Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Хуцауи Паддзахадӕ кӕрон цӕмӕн искӕндзӕй?

Хуцауи Паддзахадӕ кӕрон цӕмӕн искӕндзӕй?

«Дуйне дӕр фӕййевгъуйуй ӕма ӕ фӕндтӕ дӕр, Хуцауи фӕндон ка ӕнхӕст кӕнуй, е ба цӕрдзӕй ӕносмӕ» (1 ИОАН. 2:17).

ЗАРТӔ: 139, 144

1, 2. а) Аци дуйне цӕмӕн ес рабарӕн, мӕлӕти тӕрхон кӕмӕн рахастонцӕ, еци фудгӕнӕги хӕццӕ? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.) б) Аци фуддуйнейӕн ци тӕрхон хаст ӕрцудӕй, е ку исӕнхӕст уа, уӕд уӕлӕрвти дӕр ӕма зӕнхӕбӕл дӕр кадӕриддӕр уа, етӕ уомӕ цӕхуӕн цӕстӕй ракӕсдзӕнцӕ?

ДӔ ЦӔСТИТӔБӔЛ рауайун кӕнӕ: гъӕуайгӕнгутӕ фудгӕнӕги фӕххонунцӕ ахӕстдони къӕлидорбӕл ӕма гъӕр кӕнунцӕ: «Мард фӕццӕуй!» Цума уотӕ цӕмӕн гъӕр кӕнунцӕ кӕд ӕма еци адӕймаг уодӕгас ӕй ӕма сӕйгӕхуз дӕр нӕй? Гъуддаг уой медӕги ӕй, ӕма ин мӕлӕти тӕрхон хаст ӕрцудӕй ӕма нур гъӕуама еци тӕрхон исӕнхӕст кӕнонцӕ. Мадта зӕгъӕн ес, ӕма еци фудгӕнӕг мардӕй уӕлдай нӕй *.

2 Абони ци фуддуйней цӕрӕн, уой дӕр рабарӕн ес, мӕлӕти тӕрхон кӕмӕн рахастонцӕ, уӕхӕн фудгӕнӕги хӕццӕ. Библи зӕгъуй: «Дуйне дӕр фӕййевгъуйуй» (1 Иоан. 2:17). Йеговӕ аци дуйнейӕн тӕрхон рахаста ӕма ’й тагъд рӕстӕги исӕнхӕст кӕндзӕй. Уотӕ ке уодзӕй, уобӕл мах ӕппундӕр нӕ дузӕрдуг кӕнӕн. Фал аци дуйнейӕн ци тӕрхон хаст ӕрцудӕй, е хецӕн кӕнуй, еци фудгӕнӕгӕн ци тӕрхон рахастонцӕ, уомӕй. Фудгӕнӕгӕн ци тӕрхон рӕхӕссунцӕ, е, гӕнӕн ес, ӕма кӕмӕдӕр раст ма фӕккӕса ӕма гъаст бадӕтта, цӕмӕй ӕй ма исӕнхӕст кӕнонцӕ. Фал аци фуддуйнейӕн ба тӕрхон рахаста Дун-дуйней тӕккӕ растдӕр Тӕрхонгӕнӕг (Дук. з. 32:4). Еци тӕрхон ӕййивд не ’рцӕудзӕй. Удта Хуцау аци цардӕвӕрдӕн кӕрон ку искӕна, уӕд уӕлӕрвти дӕр ӕма зӕнхӕбӕл дӕр неке дузӕрдуг кӕндзӕй, Йеговӕ раст тӕрхон ке рахаста, уобӕл. Ӕма гъе уӕд еугурӕйдӕр исуолӕфдзӕнцӕ!

3. Хуцауи Паддзахадӕ кӕрон цӕхуӕн гъуддӕгтӕн искӕндзӕй?

3 Фал цума ка «фӕййевгъуйуй», еци «дуйнемӕ» ци хауй? Зӕнхӕбӕл лӕгъузӕй цидӕриддӕр ес ӕма адӕн кӕбӕл исахур ӕнцӕ, еци гъуддӕгтӕ. Ӕма еци гъуддӕгтӕ тагъд фӕййевгъуйдзӕнцӕ. Е дӕр хауй, Хуцауи Паддзахади туххӕй ци хуарз хабар игъосун кӕнӕн, уомӕ (Матф. 24:14). Аци статьяй ӕркӕсдзиан, Хуцауи Паддзахадӕ кӕрон кӕмӕн искӕндзӕй, цуппар уӕхӕн гъуддагемӕ: фудгӕнгутӕ, адӕнӕн зиан ка хӕссуй, еци организацитӕ, фудгъуддӕгтӕ ӕма лӕгъуз уавӕртӕ. Алкӕций туххӕй дӕр си базондзиан: 1) нӕ цардбӕл куд бӕрӕг кӕнунцӕ, 2) Йеговӕ син ци бакӕндзӕй ӕма 3) сӕ бӕсти ци уодзӕй, уой.

ФУДГӔНГУТӔ

4. Фудгӕнгути гъуддӕгтӕ нӕ цардбӕл куд бӕрӕг кӕнунцӕ?

4 Фудгӕнгути гъуддӕгтӕ нӕ цардбӕл куд бӕрӕг кӕнунцӕ? Апостол Павел финста, зӕгъгӕ, «фӕстаг бӕнтти искӕндзӕй хъӕбӕр уӕззау рӕстӕг» ӕма, дан, «лӕгъуз ӕма мӕнгард адӕн ба кӕндзӕнцӕ фуддӕрӕй-фуддӕр» (2 Тим. 3:1–5, 13). Аци дзурдтӕ абони куд ӕнхӕст кӕнунцӕ, уой, ӕвӕдзи, дӕхебӕл бавзурстай. Беретӕ ни ӕфхуӕрд баййафтонцӕ хилкъахгути къохӕй, ӕндӕр адӕнихӕттитӕмӕ знаги цӕстӕй ка кӕсуй, уони къохӕй ӕма ӕндӕр уӕхӕн фудгӕнгути къохӕй. Еуӕй-еу фудгӕнгутӕ сӕ гъуддӕгтӕ римӕхсгӕ дӕр нӕ фӕккӕнунцӕ. Иннетӕ ба сӕхе уотӕ февдесунцӕ, цума хъӕбӕр ӕгъдаугин ӕнцӕ, сӕхуӕдтӕ ба – маргӕйдзаг. Ӕма кӕд уӕхӕн адӕнбӕл нӕхуӕдтӕ не ’сӕмбӕлӕн, уӕддӕр сӕ гъуддӕгтӕ нӕ цардбӕл хъӕбӕр рабӕрӕг унцӕ. Сувӕллӕнттӕн, каргунтӕн ӕма, сӕрбӕлдзорӕг кӕмӕн нӕййес, уонӕн цитӕ бакӕнунцӕ, уой адӕймаг ку фегъосуй, уӕд ӕ тог ниллӕууй. Еци адӕн гъӕддаг сирдтӕ ӕма сайтӕнттӕй уӕлдай нӕ ’нцӕ (Иак. 3:15). Фал нин Хуцауи Дзурд дӕттуй нифс.

5. а) Йеговӕ ма абони фудгӕнгутӕн цӕхуӕн фадуат дӕттуй? б) Еци адӕни сӕ цард раййевун ку нӕ бафӕндӕуа, уӕд сӕбӕл ци ’рцӕудзӕй?

5 Йеговӕ син ци бакӕндзӕй? Нур бал Йеговӕ фудгӕнгутӕн рӕстӕг дӕттуй, цӕмӕй сӕ гъуддӕгтӕ ниууадзонцӕ (Ис. 55:7). Кӕд аци цардӕвӕрдӕн тагъд ӕ кӕрон ӕрцӕудзӕй, уӕддӕр син Йеговӕ тӕрхон нӕма рахаста. Куд дӕмӕ кӕсуй, уӕхӕн адӕни сӕ цард раййевун ку нӕ бафӕндӕуа ӕма ма устур бӕллӕхи рӕстӕг дӕр аци дуйнебӕл ку хуӕцонцӕ, уӕд сӕбӕл ци ’рцӕудзӕй? Йеговӕ зӕрдӕ ӕвӕруй, зӕнхӕбӕл еунӕг фудгӕнӕг дӕр ке нӕбал байзайдзӕй. (Бакӕсӕ Псалом 37:10.) Абони беретӕ исахур ӕнцӕ сӕ фудгъуддӕгтӕ римӕхсун ӕма арӕхдӕр ӕнӕ ’фхуӕрдӕй байзайунцӕ (Иов 21:7, 9). Фал Библи зӕгъуй: «Ӕ цӕститӕ кӕсунцӕ адӕймаги нӕдтӕмӕ ӕма ин ӕ алли къахдзӕф дӕр уинуй. Нӕййес уӕхӕн талингӕ кенӕ сауталингӕ, фудгъуддӕгтӕ ка кӕнуй, етӕ кӕми баримӕхсонцӕ» (Иов 34:21, 22). Мадта Йеговӕй сӕхе нӕ баримӕхсдзӕнцӕ. Лӕгъуз адӕн цитӕ кӕнунцӕ, уой Йеговӕ хъӕбӕр хуарз уинуй. Армагеддони фӕсте нӕ алливарс ракӕсдзиан ӕма си еунӕг уӕхӕн адӕймаги дӕр нӕбал фӕууиндзиан. Ӕносмӕ исӕфт ӕрцӕудзӕнцӕ! (Пс. 37:12–15).

6. Лӕгъуз адӕн исӕфт ку ’рцӕуонцӕ, уӕд зӕнхӕбӕл ка байзайдзӕй ӕма е хуарз хабар цӕмӕн ӕй?

6 Фудгӕнгутӕ исӕфт ку ’рцӕуонцӕ, уӕд зӕнхӕбӕл ка байзайдзӕй? Йеговӕ нин зӕрдӕ ӕвӕруй: «Сабур адӕн ба зӕнхӕ бунӕн райсдзӕнцӕ ӕма фарнӕй бафсӕддзӕнцӕ». Еци псаломи идарддӕр кӕсӕн: «Рӕстгӕнгутӕ зӕнхӕ бунӕн райсдзӕнцӕ ӕма ибӕл цӕрдзӕнцӕ ӕносмӕ» (Пс. 37:11, 29). Цума «сабур адӕн» ӕма «рӕстгӕнгутӕ» ка ’нцӕ? Сабур адӕн ӕнцӕ, Йегови ка базудта ӕма имӕ ка игъосуй, еци сӕрниллӕг адӕн. Рӕстгӕнгутӕ ба – Йегови цӕсти раст ци ӕй, уой зӕрдиагӕй ка ӕнхӕст кӕнуй, етӕ. Абони лӕгъуз адӕн рӕстгӕнгутӕй берӕ фулдӕр ӕнцӕ. Фал нӕуӕг дуйней ба цӕрдзӕй ӕрмӕстдӕр рӕстгӕнгутӕ ӕма сабур адӕн, ӕма етӕ зӕнхӕй искӕндзӕнцӕ дзенет!

АДӔНӔН ЗИАН КА ХӔССУЙ, ЕЦИ ОРГАНИЗАЦИТӔ

7. Адӕнӕн зиан ка хӕссуй, еци организацитӕ нӕ цардбӕл куд бӕрӕг кӕнунцӕ?

7 Адӕнӕн зиан ка хӕссуй, еци организацитӕ нӕ цардбӕл куд бӕрӕг кӕнунцӕ? Абони дуйней ци бӕллӕхтӕ ӕрцӕуй, етӕ фулдӕр еугай адӕни нӕ, фал организацити фудӕй ӕрцӕунцӕ. Цӕветтонӕн райсӕн, рӕстдзийнадӕ ка усхъуммӕ кӕнуй, еци динтӕ. Уони фудӕй милиуангай адӕн Хуцау ка ӕй, уой нӕ зонунцӕ, Библибӕл не ’ууӕндунцӕ, удта федӕни ци уодзӕй, уой туххӕй ӕнцӕ рӕдуд гъудибӕл хуӕст. Кенӕ ба райсӕн хецауӕдтӕ. Уони фудӕй райдайунцӕ тугъдтитӕ, удта адӕни кӕрӕдзей нихмӕ ардаунцӕ. Етӕ ӕфхуӕрунцӕ, мӕгур ӕма, сӕрбӕлдзорӕг кӕмӕн нӕййес, уӕхӕн адӕни. Адӕни ке ӕстъегъунцӕ ӕма бартӕ, кӕмӕн сӕ фӕндуй, уонӕн ке раттунцӕ, уой фӕрци ба хъӕбӕр исхъал унцӕ. Ӕхцайӕй ӕфсес ка нӕ зонуй, еци организацитӕ ба ӕнӕвгъауӕй ӕрдзӕ исафунцӕ ӕма хумӕтӕг адӕни рагъӕй дуйне ӕхца бакосунцӕ. Ӕцӕгӕйдӕр, абони адӕн ци мӕгур уавӕри ’нцӕ, уоми фудгин ӕнцӕ еци организацитӕ.

8. Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ, хуӕнхтӕ ӕма сакъадахти хузӕн ка ӕй, еци организацитӕбӕл ци ’рцӕудзӕй?

8 Йеговӕ син ци бакӕндзӕй? Устур бӕллӕх ку райдайа, уӕд дуйней хецауӕдтӕ сӕхе мӕнгӕ динбӕл ниццӕвдзӕнцӕ, Библи хӕтагӕ силгоймаг кенӕ Устур Вавилон ке хонуй, уобӕл (Рарг. 17:1, 2, 16; 18:1–4). Еци рӕстӕг мӕнгӕ динтӕн сӕ кӕрон ӕрцӕудзӕй. Фал иннӕ ораганизацитӕн ба сӕ гъуддаг куд уодзӕй? Абони адӕнмӕ хъӕбӕр федар ка кӕсуй, уӕхӕн организацитӕ Библий барст цӕунцӕ хуӕнхтӕ ӕма сакъадахти хӕццӕ. (Бакӕсӕ Раргомадӕ 6:14.) Фал Хуцауи Паддзахади нихмӕ ка цӕуй, еци хецауӕдтӕ ӕма организацитӕ исӕфт ӕрцӕудзӕнцӕ. Е уодзӕй устур бӕллӕхӕн ӕ кӕрон (Йер. 25:31–33). Уой фӕсте зӕнхӕбӕл еунӕг зианхӕссӕг организаци дӕр нӕбал байзайдзӕй!

9. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма нӕуӕг дуйней алцидӕр уагӕ ӕма ӕгъдаумӕ гӕсгӕ уодзӕй?

9 Еци организацити бӕсти зӕнхӕбӕл ци уодзӕй? Армагеддони фӕсте ма зӕнхӕбӕл ести организаци уодзӕй? Библи зӕгъуй: «Мах, зӕрдӕ нин куд байвардта, уомӕ гӕсгӕ, ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн, рӕстдзийнадӕ кӕми уодзӕй, еци нӕуӕг арв ӕма нӕуӕг зӕнхӕмӕ» (2 Пет. 3:13). Зӕронд арв ӕма зӕнхӕ ӕнцӕ дуйней хецауӕдтӕ ӕма уони фарс ка лӕууй, еци адӕн. Етӕ ку нӕбал уонцӕ, уӕд сӕ бӕсти ци уодзӕй? «Нӕуӕг арв ӕма нӕуӕг зӕнхӕ». Нӕуӕг арв ӕй нӕуӕг хецауадӕ – Хуцауи Паддзахадӕ. Еци Паддзахади паддзах ӕй Йесо Киристе ӕма ин ӕнхус кӕнунцӕ 144 000 исӕрст паддзахи. Нӕуӕг зӕнхӕ ба ӕй, Хуцауи Паддзахади дӕлбарӕ ка уодзӕй, еци адӕн. Йесо ӕма е ’мпаддзӕхтӕ архайдзӕнцӕ, Йеговӕ Хуцау куд архайуй, уотӕ, Йеговӕ ба ӕй уагӕ ӕма ӕгъдауи Хуцау (1 Кор. 14:33). Мадта нӕуӕг дуйней алцидӕр уодзӕй уагӕ ӕма ӕгъдаумӕ гӕсгӕ. Адӕнӕн зӕнхӕбӕл уодзӕй хуарз разамонгутӕ (Пс. 45:16). Уонӕн ба разамунд дӕтдзӕнцӕ Киристе ӕма 144 000 паддзахи. Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ, цӕхуӕн дессаги рӕстӕг уодзӕй, нур ци организацитӕ ес, етӕ ку нӕбал уонцӕ ӕма ӕрмӕстдӕр еунӕг организаци ку уа, адӕнӕн зиан ка некӕд ӕрхӕсдзӕй, уӕхӕн организаци!

ФУДГЪУДДӔГТӔ

10. Кӕми цӕрис, уоми цӕхуӕн фудгъуддӕгтӕ цӕуй ӕма етӕ дӕубӕл, удта дӕ хеуӕнттӕбӕл куд бӕрӕг кӕнунцӕ?

10 Фудгъуддӕгтӕ нӕ цардбӕл куд бӕрӕг кӕнунцӕ? Абони дуйне фудгъуддӕгтӕй идзаг ӕй. Ӕнӕгъдау, мӕнгард ӕма ӕнӕхатир гъуддӕгтӕ хъӕбӕр берӕ ниццӕнцӕ. Аци дуйней ерхӕфсӕнти ба еци гъуддӕгтӕ уотӕ ӕвдист цӕунцӕ, цума си лӕгъузӕй неци ес, Йегови уагӕвӕрдтӕбӕл ба ходгӕ кӕнунцӕ (Ис. 5:20). Ниййергути никки хъӕбӕрдӕр фӕгъгъӕуй архайун, цӕмӕй сӕ сувӕллӕнтти уӕхӕн зундахастӕй багъӕуай кӕнонцӕ. Ӕцӕг киристӕнттӕ еугурӕйдӕр се ’гас хъауритӕй ӕрхайунцӕ, цӕмӕй, Хуцауи уагӕвӕрдтӕ ка нецӕмӕ даруй, еци дуйней цӕргӕй Йеговӕй ма раидард уонцӕ.

11. Йеговӕ Содом ӕма Гоморрӕн ци бакодта, е нин абони цӕбӕл дзорӕг ӕй?

11 Йеговӕ ци бакӕндзӕй? Ӕркӕсӕн, Содом ӕма Гомморӕ фудгъуддӕгтӕй ку байдзаг ӕнцӕ, уӕд Йеговӕ куд бакодта, уомӕ. (Бакӕсӕ 2 Петури 2:6–8.) Рӕстгӕнӕг Лот ӕма ӕ бийнонтӕ хъӕбӕр маст кодтонцӕ, сӕ алливарс, еци адӕн ци фудгъуддӕгтӕ кодтонцӕ, уой туххӕй. Йеговӕ еци горӕттӕ фесафта, ӕма уотемӕй кӕрон искодта, цидӕриддӕр фудгъуддӕгтӕ си цудӕй, уонӕн. Уомӕй ма «бавдиста, федӕни ӕнӕхуцау адӕнбӕл ци ’рцӕудзӕй», уой дӕр. Йеговӕ уӕди рӕстӕги фудгъуддӕгтӕн кӕрон куд искодта, гъеууотӕ син абони дӕр кӕрон искӕндзӕй.

12. Нӕуӕг дуйней дӕ хъӕбӕрдӕр цӕхуӕн куст фӕндадтайдӕ кӕнун?

12 Фудгъуддӕгтӕ ку нӕбал уа, уӕд ци уодзӕй? Нӕуӕг дуйней нӕмӕ берӕ дессаги гъуддӕгтӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй. Зӕгъӕн, нӕ зӕнхӕй кӕндзиан дзенет. Хӕдзӕрттӕ араздзиан нӕхецӕн, удта берӕ ке уарзӕн, уонӕн. Ка райгас уа, еци милиуангай адӕни хӕццӕ зонгӕ кӕндзиан, удта син ӕнхус кӕндзиан, цӕмӕй базононцӕ Йегови туххӕй ӕма, адӕнӕн цидӕриддӕр искодта, уой туххӕй (Ис. 65:21, 22; Гъуд. 24:15). Еци гъуддӕгтӕ нин хъӕбӕр устур цийнӕдзийнадӕ хӕсдзӕнцӕ, удта Йегови дӕр кадгин кӕндзӕнцӕ.

ЛӔГЪУЗ УАВӔРТӔ

13. Сайтан, Адам ӕма Евӕ Хуцауи нихмӕ ке рацудӕнцӕ, е цӕмӕ ӕркодта?

13 Лӕгъуз уавӕртӕ нӕ цардбӕл куд бӕрӕг кӕнунцӕ? Дуйне лӕгъуз адӕнӕй, аллихузи зианхӕссӕг организацитӕй ӕма фудгъуддӕгтӕй ке байдзаг ӕй, уой туххӕй царди уавӕртӕ фуддӕрӕй-фуддӕр кӕнунцӕ. Ка зӕгъдзӕй, ӕма ӕ цардбӕл тугъдтитӕ, мӕгурдзийнадӕ ӕма расизм некуд рабӕрӕг ӕнцӕ? Мадта незтӕ ӕма мӕлӕтӕй дӕр хизт неке ӕй. Уӕхӕн лӕгъуз уавӕрти цӕрӕн, Сайтан, удта Адам ӕма Евӕ Хуцауи нихмӕ ке рацудӕнцӕ, уой туххӕй. Е цӕмӕ ӕркодта, уой абони алкедӕр ӕхебӕл ӕвзаруй.

14. Йеговӕ, зӕнхӕбӕл ци лӕгъуз уавӕртӕ ес, уонӕн ци бакӕндзӕй?

14 Йеговӕ лӕгъуз уавӕртӕн ци бакӕндзӕй? Йеговӕ кӕрон искӕндзӕй тугъдтитӕн. (Бакӕсӕ Псалом 46:8, 9.) Сӕйгӕ некебал кӕндзӕй (Ис. 33:24). Мӕлӕт фесӕфдзӕй ӕносмӕ (Ис. 25:8). Мӕгурдзийнадӕн ӕ кой дӕр нӕбал уодзӕй (Пс. 72:12–16). Йеговӕ кӕрон искӕндзӕй, абони нин нӕ цард цидӕриддӕр ихалуй, еци гъуддӕгтӕн. Сайтан, удта ӕ лӕгъуз изӕдтӕ фесӕфдзӕнцӕ ӕма адӕни зунд нӕбал усхъуммӕ кӕндзӕнцӕ (Еф. 2:2).

Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ, тугъд, незтӕ ӕма мӕлӕт кӕми нӕ уодзӕй, уӕхӕн дуйне! (кӕсӕ 15 абзац)

15. Армагеддони фӕсте ӕносмӕ цӕхуӕн гъуддӕгтӕ фӕййевгъуйдзӕнцӕ?

15 Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ, тугъдтитӕ, незтӕ ӕма мӕлӕт кӕми нӕбал уодзӕй, уӕхӕн дуйне! Уоми нӕбал уодзӕй ӕфсӕдтӕ, тохӕндзаумӕттӕ ӕма нин нӕ зӕрдӕбӕл тугъд ка ӕфтауа, уӕхӕн циртдзӕвӕнтӕ. Нӕуӕг дуйней нӕбал гъӕудзӕй сӕйгӕдӕнттӕ, дохтиртӕ, моргтӕ ӕма уӕлмӕрдтӕ. Фудгӕнгутӕ ке нӕбал уодзӕй, уомӕ гӕсгӕ нӕбал гъӕудзӕнцӕ полиций косгутӕ, гъӕуайгӕнгутӕ, сигнализацитӕ ӕма ма, ка ’й зонуй, къуматӕ ӕма дӕгъӕлтӕ дӕр. Нӕ цард нин цидӕриддӕр ӕнадӕ кодта, еци гъуддӕгтӕ еугурӕйдӕр ӕносмӕ фӕййевгъуйдзӕнцӕ.

16, 17. а) Армагеддони ка фӕййервӕза, уонӕн сӕ цард куд раййевдзӕй? Уой цӕй хӕццӕ ес рабарӕн? б) Нӕ бон цӕмӕн ӕй федарӕй ӕууӕндун, аци цардӕвӕрдӕн кӕрон ку ӕрцӕуа, уӕд ке фӕййервӕздзиан?

16 Зӕнхӕбӕл лӕгъуз уавӕртӕ ку нӕбал уа, уӕд цард цӕхуӕн уодзӕй? Уой нӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнун ӕнцон нӕй. Мах аци цъумур дуйней уотӕ берӕ рӕстӕг цӕрӕн, ӕма ’й, ӕвӕдзи, лӕдӕргӕ дӕр нӕбал кӕнӕн, аци лӕгъуз уавӕртӕ нин нӕ цард куд ихалунцӕ, уой. Уой ӕнгъезуй рабарун, берӕ рӕстӕг ӕфсӕннади рази ка цӕруй, уӕхӕн адӕймаги хӕццӕ. Еци адӕймаг поезди гур-гурбӕл исахур уй. Свалкӕмӕ хӕстӕг ка цӕруй, е ба лӕгъуз смаг нӕбал фӕллӕдӕруй. Фал Йегови фӕрци зӕнхӕбӕл лӕгъуз уавӕртӕ ку нӕбал уа, уӕд адӕн ӕрцӕрдзӕнцӕ!

17 Мадта абони ци маст ӕма рист ӕвзарӕн, етӕ ку нӕбал уонцӕ, уӕд цард цӕхуӕн уодзӕй? 37 псаломи 11 стихи финст ӕй: «Сабур адӕн... зӕнхӕ бунӕн райсдзӕнцӕ ӕма фарнӕй бафсӕддзӕнцӕ». Йегови зӕрдӕ ни алкӕмӕндӕр уӕхӕн цард зӕгъуй. Ӕма нин е устур уодӕнцойнӕ хӕссуй! Мадта де ’гас хъауритӕй архайӕ, цӕмӕй аци зин рӕстӕги Йеговӕй ӕма ӕ организацийӕй ма раидард уай. Ци дессаги нифс дин ес, уой ма иронх кӕнӕ, арф ибӕл сагъӕс кӕнӕ ӕма ӕппундӕр ма дузӕрдуг кӕнӕ, уӕхӕн цард ке уодзӕй, уобӕл. Удта уой туххӕй иннетӕн дӕр дзорӕ (1 Тим. 4:15, 16; 1 Пет. 3:15). Уотӕ ку кӕнай, уӕд дӕ бон уодзӕй федарӕй ӕууӕндун, Йеговӕ аци фуддуйне ку фесафа, уӕд ке фӕййервӕздзӕнӕ ӕма ӕносмӕ ӕмондгун цард ке кӕндзӕнӕ!

^ 1 абз. Раздӕр уӕхӕн ӕгъдау адтӕй Еугонд Штатти кӕцидӕр ахӕстдӕнтти.