«Ӕгас зӕнхи Тӕрхонгӕнӕг» алкӕддӕр рахӕссуй раст тӕрхон
«Е ӕй Къӕдзӕх, ӕ гъуддӕгтӕ ӕнцӕ ӕнӕфау, ӕ нӕдтӕ еугурӕйдӕр ӕнцӕ раст» (ДУК. З. 32:4).
ЗАРТӔ: 12, 135
1. Авраам куд бавдиста, Йегови тӕрхӕнттӕ алкӕддӕр раст ке фӕуунцӕ, уобӕл федарӕй ке ӕууӕндуй, уой? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)
«ГӔРР, ӕгас зӕнхи Тӕрхонгӕнӕг раст тӕрхон нӕ рахӕсдзӕй?» (Райд. 18:25). Еузӕрдон Авраам федарӕй ӕууӕндтӕй, Йеговӕ Содом ӕма Гоморрӕн раст тӕрхон ке рахӕсдзӕй ӕма ӕ тӕрхонмӕ фау ӕрхӕссӕн ке нӕ уодзӕй, уобӕл. Е ӕй федарӕй зудта, Йеговӕ «рӕстгӕнӕги фудгӕнӕги хӕццӕ» ке нӕ фесафдзӕй. Уотӕ дӕр ма загъта, «нӕ ми ирагӕс кӕнуй», зӕгъгӕ. Уобӕл 400 анзи ку рацудӕй, уӕд Йеговӕ ӕхе туххӕй ниффинсун кодта, уӕхӕн дзурдтӕ: «Е ӕй Къӕдзӕх, ӕ гъуддӕгтӕ ӕнцӕ ӕнӕфау, ӕ нӕдтӕ еугурӕйдӕр ӕнцӕ раст. Е ӕй ӕновуд Хуцау, хӕранӕй имӕ неци ес. Е ӕй рӕстаг ӕма растзӕрдӕ Хуцау» (Дук. з. 31:19; 32:4).
2. Йеговӕ раст тӕрхон ма рахӕсса, уомӕн гӕнӕн цӕмӕннӕ ес?
2 Авраам федарӕй цӕмӕн ӕууӕндтӕй, Йегови тӕрхӕнттӕ алкӕддӕр рӕст ке фӕуунцӕ, уобӕл? Раст ци ӕй ӕма ци нӕй, уой Йеговӕ лух кӕнуй. Алцидӕр раст ке кӕнуй, уомӕ Пс. 33:5).
гӕсгӕ ӕ тӕрхӕнттӕ дӕр алкӕддӕр фӕуунцӕ раст. Библий финст ес: «Е уарзуй рӕстдзийнадӕ ӕма раст тӕрхон» (3. Абони адӕн цӕхуӕн хӕран гъуддӕгтӕбӕл ӕмбӕлунцӕ, уомӕн цӕветтон ӕрхӕссӕ.
3 Мах ӕй зонӕн, Йеговӕ алкӕддӕр рӕстӕй ке фӕййархайуй, ӕма нин е уодӕнцойнӕ хӕссуй. Фал аци дуйней рӕстдзийнадӕ нӕййес ӕма хӕран гъуддӕгтӕй идзаг ӕй. Зӕгъӕн, берети ахӕстдӕнтти исбадун кодтонцӕ, фудгин кӕми н’ адтӕнцӕ, уӕхӕн гъуддӕгти туххӕй. Кедӕрти си исуӕгъдӕ кодтонцӕ, ДНК анализти фӕрци сӕ гъуддаг ку исбӕрӕг ӕй, уӕд, фал уӕдмӕти ба дӕсгай ӕнзтӕ фӕббадтӕнцӕ. Уӕхӕн хӕран гъуддӕгтӕмӕ кӕсгӕй адӕймагӕн ӕ зӕрдӕ мастӕй байдзаг уй. Фал ес, еуӕй-еухатт киристонӕн ӕ зӕрдӕ никки хъӕбӕрдӕр кӕмӕй фӕрресуй, уӕхӕн гъуддӕгтӕ.
ӔМБУРДИ МЕДӔГ
4. Киристонӕн е ’ууӕндундзийнадӕ фӕлвӕрд куд ӕрцӕуй?
4 Киристӕнттӕ аци дуйнейӕй цийфӕнди дӕр хезунцӕ ӕма ’й лӕдӕрунцӕ, хатгай ӕнӕфудӕй ӕфхуӕрд дӕр ке ӕййафдзӕнцӕ. Фал сӕмӕ уотӕ ку фӕккӕсуй, ӕма уӕхӕн хабӕрттӕ ӕмбурди дӕр ес, уӕд е се ’ууӕндундзийнадӕн фӕлварӕн исуй. Дӕубӕл дӕр уӕхӕн хабар ку ӕрцӕуа, уӕд куд бакӕндзӕнӕ? Е дин къахкъуӕрӕн исуодзӕй?
5. Ӕмбурди медӕг нин нӕ зӕрдихудти еске ку бацӕуа, уӕд ӕй цӕмӕн гъӕуама ма ниддессаг кӕнӕн?
5 Еугурӕйдӕр ӕнӕнхӕст ан ӕма рӕдуйӕн. Уомӕ гӕсгӕ ӕмбурди медӕг уотӕ дӕр рауайуй, ӕма нӕ еске ӕнӕфудӕй бафхуӕруй кенӕ нӕхуӕдтӕ дӕр еске ӕнӕфудӕй бафхуӕрӕн (1 Иоан. 1:8). Уӕхӕн хабӕрттӕ арӕх не ’рцӕуй, фал ку ’рцӕунцӕ, уӕддӕр сӕ еузӕрдон киристӕнттӕ нӕ ниддессаг кӕнунцӕ, удта син е къахкъуӕрӕн дӕр нӕ исуй. Йеговӕ нин Библий хуарз унаффитӕ дӕттуй, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй еске нӕ зӕрдихудти ку бацӕуа, уӕд нин куд архайгӕ ’й, уой фӕдбӕл (Пс. 55:12–14).
6, 7. Еу ӕнсувӕр ӕмбурди цӕхуӕн фӕлварӕнбӕл исӕмбалдӕй ӕма ин еци уавӕри цӕхуӕн менеугутӕ банхус кодтонцӕ?
6 Ӕркӕсӕн Вилли Дили хабармӕ. Ӕнсувӕр Вилли 1931 анзи райдӕдта лӕггадӕ кӕнун Швейцарий Вефили, Берни. 1946 анзи ба ’й фӕххудтонцӕ Галаади скъолай 8 къласмӕ (штат Нью-Йорк, АЕШ). Скъола ку фӕцӕй, уӕдта ’й цӕуӕг цӕстӕдарӕгӕй Швейцаримӕ иснисан кодтонцӕ. Ӕнсувӕр Вилли ӕ биографий радзурдта: «1949 анзи Швейцарий филиалӕн фегъосун кодтон, бийнонтӕ искӕнун ке фӕндӕ кӕнун». Цума ин цӕхуӕн дзуапп равардтонцӕ? Ӕмбурди ци ихӕстӕ ӕнхӕст кодта, уони ин исистонцӕ. Ӕ бон ма адтӕй ӕрмӕстдӕр пионерӕй лӕггадӕ кӕнун. «Ӕмбурди радзубандий хӕццӕ рацӕуни барӕ дӕр мин нӕбал адтӕй,– зӕгъуй Вилли.– Беретӕ нин салам дӕр нӕбал лӕвардтонцӕ, цума нӕ ӕмбурдӕй рацох кодтонцӕ, уотӕ».
7 Ӕнсувӕр Вилли ӕхе куд бадардта? Е зӕгъуй: «Мах ӕй зудтан, бийнонтӕ искӕнун Библимӕ гӕсгӕ лӕгъуз ке нӕй. Йеговӕмӕ ке кувтан ӕма ибӕл нӕ зӕрдӕ ке дардтан, е нин уодӕнцойнӕ хаста». Фӕстӕдӕр ӕнсувӕртӕ балӕдӕрдтӕнцӕ, еци гъуддагмӕ Йегови цӕстӕй ке нӕ кастӕнцӕ, уой, ӕма ӕнсувӕр Виллийӕн ӕ кадгин ихӕстӕ фӕстӕмӕ равардтонцӕ. Еузӕрдонӕй ке байзадӕй, уой туххӕй ин Йеговӕ райарфӕ кодта *. Мадта дӕхе бафӕрсӕ: «Ӕнӕфудӕй мӕ ку бафхуӕронцӕ, уӕд ӕз дӕр фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсдзӕн, Йеговӕ гъуддаг кӕд исраст кӕндзӕй, уомӕ? Ӕви гъуддаг мӕхе къохмӕ райсдзӕн?» (Ӕмб. 11:2; бакӕсӕ Михеййи 7:7).
8. Еуӕй-еухатт нӕмӕ уотӕ цӕмӕн фӕккӕсуй, ӕма нин нӕхе кенӕ ӕндӕр еске нецӕй туххӕй бафхуардтонцӕ?
8 Фал дӕмӕ кӕд уотӕ кӕсуй, ӕма дӕ ӕмбурди кадӕр нецӕй туххӕй бафхуардта кенӕ ба хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй кадӕр ӕнӕфудӕй ӕфхуӕрд ӕййафуй, уӕд, ка ’й зонуй, рӕдуйгӕ кӕнис. Ӕнӕнхӕст ке ан, уомӕ гӕсгӕ еуӕй-еухатт цидӕртӕ раст нӕ балӕдӕрӕн кенӕ ба гъуддаг аллирдиги нӕ фӕууинӕн. Фал кудфӕнди ма уа, уӕддӕр гъӕуама уӕхӕн уавӕри Йеговӕмӕ ковӕн, нӕ зӕрдӕ ибӕл дарӕн ӕма ибӕл идарддӕр дӕр еузӕрдон уӕн. Е нӕ багъӕуай кӕндзӕй, цӕмӕй Йеговӕмӕ мӕстгун кӕнун ма райдайӕн. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 19:3.)
9. Аци ӕма иннӕ статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?
9 Рагидзаманти Йегови лӕггадгӕнгутӕ ӕнӕфудӕй ӕфхуӕрд дӕр баййафиуонцӕ, ӕма ӕркӕсӕн ӕртӕ уӕхӕн цӕветтонемӕ. Аци статьяй дзурд цӕудзӕй, Авраами байзӕддаг Иосифбӕл ӕма, е ’нсувӕрти туххӕй цитӕ бавзурста, уобӕл. Иннӕ статьяй ба радзубанди кӕндзиан, Йеговӕ паддзах Ахавӕн ци тӕрхон рахаста, удта апостол Петур Сирий Антиохий ӕхе куд бадардта, уобӕл. Аци цӕветтонтӕбӕл ку дзорӕн, уӕд дӕ гъос ӕрдарӕ, дӕ бон куд ӕй, гъуддагмӕ Йегови цӕстӕй кӕсун, удта дин ӕ хӕццӕ ци лимӕндзийнадӕ ес, уой гъӕуай кӕнун.
ИОСИФБӔЛ ХӔРАНӔЙ РАЦУДӔНЦӔ
10, 11. а) Иосиф цӕхуӕн ӕфхуӕрд баййафта? б) Иосиф ахӕстдони ку адтӕй, уӕд ин цӕхуӕн фадуат фӕззиндтӕй?
10 Йегови еузӕрдон лӕггадгӕнӕг Иосиф ӕнӕзонгӕ адӕни фудӕй берӕ мӕгур бӕнттӕ бавзурста. Фал ин никки зиндӕр ба адтӕй, е ’нсувӕртӕ ин ци маст бавзарун кодтонцӕ, е. Иосифбӕл 17 анзи ку цудӕй, уӕд ӕй е ’нсувӕртӕ цагъарӕй рауӕйӕ кодтонцӕ. Уотемӕй Египетмӕ бахаудтӕй (Райд. 37:23–28; 42:21). Фӕстӕдӕр ӕй уоми фӕффудгин кодтонцӕ, силгоймагӕн тухмиуӕ бакӕнунмӕ ке гъавта, уоми, ӕма ’й ахӕстдонӕмӕ багӕлстонцӕ, ӕ гъуддаг ин ӕвзаргӕ дӕр нӕ ракодтонцӕ, уотемӕй (Райд. 39:17–20). Цагъари ӕма ахӕст лӕги уаргъ фӕххаста 13 анзей бӕрцӕ. Иосифи хабар нин куд банхус кӕндзӕй, махӕн дӕр не ’нсувӕртӕй еске маст ку бавзарун кӕна, уӕд?
11 Иосиф ахӕстдони ку адтӕй, еци рӕстӕг уордӕмӕ бахаудтӕй паддзахи сӕндарти хестӕр дӕр. Еу ӕхсӕвӕ еци лӕг фун фӕууидта ӕма ин ӕй Иосиф Йегови фӕрци райхалдта. Ра ин дзурдта, ахӕстдонӕй ӕй ке исуӕгъдӕ кӕндзӕнцӕ ӕма нӕуӕгӕй фараонӕн ке лӕггадӕ кӕндзӕй. Иосиф ма еци фадуатӕй испайда кодта ӕма ин ӕхе хабар дӕр радзурдта. Нӕ бон ӕй берӕ цидӕртӕ зундӕн райсун, Иосиф ин ци радзурдта айдагъ уомӕй нӕ, фал ин ци нӕ радзурдта, уомӕй дӕр (Райд. 40:5–13).
12, 13. а) Иосиф ӕ къохтӕ ке не ’руагъта ӕма ӕ уавӕрбӕл ке не ’сарази ӕй, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй? б) Иосиф сӕндарӕн ци нӕ загъта?
12 Бакӕсӕ Райдайӕн 40:14, 15. Дӕ гъос ӕрдарӕ, Иосиф сӕндарӕн ӕ хабар ку дзурдта, уӕд уотӕ ке загъта, «радавтонцӕ» мӕ, зӕгъгӕ. Бӕрӕг ӕй, хӕранӕй ибӕл ке рацудӕнцӕ. Уомӕй уӕлдай ма ин радзурдта, ци гъуддаги ’й фӕффудгин кодтонцӕ, уоми фудгин ке н’ адтӕй, уой дӕр. Ӕма уомӕ гӕсгӕ загъта сӕндарӕн, фараонӕн мӕ кой искӕнӕ, зӕгъгӕ. Уотӕ ’й фӕндадтӕй, цӕмӕй ӕй ахӕстдонӕй исуӕгъдӕ кодтайуонцӕ.
13 Цума Иосиф ӕ къохтӕ ӕруагъта ӕма ӕ уавӕрбӕл исарази ӕй? Нӕ, уотӕ зӕгъӕн нӕййес. Иосиф ӕй зудта, ӕфхуӕрд нецӕй туххӕй ке ӕййафуй. Ӕма ӕ хабар дӕр сӕндарӕн уой туххӕй радзурдта. Фал Библий некӕми финст ес, цӕмӕй Иосиф ескӕмӕн радзурдтайдӕ, ка ’й рауӕйӕ кодта, уой. Сауӕнгӕ ма ’й фараонӕн дӕр не ’ской кодта. Е бӕрӕг ӕй, фӕстӕдӕр е ’нсувӕртӕ Египетмӕ ку ’рцудӕнцӕ ӕма ӕ хӕццӕ ку бафедудтонцӕ, уӕд сӕмӕ фараон цӕхуӕн цӕстӕй ракастӕй, уомӕй. Е син загъта, цӕмӕй Египетмӕ цӕрунмӕ ӕрцудайуонцӕ, удта син зӕрдӕ байвардта: «Ӕгас Египети дӕр хуарзӕй ци ес, е сумах уодзӕй» (14. Ӕмбурди ӕнӕфудӕй ӕфхуӕрд ку баййафӕн, уӕд нӕ фудкой кӕнунӕй ци багъӕуай кӕндзӕй?
14 Уотӕ нӕмӕ ку кӕса, ӕма нӕ ӕмбурди кадӕр ӕнӕфудӕй бафхуардта, уӕд уой алкӕмӕн дзорун нӕ гъӕуй. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, ӕнсувӕр нӕ нихмӕ уӕззау тӕрегъӕд ку искӕна, уӕд ӕй гъӕуама хестӕр нӕлгоймӕгтӕн зӕгъӕн ӕма си ӕнхус ракорӕн (Лев. 5:1). Фал гъуддаг уӕззау тӕрегъӕди хӕццӕ баст ку нӕ фӕууй, уӕд ӕй арӕхдӕр нӕхе бон фӕууй ниллух кӕнун, ӕма ’й нӕдӕр хестӕр нӕлгоймӕгтӕн багъӕуй дзорун, нӕдӕр ӕндӕр ескӕмӕн. (Бакӕсӕ Матфеййи 5:23, 24; 18:15.) Гъӕйдӕ мадта уӕхӕн уавӕри Хуцаубӕл еузӕрдон уӕн ӕма Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ архайӕн. Еуӕй-еухатт уотӕ дӕр рауайуй, ӕма нӕхуӕдтӕ цидӕр раст нӕ балӕдӕрӕн, уотемӕй ба адӕймагӕн ӕ сӕри къуми дӕр нӕ фӕууй, мӕхӕн ести лӕгъуз ракӕнун. Ӕма нин уӕд кунӕг ӕхцӕуӕн нӕ уодзӕй, не ’нсувӕри фудкой ке нӕ ракодтан, ӕма уомӕй уавӕр ке нӕ фӕффуддӕр кодтан! Иронх ди ма уӕд, цийфӕнди раст ку уай, уӕддӕр фудкой ку кӕнай, уӕд уомӕй уавӕр хуӕздӕр некӕд фӕууодзӕй. Йеговӕбӕл ӕма не ’нсувӕртӕбӕл еузӕрдон ку уӕн, уӕд нӕ е уӕхӕн рӕдуд къахдзӕфӕй багъӕуай кӕндзӕй. Псаломзаргӕнӕг «ӕнаййепп ка ӕй», уӕхӕн адӕймаги туххӕй загъта: «Е е ’взагӕй фудкой нӕ кӕнуй, иннемӕн лӕгъуздзийнадӕ нӕ кӕнуй ӕма е ’мбалӕй ӕфхуӕрӕн дзурдтӕ нӕ кӕнуй» (Пс. 15:2, 3; Иак. 3:5).
ХУЦАУИ ХӔЦЦӔ ДИН ЦИ ЛИМӔНДЗИЙНАДӔ ЕС, УОЙ МА ИРОНХ КӔНӔ
15. Иосиф еузӕрдонӕй ке байзадӕй, уой туххӕй ин Йеговӕ куд райарфӕ кодта?
15 Иосифи хабарӕй ма еу гъуддагбӕл ахур кӕнӕн. 13 анзей дӕргъи ӕфхуӕрд ӕййафгӕй Иосиф бавдиста, алцӕмӕдӕр Йегови цӕстӕй ке кастӕй (Райд. 45:5–8). Уӕхӕн уавӕри ке адтӕй, уой туххӕй Йегови некӕд фудгин кодта. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, Иосиф нӕ байронх ӕй, гъезӕмӕрттӕ ке туххӕй бавзурста, уой, фал уой туххӕй ӕ зӕрдӕ нӕ ниддор ӕй. Фиццагидӕр ба нӕ бауагъта, цӕмӕй иннети ӕнӕнхӕстдзийнадӕ ӕма хӕран гъуддӕгти туххӕй Йеговӕй раидард адтайдӕ. Иосиф Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй ке байзадӕй, уой фӕрци ӕхе цӕститӕй фӕууидта, Йеговӕ гъуддаг куд исраст кодта ӕма ин ӕхецӕн дӕр, удта ӕ бийнонтӕн дӕр куд райарфӕ кодта, уой.
16. Ӕмбурди еске нӕ зӕрдихудти ку бацӕуа, уӕд Йеговӕмӕ никки хӕстӕгдӕр цӕмӕн гъӕуама кӕнӕн?
16 Иосифи хузӕн мах дӕр, гъӕуама фиццагидӕр тухсӕн, Йегови хӕццӕ нин ци лимӕндзийнадӕ ес, уобӕл ӕма ’й гъӕуай кӕнӕн. Ма бауадзӕ, цӕмӕй иннети ӕнӕнхӕстдзийнади туххӕй, ке уарзис ӕма лӕггадӕ кӕмӕн кӕнис, еци Хуцауӕй раидард уай (Ром. 8:38, 39). Фал ӕмбурди еске дӕ зӕрдихудти ку бацӕуа, уӕд гъӕуама Иосифи хузӕн Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕнай ӕма алцӕмӕдӕр уой цӕстӕй кӕсай. Уӕхӕн уавӕри Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ку архайай ӕма дӕуӕй кӕнгӕ ци ӕй, уой ку бакӕнай, уӕд гъуддаг идарддӕр Йегови бӕрагӕ ниууадзӕ. Ӕппундӕр ибӕл ма дузӕрдуг кӕнӕ, Йеговӕ алцидӕр ӕхе афони ӕма ӕхе фӕндонмӕ гӕсгӕ ке исраст кӕндзӕй.
ДӔ ЗӔРДӔ ДАРӔ «ӔГАС ЗӔНХИ ТӔРХОНГӔНӔГБӔЛ»
17. Нӕ бон куд ӕй ӕвдесун, нӕ зӕрдӕ «ӕгас зӕнхи Тӕрхонгӕнӕгбӕл» ке дарӕн?
17 Цалинмӕ ма аци фуддуйней цӕрӕн, уӕдмӕ хӕрандзийнадӕбӕл ӕнӕисӕмбӕлӕн нӕ уодзӕй. Фал, ка ’й зонуй, ескӕд еу хатт уӕхӕн гъуддаг ӕмбурди дӕр ку ӕрлӕдӕрай, уӕд дин е къахкъуӕрӕн ма исуӕд (Пс. 119:165). Идарддӕр дӕр Хуцаубӕл еузӕрдон уо, ӕнхус си корӕ ӕма ибӕл дӕ зӕрдӕ дарӕ. Иронх ди ма уӕд, ӕнӕнхӕст ке ан, уомӕ гӕсгӕ, гӕнӕн ес, ӕма гъуддаг аллирдиги ма уинӕн. Иосиф дин фӕнзуйнаг уӕд ӕма маке фудкой кӕнӕ, цӕмӕй уавӕр фуддӕр ма фӕууа. Удта гъуддаг дӕхе къохмӕ ма есӕ, фал, ӕнгъӕлмӕ кӕсӕ, Йеговӕ гъуддаг кӕд исраст кӕндзӕй, уомӕ ӕма ибӕл идарддӕр дӕр еузӕрдон уо. Ӕма уӕд ду дӕр Иосифи хузӕн, Йегови хуарзӕнхӕ иссердзӕнӕ ӕма ӕ арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин уодзӕнӕ. Дӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун: Йеговӕ, «ӕгас зӕнхи Тӕрхонгӕнӕг», алкӕддӕр рӕстӕй архайуй ӕма «ӕ нӕдтӕ еугурӕйдӕр ӕнцӕ раст» (Райд. 18:25; Дук. з. 32:4).
18. Иннӕ статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?
18 Иннӕ статьяй ма ӕркӕсдзиан Библийӕй никкидӕр дууӕ цӕветтонемӕ. Еци цӕветтонти фӕрци базондзиан, сӕрниллӕг ӕма хатиргӕнагӕ ку уӕн, уӕд нин е куд банхус кӕндзӕй, раст ци ӕй ӕма ци нӕй, уомӕ Йегови цӕстӕй кӕсун.
^ 7 абз. Вилли Дили биографи бакӕсӕн ес статьяй «Иегова – мой Бог, на которого я уповаю», 1991 анзи 1 ноябри «Сторожевая башня».