕнсувӕрбӕл цӕхуӕн хабар ӕрцудӕй, ӕма уӕхӕн уавӕри хебӕл хуӕцун хуарз цӕмӕн ӕй?

14 Дӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй хебӕл хуӕцун зонай? Ӕркӕсӕн, ӕнсувӕр Луиджибӕл ци хабар ӕрцудӕй, уомӕ. Ӕ машинӕ ин фӕстегӕй кадӕр ниццавта. Ка ’й ниццавта, фудгин е адтӕй, фал уӕддӕр гъӕр исиста ӕма хилӕ къахун райдӕдта. Луиджи Йеговӕмӕ ракувта, цӕмӕй ин хъауритӕ равардтайдӕ ӕхебӕл фӕххуӕцунмӕ. Удта еци лӕги ӕрсабур кӕнун дӕр ӕвзурста, фал си неци рауадӕй. Луиджи ин ӕ страховки хабӕрттӕ ӕхемӕ рафинста, удта машини рабадтӕй ӕма рандӕ ’й, лӕги ба гъӕргӕнгӕ ниууагъта. Къуӕрей фӕсте Луиджи еу силгоймагмӕ Библий туххӕй радзубанди кӕнунмӕ нӕуӕгӕй ӕрбацудӕй. Ӕ лӕг ба разиндтӕй, ӕ машинӕ ин ка ниццавта, е! Еци лӕг Луиджий ку фӕууидта, уӕд ӕхецӕй хъӕбӕр фефсӕрми ӕй ӕма си хатир ракурдта, ӕхе уотӕ фудконд ке бадардта, уой туххӕй. Уой фӕсте ба ин загъта, ӕ бон ке ӕй Луиджий страховой компанимӕ бадзорун, цӕмӕй ин ӕ гъуддаг тагъддӕр ниллух кодтайуонцӕ. Уомӕй уӕлдай ма Библий туххӕй дӕр хъӕбӕр дзӕбӕх радзубанди кодтонцӕ. Луиджи хъӕбӕр цийнӕ кодта, еци бон ке неци исдзурдта, уобӕл, уомӕн ӕма ӕхе ӕндӕрхузи ку бадардтайдӕ, уӕд гъуддаг уотӕ дзӕбӕх нӕ ниллух адтайдӕ. (Бакӕсӕ 2 Коринфӕгтӕмӕ 6:3, 4.)

Хебӕл хуӕцун зонӕн ӕви нӕ, е бӕрӕг кӕндзӕй нӕ лӕггадӕбӕл дӕр (кӕсӕ 14 абзац)

15, 16. Библи ку ахур кӕнай, уӕд е дӕуӕн дӕр ӕма дӕ бийнонтӕн дӕр куд банхус кӕндзӕй, цӕмӕй хебӕл хуӕцун зонайтӕ?

15 Цӕмӕй хебӕл хуӕцун зонӕн, уой туххӕй нӕ гъӕуй ӕдзох ӕма лӕмбунӕг Библи ӕртасун. Хуцау Йесо Навинӕн загъта: «Аци закъони киунугӕ алкӕддӕр уӕд де ’взагбӕл. Ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕй дӕхецӕн сабур гъӕлӕсӕй кӕсӕ, цӕмӕй си ци финст ес, уони еугурейдӕр ӕнхӕст кӕнай. Уӕд уодзӕнӕ ӕнтӕстгун ӕма зундӕй архайдзӕнӕ» (Йес. Н. 1:8). Фал Библи ке ахур кӕнӕн, е нин хебӕл хуӕцунмӕ куд банхус кӕндзӕй?

16 Мадта нин Библий цӕветтонтӕ хуарз ӕвдесунцӕ, хебӕл хуӕцун ку зонӕн, уӕд нин е ци пайда ӕрхӕсдзӕй ӕма ку нӕ зонӕн, уӕд нӕ е цӕмӕ ӕркӕндзӕй, уой. Еци хабӕрттӕ Йеговӕ мах пайдайӕн ниффинсун кодта (Ром. 15:4). Ӕма сӕ ку кӕсӕн, ку сӕ ӕртасӕн, удта сӕбӕл лӕмбунӕг ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд е зундбӕл дзорӕг уодзӕй. Архайӕ, цӕмӕй балӕдӕрай, еци хабӕрттӕ дӕумӕ, удта дӕ бийнонтӕмӕ куд хаунцӕ, уой. Йеговӕмӕ ковӕ, цӕмӕй дин банхус кӕна, ӕ Дзурди унаффитӕй пайда кӕнун. Хебӕлхуӕцундзийнадӕ дин ке нӕ хъӕртуй, уой ку балӕдӕрай, уӕд ибӕл басӕттӕ. Уой фӕсте ба Йеговӕмӕ ковӕ ӕма зӕрдиагӕй архайӕ, цӕмӕй фӕууинай, дӕ бон фӕххуӕздӕр кӕнун ци ӕй, уой (Иак. 1:5). Нӕ публикацитӕ дӕр лӕмбунӕг ку ӕртасай, уӕд си ӕнӕмӕнгӕй иссердзӕнӕ, дӕу ка гъӕуй, уӕхӕн унаффитӕ.

17. Ниййергути бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй сӕ сувӕллӕнттӕ хебӕл хуӕцун зононцӕ?

17 Дӕ бон куд ӕй дӕ сувӕллӕнттӕн банхус кӕнун, цӕмӕй хебӕл хуӕцун зононцӕ? Ниййергутӕ ’й зонунцӕ, сувӕллон уӕхӕн менеуӕги хӕццӕ ке нӕ райгуруй. Ӕма син цӕмӕй хуарз менеугутӕ сӕ уодигъӕди ниффедар кӕнонцӕ, уой туххӕй син гъӕуама сӕхуӕдтӕ дӕр фӕнзуйнаг уонцӕ (Еф. 6:4). Уӕ сувӕллон хебӕл хуӕцун ку нӕ зона, уӕд расагъӕс кӕнтӕ, уӕхуӕдтӕ ин фӕнзуйнаг айтӕ ӕви нӕ. Игъосун кӕнунмӕ ку цӕуайтӕ, ӕмбурдтӕ ку нӕ цох кӕнайтӕ ӕма уӕмӕ алли къуӕре дӕр бийнонти ахур ку уа, уӕд уотемӕй уӕ сувӕллонӕн фӕнзуйнаг уодзиайтӕ. Удта ку багъӕуа, уӕд ин «нӕъ» зӕгъунмӕ дӕр ма тӕрсетӕ. Йеговӕ Адам ӕма Евӕн ци сӕребарӕдзийнадӕ равардта, уомӕн дӕр арӕнтӕ адтӕй. Ӕма уой фӕрци лӕдӕрдтӕнцӕ, Йеговӕ сӕ Хецау ке ӕй ӕма ’й нимайун ке гъӕуй. Цӕмӕй сувӕллӕнттӕ хебӕл хуӕцун зононцӕ, уой туххӕй сӕ гъӕуама ниййергутӕ раст зундбӕл аразонцӕ ӕма син фӕнзуйнаг уонцӕ. Дӕ сувӕллони ку исахур кӕнай Хуцауи уарзун ӕма ӕ уагӕвӕрдтӕ нимайун, уӕд, зӕгъӕн ес, ӕма ин, хуӕздӕрӕй дӕ бон ци адтӕй раттун, уой равардтай. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 1:5, 7, 8.)

18. Ӕмбӕлттӕ ӕвзаргӕй зундӕй архайун цӕмӕн гъӕуй?

18 Алкедӕр ни ӕмбӕлттӕ ӕвзаргӕй гъӕуама зундӕй архайа. Де ’мбӕлттӕ Йегови ку уарзонцӕ, уӕд дӕ разӕнгард кӕндзӕнцӕ хуарз нисӕнттӕмӕ тундзун ӕма тӕссаг уавӕртӕй дӕхе гъӕуай кӕнун (Ӕмб. 13:20). Фӕнзуйнаг дин ку уонцӕ, уӕд дӕ е разӕнгард кӕндзӕй, цӕмӕй ду дӕр уони хузӕн хебӕл хуӕцун зонай. Дӕхуӕдӕг дӕр син фӕнзуйнаг ку уай, уӕдта етӕ дӕр хуарзӕрдӕмӕ ӕййевдзӕнцӕ. Хебӕл хуӕцун ку исахур уай, уӕд ди Хуцауи зӕрдӕ рохс кӕндзӕй, уодзӕнӕ амондгун ӕма адӕни хӕццӕ фӕрнӕй цӕрдзӕнӕ.