Раст ци ӕй ӕма ци нӕй, уомӕ Йегови цӕстӕй кӕсис?
«Ӕз игъосун кӕндзӕн Йегови ном... е ӕй ӕновуд Хуцау, хӕранӕй имӕ неци ес» (ДУК. З. 32:3, 4).
ЗАРТӔ: 5, 46
1, 2. а) Навуфей ӕма ӕ фурттӕбӕл ци ӕрцудӕй? б) Аци статьяй цӕхуӕн дууӕ менеуӕгебӕл радзубанди кӕндзиан?
ДӔ ЦӔСТИТӔБӔЛ рауайун кӕнӕ: дууӕ ӕнаккаг адӕймаги еу хуарз лӕги устур фудракӕнди фӕффудгин кодтонцӕ. Фал кӕд еци мӕнгӕвдесӕнтӕ сайгӕ кодтонцӕ, уӕддӕр ин мӕлӕти тӕрхон хаст ӕрцудӕй. Расагъӕс кӕнӕ, растзӕрдӕ адӕнӕн куд зин адтӕй, еци хуарз лӕги ӕма ӕ фуртти дортӕй куд рамардтонцӕ, уомӕ кӕсун. Аци хабар ӕрцудӕй Йегови еузӕрдон лӕггадгӕнӕг Навуфейбӕл Израили паддзах Ахави рӕстӕг (1 Пад. 21:11–13; 2 Пад. 9:26).
2 Аци статьяй ӕркӕсдзиан Навуфеййи хабармӕ, удта ма радзордзиан, фиццаг ӕноси киристон ӕмбурди еу хестӕр нӕлгоймаг куд фӕррӕдудӕй, уобӕл дӕр. Аци дууӕ цӕветтоней фӕрци базондзиан, сӕрниллӕгдзийнадӕ нӕ ке гъӕуй, удта хатир кӕнун ке гъӕуама зонӕн, цӕмӕй раст ци ӕй ӕма ци нӕй, уомӕ Йегови цӕстӕй кӕсӕн.
ӔВЕРХЪАУ ХАБАР
3, 4. Навуфей цӕхуӕн лӕг адтӕй ӕма ӕ сӕнӕфсердонӕ рауӕйӕ кӕнунбӕл цӕмӕннӕ исарази ӕй?
3 Навуфеййи рӕстӕги израилӕгтӕн сӕ фулдӕр цудӕнцӕ
паддзах Ахави ӕма ӕ цъамар уосӕ Йезавели зундбӕл. Етӕ кувтонцӕ мӕнгӕ хуцау Ваалӕн, Йегови ӕма ӕ закъӕнттӕ ба нецӕмӕ дардтонцӕ. Фал Навуфей ба Йеговӕбӕл еузӕрдон адтӕй ӕма ин ӕ хӕццӕ ци лимӕндзийнадӕ адтӕй, уомӕн ӕ цардӕй хъӕбӕрдӕр аргъ кодта.4 Бакӕсӕ 1 Паддзӕхти 21:1–3. Ахави фӕндадтӕй Навуфеййи сӕнӕфсердонӕ балхӕнун кенӕ ин ӕ бӕсти ӕндӕр, хуӕздӕр сӕнӕфсердонӕ раттун. Фал ин Навуфей не ’сарази ӕй. Цӕмӕннӕ? Паддзахӕн ӕ гъуди уӕзданӕй балӕдӕрун кодта: «Йегови зӕрдӕмӕ ка нӕ цӕуй, уӕхӕн гъуддаг ӕз нӕ бакӕндзӕн – мӕ фидтӕлтӕ бунӕн ци зӕнхӕ райстонцӕ, уой дин нӕ ратдзӕн». Навуфей Ахавӕн не ’сарази ӕй, уомӕн ӕма е адтӕй, Йеговӕ израилӕгтӕн ци закъон равардта, уой нихмӕ. Еци закъонмӕ гӕсгӕ фидтӕлтӕй ка байзадӕй, еци зӕнхӕн уӕйӕ кӕнӕн н’ адтӕй (Лев. 25:23; Ним. 36:7). Бӕрӕг ӕй, Навуфей Йеговӕмӕ ке игъуста.
5. Йезавел ци бакодта, цӕмӕй Навуфеййи сӕнӕфсердонӕ байстайдӕ?
5 Навуфей ӕ сӕнӕфсердонӕ ку нӕ уӕйӕ кодта, уӕд Ахав ӕма ӕ уосӕ фудвӕндӕ искодтонцӕ. Паддзахуосӕ Йезавел уотӕ бакодта, цӕмӕй Навуфеййи фӕффудгин кодтайуонцӕ ӕма ин ӕхе дӕр, удта ӕ фуртти дӕр рамардтайуонцӕ. Цума Йеговӕ еци ӕверхъау хабармӕ цӕхуӕн цӕстӕй ракастӕй?
ХУЦАУИ РАСТ ТӔРХОН
6, 7. Йеговӕ куд бавдиста, раст тӕрхон ке уарзуй, уой, ӕма е Навуфеййи хеуӕнттӕн уодӕнцойни хуасӕ цӕмӕн адтӕй?
6 Еци хабари фӕсте Йеговӕ Ахавмӕ Илийай рарвиста, цӕмӕй ин ӕргом загътайдӕ, лӕгмар ӕма давӕг ке ӕй. Йеговӕ ин цӕхуӕн тӕрхон рахаста? Навуфей ӕма ӕ фуртти куд рамардтонцӕ, уотӕ гъӕуама рамардтайуонцӕ Ахави, ӕ уоси ӕма сӕ фуртти дӕр (1 Пад. 21:17–25).
7 Навуфеййи бийнонтӕ ӕма ӕмбӕлттӕ хъӕбӕр маст кодтонцӕ, Ахави фудӕй сӕбӕл ци ӕверхъау хабар ӕрцудӕй, уой туххӕй. Фал ӕй Йеговӕ уидта, ӕнӕфуд адӕни тог ке никкалдӕй, уой, ӕма фудгӕнгутӕн еци фӕдбӕл тӕрхон рахаста. Навуфеййи хеуӕнттӕ уой ку фегъустонцӕ, уӕд син, ӕвӕдзи, еу минкъий фенцондӕр ӕй. Фал фӕстӕдӕр ци хабар ӕрцудӕй, уой туххӕй ба син ӕнцон н’ адтайдӕ сӕрниллӕгдзийнадӕ равдесун ӕма сӕ нифс ӕгасӕйдӕр Йеговӕбӕл дарун.
8. Ахав Йегови тӕрхон ку фегъуста, уӕд ӕхе куд бадардта ӕма е цӕмӕ ӕркодта?
8 Ахав Йегови тӕрхон ку фегъуста, уӕд «ӕ уӕледарӕс ӕрӕскъудта, ӕ уӕле гъесин искодта ӕма ком дардта, гъесини хустӕй ӕма сӕргубурӕй рацо-бацо кодта». Ахав ӕхе ӕрниллӕг кодта ӕма ци бакодта, уобӕл зӕрдӕй ӕрфӕсмон кодта. Йеговӕ уой ку фӕууидта, уӕд Илийайӕн загъта: «Мӕ рази ӕхе ке ӕрниллӕг кодта, уой туххӕй бӕллӕх ӕ рӕстӕги не ’руаддзӕн. Ӕ хӕдзарӕ ин бӕллӕхи хай бакӕндзӕн ӕ фурти рӕстӕг» (1 Пад. 21:27–29; 2 Пад. 10:10, 11, 17). Йеговӕ «зӕрдитӕмӕ... кӕсуй» ӕма уинуй, ӕцӕгӕй цӕхуӕн адӕймӕгтӕ ан, уой. Ӕма Ахавӕн дӕр уомӕ гӕсгӕ ниххатир кодта (Ӕмб. 17:3).
СӔРНИЛЛӔГДЗИЙНАДӔ НӔ ГЪӔУАЙ КӔНУЙ
9. Навуфеййи бийнонтӕн ӕма е ’мбӕлттӕн сӕрниллӕгдзийнадӕ куд банхус кодтайдӕ?
9 Навуфеййи бийнонтӕ ӕма ӕмбӕлттӕ Йегови нӕуӕг тӕрхони туххӕй ку фегъустонцӕ, уӕд е, ӕвӕдзи, се ’ууӕндундзийнадӕн фӕлварӕн иссӕй. Фал сӕрниллӕгдзийнади фӕрци се ’ууӕндундзийнадӕ багъӕуай кодтайуонцӕ. Кутемӕй? Сӕрниллӕг ку адтайуонцӕ, уӕд Йеговӕн идарддӕр дӕр лӕггадӕ кодтайуонцӕ ӕма федарӕй зудтайуонцӕ, Йеговӕ хӕран гъуддаг ке некӕд бакӕндзӕй, уой. (Бакӕсӕ Дуккаг закъон 32:3, 4.) Федӕни Йеговӕ Навуфеййи, ӕ фуртти ӕма сӕ хеуӕнтти ку райгас кӕна, уӕд ӕй сӕхебӕл бавзардзӕнцӕ, Йеговӕ ӕцӕгӕйдӕр раст Хуцау ке ӕй, уой (Иов 14:14, 15; Иоан. 5:28, 29). Сӕрниллӕг адӕймаг ӕй лӕдӕруй, «ӕцӕг Хуцау тӕрхон [ке] кӕндзӕй алцӕмӕндӕр, алли сосӕг гъуддагӕн дӕр, хуарз уа ӕви лӕгъуз» (Еккл. 12:14). Йеговӕ тӕрхон ку фӕххӕссуй, уӕд гъуддаг фӕууинуй мах ӕй цирдигӕй нӕ уинӕн, ецирдигӕй дӕр. Мадта сӕрниллӕг ку уӕн, уӕд не ’ууӕндундзийнадӕ не ’рлӕмӕгъ уодзӕй.
10, 11. а) Не ’ууӕндундзийнадӕ фӕлвӕрд цӕхуӕн уавӕрти ӕрцӕуй? б) Сӕрниллӕгдзийнадӕ нӕ куд багъӕуай кӕндзӕй?
10 Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ести унаффӕ ку рахӕссонцӕ ӕма ’й ку нӕ лӕдӕрай кенӕ ӕ хӕццӕ арази ку нӕ уай, уӕд дӕхе куд бадардзӕнӕ? Расагъӕс кӕнӕ уӕхӕн уавӕрбӕл: дӕхе кенӕ дӕ хеуӕнттӕй еске ӕ ихӕстӕй исистонцӕ кенӕ ба ӕмбурдӕй рацох кодтонцӕ дӕ цардӕмбали, дӕ сувӕллони кенӕ дӕ хӕстӕг ӕмбали. Уӕд ци кӕндзӕнӕ? Уотӕ дӕмӕ ку фӕккӕса, ӕма хестӕр нӕлгоймӕгтӕ, тӕрегъӕд ка искодта, уомӕ ӕгӕр фӕлмӕнзӕрдӕ адтӕнцӕ, уӕдта? Уӕхӕн уавӕри гӕнӕн ес, ӕма де’ ууӕндундзийнадӕ фӕлвӕрд ӕрцӕуа ӕма Йеговӕ ӕмбурдӕн разамунд раст ке дӕттуй, уобӕл дузӕрдуг кӕнун райдайай. Уӕхӕн уавӕри дӕ сӕрниллӕгдзийнадӕ куд багъӕуай кӕндзӕй? Ӕркӕсӕн дууӕ гъуддагемӕ.
11 Фиццаг: сӕрниллӕг ку уӕн, уӕд ӕй лӕдӕрдзиан, алци ке нӕ зонӕн, уой. Уавӕр 1 Сам. 16:7). Уой ку нӕ иронх кӕнӕн, уӕд нин ӕнцондӕр уодзӕй, гъуддаг аллирдиги ке нӕ уинӕн, уобӕл сӕрниллӕгӕй арази кӕнун ӕма нӕ гъуди раййевун. Дуккаг: ӕнӕфудӕй ӕфхуӕрд ку баййафӕн, уӕд нин сӕрниллӕгдзийнадӕ банхус кӕндзӕй коммӕгӕс ун ӕма фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсун, Йеговӕ гъуддаг кӕд исраст кӕндзӕй, уомӕ. Библи зӕгъуй: «Хуарз уодзӕй, ӕцӕг Хуцауӕй ка тӕрсуй, уонӕн... Фудгӕнӕгӕн ба хуарз нӕ уодзӕй ӕма ӕ царди бӕнттӕбӕл дӕр нӕ бафтаудзӕй» (Еккл. 8:12, 13). Сӕрниллӕг ку уӕн, уӕд уомӕй нӕхецӕн дӕр, удта иннетӕн дӕр хуӕздӕр уодзӕй. (Бакӕсӕ 1 Петури 5:5.)
ӕцӕгӕйдӕр хуарз ку зонӕн, уӕддӕр зӕрдӕ ба ӕрмӕстдӕр Йеговӕ уинуй (ИННЕТӔ ЦӔСТӔМӔ МИУТӔ КУ КӔНОНЦӔ
12. Цӕхуӕн хабармӕ ӕркӕсдзиан ӕма цӕмӕн?
12 Фиццаг ӕноси Сирий Антиохий ка цардӕй, еци киристӕнттӕн сӕ сӕрниллӕгдзийнадӕ фӕлвӕрд ӕрцудӕй. Удта рабӕрӕг ӕй, хатир кӕнунмӕ цӕттӕ адтӕнцӕ ӕви нӕ, е дӕр. Ӕркӕсӕн еци хабармӕ ӕма расагъӕс кӕнӕн, мах ба хатир кӕнун зонӕн ӕви нӕ. Уой фӕрци хуӕздӕр балӕдӕрдзиан, Йеговӕ ӕнӕнхӕст адӕнӕй куд пайда кӕнуй ӕма еци-еу рӕстӕг ӕ уагӕвӕрдтӕ дӕр куд нӕ ихалуй, уой.
13, 14. Петурбӕл цӕхуӕн ихӕстӕ адтӕй, удта нифсгун ке адтӕй, е цӕмӕй исбӕрӕг ӕй?
13 Апостол Петур хестӕр нӕлгоймаг адтӕй ӕма ’й беретӕ хуарз зудтонцӕ. Е адтӕй Йесой хуарз ӕмбал ӕма ин хъӕбӕр ӕхсидзгӕ ихӕстӕ лӕвӕрд ӕрцудӕй (Матф. 16:19). Зӕгъӕн, 36 анзи Петур хуарз хабар фегъосун кодта Корнилийӕн ӕма ӕ хӕдзаронтӕн. Еци хабар цӕмӕй дессаг адтӕй? Корнилий адтӕй ӕндӕр адӕнихаттӕй ӕма сонӕтгонд н’ адтӕй. Корнилий ӕма ӕ хӕдзаронтӕ сугъдӕг хъаурӕй ку исхайгин ӕнцӕ, уӕд ӕй Петур балӕдӕрдтӕй, уони бон дӕр донаргъуд райсун ӕма киристӕнттӕ исун ке ӕй, уой. Е загъта: «Аци адӕн дӕр мах хузӕн Хуцауи сугъдӕг хъаурӕй исхайгин ӕнцӕ, ӕма уӕд ке бон ӕй уотӕ зӕгъун, ӕма син донаргъуд райсӕн нӕййес?» (Гъуд. 10:47).
14 49 анзи апостолтӕ ӕма Йерусалими хестӕр нӕлгоймӕгтӕ фембалдӕнцӕ, цӕмӕй унаффӕ рахастайуонцӕ, ӕндӕр адӕнтӕй киристон дин ка райста, уонӕн сонӕт кӕнун гъӕуй, ӕви нӕ, уой фӕдбӕл. Еци фембӕлди Петур нифсгунӕй дзурдта ӕма ӕнсувӕртӕн сӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кодта, цалдӕр анзей размӕ сонӕтгонд ка н’ адтӕй, еци адӕн дӕр сугъдӕг хъаурӕй ке исхайгин ӕнцӕ, уой. Петур еци хабӕрттӕ ӕхе цӕститӕй ке фӕууидта, е разамонӕг советӕн раст унаффӕ рахӕссунмӕ устур ӕнхус фӕцӕй (Гъуд. 15:6–11, 13, 14, 28, 29). Дзиуиттӕгтӕ ӕма иннӕ адӕнтӕй дӕр киристон ка иссӕй, етӕ Петурӕй хъӕбӕр боз адтӕнцӕ, уӕхӕн нифсгун ке разиндтӕй ӕма хабӕрттӕ уотӕ ӕргом ке радзурдта, уой туххӕй. Уомӕ гӕсгӕ син ӕнцон адтӕй уӕхӕн фӕлтӕрдгун ӕма еузӕрдон адӕймагбӕл ӕууӕндун (Дзиуит. 13:7).
15. Петур Сирий Антиохий ку адтӕй, уӕд цӕхуӕн рӕдуд искодта? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)
15 Еци фембӕлдбӕл берӕ нӕ рацудӕй ӕма Петур нӕуӕгӕй Сирий Антиохимӕ рандӕ ’й. Уоми берӕ рӕстӕг ӕрвиста, ӕндӕр адӕнихӕттитӕй киристон ка иссӕй, уони хӕццӕ. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, ӕ зонундзийнӕдтӕ ӕма ӕ фӕлтӕрддзийнадӕ син устур пайда ӕрхастонцӕ. Фал еу бон ба Петур ӕвваст раййивта ӕма ӕхе еуварс дарун райдӕдта. Ӕвӕдзи син е хъӕбӕр гъулӕг адтӕй ӕма ’й нӕ лӕдӕрдтӕнцӕ, ӕхе уотӕ цӕмӕн даруй, уой. Петурмӕ гӕсгӕ иннӕ дзиуиттаг киристӕнттӕ дӕр сӕхе уотӕ дарун райдӕдтонцӕ, сӕ хӕццӕ ба ма Варнавӕ дӕр. Петур ци рӕдуд искодта, уой туххӕй ӕмбурдӕн ниддехтӕ унӕй тӕссаг адтӕй. Цума уӕхӕн фӕлтӕрдгун хестӕр нӕлгоймаг, уотӕ цӕмӕн бакодта? Удта нин Петури хабар куд банхус кӕндзӕй, хестӕр нӕлгоймаг
нин дзурдӕй кенӕ гъуддагӕй нӕ зӕрдӕ ку фӕрресун кӕна, уӕд?16. Павел Петурӕн ӕ рӕдуд куд балӕдӕрун кодта, ӕма уомӕ гӕсгӕ цӕхуӕн фарстатӕ ӕвзуруй?
16 Бакӕсӕ Галатӕгтӕмӕ 2:11–14. Петур адӕнӕй фӕттарстӕй (Ӕмб. 29:25). Кӕд ӕй зудта, Йеговӕ ӕндӕр адӕнихӕттитӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсуй, уой, уӕддӕр, фӕттарстӕй, Йерусалими ӕмбурди ка лӕггадӕ кодта, еци дзиуиттаг киристӕнттӕ ибӕл ци рагъуди кӕндзӕнцӕ, уомӕй. Фал апостол Павел Петурӕн ӕ цӕстӕмӕ миути туххӕй иннети размӕ ӕргом бауайдзӕф кодта. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма н. э. 49 анзи Йерусалими ци фембӕлд адтӕй, уоми Павел ӕхуӕдӕг фегъуста, Петур, ӕндӕр адӕнихӕттитӕй ка адтӕй, уони сӕрбӕл куд дзурдта, уой (Гъуд. 15:12; Гал. 2:13). Цума Петур ке зӕрдихудти бацудӕй, еци киристӕнттӕ сӕхе куд бадардтонцӕ? Е син къахкъуӕрӕн иссӕй? Петур ӕ рӕдуди туххӕй ӕ кадгин ихӕстӕ нӕ фесафта?
ХАТИР КӔНУН ЗОНӔ
17. Йеговӕ Петурӕн ке ниххатир кодта, е ин ци пайда ӕрхаста?
17 Петур адтӕй сӕрниллӕг адӕймаг ӕма Павели уайдзӕфмӕ байгъуста. Удта Библий некӕми финст ес, Петур ӕ кадгин ихӕстӕ ке фесафта. Фӕстӕдӕр ма Библий киунугутӕмӕ ка бахаудтӕй, дууӕ уӕхӕн финстӕги дӕр ниффинста. Ӕ дуккаг финстӕги ба Павели исхудта «нӕ уарзон ӕнсувӕр» (2 Пет. 3:15). Петури миуӕ, ӕвӕдзи, дзиуиттаг ка н’ адтӕй, уони зӕрдитӕ фӕрресун кодта. Фал си уӕддӕр Йесо, ӕмбурди Сӕргълӕууӕг, идарддӕр дӕр пайда кодта (Еф. 1:22). Уой фӕрци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн сӕ бон адтӕй Йесой, удта сӕ уӕларвон Фиди бафӕнзун ӕма Петурӕн ниххатир кӕнун. Нифс нӕмӕ ес, еунӕг ӕнӕнхӕст адӕймаги рӕдуд иннетӕн къахкъуӕрӕн ке не ’ссӕй, уомӕй.
18. Цӕхуӕн уавӕрти багъӕуй, раст ци ӕй ӕма ци нӕй, уомӕ Йегови цӕстӕй кӕсун?
18 Фиццаг ӕноси киристон ӕмбурдти хестӕр нӕлгоймӕгтӕ куд ӕнӕнхӕст адтӕнцӕ, абони дӕр уотӕ ӕнӕнхӕст ӕнцӕ. Библи зӕгъуй: «Мах не ’гас дӕр арӕх рӕдуйӕн» (Иак. 3:2). Уотӕ ке ӕй, уой ни, ӕвӕдзи, алкедӕр лӕдӕруй. Фал гъуддаг нӕхебӕл ку ӕрцӕуй, гъома нин нӕ зӕрдихудти еске ку бацӕуй, уӕдта нӕхе куд фӕддарӕн? Йегови цӕсти раст ци ӕй ӕма ци нӕй, уой балӕдӕрунбӕл фӕййархайӕн ӕма гъуддагмӕ уой цӕстӕй фӕккӕсӕн? Зӕгъӕн, хестӕр нӕлгоймаги дзурдтӕ дӕмӕ цидӕр ӕнӕнвӕрсон фӕккастӕнцӕ. Уӕд ци кӕндзӕнӕ? Хестӕр нӕлгоймаг дин ӕнӕргъудийӕй ести ку зӕгъа ӕма дӕмӕ е гъулӕг ку фӕккӕса, уӕд дин е къахкъуӕрӕн исуодзӕй? Уайтагъддӕр уотӕ расагъӕс кӕндзӕнӕ, ӕма еци ӕнсувӕр хестӕр нӕлгоймагӕн нӕ бӕззуй? Ӕви Йесомӕ – ӕмбурди сӕргълӕууӕгмӕ, фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсдзӕнӕ? Еци ӕнсувӕрӕн ӕ рӕдудбӕл сагъӕс кӕндзӕнӕ ӕви берӕ ӕнзти дӕргъи Йеговӕн куд еузӕрдонӕй лӕггадӕ кӕнуй, уобӕл? Дӕ зӕрдихудти ка бацудӕй, еци ӕнсувӕр идарддӕр дӕр хестӕр нӕлгоймагӕй ку лӕггадӕ кӕна кенӕ ма ин никкидӕр нӕуӕг ихӕстӕ ку фӕззинна, уӕд дин ӕхцӕуӕн уодзӕй? Хатир кӕнунмӕ цӕттӕ ку уай, уӕд зӕгъӕн уодзӕй, ӕма ду дӕр, раст ци ӕй ӕма ци нӕй, уомӕ Йегови цӕстӕй кӕсис. (Бакӕсӕ Матфеййи 6:14, 15.)
19. Ӕфхуӕрд ку ӕййафӕн, уӕд куд гъӕуама архайӕн?
19 Мах уарзӕн рӕстдзийнадӕ, ӕма уомӕ гӕсгӕ зӕрдиагӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн, Сайтан ӕма ӕ фуддуйней туххӕй ци хӕран гъуддӕгтӕ цӕуй, уонӕн Йеговӕ кӕрон кӕд искӕндзӕй, уомӕ (Ис. 65:17). Фал цалинмӕ еци бон нӕма ӕрцудӕй, уӕдмӕ ба ӕфхуӕрд ку ӕййафӕн, уӕд гъӕуама сӕрниллӕг уӕн ӕма нӕ зӕрдӕбӕл дарӕн, алци ке нӕ зонӕн, уой, удта нӕ зӕрдихудти ка бацудӕй, уонӕн зӕрдиагӕй хатир кӕнӕн. Ӕма уӕд, раст ци ӕй ӕма ци нӕй, уомӕ Йегови цӕстӕй кӕсдзиан.