БИОГРАФИ
Ӕз дӕн Киристей ӕфсӕддон
Мӕ сӕрмӕ фӕттӕ скъут кодтонцӕ ӕма сабургай ма уорс къохмӕрзӕн хӕрдмӕ исистон. Ка ӕхста, еци салдӕттӕ мӕмӕ фӕгъгъӕр кодтонцӕ, цӕмӕй мӕ римӕхсӕн бунатӕй рацудайнӕ. Ӕз дӕр сабургай уони ’рдӕмӕ рацудтӕн, мӕхуӕдӕг ба сагъӕс кӕнун, уодӕгасӕй ма байзайдзӕн ӕви нӕ, уобӕл. Уӕхӕн тӕссаг уавӕри кутемӕй бахаудтӕн?
ӔЗ РАЙГУРДТӔН 1926 анзи Греций минкъий гъӕуи, Карицӕ, зӕгъгӕ. Мӕ мадӕ ма мӕ фидӕ косагӕ адӕн адтӕнцӕ. Нӕ бийнонти адтӕй аст сувӕллони, ӕз ба адтӕн ӕвдӕймаг.
Ку райгурдтӕн, уомӕй анз раздӕр мӕ ниййергутӕ базонгӕ ’нцӕ Иоаннис Паппаризоси хӕццӕ. Е адтӕй зингзӕрдӕ ӕма дзурдарӕхст Библиртасӕг (еци рӕстӕг Йегови Ӕвдесӕнтӕ уотӕ хундтӕнцӕ). Иоаннис Библийӕй федар бӕлвурдгӕнӕнтӕ ке хаста, е мӕ ниййергути зӕрдӕмӕ хъӕбӕр багъардта ӕма нӕ гъӕуи Библиртасгути ӕмбурдтӕмӕ цӕун райдӕдтонцӕ. Мӕ мадӕ Йеговӕбӕл хъӕбӕр федарӕй ӕууӕндтӕй. Ӕма кӕд кӕсун дзӕбӕх нӕ зудта, уӕддӕр алкӕмӕндӕр дзурдта, Библийӕй ци базонидӕ, уой. Мӕ фидӕ ба, гъигагӕн, фулдӕр адӕни гъӕндзийнӕдтӕмӕ кастӕй ӕма фӕстагмӕ ӕмбурдтӕ ниууагъта.
Мӕ хуӕртӕ ӕма ме ’нсувӕрти хӕццӕ Библийӕн устур аргъ кодтан, фал ирӕзгӕ кари ба нӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕрдӕр цудӕй гъазун ӕма рӕстӕг не ’мбӕлтти хӕццӕ ӕрветун. Фал 1939 анзи Дуккаг дуйнеуон тугъд Европӕмӕ дӕр ку бахъӕрдтӕй, уӕд, нӕ гъӕуи ци хабар ӕрцудӕй, уомӕй арви цӕфау фӕцан. Нӕ синхон ӕма нӕ хӕстӕг Николаос Псаррас дӕр Йегови Ӕвдесӕн адтӕй, ӕрӕги донаргъуд ка райста, уӕхӕн. Ӕма имӕ Греций ӕфсадмӕ фӕдздзурдтонцӕ. Николаосбӕл 20 анзи цудӕй, ӕма ӕфсӕддон хецӕуттӕн федарӕй загъта: «Ӕз тугъдмӕ нӕ рандӕ уодзӕн, уомӕн ӕма Киристей ӕфсӕддон дӕн». Еци загъди фӕсте ӕй тӕрхондони рази ӕрлӕуун кодтонцӕ ӕма ин 10 анзи равардтонцӕ.
Фал 1941 анзи райдайӕни цӕдесон ӕфсӕдтӕ (адтӕй си Великобританий ӕфсад ӕма ма иннетӕ дӕр) цубур рӕстӕгмӕ Грецимӕ ку бацудӕнцӕ, уӕд Николаоси ахӕстдонӕй исуӕгъдӕ кодтонцӕ. Фӕстӕмӕ Карицӕмӕ ку ӕрӕздахтӕй, уӕд ӕй мӕ хестӕр ӕнсувӕр Илиас фарстати буни фӕккодта – фӕндадтӕй ӕй Библий туххӕй фулдӕр базонун. Ӕз дӕр сӕмӕ лӕмбунӕг игъустон. Уой фӕсте ӕз, Илиас ӕма нӕ кӕстӕр хуӕрӕ Ефморфийӕ Библи ахур кӕнун, удта ӕмбурдтӕмӕ цӕун райдӕдтан. Иннӕ анз ба ӕртемӕй дӕр донаргъуд райстан. Фӕстӕдӕр ма мӕ дууӕ ӕнсувӕри ӕма мӕ дууӕ хуӕри дӕр Йегови еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ иссӕнцӕ.
1942 анзи Карици ӕмбурди адтӕй фараст ӕригон хуӕрӕ ӕма ӕнсувӕри, цудӕй сӕбӕл 15 анземӕй 25 анзей уӕнгӕ. Не ’гас дӕр ӕй зудтан, уӕззау фӕлварӕнтӕ нӕмӕ ке ӕнгъӕлмӕ кӕсуй. Ӕма цӕмӕй нӕхе бафедар кодтайанӕ, уой туххӕй еумӕ арӕх ӕмбурд кодтан, фадуат нин куддӕр фӕззиннидӕ, уотӕ. Еци фембӕлдти еумӕ Библи ахур кодтан, нӕ зартӕ зардтан, удта Йеговӕмӕ кувтан ӕма уой фӕрци не ’ууӕндундзийнадӕ бафедар ӕй.
БӔСТИ МЕДӔГ ТУГЪД РАЙДӔДТА
Дуккаг дуйнеуон тугъд куддӕр фӕцӕй, уотӕ коммуниститӕ Греций хецауади нихмӕ рацудӕнцӕ, ӕма бӕсти медӕг тугъд райдӕдта. Партизантӕ гъӕутӕбӕл зилдӕнцӕ ӕма цӕргути тухӕй дӕр сӕ къуармӕ кодтонцӕ. Мах гъӕумӕ ку ӕрбампурстонцӕ, уӕд ӕригон Ӕвдесӕнтӕй ӕртей сӕ хӕццӕ райстонцӕ: Антониос Цукариси, Илиаси ӕма мӕн. Мах син загътан, киристӕнттӕ ан ӕма тугъдмӕ нӕ цӕуӕн, зӕгъгӕ. Фал нӕ уӕддӕр сӕ хӕццӕ Олимпи хонхмӕ 12 сахатти фӕццӕун кодтонцӕ.
Уомӕй берӕ нӕ рацудӕй, уотемӕй нин коммунистити командир бардзурд равардта, цӕмӕй партизанти къуармӕ байеу адтайанӕ. Мах ин балӕдӕрун кодтан, ӕцӕг киристӕнттӕ сӕ къохмӕ тохӕндзаума ке нӕ есунцӕ ӕма адӕни ке нӕ марунцӕ. Е дӕр нӕмӕ рамӕстгун ӕй ӕма нӕ генералмӕ исмедӕг кодта. Мах уомӕн дӕр нӕ хабар балӕдӕрун кодтан. Ӕма нин уӕд генерал загъта: «Мадта ка фӕццӕф ӕй, еци салдӕтти сӕйгӕдонӕмӕ хӕрӕгбӕл ласдзиайтӕ».
Мах ба ин уотӕ: «Хецауади ӕфсӕдти къохмӕ ку бахауӕн удта? Уотӕ нӕ бангъӕлдзӕнцӕ ӕма мах дӕр тохгӕ кӕнӕн?» Уӕд бабӕй нин генерал загъта: «Мадта тохгӕ ка кӕнуй, уонӕн дзол ласетӕ». Мах уобӕл нӕ сабур кодтан ӕма бабӕй ӕй фӕрсӕн: «Ӕма нӕ командиртӕй еске хӕрӕги хӕццӕ ку фӕууина ӕма нин тугъди будурмӕ тохӕндзаумӕттӕ ку ласун кӕна удта?» Генерал дӕр ниссагъӕс ӕй, удта нигъгъӕр кодта: «Мадта хуӕнхти цӕретӕ ӕма дзогӕмӕ кӕсетӕ! Ӕви уин фустӕ хезун дӕр не ’нгъезуй?»
Не ’ртемӕ дӕр уотӕ фӕккастӕй, ӕма фустӕ ку хезӕн, уӕд уомӕй не ’фсарӕ нӕ ницъцъумур уодзӕй. Еци рӕстӕги медбӕстон тугъд ӕ карзбӕл адтӕй. Анзи фӕсте Илиасӕн барӕ равардтонцӕ хӕдзарӕмӕ раздӕхун ӕма нӕ идӕдзӕ мадӕмӕ кӕсун, уомӕн ӕма е хестӕр фурт адтӕй. Антониос ба фӕссӕйгӕ ’й ӕма уой дӕр рауагътонцӕ. Ӕз ба байзадтӕн.
Уӕдмӕ Греций хецауади ӕфсӕдтӕ коммуниститӕбӕл уӕлахез кӕнун райдӕдтонцӕ. Уацари кӕмӕ адтӕн, етӕ хуӕнхтӕбӕл синхаг Албанимӕ ледзӕги фӕцӕнцӕ ӕма мӕн дӕр сӕ хӕццӕ райстонцӕ. Арӕнмӕ нӕ берӕ нӕбал гъудӕй, уотемӕй нӕбӕл хецауади ӕфсӕдти салдӕттӕ ӕрбатумбул ӕнцӕ. Мӕ гъӕуайгӕнгутӕ фуртӕссӕй ледзӕги фӕцӕнцӕ. Ӕз ба, ка рахъан ӕй, уӕхӕн бӕласи фӕсте мӕхе баримахстон. Ӕма райдайӕни ци хабар радзурдтон, е дӕр гъе уӕд ӕрцудӕй.
Салдӕттӕн ку балӕдӕрун кодтон, коммуниститӕмӕ уацари ке адтӕн, уой, уӕд мӕ сӕ хӕццӕ фӕххудтонцӕ, Веримӕ хӕстӕг ци ӕфсӕддон лагер адтӕй, уордӕмӕ (горӕт Верий кой Библий дӕр цӕуй). Уоми гъӕуама исбӕрӕг адтайдӕ, идарддӕр ма хабар куд уодзӕй, е. Лагери мин загътонцӕ, салдӕттӕн акъоппитӕ къахдзӕнӕ, зӕгъгӕ. Ӕма син ку не ’сарази дӕн, уӕд мӕ рарвистонцӕ Макронисосмӕ – ахӕст адӕни кумӕ ӕрвистонцӕ ӕма адӕймаг ӕ коййӕй дӕр кӕмӕй балӕгъуз уй, еци сакъадахмӕ.
ТАСӔФТАУӔГ САКЪАДАХ
Хорсугъд, ӕдзӕрӕг, ӕнӕдон сакъадах Макронисос ӕй Аттики билгӕрон, Афинитӕй еу 50 километри идарддӕр. Ӕ дӕргъӕ 13 километрӕй ӕндӕр нӕй, ӕ уӕрхӕ ба тӕккӕ уӕрӕхдӕр бунати ӕй 2,5 километри. Фал уордӕмӕ 1947 анзӕй 1958 анзмӕ ӕрвист ӕрцудӕй 100 мин адӕймагемӕй фулдӕр. Сӕ астӕу адтӕй коммуниститӕ, коммуниститӕбӕл ке нимадтонцӕ, етӕ, раздӕр сӕребарӕдзийнадӕбӕл ӕма хецауади нихмӕ ка тох кодта, еци адӕн, удта хъӕбӕр берӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕ.
Макронисосмӕ бахаудтӕн 1949 анзи райдайӕни. Адтӕй си цалдӕр лагери, ӕма мӕн, удта ма цалдӕр сӕдӕ адӕймаги рарвистонцӕ, уӕхӕн карз закъӕнттӕ кӕми н’ адтӕй, еци лагермӕ.
10 адӕймагемӕн ка адтӕй, уӕхӕн пъалатки зӕнхӕбӕл хустан еу 40 адӕймагемӕй. Ниуазтан, ка ниссмаг ӕй, уӕхӕн дон, нӕ хуӕруйнаг ба арӕхдӕр адтӕй тъӕпӕн хъӕдорӕ ӕма баклажантӕ. Дунгӕ ӕма си ругӕ ке адтӕй, уомӕ гӕсгӕ гъезӕмарӕ кодтан. Хуарз ӕма нӕ уӕддӕр бон-сауизӕрмӕ уӕззау дортӕ рахӕс-бахӕс кӕнун нӕ гъудӕй. Уӕхӕн гъезӕмайраг куст ка кодта, еци ахӕст адӕнӕй беретӕ се ’нӕнездзийнадӕй хъӕбӕр ӕрхаудтӕнцӕ, кӕмӕндӕрти ба ма сӕ сӕризунд дӕр фӕккуддӕр ӕй.Еу бон денгизи билӕбӕл цӕугӕй ӕндӕр лагерӕй ка адтӕй, еци Ӕвдесӕнтӕй цалдӕребӕл фембалдтӕн. Кӕрӕдзебӕл уӕхӕн цийнӕ фӕккодтан, ӕма ин зӕгъӕн дӕр нӕййес! Уой фӕсте дӕр ма фембӕлианӕ, фадуат куддӕр фӕззиннидӕ, уотӕ, фал нӕхе гъӕуай кодтан, цӕмӕй нӕ маке базудтайдӕ. Удта иннӕ ахӕст адӕнӕн дӕр сосӕггай игъосун кодтан, ӕма си фӕстӕдӕр кадӕртӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕ дӕр иссӕнцӕ. Кӕрӕдзей хӕццӕ ке ӕмбалдан, Йеговӕмӕ зӕрдибунӕй ке кувтан ӕма игъосун ке кодтан, уой фӕрци не ’ууӕндундзийнадӕ не ’рлӕмӕгъ ӕй.
СОДЗГӔ ПЕЦИ
Дӕс мӕйи дӕргъи мӕ «раст зундбӕл» аразтонцӕ, ӕма уой фӕсте гъӕуайгӕнгутӕ уотӕ ӕнгъӕл адтӕнцӕ, ӕма ӕфсӕддон дарӕс искӕндзӕн. Ку нӕ бакумдтон, уӕдта мӕ лагери хецауи рази балӕуун кодтонцӕ. Ӕз дӕр имӕ балӕвардтон, цӕхуӕн зундбӕл хуӕст дӕн, е финс кӕми адтӕй, уӕхӕн гӕгъӕди. Финст ба си адтӕй: «Ӕз уодзӕн ӕрмӕстдӕр Киристей ӕфсӕддон». Хецау мӕмӕ бартхъерӕнтӕ кодта, уой фӕсте ба мӕ рарвиста ӕ хуӕдевӕгмӕ, грекъаг провославон архиепископмӕ. Сӕрӕй-бунмӕ дӕр арӕзт адтӕй, дини разамонгутӕ куд арӕзт фӕуунцӕ, уотӕ. Фарстатӕ мӕмӕ дӕттун ку райдӕдта, уӕд ин федарӕй дзуапп лӕвардтон Библийӕй. Уӕд мӕмӕ рамӕстгун ӕй ӕма нигъгъӕр кодта: «Ра ’й ӕндӕ кӕнтӕ аци фанатики!»
Иннӕ сӕумӕ бабӕй мин ӕфсӕддонтӕ ӕфсӕддон дарӕс кӕнун кодтонцӕ. Ку син нӕ бакумдтон, уӕдта ма тумбул къохӕй ӕма гъӕдин дубинкӕй фӕххуастонцӕ. Уой фӕсте мӕ лагери сӕйгӕдонӕмӕ фӕххудтонцӕ, ме ’стгутӕ ма ӕгас ӕнцӕ ӕви нӕ, уой исбӕрӕг кӕнунмӕ. Удта мӕ фӕстӕмӕ пъалаткӕмӕ ӕрбахӕр-хӕр кодтонцӕ. Дууӕ мӕйей дӕргъи мин алли бон дӕр уӕхӕн фудмиутӕ ӕвзарун кодтонцӕ.
Фал ӕз уӕддӕр Йеговӕбӕл еузӕрдон адтӕн. Ӕма ӕфсӕддонтӕн сӕ фӕндӕй ку неци рауадӕй, уӕд нӕуӕг мадзал ӕргъуди кодтонцӕ. Мӕ къохтӕ мин фӕстӕмӕ ниббастонцӕ ӕма мин мӕ къахибунтӕ сӕ бон куд адтӕй, уотӕ бӕттӕнтӕй хуастонцӕ. Фур ристӕй мӕ бон нӕбал адтӕй, фал Киристей дзурдтӕ мӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕудтӕнцӕ: «Амондгун уодзиайтӕ, мӕн туххӕй уин адӕн федистӕ ку кӕнонцӕ, уӕ фӕдбӕл ку зелонцӕ... Уӕ зӕрдӕ ирайӕд ӕма цийнӕ кӕнтӕ, уомӕн ӕма уӕмӕ уӕлӕрвти ӕнгъӕлмӕ кӕсуй устур хуӕрзеуӕг,– уотӕ ӕфхуардтонцӕ, уӕ размӕ ци пахампартӕ адтӕй, уони дӕр» (Матф. 5:11, 12). Загътон, мӕ гъезӕмӕрттӕн кӕрон некӕд ӕрцӕудзӕй, ӕма еци сагъӕсти хӕццӕ рахаудтӕн.
Мӕхе кеми ку ’рцудтӕн, уӕд адтӕн уазал къамери ӕма мӕ рази нӕдӕр дон адтӕй, нӕдӕр къӕбӕр, нӕдӕр гъӕццол. Фал уӕддӕр мӕ зӕрдӕ сабур адтӕй. Библий куд финст ӕй, уотӕ мин «Хуцауи фарнӕ» мӕ зӕрдӕ ӕма мӕ зунд гъӕуай кодта (Фил. 4:7). Иннӕ бон мин еу хӕларзӕрдӕ ӕфсӕддон равардта дзол, дон ӕма шинел. Иннӕ ӕфсӕддон ба мин ӕ хуӕруйнаг равардта. Уӕхӕн уавӕрти Йегови фӕлмӕн уарзт мӕхебӕл еу ӕма дууӕ хатти нӕ бавзурстон.
Еци хабӕртти фӕсте мӕ банимадтонцӕ, исраст кӕнӕн кӕмӕн нӕййес, уӕхӕн фудгӕнӕгбӕл, ӕма мӕ рарвистонцӕ Афинитӕмӕ, ӕфсӕддон тӕрхондонӕмӕ. Уоми мин истӕрхон кодтонцӕ, ӕртӕ анзи мин равардтонцӕ ӕма мӕ Яроси сакъадахбӕл ци ахӕстдонӕ адтӕй, уордӕмӕ рарвистонцӕ. Ярос ба ӕй Макронисосӕй искӕсӕнӕрдӕмӕ еу 50 километри идарддӕр.
«ӔУУӔНКӔ УӔБӔЛ ЕС»
Яроси ахӕстдонӕ адтӕй хъӕбӕр устур, удта сурх агорийӕй амад. Бадтӕй си политики архайгутӕ, 5 мин адӕймагемӕй фулдӕр, удта ма авд Йегови Ӕвдесӕни – етӕ ба тугъди ӕма политики ке нӕ архайдтонцӕ, уой туххӕй. Кӕд нин барӕ н’ адтӕй, уӕддӕр авдемӕй дӕр ӕрӕмбурд уайанӕ, куд неке нӕ фӕууидтайдӕ, уотӕ ӕма Библи ахур кодтан.
Сауӕнгӕ ма нин сосӕггай «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг» дӕр ӕрбахӕссиуонцӕ, удта ’й къохӕй рафинсианӕ ӕма ’й ахур кодтан.Еу уӕхӕн фембӕлди нӕ ахӕстдони гъӕуайгӕнгутӕй сӕ еу ӕрбаййафта ӕма нин нӕ литературӕ байста. Уой фӕсте ба нӕ ахӕстдони хецауи хуӕдевӕгмӕ бакодта. Мах загътан, нур ба нин никки фулдӕр бадгӕ уодзӕй, зӕгъгӕ. Фал дин еци лӕг уотӕ ку нӕ зӕгъидӕ: «Мах ӕй зонӕн, ка айтӕ, уой, ӕма уотӕ федарӕй ке лӕууетӕ, уой туххӕй нӕ цӕсти кадгин айтӕ. Зонӕн ӕй, ӕууӕнкӕ уӕбӕл ке ес, уой дӕр. Нур ба цотӕ ӕма косетӕ». Кӕмӕндӕрти ба ма нин ӕнцондӕр куст дӕр равардта. Йеговӕй уотӕ боз адтан ӕма ин зӕгъӕн дӕр нӕййес! Сауӕнгӕ ма ахӕстдони дӕр нӕ еузӕрдондзийнадӕй Йегови кадгин кодтан.
Федарӕй ке лӕудтан, е ма ӕндӕр хуарз гъуддӕгтӕмӕ дӕр ӕркодта. Нӕхе куд дардтан, уомӕ еу цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг лӕмбунӕг кастӕй математики профессор. Ӕма нӕ еу бон фӕрсун райдӕдта, цӕбӕл ӕууӕндӕн, уой туххӕй. 1951 анзи райдайӕни Йегови Ӕвдесӕнти ахӕстдонӕй ку рауагътонцӕ, уӕд уой дӕр исуӕгъдӕ кодтонцӕ. Фӕстӕдӕр еци профессор донаргъуд райста ӕма ӕнхӕстрӕстӕг игъосунгӕнӕг иссӕй.
НУР ДӔР МА ДӔН ӔФСӔДДОН
Ку мӕ исуӕгъдӕ кодтонцӕ, уӕд ӕрӕздахтӕн мӕ бийнонтӕмӕ, Карицӕмӕ. Фӕстӕдӕр, берети хузӕн ӕз дӕр Австралимӕ цӕрунмӕ ӕрлигъдтӕн, Мельбурнмӕ. Уоми базонгӕ дӕн еу дзӕбӕх хуӕрӕ Джанетти хӕццӕ, ӕма нӕ цард байеу кодтан. Нӕ биццеу ӕма не ’ртӕ кизги дӕр рӕстдзийнади надбӕл ӕрлӕудтӕнцӕ.
Нур мӕбӕл 90 анземӕй фулдӕр цӕуй, фал ма абони дӕр хестӕр нӕлгоймагӕй лӕггадӕ кӕнун. Кӕддӕр мин лагери ци фудмиутӕ фӕккодтонцӕ, уой туххӕй ма абони дӕр еуӕй-еухатт мӕ бауӕр ӕма мӕ къӕхтӕ ресгӕ фӕккӕнунцӕ, уӕлдайдӕр ба игъосун кӕнуни фӕсте. Фал цийфӕнди ма уа, уӕддӕр мӕ федар фӕндӕ ӕй, цӕмӕй идарддӕр дӕр уон «Киристей... ӕфсӕддон» (2 Тим. 2:3).